Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ
2–8 МАРТЪИЙЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 22, 23
«Хуыцау сфӕнд кодта Авраамы бафӕлварын»
(Райдиан 22:1, 2) Уыцы хабӕртты фӕстӕ ӕцӕг Хуыцау сфӕнд кодта Авраамы бафӕлварын. Ӕмӕ йын загъта: «Авраам!» Авраам ын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн». 2 Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау загъта: «Курӕг дӕ дӕн, демӕ акӕн дӕ фырты, дӕ иунӕг ӕмӕ дӕ уарзон хъӕбул Исахъы, ӕмӕ ацу Мориайы зӕхмӕ, ӕмӕ дын ӕз цы хохмӕ бацамондзынӕн, ууыл ӕй нывондӕн ӕрхӕсс».
Хуыцау Авраамӕн йӕ фырты нывондӕн цӕмӕн хӕссын кодта?
Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕ Авраамӕн цы загъта, уымӕ: «Курӕг дӕ дӕн, демӕ акӕн дӕ фырты, дӕ иунӕг ӕмӕ дӕ уарзон хъӕбул Исахъы, ӕмӕ... дын ӕз цы хохмӕ бацамондзынӕн, ууыл ӕй нывондӕн ӕрхӕсс» (Райдиан 22:2). Кӕс-ма, Йегъовӕ Авраамӕн Исахъы тыххӕй загъта, «дӕ уарзон хъӕбул», зӕгъгӕ. Йегъовӕ зыдта, Авраам Исахъы йӕ удыбӕрц кӕй уарзта. Хуыцау дӕр йӕ Фырт Йесойы афтӕ тынг уарзта. Уымӕ гӕсгӕ дыууӕ хатты уӕлӕрвтӕй Чырыстийы тыххӕй загъта, «ай у мӕ уарзон Фырт», зӕгъгӕ (Марчы 1:11; 9:7).
Ахъуыды-ма кӕн ноджыдӕр, Йегъовӕ Авраамӕн йӕ фырты нывондӕн куы хӕссын кодта, уӕд ын кӕй загъта, «курӕг дӕ дӕн», зӕгъгӕ. Библи чи иртасы, иу ахӕм ахуыргонд загъта, Хуыцау кӕй ӕмбӕрста, Авраам йӕ фырты нывондӕн куы ӕрхӕсса, уӕд ын зын кӕй уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ бамбарӕн ис, Авраам уыцы ныхасы фӕстӕ куыд тынг ӕрӕнкъард уыдаид, уый. Стӕй ма бамбарӕн ис, Йегъовӕйӕн куыд зын уыдаид, йӕ уарзон хъӕбул куыд тухи кодта ӕмӕ куыд мард, уымӕ кӕсын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ ахӕм дудгӕ рыст никуы бавзӕрста ӕмӕ никуыуал бавзардзӕн.
Хъӕуы ма зӕгъын, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраамы нӕ бауагъта йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссын. Йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнын ын нӕ бауагъта, Исахъы фервӕзын кодта. Йегъовӕ та «йӕ Фырты нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ йӕ мах сӕрвӕлтау мӕлӕтмӕ радта» (Ромӕгтӕм 8:32). Йегъовӕ афтӕ цӕмӕн бакодта? Цӕмӕй «уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм» (1 Иоанны 4:9). Ӕвӕдза, Хуыцау нӕм цӕй диссаджы уарзондзинад равдыста! Мах дӕр хъуамӕ Хуыцауы афтӕ тынг уарзӕм.
(Райдиан 22:9–12) Ӕппынфӕстаг схӕццӕ сты, ӕцӕг Хуыцау ын кӕдӕм бацамыдта, уыцы бынатмӕ. Уым Авраам сарӕзта нывондхӕссӕн, сӕвӕрдта йыл сугтӕ, стӕй йӕ фырт Исахъӕн йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ бабаста ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл сугты сӕр ӕрӕвӕрдта. 10 Уый фӕстӕ райста кард, ӕмӕ йӕ фырты ныр амара, зӕгъгӕ, 11 афтӕ йӕм Йегъовӕйы зӕд уӕларвӕй ӕрдзырдта: «Авраам, Авраам!» Уый йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн». 12 Ӕмӕ йын уӕд зӕд загъта: «Лӕппумӕ ма бавнал, мацы йын бакӕн. Ныр ӕй ӕз зонын, Хуыцауӕй кӕй тӕрсыс, уымӕн ӕмӕ мын дӕ фырты, дӕ иунӕг хъӕбулы, нӕ бавгъау кодтай».
(Райдиан 22:15–18) Уый фӕстӕ Йегъовӕйы зӕд Аврааммӕ дыккаг хатт ӕрдзырдта уӕларвӕй 16 ӕмӕ йын загъта: «„Мӕхицӕй сомы кӕнын,– зӕгъы Йегъовӕ.– Ды ацы хъуыддаг кӕй бакодтай ӕмӕ мын дӕ фырты, дӕ иунӕг хъӕбулы, кӕй нӕ бавгъау кодтай, 17 уый тыххӕй дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ, арвыл стъалытӕ ӕмӕ денджызы был змис куыд бирӕ ис, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты бауыдзысты се знӕгты горӕттӕ. 18 Ӕмӕ дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр, мӕ ныхасмӕ мын кӕй байхъуыстай, уый тыххӕй“».
Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ дын йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ пайда ӕрхӕссой
6 Йегъовӕ Хуыцау дӕр-иу расомы кодта, цӕмӕй-иу ын ӕнӕххӕст адӕм йӕ ныхӕстыл баууӕндыдаиккой. Расомы-иу кодта афтӕ: «„Ӕз, удӕгас Хуыцау, сомы кӕнын мӕхицӕй“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ» (Йез. 17:16). Йегъовӕ-иу кӕй расомы кодта, уый кой Библийы ис 40 хаттӕй фылдӕр. Ӕвӕццӕгӕн нӕ алчидӕр хорз зоны, Авраамӕн-иу куыд расомы кодта, уый. Йегъовӕ Авраамимӕ скодта цалдӕр бадзырды, кӕнӕ йын цалдӕр хатты зӕрдӕ бавӕрдта. Ӕмӕ уыцы бадзырдтӕй бӕрӕг уыд, зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг кӕй уыдзӕн Авраамы хӕдзарвӕндагӕй, бӕлвырдӕй та Исахъӕй кӕй рацӕудзӕн (Райд. 12:1–3, 7; 13:14–17; 15:5, 18; 21:12). Уый фӕстӕ Йегъовӕ Авраамӕн стыр фӕлварӕн скодта, загъта йын, цӕмӕй йӕ уарзон хъӕбулы нывондӕн ӕрхӕсса. Авраам Хуыцауы ныхасыл дыууӕ нал загъта. Фӕлӕ Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ куыд хъавыд, афтӕ йӕ Хуыцауы зӕд баурӕдта. Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау расомы кодта: «Мӕхицӕй сомы кӕнын... Ды ацы хъуыддаг кӕй бакодтай ӕмӕ мын дӕ фырты, дӕ иунӕг хъӕбулы, кӕй нӕ бавгъау кодтай, уый тыххӕй дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ, арвыл стъалытӕ ӕмӕ денджызы был змис куыд бирӕ ис, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты бауыдзысты се знӕгты горӕттӕ. Ӕмӕ дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр, мӕ ныхасмӕ мын кӕй байхъуыстай, уый тыххӕй» (Райд. 22:1–3, 9–12, 15–18).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Райдиан 22:5) Ӕмӕ уӕд йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Сымах ам баззайут, хӕрӕджы дӕр ам уадзын, ӕз ӕмӕ лӕппу та уӕлӕ уырдӕм ацӕудзыстӕм, уым Хуыцауӕн бакувдзыстӕм ӕмӕ уӕм фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзыстӕм».
Йегъовӕ йӕ хуыдта йӕ хӕлар
13 Авраам, йемӕ цы лӕггадгӕнджытӕ уыд, уыдонӕн загъта: «Сымах ам баззайут, хӕрӕджы дӕр ам уадзын, ӕз ӕмӕ лӕппу та уӕлӕ уырдӕм ацӕудзыстӕм, уым Хуыцауӕн бакувдзыстӕм ӕмӕ уӕм фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзыстӕм» (Райд. 22:5). Цымӕ Авраамы цы зӕгъын фӕндыд? Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ куы хъавыд, уӕд ма сын афтӕ цӕмӕн загъта, иумӕ ӕрыздӕхдзыстӕм, зӕгъгӕ? Мыййаг сӕ сайгӕ кодта? Нӕ. Библийӕ базонӕн ис, Авраам куыд хъуыды кодта, уый. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:19.) Авраам «афтӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ йӕ [Исахъы] Хуыцау мӕрдтӕй дӕр райгас кӕндзӕн». Уӕдӕ Авраам райгасдзинадыл ӕууӕндыд. Уый зыдта, Саррӕимӕ сын зӕронды бонты фырт Йегъовӕйы фӕрцы кӕй райгуырд (Дзут. 11:11, 12, 18). Авраам ӕмбӕрста, Йегъовӕйӕн йӕ бон алцыдӕр кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кодта, уыцы бон цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр ын Йегъовӕ йӕ зынаргъ фырты кӕй райгас кӕндзӕн, цӕмӕй йын зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр бавӕрдта, уый сӕххӕст уа. Уӕдӕ диссаг нӕу, Библийы Авраамы тыххӕй афтӕ фыст кӕй ис, зӕгъгӕ, «уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр у сӕ фыд»!
(Райдиан 22:12) Ӕмӕ йын уӕд зӕд загъта: «Лӕппумӕ ма бавнал, мацы йын бакӕн. Ныр ӕй ӕз зонын, Хуыцауӕй кӕй тӕрсыс, уымӕн ӕмӕ мын дӕ фырты, дӕ иунӕг хъӕбулы, нӕ бавгъау кодтай».
Кӕсджыты фарстатӕ
Цыппӕрӕм: цы ныл ӕрцӕудзӕн, уыдӕттӕй Йегъовӕйы алцы рагацау зонын нӕ фӕнды. Хуыцау рагацау куы скъуыддзаг кӕнид, цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уый, уӕд уый ууыл дзурӕг уаид, ӕмӕ нын нӕ фидӕны тыххӕй алцыдӕр зоны. Фӕлӕ уыцы хъуыды Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауӕн йӕ бон у, фидӕны цы уыдзӕн, уый рагацау базонын (Ис. 46:10). Фӕлӕ Библийӕ бӕрӕг у, афтӕ алкӕд кӕй нӕ фӕкӕны (Райд. 18:20, 21; 22:12). Йегъовӕ нын нӕ сӕрибардзинадӕн аргъ кӕны. Уарзӕгой ӕмӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын бар дӕтты, цӕмӕй-иу нӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕнӕм, куыд бакӕндзыстӕм, уый (Дык. з. 32:4; 2 Кор. 3:17).
it-U «Предвидение, предопределение», дӕлсӕргонд «Бог пользуется способностью предвидеть избирательно», 1, 2 абз.
Предвидение, предопределение
Бог пользуется способностью предвидеть избирательно. Другая точка зрения, заключающаяся в том, что Бог пользуется способностью предвидеть избирательно и по своему усмотрению, должна согласовываться с праведными нормами Бога и с тем, что он открывает о себе через свое Слово. В отличие от учения о предопределении, ряд библейских отрывков подчеркивает, что Бог сначала исследовал положение дел и только потом выносил решение.
