Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr20 июнь 1–14 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • 1–7 ИЮНЫ
  • 8–14 ИЮНЫ
  • 15–21 ИЮНЫ
  • 22–28 ИЮНЫ
  • 29 ИЮНӔЙ 5 ИЮЛМӔ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2020
mwbr20 июнь 1–14 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

1–7 ИЮНЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 44, 45

«Иосиф йе ’фсымӕртӕн ныххатыр кодта»

(Райдиан 44:1, 2) Цасдӕры фӕстӕ Иосиф, йӕ хӕдзары сӕргъы ӕвӕрд чи уыди, уыцы лӕгӕн загъта: «Ацы адӕмӕн сӕ голджыты ныккӕн, сӕ бон ахӕссын цас бауыдзӕн, уыйбӕрц хор. Ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр йе ’хцатӕ йӕ голладжы нывӕр. 2 Кӕстӕры голладжы та йӕ хоры ӕхцатимӕ нывӕр мӕ къус, ме ’взист къус». Ӕмӕ йын Иосиф куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта.

w15 1/5 14 ф., 5 абз. – 15 ф., 1 абз.

«Исты ӕз Хуыцау дӕн?»

Иосифӕн йӕ фӕнд йӕ къухы бафтыд. Йе ’фсымӕрты фӕстейӕ асурын кодта ӕмӕ сӕ ӕрцахсын кодта, зӕгъгӕ мын ме ’взист къус адавтат. Вениамины голладжы йӕ куы ссардтой, уӕд се ’ппӕты дӕр фӕстӕмӕ Иосифмӕ ӕрбакодтой. Иосифӕн ныр хорз фадат фӕзынд, цӕмӕй базыдтаид, йе ’фсымӕртӕ ӕцӕгӕй цавӕр сты. Се ’ппӕты номӕй дӕр дзырдта Иудӕ. Уый йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй сын ныххатыр кодтаид, ӕмӕ ма йын суанг афтӕ дӕр бакодта, цӕмӕй 11 ӕфсымӕры дӕр цагъартӕй ныууагътаид Египеты. Фӕлӕ йын Иосиф та загъта, зӕгъгӕ, цагъарӕй баззайдзӕн ӕрмӕстдӕр Вениамин, иннӕтӕ та сӕрибар сты (Райдиан 44:2–17).

Иудӕ йӕ удӕй бацыд ӕмӕ загъта: «Ӕрмӕстдӕр ма уый баззад йӕ мады зӕнӕгӕй, ӕмӕ йӕ йӕ фыд бирӕ уарзы». Ацы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, Иосифы зӕрдӕ бацагайдтой. Иосиф уыди Иаковы уарзон ус Рахилы хистӕр фырт. Рахил амарди, Вениамины куы ныййардта, уӕд. Ӕвӕццӕгӕн-иу Иосиф дӕр йӕ фыдау Рахилы арӕх ӕрхъуыды кодта. Чи зоны йын Вениамин дӕр уӕлдай адджын уымӕн уыди (Райдиан 35:18–20; 44:20).

Иудӕ Иосифӕн тынг лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй Вениамины цагъарӕй ма ныууагътаид. Суанг ма йӕ бӕсты цагъарӕй баззайынмӕ дӕр разы уыд. Ӕппынфӕстаг ма загъта ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ: «Лӕппу мемӕ куы нӕ уа, уӕд афтӕмӕй куыд аздӕхон мӕ фыдмӕ ӕмӕ мӕ фыды цы бӕллӕх баййафдзӕн, уымӕ куыд кӕсон?» (Райдиан 44:18–34). Ныр рабӕрӕг, ацы адӕймаг кӕй фӕивта. Фӕсмон кӕй ӕркодта, ӕрмӕст уый нӕ уыди бӕрӕг, фӕлӕ ма кӕй сси тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ удуӕлдай, стӕй иннӕты рис кӕй ӕмбӕрста, уый дӕр.

Иосифӕн йӕ бон нал уыди йе ’нкъарӕнтӕ ӕмбӕхсын. Йӕ лӕггадгӕнджыты иууылдӕр куы рарвыста, уӕд афтӕ хъӕрӕй ныккуыдта, ӕмӕ йӕ фараоны галуаны дӕр фехъуыстой. Фӕстагмӕ сын йӕхи рахъӕр кодта: «Ӕз уе ’фсымӕр дӕн, Иосиф». Йе ’фсымӕртӕ цавддуртау фесты. Иосиф сын хъӕбыстӕ кодта ӕмӕ сын загъта, алцыдӕр сын кӕй ныххатыр кодта (Райдиан 45:1–15). Уый бафӕзмыдта Йегъовӕйы, хӕларзӕрдӕйӕ чи хатыр кӕны, уый (Псалом 86:5). Мах дӕр ахӕм зӕрдӕйы уаг равдисӕм?

