Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ
3–9 ИЮНЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ГАЛАТӔГТӔМ 4–6
«„Фӕсномыг хъуыды“ кӕмӕн ис, уыцы хабӕрттӕй цы ис базонӕн?»
(Галатӕгтӕм 4:24, 25) Ацы хабӕрттӕн ис фӕсномыг хъуыды, уымӕн ӕмӕ ацы сылгоймӕгтӕ нысан кӕнынц дыууӕ бадзырды: сӕ иу арӕзт ӕрцыд Синайы хохыл, ӕмӕ уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ чи райгуырд, уыдон иууылдӕр сты цагъартӕ. Уыцы бадзырд у Агар. 25 Уӕдӕ Агар нысан кӕны Синай, уыцы хох ис Аравийы, ӕмӕ Агар ӕвдисы абоны Иерусалим, уымӕн ӕмӕ Иерусалим йӕ сывӕллӕттимӕ у цагъар.
it-U «Агарь», 6 абз.
Агар
Апостол Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Агар ахӕсгӕ хуызы амыдта Израилы адӕммӕ. Израилы адӕм ӕххӕст кодтой Моисейы закъонимӕ баст бадзырд. Уыцы бадзырд арӕзт ӕрцыд Синайы хохыл ӕмӕ «уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ чи райгуырд, уыдон иууылдӕр уыдысты цагъартӕ». Израилы адӕм тӕригъӕдджын кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕ уыд закъоны бадзырд ӕххӕст кӕнын. Закъоны бадзырд йӕ тыхы куы уыд, уӕд израилӕгтӕ не ссӕрибар сты, фӕлӕ нымад уыдысты тӕригъӕдджынтыл ӕмӕ уыдысты мӕлӕты аккаг. Зӕгъӕн ис, уыдысты цагъартӕ (Ин 8:34; Ро 8:1–3). Павелы заман Агар амыдта Иерусалиммӕ. Иерусалим Израилы адӕммӕ кӕй амыдта, уымӕ гӕсгӕ уыцы горӕт йӕ сывӕллӕттимӕ цагъартӕ систы. Фӕлӕ сыгъдӕг тыхӕй гуырд чи сты, уыдон та сты «уӕларвон Иерусалимы», ома «сылгоймаджы» сывӕллӕттӕ. «Уӕларвон Иерусалим» дӕр сӕрибар сылгоймаг Саррӕйау цагъарады никуы уыд. Измаил Исахъы куыд ӕфхӕрдта, афтӕ, цагъар чи уыд, уыцы Иерусалимы сывӕллӕттӕ ӕфхӕрдтой, Фырт кӕй ссӕрибар кодта, уыцы «уӕларвон Иерусалимы» сывӕллӕтты. Фӕлӕ Агар ӕмӕ йӕ фырт тард ӕрцыдысты. Ӕмӕ уый амыдта, Йегъовӕ израилӕгты йӕ адӕмыл кӕй нал нымадта, уымӕ (Га 4:21–31; кӕс ма Ин 8:31–40).
(Галатӕгтӕм 4:26, 27) Уӕларвон Иерусалим та у сӕрибар, ӕмӕ уый у нӕ мад. 27 Фыст дӕр афтӕ у: «Цин кӕн, ӕнӕзӕнӕг сылгоймаг, сывӕллон чи никуы ныййардта! Фырцинӕй хъӕр кӕн, арыны тухӕнтӕ чи нӕ бавзӕрста! Уымӕн ӕмӕ, йӕ лӕг кӕй ныууагъта, уыцы усӕн йӕ сывӕллӕттӕ фылдӕр сты, лӕг кӕмӕн ис, уымӕй».
Хуыцауы Паддзахадыл фидарӕй ӕууӕнд!
11 Авраамимӕ арӕзт бадзырд фыццаг хатт сӕххӕст, йӕ байзӕддӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх бынӕн куы райстой, уӕд. Фӕлӕ Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй уыцы бадзырд хъуамӕ сӕххӕст уыдаид ӕндӕр хуызы дӕр (Гал. 4:22–25). Апостол Павел бамбарын кодта, Авраамы байзӕддаг сӕйраджыдӕр кӕй у Чырысти. Байзӕддагмӕ ма ноджыдӕр хауынц 144 000 сӕрст чырыстоны (Гал. 3:16, 29; Рарг. 5:9, 10; 14:1, 4). Байзӕддаг кӕмӕй хъуамӕ рацыдаид, уыцы сылгоймаг у «уӕларвон Иерусалим» – Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай, ома йӕ иузӕрдион уӕларвон лӕггадгӕнджытӕ (Гал. 4:26, 31). Авраамимӕ арӕзт бадзырдмӕ гӕсгӕ сылгоймаджы байзӕддаг хъуамӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрхастаид ӕппӕт адӕмтӕн дӕр.
(Галатӕгтӕм 4:28–31) Уӕдӕ, ме ’фсымӕртӕ, Исахъ зӕрдӕвӕрды фӕрцы куыд райгуырд, афтӕ мах дӕр стӕм зӕрдӕвӕрды фӕрцы гуырд сывӕллӕттӕ. 29 Фӕлӕ уӕд куыд уыди, ома ӕрдзон ӕгъдауӕй чи райгуырд, уый, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы чи райгуырд, уыцы лӕппуйы куыд ӕфхӕрдта, афтӕ у абон дӕр. 30 Фӕлӕ Фыстад цы зӕгъы? «Атӕр лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы ӕмӕ йӕ фырты. Лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы фыртӕн сӕрибар сылгоймаджы фыртимӕ бынтӕй хай нӕ уыдзӕн». 31 Уӕдӕ, ме ’фсымӕртӕ, мах лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы сывӕллӕттӕ не стӕм, фӕлӕ сӕрибар сылгоймаджы сывӕллӕттӕ.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Галатӕгтӕм 4:6) Ӕмӕ иугӕр Хуыцауы фырттӕ стут, уӕд нын Хуыцау нӕ зӕрдӕты бауагъта, йӕ Фырт цы сыгъдӕг тыхӕй у хайджын, уый, ӕмӕ уыцы сыгъдӕг тых дзуры: «Аввӕ, нӕ Фыд!»
w09-U 1/4 13
Зыдтай йӕ?
Йесо Йегъовӕмӕ куы куывта, уӕд ӕм «Аввӕ, мӕ Фыд», зӕгъгӕ, цӕмӕн дзырдта?
Арамейаг дзырд аввӕ, гӕнӕн ис, нысан кӕны «фыд» кӕнӕ «мӕ Фыд». Сыгъдӕг Фыстады ӕмбӕлы ӕртӕ хатты ӕмӕ дзы пайда кодтой, уӕларвон Фыд Йегъовӕмӕ куы куывтой, уӕд. Уыцы дзырд цы нысан кӕны?