Так, в Бытии 11:5–8 о Боге говорится, что он обратил свое внимание на землю, увидел происходящее в Вавилоне и только тогда решил, какие меры принять, чтобы расстроить планы нечестивых людей. Когда Содом и Гоморра наполнились злом, Иегова сообщил Аврааму о своем решении: «Проверю [с помощью ангелов], действительно ли справедлив дошедший до меня вопль и так ли скверны их поступки. Если нет, я это узнаю» (Бт 18:20–22; 19:1). Иегова сказал, что сблизился с Авраамом, и, после того как тот почти принес в жертву Исаака, он произнес: «Теперь я знаю, что ты боишься Бога, ведь ты не пожалел для меня своего сына, своего единственного» (Бт 18:19; 22:11, 12; ср. Не 9:7, 8; Гл 4:9).
Библийӕ бакӕсинаг
(Райдиан 22:1–18) Уыцы хабӕртты фӕстӕ ӕцӕг Хуыцау сфӕнд кодта Авраамы бафӕлварын. Ӕмӕ йын загъта: «Авраам!» Авраам ын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн». 2 Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау загъта: «Курӕг дӕ дӕн, демӕ акӕн дӕ фырты, дӕ иунӕг ӕмӕ дӕ уарзон хъӕбул Исахъы, ӕмӕ ацу Мориайы зӕхмӕ, ӕмӕ дын ӕз цы хохмӕ бацамондзынӕн, ууыл ӕй нывондӕн ӕрхӕсс». 3 Авраам райсомӕй раджы сыстад, йӕ хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта, йемӕ ракодта йӕ лӕггадгӕнджытӕй дыууӕйы ӕмӕ йӕ фырт Исахъы, нывонд басудзынӕн сугтӕ ныссаста, ӕмӕ араст сты, ӕцӕг Хуыцау ын кӕдӕм бацамыдта, уырдӕм. 4 Ӕртыккаг бон куы уыдысты фӕндагыл, уӕд Авраам акаст ӕмӕ дардмӕ федта уыцы бынат. 5 Ӕмӕ уӕд йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Сымах ам баззайут, хӕрӕджы дӕр ам уадзын, ӕз ӕмӕ лӕппу та уӕлӕ уырдӕм ацӕудзыстӕм, уым Хуыцауӕн бакувдзыстӕм ӕмӕ уӕм фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзыстӕм». 6 Стӕй Авраам, нывонд басудзынӕн цы сугтӕ рахаста, уыдон Исахъы ӕккой сӕвӕрдта, зынг ӕмӕ кард йӕ къухмӕ райста, ӕмӕ дыууӕйӕ иумӕ ацыдысты. 7 Иуафон Исахъ йӕ фыд Авраамӕн загъта: «Мӕ фыд!» Уый йын загъта: «Цы кӕныс, мӕ лӕппу?» Ӕмӕ йӕ уӕд Исахъ бафарста: «Зынг ӕмӕ сугтӕ рахастам, фӕлӕ, нывондӕн кӕй хъуамӕ ӕрхӕссӕм, уыцы фыс та кӕм ис?» 8 Авраам ын дзуапп радта: «Хуыцау йӕхицӕн нывондӕн фыс ссардзӕн, мӕ лӕппу». Ӕмӕ дарддӕр цыдысты сӕ фӕндагыл. 9 Ӕппынфӕстаг схӕццӕ сты, ӕцӕг Хуыцау ын кӕдӕм бацамыдта, уыцы бынатмӕ. Уым Авраам сарӕзта нывондхӕссӕн, сӕвӕрдта йыл сугтӕ, стӕй йӕ фырт Исахъӕн йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ бабаста ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл сугты сӕр ӕрӕвӕрдта. 10 Уый фӕстӕ райста кард, ӕмӕ йӕ фырты ныр амара, зӕгъгӕ, 11 афтӕ йӕм Йегъовӕйы зӕд уӕларвӕй ӕрдзырдта: «Авраам, Авраам!» Уый йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн». 12 Ӕмӕ йын уӕд зӕд загъта: «Лӕппумӕ ма бавнал, мацы йын бакӕн. Ныр ӕй ӕз зонын, Хуыцауӕй кӕй тӕрсыс, уымӕн ӕмӕ мын дӕ фырты, дӕ иунӕг хъӕбулы, нӕ бавгъау кодтай». 13 Ӕмӕ уӕд Авраам йӕ сӕрыл схӕцыд ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ уӕртӕ пыхсыты фыр йӕ сыкъатӕй стыхст. Гъемӕ ацыд, уыцы фыр ӕрбакодта ӕмӕ йӕ йӕ фырты бӕсты нывондӕн ӕрхаста ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басыгъта. 14 Ӕмӕ Авраам уыцы бынат схуыдта Йегъовӕ-Ире. Абон дӕр уымӕн фӕдзурынц: «Йегъовӕ йӕ хохыл ратдзӕн, цы хъӕуы, уый». 15 Уый фӕстӕ Йегъовӕйы зӕд Аврааммӕ дыккаг хатт ӕрдзырдта уӕларвӕй 16 ӕмӕ йын загъта: «„Мӕхицӕй сомы кӕнын,– зӕгъы Йегъовӕ.– Ды ацы хъуыддаг кӕй бакодтай ӕмӕ мын дӕ фырты, дӕ иунӕг хъӕбулы, кӕй нӕ бавгъау кодтай, 17 уый тыххӕй дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ, арвыл стъалытӕ ӕмӕ денджызы был змис куыд бирӕ ис, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты бауыдзысты се знӕгты горӕттӕ. 18 Ӕмӕ дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр, мӕ ныхасмӕ мын кӕй байхъуыстай, уый тыххӕй“».
9–15 МАРТЪИЙЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 24
«Исахъӕн ус ӕркодтой»
(Райдиан 24:2–4) Ӕмӕ иу бон Авраам йӕ хӕдзаронтӕй се ’ппӕты хистӕрӕн, йӕ исбон иууылдӕр кӕй бар уыди, уыцы лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Курӕг дӕ дӕн, дӕ къух мын мӕ быны бакӕн 3 ӕмӕ мын расомы кӕн Йегъовӕйӕ, уӕлӕрвты Хуыцауӕй ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, мӕ фыртӕн мын ус кӕй нӕ ракурдзынӕ, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаайнӕгты чызджытӕй, 4 фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ райгуырӕн зӕхмӕ, мӕ хиуӕттӕм ӕмӕ мын мӕ фырт Исахъӕн ус уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ».
Чызг загъта: «Цӕуын»
Авраам Елиезеры расомы кӕнын кодта, йӕ фыртӕн ын ус ханаайнӕгты чызджытӕй кӕй нӕ ракурдзӕн. Ӕмӕ уыдонӕй цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ ханаайнӕгтӕ Йегъовӕ Хуыцауӕн нӕдӕр аргъ кодтой, нӕдӕр ын кувгӕ кодтой. Авраам зыдта, Йегъовӕ уыцы адӕмы сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй ӕмгъуыд афон фесафынмӕ кӕй хъавы. Авраамы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ уарзон фырт Исахъ йӕхи уыцы адӕмимӕ сбастаид ӕмӕ сын се ’нӕгъдау хъуыддӕгтыл ныххӕцыдаид. Авраам ма зыдта, Хуыцау ын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид йӕ фырт Исахъы уылты (Райдиан 15:16; 17:19; 24:2–4).
(Райдиан 24:11–15) Горӕты ӕддейӕ цъаймӕ куы бахӕццӕ, уӕд уым йӕ теуаты сӕ уӕрджытыл ӕрхуыссын кодта. Уый уыди изӕрырдӕм, сылгоймӕгтӕ-иу дон хӕссынмӕ куы цыдысты, уыцы афон. 12 Ӕмӕ скуывта: «Йегъовӕ, мӕ хицау Авраамы Хуыцау, лӕгъстӕ дын кӕнын, абон мын мӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кӕн ӕмӕ равдис, мӕ хицау Авраамы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзыс, уый. 13 Мӕнӕ цъайы цур лӕууын ӕмӕ ардӕм горӕтӕй чызджытӕ цӕуынц дон хӕссынмӕ. 14 Ӕмӕ уыцы чызджытӕй афтӕ кӕмӕн зӕгъон: „Дӕ хорзӕхӕй, ӕрис-ма дӕ дурын ӕмӕ дзы дон бануазон“, ӕмӕ чи зӕгъа: „Табуафси, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр ратдзынӕн дон“, уый уыдзӕн, дӕ лӕггадгӕнӕг Исахъӕн кӕй равзӕрстай, уыцы чызг. Афтӕмӕй базондзынӕн, мӕ хицауы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзыс, уый». 15 Лӕг йӕ куывд нӕма фӕци, афтӕ кӕсы, ӕмӕ уӕртӕ, йе уӕхскыл донхӕссӕн дурын, афтӕмӕй ӕрбацӕуы Ревеккӕ, Вафуилы чызг. Вафуил уыдис Авраамы ӕфсымӕр Нахоры ӕмӕ йӕ ус Милкӕйы фырт.
Чызг загъта: «Цӕуын»
Елиезер йӕ фысымтӕн радзырдта, Харранмӕ ӕввахс суадоны цурмӕ куы ӕрбахӕццӕ, уӕд Йегъовӕ Хуыцаумӕ кӕй скуывта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйӕн загъта, цӕмӕй Исахъӕн ус равзӕрстаид. Куыд? Елиезер скуывта, цӕмӕй суадонмӕ ӕрбацыдаид, Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ Исахъы ус чи хъуамӕ суыдаид, уыцы чызг. Дон дзы куы ракуырдтаид, уӕд та йын дон хъуамӕ ӕрмӕст йӕхицӕн ма радтаид, фӕлӕ ма йын йӕ теуаты дӕр бафсӕстаид (Райдиан 24:12–14). Ӕмӕ чи ӕрбацыд суадоны размӕ ӕмӕ растдӕр афтӕ чи бакодта? Ревеккӕ! Ахъуыды-ма кӕн, Ревеккӕ йӕхи куыд фӕхатыдаид, Елиезер ын йӕ бинонтӕн цы хабар радзырдта, уый куы фехъуыста, уӕд!
(Райдиан 24:58) Ӕмӕ Ревеккӕмӕ фӕдзырдтой ӕмӕ йӕ бафарстой: «Цӕуыс ацы адӕймагимӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Цӕуын».
(Райдиан 24:67) Уый фӕстӕ Исахъ Ревеккӕйы бакодта йӕ мад Саррӕйы цатырмӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй Ревеккӕ сси йӕ ус. Исахъ ӕй тынг бауарзта, ӕмӕ йӕ мады мӕлӕты фӕстӕ йӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр.
wp16.3 14 ф., 6, 7 абз.
Чызг загъта: «Цӕуын»
Цалдӕр къуырийы раздӕр Елиезер дӕр Авраамы уымӕй бафарста: «Ӕмӕ чызджы мемӕ рацӕуын куы нӕ бафӕнда, уӕд та?» Авраам ын загъта: «Уӕд ацы сомыйӕ уыдзынӕ сӕрибар» (Райдиан 24:39, 41). Вафуилы хӕдзары дӕр сылгоймаджы хъуыдыйӕн аргъ кодтой. Елиезерӕн йӕ хъуыддаг афтӕ хорз кӕй рауад, уый дзы уыйбӕрц хъару бауагъта, ӕмӕ дыккаг райсом фысымтӕй бар ракуырдта, цӕмӕй ӕвӕстиатӕй Ревеккӕимӕ Ханаанмӕ ацыдаиккой. Фӕлӕ бинонты фӕндыд, сӕ чызг ма семӕ иу-дӕс боны куы фӕуыдаид. Ӕппынфӕстаг ӕрлӕууыдысты ахӕм хъуыдыйыл: «Чызгмӕ фӕдзурӕм ӕмӕ йын йӕхи бафӕрсӕм» (Райдиан 24:57).