(Райдиан 44:33, 34) Ӕмӕ дӕ курӕг дӕн, мӕ буц хицау, лӕппуйы бӕсты цагъарӕй мӕн ныууадз, уый та йе ’фсымӕртимӕ ацӕуӕд. 34 Лӕппу мемӕ куы нӕ уа, уӕд афтӕмӕй куыд аздӕхон мӕ фыдмӕ ӕмӕ мӕ фыды цы бӕллӕх баййафдзӕн, уымӕ куыд кӕсон?»

(Райдиан 45:4, 5) Ӕмӕ сын уӕд Иосиф загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, хӕстӕгдӕр-ма мӕм ӕрбацӕут». Ӕмӕ йӕм уыдон дӕр бацыдысты. Ӕмӕ сын уӕд загъта: «Ӕз уе ’фсымӕр дӕн, Иосиф, Египетмӕ кӕй ауӕй кодтат, уый. 5 Фӕлӕ мӕ ардӕм кӕй ауӕй кодтат, уый тыххӕй уӕхи ма хӕрут ӕмӕ уӕхимӕ ма мӕсты кӕнут. Хуыцау мӕ уӕ разӕй рарвыста, цӕмӕй уӕ аирвӕзын кӕна.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Райдиан 44:13) Уӕд ӕфсымӕртӕ сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой, алчидӕр сӕ йӕ хӕссинаг фӕстӕмӕ йӕ хӕрӕгыл сӕвӕрдта ӕмӕ горӕтмӕ аздӕхтысты.

w14 15/4 32

Зыдтай йӕ?

БИБЛИЙЫ бирӕ рӕтты ис бакӕсӕн, адӕймаг-иу йӕ уӕлӕдарӕс кӕй ӕрыскъуыдта, уый тыххӕй. Дзуттӕгтӕм ахӕм ӕгъдау кӕй уыд, уый абон, чи зоны, бирӕтӕм ӕнахуыр фӕкӕса, фӕлӕ-иу афтӕмӕй адӕймаг равдыста, зӕгъӕм, цӕуылдӕр тынг кӕй смӕсты, йӕ зӕрдӕ цӕуылдӕр тынг кӕй фӕрыст кӕнӕ цӕйдӕр тыххӕй кӕй фегад, уый.

Ӕркӕсӕм цалдӕр ахӕм хабармӕ. Рувим уый куы базыдта, ӕмӕ йын йе ’фсымӕр Иосифы цагъарӕй ауӕй кодтой ӕмӕ йӕ фервӕзын кӕнӕн нал ис, уӕд «йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта». Сӕ фыд Иаков дӕр «йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта», афтӕ куы ахъуыды кодта, ӕмӕ йын йӕ фырты хъӕддаг сырд бахордта (Райд. 37:18–35). Иов «йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта», йӕ сывӕллӕттӕ се ’ппӕт дӕр кӕй фӕмард сты, уый йын куы фехъусын кодтой, уӕд (Иов 1:18–20). Тохы быдырӕй чи алыгъд, иу ахӕм адӕймаг, «йӕ дарӕс йӕ уӕлӕ ӕрыскъуыдта», афтӕмӕй хистӕр сауджын Илиймӕ бацыд ӕмӕ йын фӕхабар кодта, знӕгтӕ израилӕгтыл кӕй фӕуӕлахиз сты, Илийӕн йӕ дыууӕ фырты дӕр кӕй амардтой ӕмӕ ма бадзырды чырын дӕр кӕй байстой (1 Сам. 4:12–17). Паддзах Иосийӕн закъоны чиныджы фыст ныхӕстӕ куы бакастысты ӕмӕ, йӕ адӕм раст фӕндагӕй кӕй адзӕгъӕл сты, уый куы бамбӕрста, уӕд «йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта» (2 Пад. 22:8–13).

Йесо Чырыстийӕн куы тӕрхон кодтой, уӕд хистӕр сауджын Кайафӕ Йесойы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ «йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта», Хуыцауы фауы, зӕгъгӕ (Матф. 26:59–66). Раввинты закъон куыд амыдта, афтӕмӕй-иу, Хуыцауы ном куыд фауынц, уый чи фехъуыстаид, уый-иу хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтаид. Иерусалимы кувӕндон пырхгонд куы ’рцыд, уый фӕстӕ раввинтӕ цы закъон сфидар кодтой, уым та фыст уыд: «Хуыцауы Ном куыд фауынц, уый чи фехъуса, уыдон-иу сӕ уӕлӕдарӕс мауал ӕрыскъуынӕнт, науӕд сӕ уӕлӕдарӕсӕй ницыуал баззайдзӕн».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг-иу ӕцӕгӕй куы нӕ маст кодта ӕмӕ-иу афтӕмӕй йӕ уӕлӕдарӕс куы ӕрыскъуыдта, уӕд-иу уыцы хъуыддагӕн Хуыцауы цӕсты ӕппындӕр ницы аргъ уыди. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн загъта: «Уӕ уӕлӕдарӕс нӕ, фӕлӕ уӕ зӕрдӕтӕ скъуыдтӕ кӕнут. Раздӕхут уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ» (Иоил 2:13).