Иу чиныджы фыст ис: «Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд дзырдӕй аввӕ арӕх пайда кодтой ӕмӕ ӕвдыста фӕлмӕн уарзт дӕр, стӕй дзы уыд кад кӕныны хъуыды дӕр, ӕмӕ-иу афтӕ дзырдтой сывӕллӕттӕ сӕ фыдӕлтӕм» (The International Standard Bible Encyclopedia). Арӕх-иу сывӕллонӕн йӕ фыццаг дзырд уыд аввӕ. Афтӕ Йесо дӕр пайда кодта уыцы дзырдӕй, Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй куы куывта, уӕд. Зӕгъӕм, Гефсиманийы дыргъдоны Йесо йӕ мӕлӕты размӕ Йегъовӕмӕ куы скуывта, уӕд загъта: «Аввӕ, мӕ Фыд» (Марчы 14:36).
Уыцы чиныджы ма фыст ис: «Хуыцаумӕ кувгӕйӕ дзырдӕй аввӕ нал пайда кодтой иудейаг литературӕйы грекъӕгты ӕмӕ ромӕгты заман, уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕлдтой уыцы дзырд Хуыцауӕн кад кӕй нӕ хӕссы». Фӕлӕ «Йесо... кувгӕйӕ пайда кодта уыцы дзырдӕй, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста куыд ӕввахс у Хуыцаумӕ». Дзырд «аввӕ» ма дыууӕ хатты ӕмбӕлы апостол Павелы фыстӕджыты. Уымӕй бӕрӕг у, фыццаг чырыстӕттӕ дӕр кувгӕйӕ кӕй пайда кодтой дзырдӕй «аввӕ» (Ромӕгтӕм 8:15; Галатӕгтӕм 4:6).
(Галатӕгтӕм 6:17) Уӕдӕ мӕ амӕй фӕстӕмӕ мачиуал къуылымпы кӕнӕд, уымӕн ӕмӕ мӕныл ис, Йесойы цагъар кӕй дӕн, уый бӕрӕггӕнӕн гакк.
w10-U 1/11 15
Зыдтай йӕ?
Апостол Павелы ацы ныхӕстӕй, «мӕныл ис, Йесойы цагъар кӕй дӕн, уый бӕрӕггӕнӕн гакк», зӕгъгӕ, цы зӕгъын фӕндыд? (Галатӕгтӕм 6:17).
▪ Павелы рӕстӕджы чи цард, уыдон ын, гӕнӕн ис, иухуызон не ’мбӕрстой йӕ ныхӕстӕ. Зӕгъӕм, рагзаманты-иу ахӕм гакк уыд (адӕймагӕн-иу йӕ буар тӕвд ӕфсӕйнагӕй басыгътой), кувӕндон-иу чи фӕдавта, йӕ хицауӕй-иу чи алыгъд, уыцы цагъарыл кӕнӕ уацайрагыл, ӕмӕ уыцы гакк нымад уыд худинагыл.
Фӕлӕ афтӕ алкӕд нӕ уыд. Рагзаманты-иу бирӕтӕ сӕхиуыл ӕвӕрдтой гакк, цӕмӕй-иу равдыстаиккой, кӕцыдӕр диныл хӕст кӕй сты кӕнӕ цавӕр мыггагӕй сты, уый. Зӕгъӕм, иу дзырдуаты фыст ис: «Сириӕгтӕ-иу сӕхи сӕ хуыцау Ададӕн ӕмӕ ус-хуыцау Атаргатисӕн куы снывонд кодтой, уӕд-иу сӕ къухтыл кӕнӕ сӕ бӕрзӕйтыл гакк сӕвӕрдтой. [...] Дионисӕн чи куывта, уыдон та-иу цы гакк сӕвӕрдтой, уый уыд мӕцкъоры сыфы (плющ) хуызӕн» (Theological Dictionary of the New Testament).
Библи иртасджытӕй бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы стихы Павел йӕ буары носты кой кӕны, уымӕн ӕмӕ миссионерӕй куы лӕггад кодта, уӕд ӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕнадтой (2 Коринфӕгтӕм 11:23–27). Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, Павел гаккы кой куы кодта, уӕд цавӕрдӕр бӕлвырд нысаны кой нӕ кодта, фӕлӕ, чырыстон кӕй уыд, уый кой.
Библийӕ бакӕсинаг
(Галатӕгтӕм 4:1–20) Зӕгъын уын: бындар цалынмӕ саби вӕййы, уӕдмӕ цагъарӕй ӕппындӕр ницӕмӕй фӕхицӕн кӕны, кӕд ӕппӕтӕн дӕр хицау вӕййы, уӕддӕр. 2 Йӕ фыд цы бонмӕ фӕзӕгъы, уӕдмӕ вӕййы хъомылгӕнджыты ӕмӕ хӕдзармӕгӕсджыты бар. 3 Афтӕ мах дӕр, сабитӕ куы уыдыстӕм, уӕд уыдыстӕм цагъартӕ, цыдыстӕм ацы дунейы зондыл. 4 Фӕлӕ афон куы ’рцыд, уӕд Хуыцау йӕ Фырты рарвыста – уый райгуырд сылгоймагӕй ӕмӕ уыди закъоны дӕлбар, 5 цӕмӕй, закъоны дӕлбар чи ис, уыдоны балхӕдтаид ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ссӕрибар кодтаид ӕмӕ цӕмӕй махӕй Хуыцау йӕхицӕн фырттӕ скодтаид. 6 Ӕмӕ иугӕр Хуыцауы фырттӕ стут, уӕд нын Хуыцау нӕ зӕрдӕты бауагъта, йӕ Фырт цы сыгъдӕг тыхӕй у хайджын, уый, ӕмӕ уыцы сыгъдӕг тых дзуры: «Аввӕ, нӕ Фыд!» 7 Гъемӕ сымах цагъартӕ нал стут, фӕлӕ фырттӕ, ӕмӕ кӕд фырттӕ стут, уӕд та Хуыцауы фӕрцы стут бындартӕ дӕр. 8 Фӕлӕ Хуыцауы куы нӕ зыдтат, уӕд цагъартау лӕггад кодтат, хуыцӕуттӕ чи не сты, уыдонӕн. 9 Ныр та Хуыцауы базыдтат, растдӕр зӕгъгӕйӕ, Хуыцау сымах базыдта, ӕмӕ ма уӕд дунейы ӕнӕпайда ӕмӕ ницӕйаг хъуыддӕгтӕм фӕстӕмӕ куыд здӕхут? Афтӕ уӕ фӕнды, ӕмӕ та сын фӕстӕмӕ цагъартау лӕггад кӕнат? 10 Бонтӕ, мӕйтӕ, афонтӕ ӕмӕ азтӕ бӕрӕг кӕнут – иу дӕр дзы нӕ уадзут. 11 Тӕрсын, афтӕ куы рауайа, ӕмӕ сымах тыххӕй дзӕгъӕлы фӕфыдӕбон кодтон. 12 Ӕз дӕр кӕддӕр сымах хуызӕн уыдтӕн. Гъемӕ уын, ме ’фсымӕртӕ, лӕгъстӕ кӕнын, мӕн хуызӕн сут. Нӕ, ӕвзӕрӕй мын ницы сарӕзтат. 13 Сымах ӕй зонут, фыццаг хатт уын хорз хабар рынчынӕй кӕй хъусын кодтон. 