Ревеккӕйы хъуыди ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын. Цы зӕгъдзӕн? Йӕ фыд ӕмӕ йӕ йе ’фсымӕр тынг кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ сын цымӕ балӕгъстӕ кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ ӕнӕзонгӕ дард бӕстӕм ма ауадзой? Ӕви, Йегъовӕйы разамынд ӕргом кӕм зыны, уыцы хъуыддаджы архайын йӕхицӕн стыр кадыл банымайдзӕн? Ревӕккӕйӕн йӕ цард ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивта ӕмӕ йӕ йӕ фидӕн, чи зоны, тасы дӕр ӕфтыдта. Фӕлӕ уымӕ цы цӕстӕй каст, уый бӕрӕг уыд йӕ дзуаппӕй. Йӕ ныхас уыд тынг цыбыр: «Цӕуын» (Райдиан 24:58).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Райдиан 24:19, 20) Лӕггадгӕнӕг дон куы банызта, уӕд ын чызг загъта: «Дӕ теуатӕн дӕр ӕрбахӕсдзынӕн дон, цас хъӕуа, уыйбӕрц». 20 Ӕмӕ уайтагъд, йӕ дурыны цы дон уыд, уый ӕркодта, фос-иу дон кӕцӕй нызтой, уым, ӕмӕ та азгъордта цъайӕ дон сисынмӕ. Ӕмӕ афтӕ дон хаста ӕмӕ хаста, цалынмӕ теуатӕ иууылдӕр нӕ банызтой, уӕдмӕ.
Чызг загъта: «Цӕуын»
Иу изӕр, йӕ дурын куы байдзаг кодта, уӕд иу ацӕргӕ нӕлгоймаг йӕ размӕ базгъордта ӕмӕ йын загъта: «Хорз чызг, дӕ дурынӕй-ма мын дон авӕр». Куыд хуымӕтӕг уыд йӕ курдиат ӕмӕ йӕ куыд уӕзданӕй загъта! Ревеккӕ бамбӕрста, лӕг дард кӕцӕйдӕр кӕй ӕрцыд. Гъемӕ йӕ дурын уайтагъд йе уӕхскӕй ӕриста ӕмӕ йын сыгъдӕг, уазал дон радта. Ревеккӕ федта, гыццыл фалдӕр кӕй хуыссыд дӕс теуайы, фос-иу дон кӕцӕй нуӕзтой, уый та афтид кӕй уыд. Чызг бафиппайдта фӕндаггоны фӕлмӕн цӕстӕнгас ӕмӕ йӕм куыд лӕмбынӕг касти, уый, ӕмӕ йӕ бафӕндыд, йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй йын куы балӕггад кодтаид. Уымӕ гӕсгӕ йын загъта: «Дӕ теуатӕн дӕр ӕрбахӕсдзынӕн дон, цас хъӕуа, уыйбӕрц» (Райдиан 24:17–19).
Ревеккӕ афтӕ нӕ загъта, дӕ теуатӕн дын дон ратдзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ загъта, цас хъӕуа, уыйбӕрц сын кӕй ӕрбахӕсдзӕн. Теуайӕн тынг дойны куы уа, уӕд йӕ бон у бануазын 95 литрӕй фылдӕр! Дӕс теуайы афтӕ дойны куы уыдаиккой, уӕд Ревеккӕйы дон хӕссын бахъуыдаид цалдӕр сахаты. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, теуатӕ тынг дойны нӕ уыдысты. Ӕмӕ цымӕ Ревеккӕ, теуатӕн дон ӕрбахӕсдзынӕн, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд уый зыдта? Нӕ зыдта. Уыцы ацӕргӕ ӕцӕгӕлон нӕлгоймагӕн ӕй афтӕ тынг фӕндыд балӕггад кӕнын, ӕмӕ, цас хъуыд, уыйбӕрц бафыдӕбон кӕнынмӕ цӕттӕ уыд. Нӕлгоймаг ын йе ’ххуысӕй «нӕ» нӕ загъта. Ӕмӕ чызг дыууӕрдӕм куыд кодта – йӕ дурын-иу донӕй куыд айдзаг кодта ӕмӕ-иу ӕй, фос дон кӕцӕй нызтой, уырдӕм куыд равдӕлон кодта – уымӕ ӕдзынӕг касти (Райдиан 24:20, 21).
wp16.3 13 ф., фип.
Чызг загъта: «Цӕуын»
Хабар уыди изӕрыгон. Библийы фыст нӕй, ӕмӕ Ревеккӕ доны цур цалдӕр сахаты бафӕстиат. Фӕлӕ дзы уый кой дӕр нӕй, ӕмӕ чызгӕн йе ’рбацыдмӕ йӕ бинонтӕ схуыссыдысты кӕнӕ йӕм дзы чидӕр агурӕг ацыди, ацафонмӕ кӕм ис, зӕгъгӕ.
(Райдиан 24:65) Ӕмӕ лӕггадгӕнӕджы бафарста: «Уый быдыры нӕ размӕ чи ’рбацӕуы?» Лӕггадгӕнӕг ын дзуапп радта: «Уый мӕ хицау у». Ӕмӕ уӕд Ревеккӕ райста кӕлмӕрзӕн ӕмӕ дзы йӕ сӕр ӕрӕмбӕрзта.
Чызг загъта: «Цӕуын»
Ӕппынфӕстаг ралӕууыд, статьяйы райдианы цы боны кой кодтам, уый. Теуатӕ Негевыл куы фӕцӕйцыдысты, ӕмӕ талынг кӕнын куы райдыдта, уӕд Ревеккӕ кӕсы, ӕмӕ быдыры иу нӕлгоймаг ӕрбацӕуы. Бӕрӕг уыд, цӕуылдӕр арф кӕй хъуыды кодта. Ревеккӕ, ӕвӕццӕгӕн, «теуайӕ ӕрхызт», кӕд ӕрзоныгуыл кӕндзӕн, уымӕ дӕр нӕ банхъӕлмӕ каст, афтӕ ӕмӕ лӕггадгӕнӕджы афарста: «Уый быдыры нӕ размӕ чи ’рбацӕуы?» Исахъ кӕй у, уый куы базыдта, уӕд йӕ кӕлмӕрзӕнӕй йӕ сӕр ӕрӕмбӕрзта (Райдиан 24:62–65). Цӕмӕн? Ӕвӕццӕгӕн, уый нысан кодта, йӕ сӕрыхицау чи хъуамӕ суыдаид, уымӕн кӕй кад кӕны. Уый дзурӕг уыд йӕ коммӕгӕсдзинадыл, ӕмӕ уый та абон бирӕтӕ нымайынц зӕронд ӕгъдауыл. Фӕлӕ нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр Ревеккӕйы сӕрныллӕгдзинад у фӕзминаг, уымӕн ӕмӕ иу ахӕм адӕймаг дӕр нӕй, цӕмӕй йӕ уыцы миниуӕгыл кусын ма хъӕуа.
Библийӕ бакӕсинаг
(Райдиан 24:1–21) Авраам базӕронд, азтӕ йыл сӕ уӕз ӕруагътой. Йегъовӕ йын раарфӕ кодта алы хъуыддаджы дӕр. 2 Ӕмӕ иу бон Авраам йӕ хӕдзаронтӕй се ’ппӕты хистӕрӕн, йӕ исбон иууылдӕр кӕй бар уыди, уыцы лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Курӕг дӕ дӕн, дӕ къух мын мӕ быны бакӕн 3 ӕмӕ мын расомы кӕн Йегъовӕйӕ, уӕлӕрвты Хуыцауӕй ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, мӕ фыртӕн мын ус кӕй нӕ ракурдзынӕ, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаайнӕгты чызджытӕй, 4 фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ райгуырӕн зӕхмӕ, мӕ хиуӕттӕм ӕмӕ мын мӕ фырт Исахъӕн ус уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ». 5 Фӕлӕ йын йӕ лӕггадгӕнӕг загъта: «Ӕмӕ чызджы мемӕ ацы зӕхмӕ рацӕуын куы нӕ бафӕнда, уӕд та? Уӕд дын хъуамӕ дӕ фырты, кӕцӕй рацыдтӕ, фӕстӕмӕ уыцы бӕстӕм фӕкӕнон?» 6 Авраам та йын загъта: «Нӕ, мӕ фырты мын фӕстӕмӕ уырдӕм мацыхуызы акӕн. 7 Мӕн мӕ фыды хӕдзарӕй ӕмӕ мӕ хиуӕтты зӕххӕй чи ракодта ӕмӕ мемӕ чи ныхас кодта, чи мын расомы кодта, ацы зӕхх дӕ байзӕддагӕн ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы Хуыцау, уӕлӕрвты Хуыцау Йегъовӕ, дӕ разӕй арвитдзӕн йӕ зӕды, ӕмӕ мын мӕ фыртӕн ус ӕркӕндзынӕ уырдыгӕй. 8 Фӕлӕ чызджы куы нӕ бафӕнда демӕ рацӕуын, уӕд сӕрибар уыдзынӕ ацы сомыйӕ. Ӕрмӕст мын мӕ фырты фӕстӕмӕ уырдӕм ма акӕн». 9 Ӕмӕ уӕд лӕггадгӕнӕг йӕ къух йӕ хицау Авраамӕн йӕ быны бакодта ӕмӕ йын расомы кодта. 10 Гъемӕ лӕггадгӕнӕг йӕ хицауы теуатӕй дӕс ракодта, йемӕ райста, йӕ хицау ын цы алыхуызон лӕвӕрттӕ рарвыста, уыдон, ӕмӕ араст Месопотамимӕ, Нахор кӕм цард, уыцы горӕтмӕ. 11 Горӕты ӕддейӕ цъаймӕ куы бахӕццӕ, уӕд уым йӕ теуаты сӕ уӕрджытыл ӕрхуыссын кодта. Уый уыди изӕрырдӕм, сылгоймӕгтӕ-иу дон хӕссынмӕ куы цыдысты, уыцы афон. 12 Ӕмӕ скуывта: «Йегъовӕ, мӕ хицау Авраамы Хуыцау, лӕгъстӕ дын кӕнын, абон мын мӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кӕн ӕмӕ равдис, мӕ хицау Авраамы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзыс, уый. 13 Мӕнӕ цъайы цур лӕууын ӕмӕ ардӕм горӕтӕй чызджытӕ цӕуынц дон хӕссынмӕ. 14 Ӕмӕ уыцы чызджытӕй афтӕ кӕмӕн зӕгъон: „Дӕ хорзӕхӕй, ӕрис-ма дӕ дурын ӕмӕ дзы дон бануазон“, ӕмӕ чи зӕгъа: „Табуафси, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр ратдзынӕн дон“, уый уыдзӕн, дӕ лӕггадгӕнӕг Исахъӕн кӕй равзӕрстай, уыцы чызг. Афтӕмӕй базондзынӕн, мӕ хицауы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзыс, уый». 15 Лӕг йӕ куывд нӕма фӕци, афтӕ кӕсы, ӕмӕ уӕртӕ, йе уӕхскыл донхӕссӕн дурын, афтӕмӕй ӕрбацӕуы Ревеккӕ, Вафуилы чызг. Вафуил уыдис Авраамы ӕфсымӕр Нахоры ӕмӕ йӕ ус Милкӕйы фырт. 16 Уый уыд тынг рӕсугъд чызг, ӕнӕвнӕлд чызг, нӕлгоймагимӕ ӕмуат никуы ӕрцыд. Чызг ныццыди суадонмӕ, йӕ дурын донӕй байдзаг кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ сцӕйцыд. 17 Уӕд лӕггадгӕнӕг йӕ размӕ азгъордта ӕмӕ йын загъта: «Хорз чызг, дӕ дурынӕй-ма мын дон авӕр». 18 Уый йын дзуапп радта: «Табуафси, мӕ фыдыхай». Ӕмӕ уайтагъд йӕ дурын йе уӕхскӕй ӕриста ӕмӕ йын дон радта. 19 Лӕггадгӕнӕг дон куы банызта, уӕд ын чызг загъта: «Дӕ теуатӕн дӕр ӕрбахӕсдзынӕн дон, цас хъӕуа, уыйбӕрц». 20 Ӕмӕ уайтагъд, йӕ дурыны цы дон уыд, уый ӕркодта, фос-иу дон кӕцӕй нызтой, уым, ӕмӕ та азгъордта цъайӕ дон сисынмӕ. Ӕмӕ афтӕ дон хаста ӕмӕ хаста, цалынмӕ теуатӕ иууылдӕр нӕ банызтой, уӕдмӕ. 21 Лӕг та йӕм ӕнӕдзургӕйӕ дисгӕнгӕ каст ӕмӕ хъуыды кодта, Йегъовӕ мӕ рӕствӕндаг фӕкодта ӕви нӕ, зӕгъгӕ.