(Райдиан 45:5–8) Фӕлӕ мӕ ардӕм кӕй ауӕй кодтат, уый тыххӕй уӕхи ма хӕрут ӕмӕ уӕхимӕ ма мӕсты кӕнут. Хуыцау мӕ уӕ разӕй рарвыста, цӕмӕй уӕ аирвӕзын кӕна. 6 Ныр дыккаг аз ис зӕххыл ӕххормаг рӕстӕг, ӕмӕ ма ноджыдӕр фондз азы ахӕсдзӕн – нӕдӕр хуым кӕндзысты, нӕдӕр тыллӕг ӕфснайдзысты. 7 Ӕмӕ мӕ Хуыцау уӕ разӕй рарвыста, цӕмӕй уӕ диссаджы хуызы аирвӕзын кӕна, ӕмӕ зӕххыл уӕ мыггаг ма фесӕфа. 8 Уӕдӕ мӕ сымах нӕ рарвыстат ардӕм, фӕлӕ мӕ ӕцӕг Хуыцау рарвыста, цӕмӕй мӕ сӕвӕрдтаид фараонӕн фыдӕй, стӕй хицауӕй йӕ хӕдзарӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Египетӕн дӕр.

w04 1/9 11 ф., 15 абз.

Ӕнӕуынон стӕм ницӕй тыххӕй

15 Ӕнӕуынон кӕмӕн стӕм, уыдонмӕ цӕмӕй ма сфыдӕх уӕм, уымӕн цы хъӕуы? Дӕ зӕрдыл ӕй дар, нӕ цыфыддӕр знӕгтӕ Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ кӕй сты (Ефесӕгтӕм 6:12). Кӕд нӕ зонгӕ-зонын чи ӕфхӕры, ахӕмтӕ дӕр ис, уӕддӕр бирӕтӕ нӕ ныхмӕ цӕуынц, хъуыддаг бӕлвырд кӕй нӕ зонынц, уый тыххӕй, йе та кӕйдӕр зондӕй (Данелы 6:4–16; 1 Тимофеймӕ 1:12, 13). Иегъовӕйы «фӕнды, цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕ фервӕзой ӕмӕ бахӕццӕ уой ӕцӕгдзинад базонынмӕ» (1 Тимофеймӕ 2:4). Ӕмӕ раздӕр нӕ ныхмӕ чи цыд, уыдонӕй чидӕртӕ, не ’гъдау ӕмӕ не ’фсарм уынгӕйӕ, систы не ’фсымӕртӕ (1 Петры 2:12). Афтӕ ма нӕ бон у Иаковы фырт Иосифы бафӕзмын. Кӕд йе ’фсымӕрты тыххӕй бирӕ тухитӕ бавзӕрста, уӕддӕр сӕм не сфыдӕх. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, цы йыл ӕрцыд, уый кӕй уыд Хуыцауӕй – уымӕй ӕххӕст кодта йӕ фӕнд (Уӕвынад 45:4–8). Раст афтӕ абон дӕр – мах цы ӕфхӕрд ӕййафӕм, уымӕй Иегъовӕйӕн йӕ бон у йӕ ном скадджын кӕнын (1 Петры 4:16).