14 Ӕмӕ уын кӕд мӕ низ фӕлварӕн уыди, уӕддӕр мыл ӕнӕрвӕссон кӕнӕ былысчъилтӕ нӕ кодтат. Фӕлӕ раст цыма Хуыцауы зӕд, цыма Йесо Чырысти уыдтӕн, уыйау мӕ суазӕг кодтат. 15 Ӕмӕ уӕд ныр афтӕ амондджын цӕуылнӕуал стут? Ӕз ӕй зонын, гӕнӕн куы уыдаид, уӕд уӕ цӕстытӕ дӕр фелвӕстаиккат ӕмӕ сӕ мӕнӕн раттаиккат. 16 Уӕд ныр, раст цы у, уый уын кӕй дзурын, уый тыххӕй уе знаг фестадтӕн? 17 Уыдон зӕрдиагӕй архайынц уӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарыныл, фӕлӕ хорз хъуыддаджы тыххӕй нӕ – уый сӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ мӕнӕй фӕхицӕн кӕной ӕмӕ сӕ фӕдыл зӕрдиагӕй цӕуат. 18 Бӕргӕ, уӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг хорз хъуыддаджы тыххӕй куы агуриккой. Ӕмӕ афтӕ, ӕз уемӕ куы вӕййын, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ алкӕддӕр куы аразиккой, 19 уӕд уый бӕргӕ хорз уаид, мӕ хъӕбултӕ. Сымах тыххӕй та ӕз ногӕй, сылгоймаг аргӕ-арын куыд фӕтухӕн кӕны, афтӕ тухӕн кӕнын, цалынмӕ уӕ удыхъӕд Чырыстийы удыхъӕды хуызӕн не суа, уӕдмӕ. 20 Куыд тынг мӕ фӕнды, ныртӕккӕ уӕ разы куы фестин ӕмӕ уемӕ фӕлмӕндӕрӕй куы аныхас кӕнин, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зонын, цы ма уын бакӕнон.
10–16 ИЮНЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЕФЕСӔГТӔМ 1–3
«Йегъовӕ хъуыддӕгтӕн разамынд сфидар кодта»
(Ефесӕгтӕм 1:8, 9) Уыцы стыр хорзӕхӕй нӕ рӕдауӕй схайджын кодта ӕмӕ нын йемӕ иумӕ радта зонд ӕмӕ ӕмбарындзинад дӕр: 9 раргом нын кодта, йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис, уый сусӕгдзинад. Уыцы сусӕгдзинад у, ӕхсызгон ын цы у, уымӕ гӕсгӕ – йӕхӕдӕг сфӕнд кодта,
it-U «Священная тайна», дӕлсӕргонд «Мессианское Царство»
Сусӕгдзинад
Йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахад. Апостол Павел йӕ фыстӕджыты бӕлвырд ӕмбарын кӕны, Чырыстийы тыххӕй сусӕгдзинад кӕй раргом. Ефесӕгтӕм 1:9–11 фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцау раргом кодта «йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис, уый сусӕгдзинад». Дарддӕр дзы фыст ис: «Уыцы сусӕгдзинад у, ӕхсызгон ын цы у, уымӕ гӕсгӕ – йӕхӕдӕг сфӕнд кодта, афон куы ’рцӕуа, уӕд хъуыддӕгтӕн разамынд сфидар кӕнын, цӕмӕй ӕппӕт дӕр Чырыстийы фӕрцы фӕстӕмӕ иумӕ ӕрӕмбырд кӕна – уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдон. О, уый фӕрцы, ӕмӕ йемӕ иумӕ мах дӕр ӕвзӕрст ӕрцыдыстӕм бындартӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ равзӕрста бирӕ раздӕр ӕмӕ уый у йӕ фӕндмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уый ӕппӕт дӕр йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ аразы». «Сусӕгдзинад» баст у, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахадимӕ. «Уӕларвыл цы ис», уый амоны, Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдонмӕ. «Зӕххыл цы ис», уый та амоны, уыцы Паддзахады дӕлбар зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы адӕммӕ. «Сусӕгдзинад» Паддзахадимӕ баст кӕй у, уый Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Сымахӕн ӕргом у Хуыцауы паддзахады сусӕгдзинад» (Мч 4:11).
(Ефесӕгтӕм 1:10) афон куы ’рцӕуа, уӕд хъуыддӕгтӕн разамынд сфидар кӕнын, цӕмӕй ӕппӕт дӕр Чырыстийы фӕрцы фӕстӕмӕ иумӕ ӕрӕмбырд кӕна – уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдон. О, уый фӕрцы,
w12 15/7 27, 28 фф., 3, 4 абз.
Йегъовӕ ӕмбырд кӕны йӕ бинонты
3 Йегъовӕ цыдӕриддӕр аразы, уый алкӕддӕр вӕййы йӕ фӕндимӕ баст. Ӕмӕ «афон куы ’рцыд, уӕд» Хуыцау «хъуыддӕгтӕн разамынд сфидар кодта» – уымӕ хауы, уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл чидӕриддӕр ис, уыдоны иу бинонтау баиу кӕнынӕн цы аразы, уый. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 1:8–10.) Хуыцау цы разамынд сфидар кодта, уымӕ хауы дыууӕ хъуыддаджы. Фыццаг: Хуыцау цӕттӕ кӕны сӕрст чырыстӕтты уӕлӕрвты цӕрынмӕ, ӕмӕ уым уыдон дарддӕр архайдзысты Йесо Чырыстийы дӕлбар. Уыцы хъуыддаг райдыдта н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны. Уӕд Йегъовӕ райдыдта ӕмбырд кӕнын, Чырыстиимӕ иумӕ уӕларвон паддзахады чи уыдзӕн, уыдоны (Хъуыд. 2:1–4). Чырыстийы нывонды фӕрцы Хуыцау сӕрст чырыстӕтты банымайы рӕстгӕнджытыл ӕмӕ царды аккагыл. Уыдон ӕй зонынц, Хуыцау сӕ йӕ хъӕбултӕ кӕй схуыдта (Ром. 3:23, 24; 5:1; 8:15–17).