16–22 МАРТЪИЙЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 25, 26
«Исав хистӕр фырты бартӕ ауӕй кодта»
(Райдиан 25:27, 28) Лӕппутӕ ралӕг сты. Исав сси дӕсны цуанон ӕмӕ арӕх цыди цуаны. Иаков та йӕ рӕстӕг фылдӕр ӕрвыста цатырты, уый уыд сабыр адӕймаг. 28 Исахъ фылдӕр уарзта Исавы, уымӕн ӕмӕ йӕ сырды фыдӕй цух нӕ уагъта. Ревеккӕ та фылдӕр уарзта Иаковы.
Фаззӕттӕ – ӕмхуызон не сты
АЦЫ дыууӕ лӕппумӕ бынтондӕр ӕмхуызонӕй ницы ис, афтӕ нӕу? Чи сты, уый зоныс? Цуангӕнӕг у Исав, фыстӕ цы лӕппу хизы, уый та – Иаков.
Исав ӕмӕ Иаков уыдысты Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйы фаззон фырттӕ. Фыд тынг уарзта Исавы, уымӕн ӕмӕ уый уыд хорз цуанон, ӕмӕ бинонты сырды фыдӕй цух нӕ уагъта. Ревеккӕ та фылдӕр Иаковы уарзта, уымӕн ӕмӕ уый уыд сабыр сывӕллон, никуы никӕй бахъыгдардта.
Уӕд ма сӕ фыдыфыд Авраам дӕр ӕгас уыд. Ӕмӕ ма ахъуыды кӕн, Иаковӕн-иу Иегъовӕйы тыххӕй куы дзырдта, уӕд-иу ӕм куыд зӕрдӕбынӕй хъуыста! Авраам амард 175-аздзыдӕй (сӕдӕ ӕвдай фондзаздзыдӕй), фаззӕттыл фынддӕсгай азтӕ куы цыд, уӕд.
Исавыл дыууиссӕдз азы куы цыд, уӕд Ханааны бӕстӕй йӕхицӕн дыууӕ усы ӕрхаста. Исахъ ӕмӕ Ревеккӕ ууыл тынг фӕмаст кодтой, уымӕн ӕмӕ уыцы сылгоймӕгтӕ Иегъовӕйӕн нӕ куывтой.
Иухатт Исав тынг смӕсты йе ’фсымӕр Иаковмӕ. Ӕрцыд рӕстӕг, цӕмӕй Исахъ йӕ хистӕр фыртӕн раарфӕ кодтаид. Исав Иаковӕй хистӕр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ уыцы арфӕдзинад уый райсдзӕн. Фӕлӕ уӕдмӕ уый йӕ арфӕдзинад райсыны бар Иаковӕн баивта хӕринагыл. Куы райгуырдысты, уӕд Хуыцау йӕхӕдӕг дӕр загъта, арфӕдзинад Иаков кӕй райсдзӕн, уый тыххӕй. Ӕмӕ раст афтӕ рауад. Исахъ раарфӕ кодта йӕ фырт Иаковӕн.
Исав уый куы базыдта, уӕд Иаковмӕ афтӕ тынг смӕсты, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ йӕ удӕгас нӕ ныууадздзынӕн. Уый мӕты бафтыдта Ревеккӕйы, ӕмӕ иу бон йӕ лӕг Исахъӕн загъта: «Иаков дӕр ма ханаайнаг ус куы ракура, уӕд ӕз уый нал сфӕраздзынӕн».
Уӕд Исахъ йӕ фырт Иаковмӕ фӕдзырдта, ӕмӕ йын афтӕ зӕгъы: «Ханаайнаг ус ма ракур. Ацу Харранмӕ, дӕ мады фыд Вафуилы хӕдзармӕ, ӕмӕ йын йӕ фырт Лаваны чызджытӕй искӕй ракур».
Иаков байхъуыста йӕ фыдмӕ ӕмӕ уыцы тӕккӕ араст дард Харранмӕ, йӕ хӕстӕджытӕ кӕм цардысты, уырдӕм.
it-U «Иаков», № 1, 3 абз.
Иаков
Исав, любимый сын Исаака, был человеком с диким, необузданным нравом и любил охоту. В отличие от него Иаков назван «безупречным [евр. там] человеком, живущим в шатрах». Иаков вел тихую, спокойную жизнь, пася овец. Он ответственно относился к работе по хозяйству. Его особенно любила мать (Бт 25:27, 28). Еврейское слово там используется и в других местах Писания по отношению к тем, к кому благосклонен Бог. Например, хотя «кровожадные ненавидят безупречного», Иегова заверяет, что «будущее... [безупречного] человека будет мирным» (Пр 29:10; Пс 37:37). Хранитель непорочности Иов был «честным и безупречным [евр. там]» (Иов 1:1, 8; 2:3).
(Райдиан 25:29, 30) Иухатт Иаков фыхта хъӕрмхуыпп, ӕмӕ уыцы рӕстӕг Исав цуанӕй фӕлладӕй ӕрбаздӕхт. 30 Ӕмӕ Исав Иаковӕн загъта: «Лӕгъстӕ дын кӕнын, рӕвдздӕр-ма мын уыцы сырхӕй, уыцы хъӕрмхуыппӕй иу уидыг авӕр! Фырфӕлладӕй мӕ бон нал у!» – Едом дӕр ӕй уый тыххӕй схуыдтой.
(Райдиан 25:31–34) Иаков та йын дзуапп радта: «Ӕрмӕст мын раздӕр хистӕр фырты бартӕ рауӕй кӕн!» 32 Уӕд Исав загъта: «Ай мӕнӕ сыдӕй куы фӕмӕлын, уӕд мын цы пайда ис, хистӕр фырт кӕй дӕн, уымӕй?» 33 Иаков та йын загъта: «Раздӕр уал мын расомы кӕн!» Ӕмӕ йын Исав дӕр расомы кодта ӕмӕ хистӕр фырты бартӕ Иаковӕн ауӕй кодта. 34 Ӕмӕ йын уӕд Иаков радта дзул ӕмӕ хъӕдуры хъӕрмхуыпп, ӕмӕ уый дӕр бахордта ӕмӕ банызта. Стӕй сыстад ӕмӕ ацыд. Афтӕмӕй Исав хистӕр фырты бартӕ ницӕмӕ ӕрдардта.
Бузныгзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
11 Библийы кӕй кой ис, уыдонӕй чидӕртӕ, хъыгагӕн, бузныгзӕрдӕ нӕ уыдысты. Зӕгъӕм, кӕд Исавӕн, Йегъовӕйы чи уарзта ӕмӕ йын чи аргъ кодта, ахӕм ныййарджытӕ уыд, уӕд йӕхӕдӕг та Хуыцауы хъуыддӕгтӕн нӕ аргъ кодта. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:16.) Исав бузныгзӕрдӕ кӕй нӕ уыд, уый куыд рабӕрӕг? Уый ӕнӕахъуыдыгӕнгӕйӕ хистӕр фырты бартӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕрӕн, Иаковӕн, ауӕй кодта – хъӕрмхуыппы къусыл сӕ баивта (Райд. 25:30–34). Фӕстӕдӕр ууыл тынг фӕфӕсмон кодта. Фӕлӕ уый нӕ аргъ кодта, хистӕр фырты бартӕ йын кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ уыимӕ баст арфӕдзинӕдтӕн, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ уый бар нӕ уыд, цӕмӕй ныр хъаст кодтаид, уыдӕттӕй ӕнӕхай кӕй фӕци, уый тыххӕй.
it-U «Первенец», 2 абз.
Фыццаггуырд, фыццагзад
Рагӕй фӕстӕмӕ фыццаггуырд фырт бинонты ’хсӕн кадджын уыд, ӕмӕ-иу йӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ бинонты хистӕр уый сси. Стӕй-иу ӕм йӕ фыды бынтӕй ӕмбӕлди дыууӕ хайы (Д.з 21:17). Иосиф йе ’фсымӕртӕн фынг куы ӕрӕвӕрын кодта, уӕд Рувимы ӕрбадын кодта уӕлейӕ, фыццаггуырд фырт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ (Рд 43:33). Библийы, кӕмӕндӕр йӕ фырттӕ чи уыдысты, уый кой куы фӕцӕуы, уӕд алы хатт куыдхистӕрӕй нымад нӕ фӕцӕуынц. Арӕх-иу фыццаг фыртыл нымад уыд, иннӕтӕй номдзыддӕр чи уыд кӕнӕ Хуыцауыл иннӕтӕй иузӕрдиондӕр чи уыд, уыцы фырт, фыццаггуырд фырт нӕ, фӕлӕ (Рд 6:10; 1Аз 1:28; Рд 11:26, 32; 12:4; кӕс НАСЛЕДСТВО; ПЕРВОРОДСТВА ПРАВО).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Райдиан 25:31–34) Иаков та йын дзуапп радта: «Ӕрмӕст мын раздӕр хистӕр фырты бартӕ рауӕй кӕн!» 32 Уӕд Исав загъта: «Ай мӕнӕ сыдӕй куы фӕмӕлын, уӕд мын цы пайда ис, хистӕр фырт кӕй дӕн, уымӕй?» 33 Иаков та йын загъта: «Раздӕр уал мын расомы кӕн!» Ӕмӕ йын Исав дӕр расомы кодта ӕмӕ хистӕр фырты бартӕ Иаковӕн ауӕй кодта. 34 Ӕмӕ йын уӕд Иаков радта дзул ӕмӕ хъӕдуры хъӕрмхуыпп, ӕмӕ уый дӕр бахордта ӕмӕ банызта. Стӕй сыстад ӕмӕ ацыд. Афтӕмӕй Исав хистӕр фырты бартӕ ницӕмӕ ӕрдардта.
(Дзуттӕгтӕм 12:16) стӕй ма цӕмӕй уе ’хсӕн ма уа хӕтаг кӕнӕ, Исавау Хуыцауы хъуыддӕгтӕн чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм – уый хистӕр фырты бартӕ баивта хӕринаджы къусыл.
Кӕсджыты фарстатӕ
Раздӕр нӕ публикациты фыстам, хабар афтӕ кӕй у. Афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ уый Дзуттӕгтӕм 12:16 стихмӕ гӕсгӕ раст у. Уыцы стихы фыст ис, Исав «Хуыцауы хъуыддӕгтӕн... [кӕй] нӕ аргъ кодта» ӕмӕ «хистӕр фырты бартӕ [кӕй] баивта хӕринаджы къусыл». Афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ Иаковӕн «хистӕр фырты» бартӕ лӕвӕрд куы ’рцыдысты, гъе-уӕд сси, Мессийӕ кӕй хӕдзарвӕндагӕй хъуамӕ рацыдаид, уый (Матф. 1:2, 16; Лук. 3:23, 34).