Библийӕ бакӕсинаг

(Райдиан 45:1–15) Иосиф уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ лӕггадгӕнджыты раз йӕ бон нал уыди йӕхиуыл хӕцын, ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Уе ’ппӕт дӕр ацӕут ардыгӕй!» Ӕмӕ дзы йе ’фсымӕрты йеддӕмӕ куы ничиуал баззад, уӕд сын йӕхи схъӕр кодта. 2 Ӕмӕ афтӕ хъӕрӕй ныккуыдта, ӕмӕ йӕ египетӕгтӕ фехъуыстой. Уыцы хабар бахӕццӕ фараоны хӕдзармӕ дӕр. 3 Ӕмӕ Иосиф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз Иосиф дӕн. Мӕ фыд ма ӕгас у?» Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ афтӕ фӕтарстысты, ӕмӕ сӕ бон дзурын дӕр нал уыди. 4 Ӕмӕ сын уӕд Иосиф загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, хӕстӕгдӕр-ма мӕм ӕрбацӕут». Ӕмӕ йӕм уыдон дӕр бацыдысты. Ӕмӕ сын уӕд загъта: «Ӕз уе ’фсымӕр дӕн, Иосиф, Египетмӕ кӕй ауӕй кодтат, уый. 5 Фӕлӕ мӕ ардӕм кӕй ауӕй кодтат, уый тыххӕй уӕхи ма хӕрут ӕмӕ уӕхимӕ ма мӕсты кӕнут. Хуыцау мӕ уӕ разӕй рарвыста, цӕмӕй уӕ аирвӕзын кӕна. 6 Ныр дыккаг аз ис зӕххыл ӕххормаг рӕстӕг, ӕмӕ ма ноджыдӕр фондз азы ахӕсдзӕн – нӕдӕр хуым кӕндзысты, нӕдӕр тыллӕг ӕфснайдзысты. 7 Ӕмӕ мӕ Хуыцау уӕ разӕй рарвыста, цӕмӕй уӕ диссаджы хуызы аирвӕзын кӕна, ӕмӕ зӕххыл уӕ мыггаг ма фесӕфа. 8 Уӕдӕ мӕ сымах нӕ рарвыстат ардӕм, фӕлӕ мӕ ӕцӕг Хуыцау рарвыста, цӕмӕй мӕ сӕвӕрдтаид фараонӕн фыдӕй, стӕй хицауӕй йӕ хӕдзарӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Египетӕн дӕр. 9 Ныр тагъддӕр ацӕут мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын зӕгъут: „Дӕ фырт Иосиф афтӕ зӕгъы: „Хуыцау мӕ сӕвӕрдта хицауӕй ӕгас Египетӕн дӕр. Тагъддӕр мӕм ӕрцу. 10 Ӕрцӕрдзынӕ Гесемы зӕххыл, ӕмӕ мӕ фарсмӕ уыдзынӕ: дӕхӕдӕг дӕр, дӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ дӕ фыртты фырттӕ дӕр, дӕ фос иууылдӕр ӕмӕ дӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон дӕр. 11 Ӕз дӕ уым хойрагӕй цух нӕ уадздзынӕн, цӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзар дӕр ма смӕгуыр уа ӕмӕ ӕнӕ ницӕмӕй ма баззайай, уымӕн ӕмӕ ӕххормаг рӕстӕг нырма фондз азы ахӕсдзӕн“. 12 Сымах дӕр ӕмӕ йӕ ме ’фсымӕр Вениамин дӕр уӕхи цӕстӕй уынут, ӕз мӕхӕдӕг кӕй дзурын уемӕ. 13 Уӕдӕ мӕ фыдӕн радзурут, Египеты мын цы стыр кад ис, уый тыххӕй, стӕй, цы федтат, уыдӕттӕ иууылдӕр. Ӕмӕ мын мӕ фыды тагъддӕр ардӕм ӕркӕнут». 14 Уый фӕстӕ Вениаминыл ныттыхсти ӕмӕ ныккуыдта. Ӕмӕ йыл Вениамин дӕр ныттыхст ӕмӕ уый дӕр куыдта. 15 Ӕмӕ пъатӕ кодта йе ’фсымӕртӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ сын кӕугӕйӕ хъӕбыстӕ кодта. Ӕмӕ уый фӕстӕ йе ’фсымӕртӕ йемӕ ныхас кӕнын райдыдтой.

8–14 ИЮНЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 46, 47

«Иосиф ӕххормаг рӕстӕг адӕмы фервӕзын кодта»

(Райдиан 47:13) Фӕстагмӕ ӕгас зӕххыл хӕринаг нал уыди, уымӕн ӕмӕ тынг ӕххормаг рӕстӕг скодта, ӕмӕ Египеты зӕххыл дӕр ӕмӕ Ханааны зӕххыл дӕр адӕмӕн ӕххормагӕй сӕ бон нал уыд.

w87-U 1/10 15 ф., 2 абз.

Ӕххормаг рӕстӕг адӕмы ирвӕзын кодта

2 Египеты зӕхх хъӕздыг тыллӕг куы лӕвӕрдта, уыцы авд азы фесты. Ӕмӕ Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ скодта ӕххормаг рӕстӕг, ӕмӕ ӕрмӕст Египеты нӕ, фӕлӕ «ӕппӕт бӕстӕты дӕр». Гъемӕ Египеты цӕрджытӕ фараонӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой, хойраг нын ратт, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын уый загъта: «Ацӕут Иосифмӕ, ӕмӕ уын уый куыд зӕгъа, афтӕ кӕнут». Иосиф египетӕгтӕн хор уӕй кӕнын райдыдта. Цасдӕры фӕстӕ ӕхца никӕмӕуал баззад, ӕмӕ сразы сты, цӕмӕй сын Иосиф сӕ фос хойрагыл ивтаид. Ӕппынфӕстаг адӕм Иосифмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Балхӕн нӕ, хойрагыл дын дӕттӕм нӕхи ӕмӕ нӕ зӕххытӕ, ӕмӕ нӕ зӕххытимӕ фараонӕн цагъартӕ уыдзыстӕм». Гъемӕ Иосиф египетӕгты зӕххытӕ иууылдӕр фараонӕн балхӕдта (Райдиан 41:53–57; 47:13–20).