4 Дыккаг хъуыддаг: Хуыцау цӕттӕ кӕны, зӕххыл дзӕнӕты Мессийӕйы Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыцы адӕмы. Уыдонмӕ фыццаджыдӕр хауынц «тынг бирӕ адӕм» (Рарг. 7:9, 13–17; 21:1–5). Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд та сӕм ӕрбаиу уыдзысты, чи райгас уыдзӕн, уыцы миллиардгай адӕм дӕр (Рарг. 20:12, 13). Ахъуыды-ма кӕн, уӕд нын цас фадӕттӕ уыдзӕн, не ’хсӕн ӕцӕг иудзинад кӕй ис, уый равдисынӕн! Тынг бирӕ адӕм ӕмӕ, чи райгас уа, уыдон иумӕ уыдзысты, «зӕххыл цы ис, уыдон». Уыцы адӕм миназы кӕрон фӕстаг хатт фӕлвӕрд ӕрцӕудзысты. Ӕмӕ, иузӕрдион чи разына, уыдоны Хуыцау банымайдзӕн йӕ зӕххон сывӕллӕттыл (Ром. 8:21; Рарг. 20:7, 8).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Ефесӕгтӕм 3:13) Ӕмӕ уӕ уымӕ гӕсгӕ курӕг дӕн: сымах сӕрвӕлтау цы зындзинӕдтӕ ӕвзарын, уыдоны тыххӕй уӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ уыдон сымахӕн кад хӕссынц.
Хуыцау цы кадӕй хайджын кӕны, уымӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
15 Йегъовӕйы фӕндон дарддӕр куы ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр фидар куы лӕууӕм, уӕд иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй, Хуыцау цы кадӕй хайджын кӕны, уыцы кадӕй схайджын уой. Павел Ефесы ӕмбырдмӕ ныффыста: «Курӕг [уӕ] дӕн: сымах сӕрвӕлтау цы зындзинӕдтӕ ӕвзарын, уыдоны тыххӕй уӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ уыдон сымахӕн кад хӕссынц» (Еф. 3:13). Павелы зындзинӕдтӕ ефесӕгтӕн кад куыд хастой? Павел зын уавӕрты дӕр йе ’фсымӕртӕн кӕй лӕггад кодта, уымӕй равдыста, чырыстонӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй зынаргъдӕр кӕй мацы хъуамӕ уа. Уыцы зындзинӕдты тыххӕй йӕ лӕггад куы ныууагътаид, уӕд йе ’фсымӕртӕ афтӕ ахъуыды кодтаиккой, ӕмӕ сын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад уыд, сӕ бӕрны цы лӕггад уыди ӕмӕ сӕ цы ныфс уыд, уыдон афтӕ ахсджиаг не сты. Фӕлӕ Павел зын уавӕрты фидар фӕлӕууыд, ӕмӕ уымӕй равдыста, Чырыстийы ахуыргӕнинаг уай, уый стыр кад кӕй у ӕмӕ уый тыххӕй цыфӕнды зындзинӕдтӕ дӕр кӕй ис сфӕразӕн.
(Ефесӕгтӕм 3:19) ӕмӕ базондзыстут Чырыстийы уарзт, цыфӕнды зонындзинӕдтӕй дӕр уӕлдӕр чи у, уый, цӕмӕй, Хуыцауӕй цыдӕриддӕр миниуджытӕ цӕуы, уыдонӕй ӕххӕстӕй хайджын уат.
«Чырыстийы уарзондзинад базонын»
21 «Базонын»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырдӕн йӕ хъуыды у «хъуыддагӕй базонын, хиуыл ӕй бавзарын». Йесо куыд уарзта, афтӕ куы уарзӕм,– хиудрохгӕнгӕйӕ нӕхи иннӕты хорзӕн куы дӕттӕм, сӕ рисыл нӕ зӕрдӕ куы рисса ӕмӕ бахъуаджы сахат сӕ фарсмӕ куы уӕм, зӕрдӕйӕ сын куы барӕм,– ӕрмӕстдӕр уӕд суыдзӕн нӕ бон, Йесойы зӕрдӕ цы ӕнкъардта, уый нӕ уды арфӕй бамбарын. Нӕхи уыцы хъуыддаджы куы фӕлтӕрӕм, уӕд «базондзыстӕм Чырыстийы уарзондзинад, зондӕй ӕнӕраиртасгӕ чи у». Ӕмӕ нӕ рох макуы уӕд: цас тынгдӕр кӕнӕм Чырыстийы хуызӕн, уыйас ӕввахсдӕр уыдзыстӕм, Йесо алцӕмӕйдӕр кӕй хуызӕн уыд, уымӕ – нӕ уарзаг Хуыцау Иегъовӕмӕ.
Библийӕ бакӕсинаг
(Ефесӕгтӕм 1:1–14) Павел, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостол, фыссы, Ефесы чи ис, уыцы сыгъдӕджытӕм ӕмӕ, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады чи ис ӕмӕ иузӕрдион чи у, уыдонмӕ. 2 Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй хайджын ут. 3 Табу нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыдӕн. Уый нӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы Чырыстиимӕ иумӕ уӕлӕрвты алы хорздзинадӕй схайджын кодта, 4 уымӕн ӕмӕ нӕ, дуне куы нӕма уыд, уӕд равзӕрста, цӕмӕй Чырыстиимӕ иудзинады уӕм, цӕмӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йӕ разы сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау уӕм. 5 Ӕхсызгон ын цы у ӕмӕ йӕ фӕндон куыд у, уымӕ гӕсгӕ нӕ бирӕ раздӕр равзӕрста, цӕмӕй нӕ Йесо Чырыстийы уылты йӕхицӕн фырттӕ скӕна, 6 цӕмӕй йӕ иууылдӕр кадджын кӕной, йӕ уарзон Фырты руаджы нын цӕстуарзонӕй кӕмӕй бахай кодта, йӕ уыцы стыр хорзӕхы тыххӕй. 7 Йӕ Фырт нӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм – о, нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты, йе стыр хорзӕх ӕгӕрон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ. 8 Уыцы стыр хорзӕхӕй нӕ рӕдауӕй схайджын кодта ӕмӕ нын йемӕ иумӕ радта зонд ӕмӕ ӕмбарындзинад дӕр: 9 раргом нын кодта, йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис, уый сусӕгдзинад. Уыцы сусӕгдзинад у, ӕхсызгон ын цы у, уымӕ гӕсгӕ – йӕхӕдӕг сфӕнд кодта, 10 афон куы ’рцӕуа, уӕд хъуыддӕгтӕн разамынд сфидар кӕнын, цӕмӕй ӕппӕт дӕр Чырыстийы фӕрцы фӕстӕмӕ иумӕ ӕрӕмбырд кӕна – уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдон. О, уый фӕрцы, 11 ӕмӕ йемӕ иумӕ мах дӕр ӕвзӕрст ӕрцыдыстӕм бындартӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ равзӕрста бирӕ раздӕр ӕмӕ уый у йӕ фӕндмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уый ӕппӕт дӕр йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ аразы. 12 Ӕвзӕрст уый тыххӕй ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй йӕ мах – Чырыстийыл йӕ ныфс ӕппӕты фыццаг чи сӕвӕрдта, уыдон,– кадджын кӕнӕм ӕмӕ йӕ бӕрзонд кӕнӕм. 13 Фӕлӕ рӕстдзинады дзырд, Хуыцау уӕ кӕй ирвӕзын кӕны, уый тыххӕй хорз хабар, куы фехъуыстат, уӕд ыл сымах дӕр уӕ ныфс сӕвӕрдтат. Ӕмӕ куы баууӕндыдыстут, уӕд сымахыл дӕр Чырыстийы фӕрцы Хуыцау мыхуыр сӕвӕрдта, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы сыгъдӕг тыхӕй,– 14 сыгъдӕг тых у, Хуыцау нын цы бынтӕ скодта, уыдон кӕй райсдзыстӕм, уый ӕвдисӕн. Мыхуыр уый тыххӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй Хуыцауы адӕм, ӕлхӕд кӕй ӕрцыдысты, уый фӕрцы ссӕрибар уой, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уа йе стыр кадӕн.