Фӕлӕ Библи лӕмбынӕгдӕр куы раиртӕстам, уӕд федтам, Мессийӕ кӕй хӕдзарвӕндагӕй рацыд, уыдон се ’ппӕт хистӕр фырттӕ кӕй нӕ уыдысты. Ӕркӕсӕм-ма цалдӕр хабармӕ.
Иаковӕн, кӕнӕ Израилӕн, Лийӕйӕ цы фырттӕ райгуырд, уыдонӕй фыццаг уыд Рувим. Фӕстӕдӕр Иаковӕн фыццаг фырт райгуырд йӕ уарзон ус Рахилӕй дӕр. Уый уыд Иосиф. Рувим фыдхъуыддаг куы бакодта, уӕд хистӕр фырты бартӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Иосифӕн (Райд. 29:31–35; 30:22–25; 35:22–26; 49:22–26; 1 Аз. 5:1, 2). Фӕлӕ Мессийӕ нӕдӕр Рувимы ӕмӕ нӕдӕр Иосифы хӕдзарвӕндагӕй рацыд. Уыцы кад ӕрхауд, Иаковӕн Лийӕйӕ цы фырттӕ райгуырд, уыдонӕй цыппӕрӕммӕ, Иудӕмӕ (Райд. 49:10).
Лукайы 3:32 стихы фыст ис, Мессийӕ кӕй хӕдзарвӕндагӕй рацыд, уыдонӕй кӕйдӕрты тыххӕй. Куыд зыны, афтӕмӕй дзы фондзӕй уыдысты хистӕр фырттӕ. Зӕгъӕм, Воозы фырт Овид ӕмӕ Овиды фырт Йессей (Руф 4:17, 20–22; 1 Аз. 2:10–12).
Фӕлӕ Йессейы фырт Давид та хистӕр фырт нӕ уыди. Давид уыди ӕстӕм фырт, фӕлӕ уӕддӕр Мессийӕ уый хӕдзарвӕндагӕй рацыд (1 Сам. 16:10, 11; 17:12; Матф. 1:5, 6). Давиды фӕстӕ цӕуы Соломон, фӕлӕ уый дӕр Давидӕн йӕ хистӕр фырт нӕ уыди (2 Сам. 3:2–5).
Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ-иу кӕмӕдӕр хистӕр фырты бартӕ кӕй уыд, уымӕн ӕппындӕр ницы нысаниуӕг уыди. Фыццаггуырд фырт кадджын уыд ӕмӕ-иу йӕ фыды фӕстӕ хӕдзарвӕндаджы хистӕр арӕхдӕр уый сси. Уымӕй уӕлдай ма-иу ын йӕ фыды бынтӕй ӕмбӕлди дыууӕ хайы (Райд. 43:33; Дык. з. 21:17; Йес. Н. 17:1).
Фӕлӕ-иу афтӕ дӕр уыд, ӕмӕ-иу хистӕр фырт йӕ бартӕй ӕнӕхай фӕци. Зӕгъӕм, Авраам хистӕр фырты бартӕ радта Измаилӕн нӕ, фӕлӕ Исахъӕн (Райд. 21:14–21; 22:2). Стӕй ма, гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй Иаковы хӕдзары дӕр хистӕр фырты бартӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Рувимӕн нӕ, фӕлӕ Иосифӕн.
Ныр та лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм Дзуттӕгтӕм 12:15, 16 стихтӕм. Фыст дзы ис: «Уӕ хъус лӕмбынӕг дарут... цӕмӕй уе ’хсӕн ма уа хӕтаг кӕнӕ, Исавау Хуыцауы хъуыддӕгтӕн чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм – уый хистӕр фырты бартӕ баивта хӕринаджы къусыл». Цымӕ апостол Павелы цы зӕгъын фӕндыд?
Ацы ран Павел Мессийӕйы хӕдзарвӕндаджы кой нӕ кодта. Уый чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕхицӕн «арӕзтаиккой раст фӕндӕгтӕ». Афтӕ куы кодтаиккой ӕмӕ сӕхи хӕтындзинадӕй куы хызтаиккой, уӕд «Хуыцауы стыр хорзӕхӕй ӕнӕхай... [нӕ] фӕуыдаиккой» (Дзут. 12:12–16). Павелы уынаффӕмӕ куы нӕ хъуыстаиккой, уӕд та уыдаиккой Исавы хуызӕн. Уый «Хыцауы хъуыддӕгтӕн... нӕ аргъ кодта» ӕмӕ йӕ буары монцты фӕдыл ацыд.
Исавы заманты хӕдзарвӕндаджы хистӕр ӕххӕст кодта сауджыны хӕстӕ, ӕмӕ бинонты номӕй нывӕндтӕ хаста. Ӕмӕ Исавӕн дӕр, чи зоны, йӕ бон уыдаид нывӕндтӕ хӕссын (Райд. 8:20, 21; 12:7, 8; Иов 1:4, 5). Фӕлӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕн кӕй нӕ аргъ кодта, уый тыххӕй хистӕр фырты бартӕ хъӕрмхуыппы къусыл баивта. Чи зоны йӕ афтӕмӕй фӕндыд, Авраамы байзӕддӕгтӕ цы зындзинӕдтыл хъуамӕ сӕмбӕлдаиккой, уыдонӕй йӕхи бахизын (Райд. 15:13). Хуыцауы хъуыддӕгтӕн кӕй нӕ аргъ кодта, уый ма рабӕрӕг, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, дыууӕ ахӕм сылгоймаджы кӕй ракуырдта ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ныййарджытӕн стыр маст кӕй ӕрхаста, уымӕй дӕр (Райд. 26:34, 35). Куыд тынг дзы хицӕн кодта Иаков! Уый сфӕнд кодта, ӕцӕг Хуыцауӕн чи куывта, ахӕм чызджы ракурын (Райд. 28:6, 7; 29:10–12, 18).
Уӕдӕ цы ис зӕгъӕн, Мессийӕмӕ, ома Йесомӕ, чи кодта, уыцы хӕдзарвӕндаджы тыххӕй? Уыцы хӕдзарвӕндаджы хистӕр-иу алкӕд хистӕр фырт нӕ уыд. Ӕмӕ уый ӕмбӕрстой дзуттӕгтӕ дӕр. Иухатт ма сӕхӕдӕг дӕр загътой, Чырысти Йессейӕн йӕ кӕстӕр фырт Давиды хӕдзарвӕндагӕй кӕй хъуамӕ рацӕуа (Матф. 22:42).
(Райдиан 26:7) Уымы адӕм-иу Исахъы йӕ усӕй куы бафарстой, уӕд-иу сын загъта, мӕ хо у, зӕгъгӕ. Йӕ ус кӕй у, уый зӕгъын нӕ уӕндыд, хъуыды кодта: «Ацы адӕм мӕ Ревеккӕйы тыххӕй амардзысты», уымӕн ӕмӕ рӕсугъд сылгоймаг уыди.
it-U «Ложь», 7 абз.
Мӕнг ныхӕстӕ
Библимӕ гӕсгӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕнын нымад у ӕвзӕр хъуыддагыл. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕймаг хӕсджын у иннӕтӕн, зонын сын кӕй не ’мбӕлы, ахӕм хабар дзурын. Йесо Чырысти загъта: «Табуйаг цы у, уый куыйтӕн ма дӕттут ӕмӕ уӕ налхъуыт хуыты размӕ ма ӕппарут, цӕмӕй йӕ сӕ къӕхты бын ма ныссӕндой, ӕмӕ уын стӕй уӕхирдӕм ма фӕуой ӕмӕ уӕ ма бахӕрой» (Мф 7:6). Уымӕ гӕсгӕ-иу Йесо иуӕй-иу уавӕрты алцы нӕ дзырдта кӕнӕ-иу кӕйдӕр фарстатӕн комкоммӕ дзуапп нӕ радта, уымӕн ӕмӕ-иу ӕмбӕрста, уый зиан кӕй ӕрхӕсдзӕн (Мф 15:1–6; 21:23–27; Ин 7:3–10). Авраам, Исахъ, Раав ӕмӕ Елисей дӕр, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кодта, уыдонӕй кӕйдӕрты асайдтой кӕнӕ сын цавӕрдӕр хабӕрттӕ не схъӕр кодтой. Уыдон дӕр-иу афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн бакодтой, ӕмӕ-иу ӕмбӕрстой, уый зиан кӕй ӕрхӕсдзӕн (Рд 12:10–19; 20 сӕр; 26:1–10; ЙсН 2:1–6; Иак 2:25; 2Пд 6:11–23).
Библийӕ бакӕсинаг
(Райдиан 26:1–18) Уыцы бӕстӕйы скодта ӕххормаг заман,– фыццаг хатт дзы ӕххормаг заман скодта Авраамы рӕстӕджы,– ӕмӕ Исахъ ацыд Герармӕ, филистимӕгты паддзах Авимелехмӕ. 2 Уӕд ӕм Йегъовӕ фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Ма ацу Египетмӕ. Дӕ цатыртӕ ӕрӕвӕр, ӕз дын цы зӕххӕй зӕгъон, уым. 3 Уыцы зӕххыл цӕр ӕрцӕуӕггагӕй. Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын арфӕ кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ ацы зӕххытӕ иууылдӕр дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн ратдзынӕн, ӕмӕ сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цӕй тыххӕй расомы кодтон, уый: 4 „Арвыл стъалытӕ куыд бирӕ сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр. Ӕмӕ дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр“. 5 Ӕз уый сараздзынӕн, Авраам мӕм кӕй хъуыста ӕмӕ йын цыдӕриддӕр дзырдтон, уый кӕй кодта – мӕ фӕдзӕхстытӕ, мӕ амындтӕ ӕмӕ мын мӕ закъӕттӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй». 6 Ӕмӕ Исахъ дӕр Герары ӕрцард. 7 Уымы адӕм-иу Исахъы йӕ усӕй куы бафарстой, уӕд-иу сын загъта, мӕ хо у, зӕгъгӕ. Йӕ ус кӕй у, уый зӕгъын нӕ уӕндыд, хъуыды кодта: «Ацы адӕм мӕ Ревеккӕйы тыххӕй амардзысты», уымӕн ӕмӕ рӕсугъд сылгоймаг уыди. 8 Ӕмӕ Исахъ уым дзӕвгар куы ацард, уӕд дын иу бон филистимӕгты паддзах Авимелех рудзынгӕй ракаст ӕмӕ федта, Исахъ йӕ ус Ревеккӕйыл куыд цинтӕ кӕны, уый. 9 Уӕд Авимелех Исахъмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Уый дӕ ус куы у, уӕд афтӕ цӕмӕн загътай, мӕ хо у, зӕгъгӕ?» Исахъ ын дзуапп радта: «Афтӕ уымӕн загътон, ӕмӕ тарстӕн, мӕ усы тыххӕй мӕ исчи куы амара». 10 Авимелех та йын загъта: «Уый нын цы бакуыстай? Гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ мӕ адӕмӕй исчи дӕ усимӕ ӕмуат ӕрцыдаид, ӕмӕ нӕ уӕд тӕригъӕды бафтыдтаис!» 11 Уый фӕстӕ Авимелех йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр бафӕдзӕхста: «Ацы адӕймагмӕ ӕмӕ йын йӕ усмӕ чи бавнала, уый удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн!» 12 Уый фӕстӕ Исахъ уым байтыдта хор, ӕмӕ уыцы аз тыллӕг систа, цы байтыдта, уымӕй сӕдӕ хатты фылдӕр, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ арфӕ кодта. 13 Ӕмӕ Исахъ схъӕздыг ӕмӕ йӕ мулк фылдӕрӕй-фылдӕр кодта, ӕмӕ сси тынг хъӕздыг адӕймаг. 14 Уыди йӕм фысты дзугтӕ, стурвосы рӕгъӕуттӕ ӕмӕ бирӕ лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ йӕм филистимӕгтӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой. 15 Йӕ фыд Авраамы рӕстӕджы йӕ лӕггадгӕнджытӕ цы цъайтӕ скъахтой, уыдон филистимӕгтӕ иууылдӕр сыджытӕй байдзаг кодтой. 16 Ӕмӕ иу бон куы уыди, уӕд Авимелех Исахъӕн загъта: «Сыст ацы бынатӕй, уымӕн ӕмӕ махӕй бирӕ тыхджындӕр сдӕ». 17 Ӕмӕ Исахъ дӕр уырдыгӕй сыстад ӕмӕ йӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдта Герары дӕлвӕзы ӕмӕ уым ӕрцард. 18 Ӕмӕ йӕ фыд Авраам цы цъайтӕ скъахын кодта, фӕлӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ филистимӕгтӕ сыджытӕй кӕй байдзаг кодтой, уыдон Исахъ ногӕй скъахта, ӕмӕ та сӕ хонын райдыдта, кӕддӕр сӕ йӕ фыд куыд схуыдта, афтӕ.