(Райдиан 47:16) Ӕмӕ сын уӕд Иосиф загъта: «Кӕд уӕм ӕхца нал ис, уӕд ӕрбатӕрут уӕ фос, ӕмӕ уын ӕз та дӕтдзынӕн хойраг».

(Райдиан 47:19, 20) Дӕ разы цӕмӕн хъуамӕ фесӕфӕм нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ зӕххытӕ дӕр? Балхӕн нӕ, хойрагыл дын дӕттӕм нӕхи ӕмӕ нӕ зӕххытӕ, ӕмӕ нӕ зӕххытимӕ фараонӕн цагъартӕ уыдзыстӕм. Ӕмӕ нын ратт мыггаг тауынӕн, цӕмӕй аирвӕзӕм, кӕннод ӕххормагӕй амӕлдзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕххытӕ дӕр дзӕгъӕл баззайдзысты». 20 Гъемӕ Иосиф египетӕгты зӕххытӕ иууылдӕр фараонӕн балхӕдта, уымӕн ӕмӕ адӕм ӕххормагӕй мардысты, ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ зӕхх ауӕй кодта. Ӕмӕ афтӕмӕй зӕхх иууылдӕр баци фараоны.

(Райдиан 47:23–25) Ӕмӕ Иосиф адӕмӕн загъта: «Ӕз уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ зӕххытӕ дӕр фараонӕн балхӕдтон. Мӕнӕ уын мыггаг, ӕмӕ йӕ уӕ хуымты байтаут. 24 Цы тыллӕг дзы сисат, уымӕн йӕ фӕндзӕм хай ратдзыстут фараонӕн, цыппар хайы та баззайдзысты уӕхицӕн – хуымтӕ тауынӕн, стӕй уын уыдзӕн хӕринаг дӕр уӕхицӕн, уӕ хӕдзӕртты чи ис, уыдонӕн ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕн». 25 Гъемӕ йын уыдон загътой: «Нӕ буц хицау, ды нӕ аирвӕзын кодтай. Дӕ хорзӕх нӕ уӕд, ӕмӕ цагъартӕ дӕр уыдзыстӕм фараонӕн».

kr 265 ф., 11, 12 абз.

Хуыцауы Паддзахад зӕххыл сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы фӕндон

11 Алцыдӕр уыдзӕн парахатӕй. Ацы дунейы адӕм уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй ӕххормаг ӕййафынц. Библийы фыст ис: «„Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕуы,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– ӕмӕ ӕз зӕххыл скӕнын кӕндзынӕн ӕххормаг заман, ӕрмӕст уӕд адӕм дзулӕй ӕххормаг ӕмӕ донӕй дойны нӕ уыдзысты, фӕлӕ, Йегъовӕйы ныхӕстӕ кӕй нал хъуысдзысты, уымӕй“» (Амос 8:11). Цымӕ, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи цӕры, уыдон дӕр ӕййафынц ӕххормаг? Йегъовӕ бирӕ раздӕр загъта, йӕ адӕмӕн ӕмӕ йе знӕгтӕн сӕ уавӕр куыд тынг хицӕн кӕндзӕн, уый тыххӕй: «Мӕ лӕггадгӕнджытӕ хӕргӕ кӕндзысты, сымах та ӕххормаг уыдзыстут. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ дон нуаздзысты, сымах та дойныйӕ мӕлдзыстут. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цин кӕндзысты, сымахӕн та фырхудинагӕй уӕ цӕсгом судздзӕн» (Ис. 65:13). Ацы ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс?

12 Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн уыйбӕрц хӕринаг дӕтты, ӕмӕ йӕ абарӕн ис, стырӕй-стырдӕр ӕмӕ арфӕй-арфдӕр чи кӕны, ахӕм цӕугӕдонимӕ. Ацы дунейы адӕм ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй тухӕнӕй мӕлынц, махӕн та Библи ӕмбарынгӕнӕн хӕринаг ис парахатӕй, цӕугӕдон йӕ былтӕй куыд фӕкӕлы, афтӕ – нӕ публикацитӕ, аудиозаписьтӕ ӕмӕ кинотӕ, нӕ фембӕлдтӕ ӕмӕ нӕ конгресстӕ, стӕй, нӕ сайты цы ӕрмӕг ис, уый (Йез. 47:1–12; Иоил 3:18). Йегъовӕ ацы хъуыддаджы йӕ ныхас куыд ӕххӕст кӕны ӕмӕ дын алы бон дӕр алцыдӕр парахатӕй кӕй дӕтты, уый дын дӕ циныл цин не ’фтауы? Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Йегъовӕйы фынгӕй алы бон дӕр фӕхӕрын?»