17–23 ИЮНЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЕФЕСӔГТӔМ 4–6
«Уӕхи сифтонг кӕнут, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй»
(Ефесӕгтӕм 6:11–13) Уӕхи сифтонг кӕнут, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй, цӕмӕй уӕ бон уа Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕууын, 12 уымӕн ӕмӕ нӕ тох туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ хицауӕдты ныхмӕ, сӕргълӕуджыты ныхмӕ, ацы талынг дунейы хицӕутты ныхмӕ, уӕлӕрвты чи ис, уыцы фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ. 13 Гъе уымӕ гӕсгӕ райсут, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдон, цӕмӕй уӕ бон уа фыдӕвзарӕн бон ныхкъуырд раттын ӕмӕ уӕ цы бакӕнын хъӕуы, ӕппӕт уыдӕттӕ саразгӕйӕ, фидар фӕлӕууын.
Ӕрыгӕттӕ, Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар лӕуут!
АПОСТОЛ Павел чырыстӕтты абарста хӕстонтимӕ. Мах дӕр хӕстонтау не знӕгтимӕ хӕцӕм. Ӕрмӕст мах зӕххон адӕймӕгтимӕ нӕ тох кӕнӕм, фӕлӕ ӕнӕуынгӕ удгоймӕгтимӕ – Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтимӕ. Уыдон адӕмимӕ тох кӕнынц миназты дӕргъы, ӕмӕ хӕцынмӕ тынг дӕсны сты. Ӕмӕ нӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ сыл никуы фӕуӕлахиз уыдзыстӕм, уӕлдайдӕр та афтӕ, чи зоны, ӕрыгӕттӕ хъуыды кӕной. Цымӕ уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕрыгӕттӕ ахӕм хъомысджын знӕгтыл фӕуӕлахиз уой? О, ис, ӕмӕ сыл, уӕвгӕ, уӕлахиз кӕнынц! Цӕй фӕрцы? Йегъовӕйы хъаруйы фӕрцы. Уымӕй уӕлдай ма уыдон фӕлтӕрд хӕстонтау сӕхи «сифтонг кӕнынц, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй», ӕмӕ уый фӕрцы сӕхи тохмӕ бацӕттӕ кӕнынц. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:10–12.)
(Ефесӕгтӕм 6:14, 15) Уӕдӕ фидар лӕуут: уӕ астӕутӕ ӕцӕгдзинадӕй ронау ӕрбалвасут, уӕ уӕлӕ скӕнут рӕстдзинады згъӕрхӕдон, 15 стӕй цӕттӕ ут фарны хорз хабар хъусын кӕнынмӕ – уый та уӕд уӕ къахыдарӕс.
w18.05 28, 29 фф., 4, 7, 10 абз.
Ӕрыгӕттӕ, Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар лӕуут!
4 Раст афтӕ, Библийӕ цы ӕцӕгдзинад базыдтам, уый мах хъахъхъӕны, мӕнг динты ахуырӕдтӕ цы зиан хӕссынц, уымӕй (Иоан. 8:31, 32, фип.; 1 Иоан. 4:1). Уӕдӕ нӕ астӕутӕ «ронӕй» цас ӕнгомдӕр ӕлвӕст уой, уыйас нын ӕнцондӕр уыдзӕн не «згъӕрхӕдон» дарын. Ӕндӕр ныхасӕй, Библийы ӕцӕгдзинад цас фылдӕр уарзӕм, уыйас нын ӕнцондӕр уыдзӕн Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын (Пс. 111:7, 8; 1 Иоан. 5:3). Стӕй, уыцы ӕцӕгдзинад цас хуыздӕр ӕмбарӕм, уыйас нын хуыздӕр уайдзӕн, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый сӕрыл дзурын (1 Пет. 3:15).
7 Абон махӕн та нӕ «зӕрдӕ» згъӕрхӕдонау хъахъхъӕнынц Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ (Ӕмб. 4:23). Ӕфсӕддон йе ’фсӕйнаг згъӕрхӕдон, лӕмӕгъдӕр згъӕрӕй конд чи у, ахӕмыл никуы баивтаид. Раст афтӕ мах дӕр Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ никуы баивдзыстӕм, нӕхимӕ раст цы кӕсы, ууыл, уымӕн ӕмӕ нӕхи зондӕй нӕ зӕрдӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ бахъахъхъӕндзыстӕм (Ӕмб. 3:5, 6). Уӕдӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕ хъус дарӕм, Йегъовӕ нын цы «згъӕрхӕдон» радта, уый нын нӕ зӕрдӕ хорз ӕмбӕрзы ӕви нӕ, уымӕ.
10 Ромаг ӕфсӕддонтӕн тохы хӕцынӕн сӕрмагонд къахыдарӕс куыд уыд, афтӕ махӕн дӕр ис, фарны хорз хабар хъусын кӕнынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, ахӕм «къахыдарӕс» (Ис. 52:7; Ром. 10:15). Фӕлӕ нӕ уӕддӕр иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй искӕмӕн хорз хабар радзурӕм. 20 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм лӕппу, Бо, зӕгъгӕ, загъта: «Мӕ къласӕгтӕн рӕстдзинады тыххӕй дзурын нӕ уӕндыдтӕн. Ӕвӕццӕгӕн, ӕфсӕрмы кодтон. Куы йыл ахъуыды кӕнын, уӕд ӕй нӕ фембарын, цӕмӕн ӕфсӕрмы кодтон. Ныр ме ’мгӕрттӕн ӕхсызгонӕй фӕхъусын кӕнын».
(Ефесӕгтӕм 6:16, 17) Алы уавӕрты дӕр-иу райсут уырнындзинады стыр уарт – уымӕй уӕ бон бауыдзӕн Фыдбылызы судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнын. 17 Райсут ирвӕзындзинады згъӕрхуд ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы лӕвӕрд хъама, ома Хуыцауы ныхас.
w18.05 29–31 фф., 13, 16, 20 абз.
Ӕрыгӕттӕ, Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар лӕуут!