23–29 МАРТЪИЙЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 27, 28
«Исахъ Иаковӕн раарфӕ кодта»
(Райдиан 27:6–10) уӕд Ревеккӕ йӕ лӕппу Иаковӕн загъта: «Ныртӕккӕ фехъуыстон, дӕ фыд де ’фсымӕр Исавимӕ куыд ныхас кодта ӕмӕ йын куыд загъта, зӕгъгӕ, 7 сырды фыд мын ӕрбахӕсс, хӕрзад хӕринаг мын дзы скӕн, ӕмӕ дзы бахӕрон ӕмӕ, цалынмӕ нӕ амардтӕн, уӕдмӕ дын Йегъовӕйы раз раарфӕ кӕнон. 8 Гъемӕ, мӕ хъӕбул, байхъус мӕ ныхасмӕ ӕмӕ дын куыд зӕгъон, афтӕ бакӕн. 9 Дзугмӕ ауай ӕмӕ мын дыууӕ дзӕбӕх сӕныччы ӕрбахӕсс, ӕмӕ ӕз дӕ фыдӕн, цы хӕринаг уарзы, уый скӕнон. 10 Стӕй йӕ дӕ фыдӕн бахӕсдзынӕ, цӕмӕй дзы бахӕра ӕмӕ дын йӕ мӕлӕты размӕ раарфӕ кӕна».
w04-U 15/4 11 ф., 4, 5 абз.
Ревеккӕ – Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд ӕмӕ фӕндфидарӕй чи архайдта, ахӕм сылгоймаг
Исав Иаковӕн кӕй хъуамӕ лӕггад кодтаид, уый Исахъ зыдта ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Ревеккӕ дӕр ӕмӕ Иаков дӕр зыдтой, Исахъ Иаковӕн кӕй хъуамӕ раарфӕ кодтаид. Ревеккӕ куы фехъуыста, Исав Исахъӕн сырды фыдӕй хӕринаг куы скӕна, уӕд ын кӕй раарфӕ кӕндзӕн, уӕд ӕнцад нӕ бадт. Ӕрыгонӕй куыд фӕндфидар ӕмӕ зынгзӕрдӕ уыд, афтӕ уыд ныр дӕр. Ревеккӕ Иаковӕн загъта, цӕмӕй йын дыууӕ сӕныччы ӕрбахастаид. Хъуамӕ дзы скодтаид, йӕ сӕрыхицау цы хӕринаг уарзта, уый. Стӕй ма йын загъта, цӕмӕй афтӕ бакодтаид, ӕмӕ Исахъы бауырныдтаид, Исав кӕй у, цӕмӕй йын раарфӕ кодтаид. Иаков нӕ разы кодта. Тарсти, йӕ фыд куы бамбара, сайгӕ йӕ кӕй кӕны, ӕмӕ йӕ куы ралгъита! Фӕлӕ йын Ревеккӕ загъта: «Мӕ хъӕбул, уӕд уыцы ӕлгъыст дӕуыл нӕ, фӕлӕ мӕныл уыдзӕн». Уый фӕстӕ Исахъӕн хӕринаг скодта, Иаковыл Исавы уӕлӕдарӕс скодта ӕмӕ йӕ йӕ фыдмӕ барвыста (Райдиан 27:1–17).
Ревеккӕ афтӕ цӕмӕн бакодта, уый тыххӕй Библийы ницы фыст ис. Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ раст нӕ бакодта. Фӕлӕ раст кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй Библи ницы дзуры. Стӕй йын Исахъ дӕр нӕ бауайдзӕф кодта, Иаковӕн кӕй раарфӕ кодта, уый куы базыдта, уӕд. Уый нӕ, фӕлӕ ма Иаковӕн ноджыдӕр раарфӕ кодта (Райдиан 27:29; 28:3, 4). Ревеккӕ зыдта, Йегъовӕ йӕ фыртты тыххӕй цы хабӕрттӕ раргом кодта, уый. Уӕдӕ Иаковӕн уый бар уыд, цӕмӕй йын йӕ фыд раарфӕ кодтаид, ӕмӕ йын Ревеккӕ дӕр уыцы хъуыддаджы баххуыс кодта. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндон дӕр уый мидӕг уыд, цӕмӕй Иаков арфӕгонд ӕрцыдаид (Ромӕгтӕм 9:6–13).
(Райдиан 27:18, 19) Иаков йӕ фыдмӕ бацыд ӕмӕ йӕм бадзырдта: «Мӕ фыд!» Уый йын загъта: «О, мӕ хъӕбул. Кӕцы дӕ, кӕ?» 19 Уӕд Иаков йӕ фыдӕн загъта: «Дӕ хистӕр фырт Исав. Куыддӕриддӕр мын загътай, афтӕ бакодтон. Дӕ хорзӕхӕй, сыст, бахӕр сырды фыдӕй, ӕмӕ мын раарфӕ кӕн».
w07-U 1/10 31 ф., 2, 3 абз.
Кӕсджыты фарстатӕ
Библийы бӕлвырд фыст нӕй, Ревеккӕ ӕмӕ Иаков афтӕ цӕмӕн бакодтой, уый. Фӕлӕ бӕрӕг у, уавӕр афтӕ кӕй фӕивдзӕн, уый ӕнхъӕл кӕй нӕ уыдысты. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Библийы нӕй фыст, раст кӕй бакодтой кӕнӕ раст кӕй нӕ бакодтой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ацы хабар уый ӕфсон макӕмӕн хъуамӕ фӕуа, цӕмӕй сайа. Фӕлӕ уӕддӕр, Ревеккӕ ӕмӕ Иаков афтӕ цӕмӕн бакодтой, уый Библийы фӕрцы ис бамбарӕн.
Фыццаджыдӕр, ацы хабарӕй бӕрӕг у, Исавӕй уӕлдай Иаковӕн уый бар кӕй уыд, цӕмӕй йын йӕ фыд раарфӕ кодтаид. Уый размӕ Иаков йӕ фаззон ӕфсымӕр Исавӕй хистӕр фырты бартӕ балхӕдта. Исав Хуыцауы хъуыддӕгтӕн нӕ аргъ кодта, ӕмӕ хистӕр фырты бартӕ хӕринагыл баивта, ӕххормаг кӕй уыд, уый тыххӕй. Уый «хистӕр фырты бартӕ ницӕмӕ ӕрдардта» (Райдиан 25:29–34). Уӕдӕ Иаков йӕ фыдмӕ куы ’рбацыд, цӕмӕй йын раарфӕ кодтаид, уӕд ын уыд бар, цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдаид.
(Райдиан 27:27–29) Уый дӕр ӕм бацыд ӕмӕ йын апъа кодта, ӕмӕ Исахъы фындзыл ауад йӕ дарӕсы тӕф. Ӕмӕ йын уӕд раарфӕ кодта: «Мӕ фыртӕй цӕуы, Йегъовӕ кӕмӕн раарфӕ кодта, уыцы быдырты тӕф. 28 Ӕцӕг Хуыцау дын раттӕд ӕртӕх уӕларвӕй ӕмӕ сойджын зӕххытӕ, хор ӕмӕ ног сӕн парахатӕй. 29 Адӕмтӕ дын лӕггад кӕнӕнт, ӕмӕ дын адӕмыхӕттытӕ бакувӕнт. Де ’фсымӕртӕн у хицау ӕмӕ дын дӕ мадызӕнӕг бакувӕнт. Чи дӕ ралгъита, уыдон ӕлгъыст фӕуыдзысты, чи дын арфӕ кӕна, уыдон та уыдзысты арфӕгонд».
it-U «Благословение», дӕлсӕргонд «Поводы для благословения», 2 абз.
Арфӕдзинад
Раджы заманты-иу ахӕм ӕгъдау уыд, ӕмӕ-иу фыд йӕ мӕлӕты размӕ йӕ фырттӕн раарфӕ кодта. Ахӕм арфӕдзинадӕн уыд стыр аргъ. Афтӕ Исахъ раарфӕ кодта Иаковӕн, йӕ хистӕр фырт Исав ӕй кӕй фенхъӕлдта, уый тыххӕй. Исахъ Исавӕн нӕ, фӕлӕ Иаковӕн загъта, Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын кӕй уыдзӕн ӕмӕ хъӕздыг цард кӕй кӕндзӕн. Исахъ уӕдмӕ бакуырм, стӕй зыдта, бирӕ кӕй нал фӕцӕрдзӕн, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйӕ куырдта, цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдтӕ сӕххӕст кодтаид (Рд 27:1–4, 23–29; 28:1, 6; Дзт 11:20; 12:16, 17). Фӕстӕдӕр Исахъ Иаковӕн зонгӕ-зонын ногӕй раарфӕ кодта ӕмӕ йын загъта, ноджыдӕр ма цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзӕн, уый тыххӕй (Рд 28:1–4). Иаков йӕ мӕлӕты размӕ фыццаг раарфӕ кодта Иосифы дыууӕ фыртӕн, стӕй та йӕхи фырттӕн (Рд 48:9, 20; 49:1–28; Дзт 11:21). Моисей та йӕ мӕлӕты размӕ раарфӕ кодта ӕнӕхъӕн Израилӕн (Д.з 33:1). Исахъ, Иаков ӕмӕ Моисей цы арфӕдзинӕдты кой кодтой, уыдон фӕстӕдӕр кӕй сӕххӕст сты, уымӕй бӕрӕг у, пехуымпарӕдтӕ кӕй дзырдтой. Хатт-иу адӕймаг, кӕмӕн арфӕ кодта, уымӕн йӕ сӕрыл йӕ къух ӕрӕвӕрдта (Рд 48:13, 14).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Райдиан 27:46–28:2) Уый фӕстӕ Ревеккӕ Исахъӕн загъта: «Хеты чызджыты тыххӕй мын мӕ цард сӕнад. Ӕмӕ ма Иаков дӕр ардыгӕттӕй, хеттаг чызджытӕй, мӕнӕ адоны хуызӕттӕй, искӕй куы ракура, уӕд ма мӕ цард цы у?»
28 Уӕд Исахъ фӕдзырдта Иаковмӕ, раарфӕ йын кодта ӕмӕ йын ныффӕдзӕхста: «Ханаайнаг чызг ма ракур. 2 Фӕлӕ ацу Паддан-Араммӕ, дӕ мадыфыд Вафуилы хӕдзармӕ, ӕмӕ дӕ мадыфсымӕр Лаваны чызджытӕй иуы ракур.
