73 ЗАРӔГ
Баххуыс нын кӕн, цӕмӕй ныфсджынӕй дзурӕм
1. Мах дӕ Паддзахадыл дзурӕм,
Хъусын дын кӕнӕм дӕ ном,
Ӕмӕ бирӕтӕ нӕ ныхмӕ
Карзӕй рацӕуынц ӕргом.
Фӕлӕ хъусӕм мах дӕумӕ,
Ӕмӕ нӕ тӕрсӕм адӕмӕй.
О Йегъовӕ, фехъус нӕ, курӕм,
Хай нын кӕн дӕ сыгъдӕг тыхӕй.
БАЗАРД
Баххуыс кӕн, Йегъовӕ, махӕн,
Ӕмӕ макӕмӕй тӕрсӕм.
Ратт нын ныфс, цӕмӕй дын алкӕм
Де стыр ном бӕрзонд кӕнӕм.
Ныр ӕввахс у Армагеддон,
’Ххуыс нын кӕн, цӕмӕй уа нӕ бон
Дзурын адӕмӕн дӕу тыххӕй.
Уый у нӕ куывд.
2. Кӕд фӕтӕрсӕм хатт, уӕддӕр нын
Алкӕд ды ӕххуыс кӕныс.
Зоныс ӕй, ыстӕм рыгӕй конд,
’Мӕ нын хъарутӕ дӕттыс.
Курӕм, де знӕгтӕм ӕркӕс,
Ӕмӕ сын аккаг дзуапп ды ратт.
Мах кӕронмӕ хъусын кӕндзыстӕм,
Де стыр кад куыд айхъуыса дард.
БАЗАРД
Баххуыс кӕн, Йегъовӕ, махӕн,
Ӕмӕ макӕмӕй тӕрсӕм.
Ратт нын ныфс, цӕмӕй дын алкӕм
Де стыр ном бӕрзонд кӕнӕм.
Ныр ӕввахс у Армагеддон,
’Ххуыс нын кӕн, цӕмӕй уа нӕ бон
Дзурын адӕмӕн дӕу тыххӕй.
Уый у нӕ куывд.
(Ноджыдӕр кӕс 1 Фес. 2:2; Дзут. 10:35.)