13 Цымӕ дыл Сайтан цавӕр «судзгӕ фаттӕ» ӕхсы? Зӕгъӕм, Йегъовӕйы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ. Фӕнды йӕ, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнай, ӕмӕ дыл Йегъовӕ нӕ тыхсы ӕмӕ дӕ нӕ уарзы. 19-аздзыд Идӕ загъта: «Арӕх мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма Йегъовӕ мӕнӕй дард у ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар уон». Цымӕ йын уӕд цы баххуыс кӕны? Идӕ загъта: «Ӕмбырдтӕ мын мӕ уырнындзинад тынг фидар кӕнынц. Раздӕр-иу ӕмбырды ӕнӕуи бадтӕн ӕмӕ-иу дзуаппытӕ нӕ лӕвӕрдтон – афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ, цы зӕгъинаг дӕн, уый никӕй хъӕуы. Фӕлӕ ныр ӕмбырдтӕм мӕхи фӕцӕттӕ кӕнын ӕмӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ хатты дзуапп раттын. Уый мын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ дзуапп куы раттын, уӕд мын бирӕ ӕхсызгондӕр вӕййы. Хотӕ ӕмӕ мӕ ӕфсымӕртӕ дӕр тынг бафидар кӕнынц. Ӕмбырды фӕстӕ хӕдзармӕ куы фӕцӕуын, уӕд ӕппындӕр нӕ фӕдызӕрдыг кӕнын, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы, ууыл».
16 Ӕфсӕддонӕн-иу згъӕрхуд йӕ сӕр куыд хъахъхъӕдта, афтӕ махӕн дӕр «ирвӕзындзинады ныфсы згъӕрхуд» нӕ зонд хъахъхъӕны (1 Фес. 5:8; Ӕмб. 3:21). Уыцы ныфс нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ уой, Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттыл ӕмӕ, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдоны тыххӕй нӕ къухтӕ ма ӕруадзӕм (Пс. 27:1, 14; Хъуыд. 24:15). Фӕлӕ нӕ цӕмӕй не «згъӕрхуд» хъахъхъӕна, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ нӕ къухы ма хӕссӕм, фӕлӕ йӕ нӕ сӕрыл дарӕм.
20 Павел Хуыцауы Ныхас абарста, Йегъовӕ нын кӕй радта, ахӕм хъамаимӕ. Фӕлӕ дзы цӕмӕй нӕ уырнындзинад бахъахъхъӕнын кӕнӕ нӕ зондахаст сраст кӕнын нӕ бон уа, уый тыххӕй дзы хъуамӕ арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм (2 Кор. 10:4, 5; 2 Тим. 2:15). Уыцы хъуыддаджы дын цы баххуыс кӕндзӕн? 21 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм ӕфсымӕр, Себастьян, загъта: «Библи куы фӕкӕсын, уӕд алы сӕрӕй дӕр иу стих рафыссын. Мӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи цӕуы, уыцы стихтӕ иу ран ныффыссын. Уый мын ӕххуыс кӕны, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый хуыздӕр ӕмбарынӕн». Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр, Дэниел, загъта: «Библи куы фӕкӕсын, уӕд мӕхимӕ фӕнысан кӕнын, уацамынды кӕуыл фембӕлын, уыдонӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ. Адӕм ӕй куы уыной, Библийы тыххӕй зӕрдиагӕй кӕй дзурыс ӕмӕ, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразыс, цӕмӕй сын баххуыс кӕнай, уӕд дӕм хуыздӕр хъусдзысты».
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Ефесӕгтӕм 4:30) Ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы маст ма уадзут – ӕлхӕд кӕй ӕрцыдыстут, уый фӕрцы цы бон ссӕрибар уыдзыстут, уыцы бонмӕ уыл мыхуыр уыцы сыгъдӕг тыхӕй ӕвӕрд ис.
it-U «Святость», дӕлсӕргонд «Святой дух»
Сыгъдӕг
Сыгъдӕг тых. Йегъовӕйы архайгӕ тых кӕнӕ сыгъдӕг тых алкӕддӕр Йегъовӕйы фӕндон феххӕст кӕны. Уыцы тых у сыгъдӕг, ӕнаипп ӕмӕ хицӕнгонд, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕна. Уый тыххӕй хуыйны «сыгъдӕг тых» (Пс 51:11; Лк 11:13; Ро 1:4; Еф 1:13). Сыгъдӕг тых адӕймагыл куы фендавы, уӕд адӕймаг фӕтырны, цӕмӕй сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп уа. Адӕймаг чъизи ӕмӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ куы фӕкӕны, уӕд сыгъдӕг тыхы разамынды ныхмӕ фӕцӕуы ӕмӕ дзы маст бауадзы (Еф 4:30). Сыгъдӕг тых удгоймаг нӕу, фӕлӕ нын ӕргом кӕны, Хуыцау цавӕр у, уый. Уымӕ гӕсгӕ, сыгъдӕг тыхы ис маст бауадзӕн. Адӕймаг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразын ахуыр куы уа, уӕд «сыгъдӕг тыхы зынг» ахуыссын кӕндзӕн (1Фс 5:19). Йӕ чъизи митӕ куы нӕ ныууадза, уӕд сыгъдӕг тыхы маст бауадздзӕн ӕмӕ Хуыцау йе ’знаг суыдзӕн (Ис 63:10). Адӕймаг сыгъдӕг тыхы маст куы уадза, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ дзы фауӕн ныхӕстӕ кӕнын дӕр райдайа. Ахӕм тӕригъӕд куы сараза, уӕд, Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй йын «хатыр нӕ уыдзӕн – нӕдӕр ныр, нӕдӕр фидӕны» (Мф 12:31, 32; Мч 3:28–30; кӕс ДУХ).
(Ефесӕгтӕм 5:5) Уӕхӕдӕг ӕй зонут ӕмӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр кӕнут, Чырысти ӕмӕ Хуыцауы паддзахады бынтӕй хай кӕй нӕ уыдзӕн иу хӕтагӕн дӕр, иу чъизи ӕмӕ иу зыд адӕймагӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ зыд адӕймаг у мӕнгхуыцауӕн кувӕг.
it-U «Жадность», дӕлсӕргонд «Проявляется в делах»
Зыддзинад
Хъуыддӕгтӕй рабӕрӕг вӕййы. Адӕймаг зыд куы уа, уӕд йӕ ӕнӕраст фӕндтӕ ӕнӕмӕнгӕй рабӕрӕг уыдзысты. Иаков йӕ фыстӕджы ныффыста, зӕгъгӕ, ӕнӕраст «фӕнд... уидаг куы ауадзы, уӕд ӕркӕны тӕригъӕдмӕ» (Иак 1:14, 15). Уӕдӕ зыд адӕймаг бӕрӕг вӕййы йӕ хъуыддӕгтӕй. Апостол Павел загъта, зӕгъгӕ, зыд адӕймаг у мӕнгхуыцауӕн кувӕг (Еф 5:5). Зыд адӕймаг истӕмӕ куы фӕбӕллы, уӕд ӕй уыцы фӕнд афтӕ сцырен кӕны ӕмӕ уый йӕ хуыцау свӕййы, Сфӕлдисӕгӕн лӕггад кӕнын та йын афтӕ ахсджиаг нал вӕййы (Ро 1:24, 25).