Цы хъӕуы, цӕмӕй бинонтӕ кӕрӕдзи ӕмбарой
Цымӕ Исахъ ӕмӕ Ревеккӕ сахуыр сты кӕрӕдзиимӕ ӕргом ныхас кӕнын? Сӕ фырт Исав хетты чызджытӕй дыууӕйы куы ракуырдта, уый фӕстӕ бинонтӕ мӕстытӕ ӕвзарын райдыдтой. Ӕмӕ уӕд Ревеккӕ Исахъӕн загъта: «Иаков дӕр ма йӕхицӕн Хетты чызджытӕй ус куы ’ркӕна... уӕд ма мӕ цард цы у?» (Уӕвынад 26:34; 27:46). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Ревеккӕ ӕргом ныхас кодта.
Исахъ Иаковӕн, Исавы фаззонӕн, загъта, цӕмӕй ханаайнаг чызджытӕй макӕй ракура (Уӕвынад 28:1, 2). Уый фӕдыл Ревеккӕ дӕр йӕ хъуыды загъта. Уыцы лӕг ӕмӕ усы цы тыхсын кодта, ууыл ӕргом куыд ныхас кодтой, уый абон махӕн дӕр у фӕзминаг. Фӕлӕ лӕг ӕмӕ усӕн сӕ ныхас кӕрӕдзиуыл куы нӕ бада, уӕд сын цы кӕнгӕ у?
(Райдиан 28:12, 13) Ӕмӕ фыны федта, цыма зӕххыл лӕууы асин, йӕ кӕрон та ӕндзӕвы арвыл, ӕмӕ уыцы асиныл Хуыцауы зӕдтӕ уӕлӕмӕ ӕмӕ дӕлӕмӕ хизынц. 13 Асины сӕрмӕ та лӕууы Йегъовӕ ӕмӕ дзуры: «Ӕз дӕн Йегъовӕ, дӕ фыд Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исахъы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ӕз ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.
Уӕвынады чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 2 хай
28:12, 13. Иаков фыны цы «асин» федта, уый цӕмӕ амыдта? Уыцы «асин», ӕвӕццӕгӕн, уыд арвмӕ ӕвӕрд дуркъӕпхӕнтӕй, ӕмӕ нысан кодта зӕхх ӕмӕ уӕлӕрвты ’хсӕн цы бастдзинад ис, уый. Зӕдтӕ йыл дӕлӕмӕ-уӕлӕмӕ кӕй хызтысты, уый та ӕвдыста, уыдон кӕй уыдысты Иегъовӕ ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дыууӕрдӕм минӕвӕрттӕ (Иоанны 1:51).
Библийӕ бакӕсинаг
(Райдиан 27:1–23) Исахъ куы базӕронд ӕмӕ цӕстӕй куы нал уыдта, уӕд иу бон йӕ хистӕр фырт Исавмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Мӕ хъӕбул!» Уый йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн». 2 Ӕмӕ йын Исахъ загъта: «Ӕз ныр зӕронд дӕн. Нӕ зонын, цас ма фӕцӕрдзынӕн. 3 Ӕмӕ дӕ курӕг дӕн, райс дӕ фатдон ӕмӕ де ’рдын, ацу цуаны ӕмӕ мын сырды фыд ӕрхӕсс. 4 Ӕмӕ мын дзы скӕн, ӕз кӕй уарзын, уыцы хӕринаг, ӕрбахӕсс мын ӕй, ӕмӕ дзы бахӕрон ӕмӕ, цалынмӕ нӕ амардтӕн, уӕдмӕ дын раарфӕ кӕнон». 5 Ревеккӕ фехъуыста, Исахъ йӕ фырт Исавӕн цы дзырдта, уый. Ӕмӕ Исав цуаны куы ацыд, цӕмӕй сырды фыд ӕрбахастаид, 6 уӕд Ревеккӕ йӕ лӕппу Иаковӕн загъта: «Ныртӕккӕ фехъуыстон, дӕ фыд де ’фсымӕр Исавимӕ куыд ныхас кодта ӕмӕ йын куыд загъта, зӕгъгӕ, 7 сырды фыд мын ӕрбахӕсс, хӕрзад хӕринаг мын дзы скӕн, ӕмӕ дзы бахӕрон ӕмӕ, цалынмӕ нӕ амардтӕн, уӕдмӕ дын Йегъовӕйы раз раарфӕ кӕнон. 8 Гъемӕ, мӕ хъӕбул, байхъус мӕ ныхасмӕ ӕмӕ дын куыд зӕгъон, афтӕ бакӕн. 9 Дзугмӕ ауай ӕмӕ мын дыууӕ дзӕбӕх сӕныччы ӕрбахӕсс, ӕмӕ ӕз дӕ фыдӕн, цы хӕринаг уарзы, уый скӕнон. 10 Стӕй йӕ дӕ фыдӕн бахӕсдзынӕ, цӕмӕй дзы бахӕра ӕмӕ дын йӕ мӕлӕты размӕ раарфӕ кӕна». 11 Фӕлӕ Иаков йӕ мад Ревеккӕйӕн загъта: «Ме ’фсымӕр Исавӕн йӕ буар иууылдӕр хъуынджын у, мӕнӕн та – нӕ. 12 Ӕмӕ мӕ мӕ фыд къухӕй куы басгара, уӕд афтӕ нӕ ахъуыды кӕндзӕн, ӕмӕ дзы хынджылӕг кӕнын? Ӕмӕ уӕд арфӕйы бӕсты мӕхи ӕлгъысты хай фӕкӕндзынӕн». 13 Йӕ мад та йын загъта: «Мӕ хъӕбул, уӕд уыцы ӕлгъыст дӕуыл нӕ, фӕлӕ мӕныл уыдзӕн. Ды мӕ ныхасмӕ байхъус: ацу ӕмӕ дын цы загътон, уый мын ӕрбахӕсс». 14 Ӕмӕ уӕд уый дӕр ацыд, ӕрбахаста сӕ, ӕмӕ мад скодта, фыд цы хӕринаг уарзта, уый. 15 Уый фӕстӕ Ревеккӕ райста, хӕдзары йӕ хистӕр фырт Исавӕн дзаумайы хуыздӕрӕй цы уыди, уыдон ӕмӕ сӕ йӕ кӕстӕр фырт Иаковыл скодта. 16 Йӕ къухтыл ӕмӕ йын йӕ лӕгъз хъуырыл та стыхта сӕныччыты цӕрмттӕ. 17 Стӕй, цы хӕрзад хӕринаг ӕмӕ цы дзул скодта, уыдон йӕ фырт Иаковмӕ радта. 18 Иаков йӕ фыдмӕ бацыд ӕмӕ йӕм бадзырдта: «Мӕ фыд!» Уый йын загъта: «О, мӕ хъӕбул. Кӕцы дӕ, кӕ?» 19 Уӕд Иаков йӕ фыдӕн загъта: «Дӕ хистӕр фырт Исав. Куыддӕриддӕр мын загътай, афтӕ бакодтон. Дӕ хорзӕхӕй, сыст, бахӕр сырды фыдӕй, ӕмӕ мын раарфӕ кӕн». 20 Ӕмӕ уӕд Исахъ йӕ фырты бафарста: «Мӕ хъӕбул, ӕмӕ афтӕ тагъд куыд бафтыд дӕ къухы?» Уый та йын дзуапп радта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕ мын ӕй мӕ размӕ рарвыста». 21 Уӕд Исахъ Иаковӕн загъта: «Хӕстӕг-ма мӕм ӕрбацу, мӕ хъӕбул, ӕз дӕ басгарон ӕмӕ йӕ базонон, ӕцӕгдӕр мӕ фырт Исав дӕ ӕви нӕ». 22 Иаков дӕр йӕ фыд Исахъмӕ бацыд, уый йӕ ӕрӕсгӕрста ӕмӕ стӕй загъта: «Хъӕлӕс Иаковы хъӕлӕс у, къухтӕ та – Исавы къухтӕ». 23 Ӕмӕ йӕ нӕ базыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ къухтӕ уыдысты йе ’фсымӕр Исавы къухты хуызӕн хъуынджын. Ӕмӕ йын раарфӕ кодта.
30 МАРТЪИЙӔ 5 АПРЕЛМӔ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 29, 30
«Иаков бинонтӕ скодта»
(Райдиан 29:18–20) Ӕмӕ Иаков Рахилы бауарзта. Гъемӕ Лаванӕн загъта: «Авд азы дын кусдзынӕн дӕ кӕстӕр чызг Рахилы тыххӕй». 19 Уӕд ын Лаван загъта: «Ӕндӕр искӕмӕн раттыны бӕсты йӕ фӕлтау дӕуӕн ратдзынӕн. Цӕр мӕнмӕ». 20 Ӕмӕ Иаков Рахилы тыххӕй фӕкуыста авд азы, фӕлӕ йӕм уыцы авд азы фӕкастысты цалдӕр боны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ тынг уарзта.
w03-U 15/10 29 ф., 5 абз.
Иаков Хуыцауы хъуыддӕгтӕн аргъ кодта
Цӕмӕй-иу лӕппу ӕмӕ чызг бафидыдтаиккой, уый тыххӕй-иу лӕппуйы хъуыди чызджы бинонтӕн ирӕд бафидын. Ӕнӕцыд чызджы чи фӕрӕдийын кодтаид, уый Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ бафыстаид 50 ӕвзист сиклы. Ахуыргонд Гордон Уэнхем куыд ныффыста, афтӕмӕй-иу «чызджы тыххӕй ӕппӕты стырдӕр ирӕд уыд» 50 ӕвзист сиклы, фӕлӕ-иу арӕхдӕр ирӕд уыд «бирӕ къаддӕр» (Дыккаг закъон 22:28, 29). Иаковӕн йӕ бон нӕ уыд ирӕд бафидын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Лаванӕн загъта, авд азы йӕм кӕй бакусдзӕн. Уэнхем дарддӕр ныффыста: «Рагон Вавилоны-иу, цасдӕр рӕстӕгмӕ кӕй баххуырстой, ахӕм кусӕгӕн-иу иу мӕймӕ арӕхдӕр бафыстой сиклы ӕрдӕг кӕнӕ иу сикл (авд азмӕ 42–84 сиклы). Уӕдӕ Иаков Рахилы тыххӕй Лаванӕн тынг стыр ирӕд бафидынмӕ хъавыд». Ӕмӕ Лаван дӕр сразы (Райдиан 29:19).
(Райдиан 29:21–26) Ӕмӕ уӕд Иаков Лаванӕн загъта: «Куыд баныхас кодтам, афтӕ дын авд азы бакуыстон. Ныр мын ратт мӕ усы, ӕмӕ йемӕ бацӕрон». 22 Ӕмӕ Лаван чындзӕхсӕв скодта ӕмӕ ӕрхуыдта йӕ алыварс цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр. 23 Фӕлӕ изӕры Иаковмӕ бакодта йӕ чызг Лийӕйы, ӕмӕ Иаков йемӕ ӕмуат ӕрцыд. 24 Лаван йӕ чызг Лийӕйӕн лӕггадгӕнӕгӕй радта йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Зелфӕйы. 25 Ӕмӕ райсомӕй Иаков кӕсы, ӕмӕ йӕ фарсмӕ Лийӕ! Ӕмӕ Лаванӕн загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Ӕз дын Рахилы тыххӕй нӕ куыстон? Цӕмӕн мӕ фӕсайдтай?» 26 Лаван та йын дзуапп радта: «Ам, махмӕ, хистӕр чызджы разӕй кӕстӕры чындзы нӕ фӕдӕттынц.
w07-U 1/10 8, 9
Уыдысты ӕнамонд, фӕлӕ «сбирӕ кодтой Израилы»
Цымӕ Лийӕ йӕ фыдимӕ сусӕг фӕнд скодта, цӕмӕй Иаковы асайдтаиккой? Кӕнӕ, мыййаг, йӕ фыды ныхасӕй бакодта афтӕ? Рахил та уыцы рӕстӕг кӕм уыд? Цы ’рцыд, уый цымӕ зыдта? Кӕд о, уӕд цымӕ куыд кодта? Цымӕ йӕ фыды ныхмӕ, барджын адӕймаджы ныхмӕ, йӕ бон исты сдзурын уыд? Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст. Рахил ӕмӕ Лийӕ уыцы хабармӕ цыфӕнды цӕстӕй ма кастаиккой, уӕддӕр Иаков тынг смӕсты. Ӕмӕ Иаков Лаваны чызджытӕн нӕ, фӕлӕ Лаванӕн йӕхицӕн бауайдзӕф кодта: «Ӕз дын Рахилы тыххӕй нӕ куыстон? Цӕмӕн мӕ фӕсайдтай?» Лаван ын загъта: «Махмӕ... хистӕр чызджы разӕй кӕстӕры чындзы нӕ фӕдӕттынц. Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уыимӕ ӕнӕхъӕн къуыри арвит. Уый фӕстӕ дын ратдзыстӕм иннӕйы дӕр, ӕмӕ мын уый тыххӕй бакусдзынӕ ноджыдӕр авд азы» (Райдиан 29:25–27). Афтӕмӕй Иаковы бахъуыд дыууӕ усимӕ цӕрын, ӕмӕ йӕ устытӕ кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй кастысты ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кодтой.
it-U «Брак», дӕлсӕргонд «Свадебное торжество», 1 абз.