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Райдиан 46:4) Ӕз мӕхӕдӕг ацӕудзынӕн демӕ Египетмӕ, ӕмӕ дӕ уырдыгӕй дӕр фӕстӕмӕ мӕхӕдӕг ракӕндзынӕн. Иосиф дын йӕхӕдӕг ӕрӕхгӕндзӕн дӕ цӕстытӕ».

it-U «Жесты и позы», дӕлсӕргонд «Другие жесты и позы», 3 абз.

Къухты ӕмӕ уӕнгты змӕлд

Чи амард, уымӕн йӕ цӕстытӕ ӕрӕхгӕнын. Чи амард, уымӕн йӕ цӕстытӕ ӕрӕхгӕнын арӕхдӕр уыд хистӕр фырты хӕс. Уӕдӕ Йегъовӕ Иаковӕн афтӕ куы загъта, «Иосиф дын йӕхӕдӕг ӕрӕхгӕндзӕн дӕ цӕстытӕ», зӕгъгӕ (Рд 46:4), уӕд ын афтӕмӕй, ӕвӕццӕгӕн, бамбарын кодта, хистӕр фырты бартӕ лӕвӕрд кӕй хъуамӕ ӕрцыдаиккой Иосифӕн (1Аз 5:2).

(Райдиан 46:26, 27) Иаковимӕ Египетмӕ чи ’рцыди, уыдон иууылдӕр уыдысты йӕ байзӕддӕгтӕ, йӕ чындзытӕй фӕстӕмӕ. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсай ӕхсӕз уды. 27 Иосифӕн та Египеты райгуырд дыууӕ фырты. Уӕдӕ Иаковы бинонтӕ, Египетмӕ чи ’рцыди, уыдон, ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвдай уды.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъд 7:14 стихмӕ

Ӕдӕппӕтӕй 75 адӕймаджы. Стефан куы загъта, Иаков йӕ бинонтимӕ Египетмӕ куы ’рцыд, уӕд ӕдӕппӕтӕй 75 адӕймаджы кӕй уыдысты, уӕд Дзуттаг Фыстытӕй бӕлвырд кӕцыдӕр стих ӕрхаста ӕви нӕ, уый бӕрӕг нӕу. Уыцы нымӕц Дзуттаг Фыстыты масоретаг тексты не ’мбӕлы. Рд 46:26 фыст ис: «Иаковимӕ Египетмӕ чи ’рцыди, уыдон иууылдӕр уыдысты йӕ байзӕддӕгтӕ, йӕ чындзытӕй фӕстӕмӕ. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсай ӕхсӕз уды». 27 стихы та фыст ис: «Уӕдӕ Иаковы бинонтӕ, Египетмӕ чи ’рцыди, уыдон, ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвдай уды». Ацы стихты нымӕцтӕ уый тыххӕй хицӕн кӕнынц, ӕмӕ дзы адӕм алыхуызӕтты нымад цӕуынц. 26 стихы, ӕвӕццӕгӕн, цӕуы Иаковӕн ӕрмӕстдӕр йӕ байзӕддӕгты кой, 27 стихы та – Египетмӕ чи ’рцыд, уыдоны се ’ппӕты кой. Иаковы байзӕддӕгты кой ма ис Рц 1:5 ӕмӕ Д.з 10:22, ӕмӕ уым фыст ис, кӕй уыдысты 70 адӕймаджы. Стефан та загъта, кӕй уыдысты 75 адӕймаджы. Уыцы нымӕцмӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, хаудысты Иаковы бинонтӕй ноджыдӕр чидӕртӕ. Иуӕй-иу библииртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ уыцы нымӕцмӕ хаудысты Иосифӕн йӕ фырттӕ Манасси ӕмӕ Ефремы фырттӕ ӕмӕ сӕ фырттӕ; сӕ кой цӕуы Септуагинтӕйы, Рд 46:20. Чидӕртӕ та афтӕ зӕгъынц, ӕмӕ, дам, уыцы нымӕцмӕ хауынц Иаковы фыртты устытӕ дӕр (Рд 46:26 цы нымӕц ис, уымӕ нӕ хауынц). Уӕдӕ 75 адӕймаджы, гӕнӕн ис, уыдысты, Иаковимӕ Египетмӕ чи ’рцыд, уыдон се ’ппӕт дӕр. Фӕлӕ ма Стефан уыцы нымӕцы тыххӕй, чи зоны, базыдта Дзуттаг Фыстыты къопитӕй, нӕ эрӕйы 1 ӕнусы кӕмӕй пайда кодтой, уыдонӕй. Ахуыргӕндтӕ дӕр зонынц, нымӕц 75 кӕй ӕмбӕлы грекъаг Септуагинтӕйы (Рд 46:27, фип.; Рц 1:5). Уымӕй уӕлдай ма 20 ӕнусы Мард денджызы раз кӕй ссардтой, уыцы тыхтӕттимӕ уыд, Рц 1:5 фыст кӕуыл уыд, дыууӕ ахӕм скъуыддзаджы (фыст уыдысты дзуттаг ӕвзагыл), ӕмӕ уым дӕр ӕмбӕлы нымӕц 75. Ӕмӕ Стефан дӕр, чи зоны, уыцы нымӕц райста уыцы рагон къухфыстытӕй. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр бӕлвырд у: Стефан цы нымӕц загъта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иаковы байзӕддӕгтӕ ӕндӕрхуызон нымад ӕрцыдысты.