Библийӕ бакӕсинаг
(Ефесӕгтӕм 4:17–32) Уӕдӕ уын уымӕ гӕсгӕ нӕ Хицауы раз зӕгъын ӕмӕ уын фӕдзӕхсын: ацы дунейы адӕм сӕ афтид зондӕй цытӕ кӕнынц, сымах хъуамӕ афтӕ мауал кӕнат. 18 Уыдон зондӕй сты талынджы ӕмӕ, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы цардӕй сты дард, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцауы зонын нӕ фӕнды, сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты. 19 Се ’фсарм бынтондӕр фесӕфтой ӕмӕ хӕлд митыл бафтыдысты, ӕмӕ ӕнӕфсисӕй алы чъизи хъуыддӕгтӕ кӕнынц. 20 Фӕлӕ сымах Чырыстийы ахӕмӕй нӕ базыдтат, 21 ӕрмӕст кӕд, цы дзырдта, уый ӕцӕгдӕр фехъуыстат ӕмӕ уын кӕд, Йесо цы рӕстдзинад амыдта, уый ӕцӕгдӕр бацамыдтой, уӕд. 22 Уӕдӕ, уӕ раздӕры митӕй бӕрӕг чи у ӕмӕ йӕ монцтӕ сӕ фӕдыл кӕй сайынц ӕмӕ кӕй халынц, уыцы зӕронд удыхъӕд хъуамӕ ныууадзат. 23 Ӕмӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр ног кӕнат, уӕ зонд уын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых 24 ӕмӕ хъуамӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раиват – уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ. 25 Сымах ныууагътат мӕнг ныхас, ӕмӕ уӕ ныр алчидӕр иннӕмӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый, уымӕн ӕмӕ мах иу буары уӕнгтӕ стӕм. 26 Куы смӕсты уат, уӕддӕр тӕригъӕд ма саразут; хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд, 27 Хӕйрӕгӕн бынат ма дӕттут. 28 Чи давы, уый мауал давӕд, фӕлӕ фыдӕбон кӕнӕд, йӕхи къухтӕй хорзӕй исты аразӕд, цӕмӕй йӕ бон уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕн исты фӕхай кӕнын. 29 Уӕ дзыхӕй иу ӕмбыд ныхас дӕр ма схауӕд. Дзурут, хъӕугӕ сахат адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи уӕм хъуса, уыдонӕн пайда куыд фӕуой. 30 Ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы маст ма уадзут – ӕлхӕд кӕй ӕрцыдыстут, уый фӕрцы цы бон ссӕрибар уыдзыстут, уыцы бонмӕ уыл мыхуыр уыцы сыгъдӕг тыхӕй ӕвӕрд ис. 31 Ныууадзут алы фыдӕх, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас, стӕй, ӕвзӕрӕй цыдӕриддӕр ис, уый. 32 Ӕмӕ кӕрӕдзимӕ ут хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут, ӕмӕ уын Чырыстийы фӕрцы Хуыцау зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут.
24–30 ИЮНЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ФИЛИППӔГТӔМ 1–4
«Мӕт мацӕуыл кӕнут»
(Филиппӕгтӕм 4:6) Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый.
Хуыцауы фарныл зонд не ’ххӕссы
10 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мӕт мацӕуыл кӕнӕм ӕмӕ «Хуыцауы фарнӕй» хайджын уӕм? Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, мӕт ӕмӕ сагъӕстӕн сӕ хос кӕй у Хуыцаумӕ кувын. Уӕдӕ истӕуыл куы мӕт кӕнӕм, уӕд-иу уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцаумӕ кувын райдайӕм. (Бакӕс 1 Петры 5:6, 7.) Хуыцаумӕ куы кувай, уӕд-иу ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, кӕй дыл тыхсы, ууыл. Цы арфӕдзинӕдтӕй дӕ хайджын кӕны, уыдоны тыххӕй йын «бузныг... дзур». Нӕ зӕрдыл куы дарӕм, йӕ бон кӕй у, «цы дзы курӕм йе та ӕрмӕст хъуыды дӕр цӕуыл акӕнӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр саразын», уӕд ыл ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм (Еф. 3:20).
(Филиппӕгтӕм 4:7) Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд.
Хуыцауы фарныл зонд не ’ххӕссы
7 Филиппаг ӕфсымӕртӕ Павелы фыстӕг куы кастысты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, цы йыл ӕрцыд ӕмӕ Йегъовӕ, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдысты, хабӕрттӕ афтӕ кӕй фӕзылдта, уый. Павел сын йӕ фыстӕджы цы бамбарын кӕнынмӕ хъавыд? Сӕйраджыдӕр, цӕмӕй мӕт ма кодтаиккой. Хъуамӕ Хуыцаумӕ куывтаиккой, цӕмӕй йӕ фарнӕй схайджын уыдаиккой. Павел загъта, Хуыцауы фарныл «зонд... не ’ххӕссы», зӕгъгӕ. Уый куыд ӕмбаргӕ у? Иуӕй-иу тӕлмацгӕнджытӕ ацы дзырдбаст ратӕлмац кодтой, зӕгъгӕ, «адӕймаг фыны дӕр кӕй нӕ федтаид, ахӕм» кӕнӕ «хъуыды дӕр кӕуыл нӕ акодтаид, ахӕм» фарн. Павелы зӕгъын фӕндыд, зӕгъгӕ, «Хуыцауы фарн» ахӕм диссаг у, ӕмӕ йыл адӕймаджы зонд не ’ххӕссы. Уӕдӕ кӕд адӕймаг нӕ фӕзоны, йӕ зындзинӕдтӕй куыд фервӕза науӕд цы ис саразӕн, уый, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ фӕзоны, ӕмӕ йӕ бон у, ӕнхъӕл дӕр цӕмӕн не стӕм, ахӕм цыдӕр саразын. (Бакӕс 2 Петры 2:9.)
Хуыцауы фарныл зонд не ’ххӕссы
16 «Хуыцауы фарнӕй» куы схайджын вӕййӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕны? Библийы фыст ис, уыцы фарн нын Йесо Чырыстийы фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд кӕй «бахъахъхъӕндзӕн» (Фил. 4:7). «Бахъахъхъӕндзӕн»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый баст уыд хӕстон хабӕрттимӕ ӕмӕ амыдта, рагон заманты-иу фидаргонд горӕттӕ ӕфсӕддонты къорд кӕй хъахъхъӕдта, уымӕ. Зӕгъӕм, горӕт Филиппты цӕрджытӕ-иу ӕхсӕв ӕнӕмӕт фынӕй кодтой, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтой, горӕты кулдуӕрттӕ ӕфсӕддонтӕ кӕй хъахъхъӕдтой. Раст афтӕ, «Хуыцауы фарнӕй» хайджын куы уӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд уыдзысты сабыр. Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ ныл кӕй тыхсы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм (1 Пет. 5:10). Ӕмӕ уый фӕрцы сагъӕсты бын нӕ фӕвӕййӕм кӕнӕ, истӕмӕй куы фӕфыдӕнхъӕл вӕййӕм, уӕд дӕр нӕ ныфс нӕ асӕтты.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Филиппӕгтӕм 2:17) Ӕмӕ кӕд, кувинаг нозт нывондыл куыд рауадзынц, афтӕ ӕз дӕр мӕхи нывондӕн хӕссын, уырнындзинад уӕ кӕмӕ сразӕнгард кодта, уыцы лӕггадӕн, уӕддӕр мӕ зӕрдӕ райы ӕмӕ уе ’ппӕтимӕ цин кӕнын.