Бинонты цард
Чындзӕхсӕвы бон. Израилы чындзӕхсӕвимӕ баст ӕгъдӕуттӕ бирӕ нӕ уыд, фӕлӕ-иу уӕддӕр чындзӕхсӕвы бон уыд стыр цины бон. Чындзӕхсӕвы бон-иу чызг йӕ хӕдзары йӕхимӕ дзӕбӕх базылд. Фыццаг уал-иу йӕхи ныннадта ӕмӕ-иу стӕй йӕхи хӕрздӕф сойӕ байсӕрста. (Абар Рф 3:3; Йез 23:40.) Чызг-иу (хатт лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты ӕххуысӕй) йӕ уӕлӕ скодта чындздзон рон ӕмӕ урс дарӕс. Арӕх-иу уыцы дарӕс уыд нывӕфтыд, ӕмӕ-иу уыцы нывӕфтыдӕй бӕрӕг уыд, хъӕздыг бинонтӕй у ӕви нӕ (Йер 2:32; Рар 19:7, 8; Пс 45:13, 14). Кӕд-иу чызгӕн аивгӕнӕнтӕ ӕмӕ зынаргъ дуртӕй конд дзауматӕ уыд, уӕд-иу сӕ скодта (Ис 49:18; 61:10; Рар 21:2) ӕмӕ-иу стӕй йӕ уӕлӕ ӕркодта, сӕрӕй къӕхтӕм ӕй чи ӕмбӕрзта, ахӕм стыр кӕлмӕрзӕн (Ис 3:19, 23). Уый фӕрцы бамбарӕн ис, Лаванӕн афтӕ ӕнцонтӕй куыд рауад Иаковы асайын ӕмӕ Иаков куыд нӕ базыдта, Лаван ын Рахилы бӕсты Лийӕйы кӕй радта (Рд 29:23, 25). Исахъ Ревеккӕйы размӕ куы рацыд, ӕмӕ йӕ Ревеккӕ дардӕй куы ауыдта, уӕд йӕ сӕр ӕрӕмбӕрзта (Рд 24:65). Афтӕмӕй-иу чызг равдыста, йӕхи йӕ мойаджы дӕлбар кӕй кӕны (1Кр 11:5, 10).
(Райдиан 29:27, 28) Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уыимӕ ӕнӕхъӕн къуыри арвит. Уый фӕстӕ дын ратдзыстӕм иннӕйы дӕр, ӕмӕ мын уый тыххӕй бакусдзынӕ ноджыдӕр авд азы». 28 Иаков дӕр афтӕ бакодта. Ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ Лийӕимӕ уыцы къуыри ӕнӕхъӕнӕй куы арвыста, уӕд ын Лаван радта йӕ чызг Рахилы дӕр.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Райдиан 30:3) Ӕмӕ уӕд Рахил загъта: «Мӕнӕ дын мӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Валлӕ. Йемӕ ӕмуат ӕрцу, цӕмӕй мын ныййара сывӕллӕттӕ, ӕмӕ мӕнӕн дӕр уа цот».
it-U «Усыновление», 3 абз.
Искӕмӕй фырт зӕгъын
Рахил ӕмӕ Лийӕйы лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕн Иаковӕй цы фырттӕ райгуырд, уыдон Рахил ӕмӕ Лийӕ нымадтой сӕхи фырттыл (Рд 30:3–8, 12, 13, 24). Иаковы бынтӕй уыдонӕн дӕр, йӕ устытӕй йын чи райгуырд, уыцы фырттау, хай уыд. Уыдон уыдысты Иаковы фырттӕ, ӕмӕ, лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ йӕ устыты (Рахил ӕмӕ Лийӕйы) кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ Рахил ӕмӕ Лийӕйӕн уыцы сывӕллӕттыл сӕ бар цыди.
(Райдиан 30:14, 15) Иу бон, мӕнӕугӕрдӕн афон, Рувим ацыди быдырмӕ ӕмӕ дзы ссардта мандрагорӕтӕ. Ӕмӕ сӕ йӕ мад Лийӕйӕн ӕрбахаста. Уӕд Рахил Лийӕйӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕ фырт кӕй ӕрбахаста, уыцы мандрагорӕтӕй-ма мын авӕр». 15 Фӕлӕ йын Лийӕ дзуапп радта: «Мӕ лӕджы мын кӕй байстай, уый дын фаг нӕу, ӕмӕ ма мын мӕ фырты мандрагорӕтӕ дӕр исыс?» Ӕмӕ йын уӕд Рахил загъта: «Дӕ фырты мандрагорӕтӕй мын ратт, ӕмӕ ахсӕв Иаков уыдзӕн демӕ».
Уӕвынады чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 2 хай
30:14, 15. Рахил цалдӕр мандрагорӕйыл йӕ лӕджы цӕмӕн баивта? Рагзаманты мандрагорӕйы дыргътӕй пайда кодтой наркотикау ӕмӕ дзы нуарӕлхынцъытӕ дзӕбӕх кодтой. Адӕм ма хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, мандрагорӕйы дыргътӕ ӕххуыс кӕнынц монцтӕ цырын кӕнынӕн, зӕнӕг уадзынӕн ӕмӕ басывӕрджын уӕвынӕн (Соломоны зарӕг 7:13). Рахил афтӕ цӕмӕн бакодта, уый тыххӕй кӕд Библийы ницы фыст ис, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йын мандрагорӕтӕ кӕй фӕахъаз уыдзысты, цӕмӕй басывӕрджын уа ӕмӕ йыл мачиуал худа. Фӕлӕ йын Иегъовӕ цалдӕр азы фӕстӕ «йӕ зӕнӕгдон байгом кодта» (Уӕвынад 30:22–24).
Библийӕ бакӕсинаг
(Райдиан 30:1–21) Рахил та Иаковӕн иу сывӕллон дӕр нӕ ныййардта, ӕмӕ йӕ хомӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта ӕмӕ Иаковӕн загъта: «Ратт мын сывӕллӕттӕ. Афтӕмӕй ӕз цӕй сылгоймаг дӕн – удӕгасӕй мард». 2 Иаков Рахилмӕ мӕстӕй рафыхт ӕмӕ йын загъта: «Исты ӕз Хуыцау дӕн? Хуыцау дын зӕнӕг нӕ дӕтты, ӕз та цы аххосджын дӕн?» 3 Ӕмӕ уӕд Рахил загъта: «Мӕнӕ дын мӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Валлӕ. Йемӕ ӕмуат ӕрцу, цӕмӕй мын ныййара сывӕллӕттӕ, ӕмӕ мӕнӕн дӕр уа цот». 4 Гъемӕ йын йӕ лӕггадгӕнӕг Валлӕйы усӕн радта, ӕмӕ Иаков йемӕ ӕмуат ӕрцыд. 5 Ӕмӕ Валлӕ басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта лӕппу. 6 Ӕмӕ уӕд Рахил загъта: «Мӕ тӕрхонгӕнӕг Хуыцау мӕм ӕркаст ӕмӕ мын мӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ мын радта лӕппу». Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй схуыдта Дан. 7 Ӕмӕ та Рахилы лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Валлӕ ногӕй басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта дыккаг лӕппу дӕр. 8 Ӕмӕ уӕд Рахил загъта: «Стыр тохы бацыдтӕн мӕ хоимӕ ӕмӕ фӕуӕлахиз дӕн!» Ӕмӕ уый тыххӕй лӕппуйы схуыдта Неффалим. 9 Ныр Лийӕйӕн зӕнӕг куы нал цыди, уӕд уый дӕр Иаковӕн усӕн радта йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Зелфӕйы. 10 Ӕмӕ Лийӕйы лӕггадгӕнӕг Зелфӕ Иаковӕн ныййардта лӕппу. 11 Ӕмӕ уӕд Лийӕ загъта: «Амонд мӕм бахудт!» Ӕмӕ лӕппуйы схуыдта Гад. 12 Уый фӕстӕ Лийӕйы лӕггадгӕнӕг Зелфӕ Иаковӕн ныййардта дыккаг лӕппу дӕр. 13 Ӕмӕ уӕд Лийӕ загъта: «Мӕнӕ цы амондджын дӕн! Ныр мӕ сылгоймӕгтӕ хондзысты амондджын». Ӕмӕ лӕппуйы схуыдта Асир. 14 Иу бон, мӕнӕугӕрдӕн афон, Рувим ацыди быдырмӕ ӕмӕ дзы ссардта мандрагорӕтӕ. Ӕмӕ сӕ йӕ мад Лийӕйӕн ӕрбахаста. Уӕд Рахил Лийӕйӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕ фырт кӕй ӕрбахаста, уыцы мандрагорӕтӕй-ма мын авӕр». 15 Фӕлӕ йын Лийӕ дзуапп радта: «Мӕ лӕджы мын кӕй байстай, уый дын фаг нӕу, ӕмӕ ма мын мӕ фырты мандрагорӕтӕ дӕр исыс?» Ӕмӕ йын уӕд Рахил загъта: «Дӕ фырты мандрагорӕтӕй мын ратт, ӕмӕ ахсӕв Иаков уыдзӕн демӕ». 16 Изӕры Иаков быдырӕй куы ’рбаздӕхт, уӕд Лийӕ йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ахсӕв мемӕ уыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ мӕ лӕппуйы мандрагорӕтӕй балхӕдтон». Ӕмӕ уыцы ӕхсӕв Иаков баззад йемӕ. 17 Хуыцау фехъуыста Лийӕйы, ӕмӕ Лийӕ басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта фӕндзӕм лӕппу. 18 Ӕмӕ Лийӕ загъта: «Хуыцау мын хӕрзиуӕг ракодта, мӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы мӕ лӕгӕн кӕй радтон, уый тыххӕй». Ӕмӕ лӕппуйы схуыдта Иссахар. 19 Уый фӕстӕ та Лийӕ ногӕй басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта ӕхсӕзӕм лӕппу. 20 Ӕмӕ загъта: «Хуыцау мын диссаджы лӕвар ракодта. Ныр мӕм мӕ лӕг хуыздӕр цӕстӕй кӕсдзӕн, уымӕн ӕмӕ йын ӕхсӕз фырты ныййардтон». Ӕмӕ уый тыххӕй лӕппуйы схуыдта Завулон. 21 Уый фӕстӕ та йын райгуырд чызг ӕмӕ йӕ схуыдта Динӕ.