Библийӕ бакӕсинаг

(Райдиан 47:1–17) Гъемӕ Иосиф фараонмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты Ханааны зӕххӕй ӕмӕ ныр сты Гесемы. Семӕ сты сӕ фос ӕмӕ сӕм цыдӕриддӕр ис, уый». 2 Иосиф ма йемӕ фараонмӕ бакодта йе ’фсымӕртӕй фондзы. 3 Ӕмӕ йын фараон йе ’фсымӕрты бафарста: «Цы куыст кӕнут?» Уыдон фараонӕн дзуапп радтой: «Дӕ цагъартӕ сты фыййӕуттӕ. Уыцы куыст кодтой нӕ фыдӕлтӕ дӕр». 4 Ӕмӕ йын уый фӕстӕ загътой: «Мах ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй иуцасдӕр ацы зӕххыл ацӕрӕм, уымӕн ӕмӕ Ханааны зӕххыл тынг ӕххормаг рӕстӕг скодта, ӕмӕ дӕ цагъартӕн, сӕ фос кӕм хизой, уый нӕй. Ӕмӕ дӕ курӕг стӕм, дӕ цагъарты бауадз Гесемы ӕрцӕрын». 5 Ӕмӕ уӕд фараон Иосифӕн загъта: «Дӕ фыд ӕмӕ дӕм де ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты. 6 Египеты зӕхх иууылдӕр дӕ разы ис. Дӕ фыды ӕмӕ де ’фсымӕрты ӕппӕты хуыздӕр ран ӕрцӕрын кӕн. Цӕрӕнт Гесемы. Ӕмӕ кӕд се ’хсӕн хъӕбатыр адӕймӕгтӕ ис, уӕд сын мӕ фос сӕ бар бакӕн». 7 Уый фӕстӕ Иосиф фараонмӕ бакодта йӕ фыд Иаковы ӕмӕ йын загъта, ай мӕ фыд у, зӕгъгӕ, ӕмӕ Иаков фараонӕн раарфӕ кодта. 8 Ӕмӕ фараон Иаковы бафарста: «Цал азы дыл цӕуы?» 9 Иаков фараонӕн дзуапп радта: «Алы рӕтты ӕрцӕуӕггагӕй фӕцардтӕн сӕдӕ ӕртын азы. Гыццыл ӕмӕ тухиаг уыдысты мӕ царды бонтӕ. Ӕз, мӕ фыдӕлтӕ цас фӕцардысты, уыйбӕрц нӕ фӕцардтӕн – уыдон дӕр алы рӕтты ӕрцӕуӕггагӕй фӕцардысты». 10 Уый фӕстӕ Иаков фараонӕн раарфӕ кодта ӕмӕ рацыд. 11 Гъемӕ фараон куыддӕриддӕр загъта, афтӕ Иосиф йӕ фыды ӕмӕ йе ’фсымӕрты ӕрцӕрын кодта Египеты зӕххыл. Зӕххытӕ сын радта ӕппӕты хуыздӕр ран, Раамсесы. 12 Ӕмӕ Иосиф йӕ фыдӕн, йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йӕ фыды хӕдзаронтӕн се ’ппӕтӕн дӕр хӕринаг лӕвӕрдта, кӕмӕн дзы цал сывӕллоны уыди, уымӕ гӕсгӕ. 13 Фӕстагмӕ ӕгас зӕххыл хӕринаг нал уыди, уымӕн ӕмӕ тынг ӕххормаг рӕстӕг скодта, ӕмӕ Египеты зӕххыл дӕр ӕмӕ Ханааны зӕххыл дӕр адӕмӕн ӕххормагӕй сӕ бон нал уыд. 14 Ӕмӕ Иосиф ӕмбырд кодта, Египеты ӕмӕ Ханааны зӕххыл цыдӕриддӕр ӕхцатӕ уыди, адӕм хор кӕмӕй ӕлхӕдтой, уыцы ӕхцатӕ иууылдӕр, ӕмӕ сӕ фараоны хӕдзары ӕвӕрдта. 15 Гъемӕ цасдӕры фӕстӕ Египеты зӕххыл дӕр ӕмӕ Ханааны зӕххыл дӕр ӕхца никӕмӕуал баззад. Ӕмӕ египетӕгтӕ се ’ппӕт дӕр Иосифмӕ цӕуын байдыдтой ӕмӕ йын дзырдтой: «Ратт нын хойраг! Ӕхца нӕм нал ис, ӕмӕ ныр уый тыххӕй хъуамӕ ӕххормагӕй амӕлӕм дӕ разы?» 16 Ӕмӕ сын уӕд Иосиф загъта: «Кӕд уӕм ӕхца нал ис, уӕд ӕрбатӕрут уӕ фос, ӕмӕ уын ӕз та дӕтдзынӕн хойраг». 17 Ӕмӕ сӕ фос Иосифмӕ тӕрын байдыдтой, ӕмӕ сын сӕ бӕхты, сӕ фысты, се стурты ӕмӕ сӕ хӕрджыты ныхмӕ Иосиф лӕвӕрдта хойраг. Гъемӕ йӕм сӕ фос тардтой, ӕмӕ сӕ уыцы аз хойрагӕй цух нӕ уагъта.