it-U «Приношения», дӕлсӕргонд «Питьевые приношения»
Нывӕндтӕ
Кувинаг нозт. Кувинаг нозт-иу хастой иннӕ нывӕндтимӕ, уӕлдайдӕр та израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы куы ӕрбынат кодтой, уый фӕстӕ (Нм 15:2, 5, 8–10). Уый уыд сӕн («карз нозт») ӕмӕ-иу ӕй хъуамӕ нывондхӕссӕныл рауагътаиккой (Нм 28:7, 14; абар Рц 30:9; Нм 15:10). Апостол Павел Филиппты чырыстӕттӕм ныффыста: «Кӕд, кувинаг нозт нывондыл куыд рауадзынц, афтӕ ӕз дӕр мӕхи нывондӕн хӕссын, уырнындзинад уӕ кӕмӕ сразӕнгард кодта, уыцы лӕггадӕн, уӕддӕр мӕ зӕрдӕ райы». Павел кувинаг нозт цӕвиттонӕн ӕрхаста, цӕмӕй равдыстаид, йе ’мчырыстӕттӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд (Фп 2:17). Йӕ мӕлӕты размӕ Тимофеймӕ ныффыста: «Ӕз ныридӕгӕн нывондӕн хаст цӕуын, кувинаг нозт нывондыл куыд рауадзынц, афтӕ, ӕмӕ тагъд ссӕрибар уыдзынӕн» (2Тм 4:6).
(Филиппӕгтӕм 3:11) кӕд исты хуызы ӕз дӕр уаин, мӕрдтӕй фыццаг чи райгас уа, уыдоны ’хсӕн.
Фыццӕгтӕ ӕгас кӕнынц!
5 Уый фӕстӕ, «Хуыцауы Израилмӕ» чи хауы, уыцы сӕрстытӕ хъуамӕ ӕрбаиу уой сӕ Хицау Йесо Чырыстимӕ йӕ уӕларвон кады, ӕмӕ уыдон «ӕдзухдӕр уыдзысты сӕ Хицауимӕ» (Галатӕгтӕм 6:16; 1 Фессалоникӕгтӕм 4:17). Уыцы адӕмы Библи хоны «фыццаг чи райгас уа, уыдон» (Филиппӕгтӕм 3:10, 11; Раргомад 20:6). Уыдон се ’ппӕт дӕр куы райгас уой, уӕд уый фӕстӕ зӕххыл ӕгас кӕнын райдайдзысты, ӕнустӕм Дзӕнӕты цӕрыны фадат кӕмӕн уыдзӕн, уыцы милуангай адӕймӕгтӕ. Уӕдӕ нын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ис ӕви зӕххыл, уӕддӕр нӕ тынг цымыдис кӕнынц, «фыццаг чи райгас уа», уыдон. Куыд ӕгас кӕнынц? Ӕмӕ кӕд?
Библийӕ бакӕсинаг
(Филиппӕгтӕм 4:10–23) Нӕ Хицауимӕ иудзинады мӕ цинӕн кӕрон нал ис, кӕдӕй-уӕдӕй мыл ногӕй тыхсын кӕй райдыдтат, уый тыххӕй. Уӕвгӕ мыл уый размӕ дӕр тыхстыстут, фӕлӕ уын уый равдисыны фадат нӕ уыд. 11 Афтӕ уын уый тыххӕй нӕ дзурын, ӕмӕ хъуаг ӕййафын. Ӕз алы уавӕрты дӕр сахуыр дӕн, цы мӕм вӕййы, уый фагыл нымайын. 12 Ӕз зонын, цы у хъуаг ӕййафын дӕр ӕмӕ цы у, алцыдӕр дын парахатӕй уа, уый дӕр. Алы хъуыддаджы дӕр ӕмӕ алы уавӕрты дӕр базыдтон иу сусӕгдзинад: куыд ис цӕрӕн ӕфсӕстӕй дӕр ӕмӕ ӕххормагӕй дӕр, алцыдӕр дын парахатӕй куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ, хъуаг куы ӕййафай, уӕд дӕр. 13 Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы. 14 Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, мӕ тыхст уавӕры мӕ фарсмӕ кӕй балӕууыдыстут, уый уыд хорз. 15 Уӕвгӕ, филиппӕгтӕ, уӕхӕдӕг ӕй зонут, хорз хабар фыццаг хатт куы фехъуыстат ӕмӕ ӕз Македонийӕ куы рацыдтӕн, уӕд мын сымах йеддӕмӕ иу ӕмбырд дӕр кӕй нӕ баххуыс кодта ӕмӕ ӕз дӕр ӕндӕр никӕцы ӕмбырдӕн баххуыс кодтон. 16 Суанг мын Фессалоникӕмӕ дӕр дыууӕ хатты ӕрӕрвыстат, цы мӕ хъуыди, уыдӕттӕ. 17 Уый тыххӕй уын ӕй нӕ дзурын, ӕмӕ мӕ хуынтӕ хъӕуы, фӕлӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгты фӕрцы уӕ хъӕздыгдзинӕдтыл ноджыдӕр бафта. 18 Мӕнӕн алцыдӕр ис, ӕмӕ мын ис фагӕй дӕр фылдӕр. Ӕз цух ницӕмӕй дӕн, уымӕн ӕмӕ мыл Епафродит сӕмбӕлын кодта, сымах ын цы рарвыстат, уыдӕттӕ – уӕ хуын у, йӕ адджын тӕф кӕмӕн кӕлы, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм нывонд. 19 Сымах та мӕ Хуыцау, диссаджы хъӕздыгдзинӕдтӕ кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау, Йесо Чырыстийы уылты цух ницӕмӕй ныууадздзӕн. 20 Нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыдӕн кад уӕд ӕнусӕй-ӕнусмӕ! Аммен. 21 Йесо Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, уыцы сыгъдӕджытӕй алкӕмӕн дӕр мӕ номӕй салӕмттӕ раттут. Салӕмттӕ уын ӕрвитынц, мемӕ чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ. 22 Салӕмттӕ уын ӕрвитынц ӕппӕт сыгъдӕджытӕ дӕр, уӕлдайдӕр та паддзахы хӕдзарӕй чи у, уыдон. 23 Ахӕм хорз зӕрдӕйы уаг уын кӕй ис, уый тыххӕй нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй хайджын ут.