15–21 ИЮНЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 48–50

«Ацӕргӕтӕн сӕ бон у бирӕ хорз хабӕрттӕ радзурын»

(Райдиан 48:21, 22) Уый фӕстӕ Израил Иосифӕн загъта: «Ӕз мӕлгӕ кӕнын. Фӕлӕ Хуыцау амӕй фӕстӕмӕ дӕр уыдзӕни уемӕ ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ ӕркӕндзӕн уӕ фыдӕлты зӕхмӕ. 22 Ӕмӕ ӕз дӕуӕн дӕттын де ’фсымӕртӕй иу зӕххы хай фылдӕр – аморейтӕй йӕ байстон мӕ хъама ӕмӕ ме ’рдыны фӕрцы».

it-U «Иаков», № 1, дӕлсӕргонд «Переселение в Египет», 4 абз.

Иаков

Иаков йӕ мӕлӕты размӕ йӕ фырт Иосифы фырттӕн раарфӕ кодта ӕмӕ Хуыцауы фӕндӕй кӕстӕр фырт Ефремы хистӕр фырт Манассийӕ уӕлдӕр сӕвӕрдта. Стӕй Иосифӕн зӕрдӕ бавӕрдта, бынтӕй йӕм дыууӕ хайы кӕй ӕрхаудзӕн, хистӕр фырты бартӕ йын лӕвӕрд кӕй ӕрцыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Загъта йын: «Ӕз дӕуӕн дӕттын де ’фсымӕртӕй иу зӕххы хай фылдӕр – аморейтӕй йӕ байстон мӕ хъама ӕмӕ ме ’рдыны фӕрцы» (Рд 48:1–22; 1Аз 5:1). Иаков Сихеммӕ хӕстӕг Емморы фырттӕй зӕхх исгӕ нӕ, фӕлӕ ӕлхӕнгӕ кӕй бакодта (Рд 33:19, 20), уымӕ гӕсгӕ, Иосифӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый, ӕвӕццӕгӕн, дзурӕг уыд йӕ уырнындзинадыл. Иаков афтӕ кӕй загъта, ӕмӕ аморейтӕй зӕхх йӕ хъама ӕмӕ йе ’рдыны фӕрцы йӕхӕдӕг байста, уый уыд пехуымпарад, ӕмӕ амыдта, фидӕны йӕ байзӕддӕгтӕ Ханаан кӕй бацахсдзысты, уымӕ. (Кӕс АМОРЕИ.) Ӕмӕ фӕстӕдӕр уыцы зӕхх куы бацахстой, уӕд дзы Иосифмӕ ӕрхауд дыууӕ хайы, ӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Ефремы ӕмӕ Манассийы мыггӕгтӕн.

(Райдиан 49:1) Цасдӕры фӕстӕ Иаков фӕдзырдта йӕ фырттӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕрӕмбырд ут иумӕ, ӕмӕ уын ӕз радзурдзынӕн, фӕстаг бонты уӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый.

it-U «Последние дни», дӕлсӕргонд «Предсмертное пророчество Иакова»

Фӕстаг бонтӕ

Иаков йӕ мӕлӕты размӕ цы пехуымпарад загъта, уый. Иаков йӕ фырттӕн афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «ӕрӕмбырд ут иумӕ, ӕмӕ уын ӕз радзурдзынӕн, фӕстаг бонты уӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый [«йӕ фидӕн уӕ кӕмӕн цавӕр уыдзӕн, уый», Рагон Фӕдзӕхст, 2006 аз]», уӕд кодта, йӕ ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнын куы хъуамӕ райдыдтаиккой, уыцы рӕстӕджы кой (Рд 49:1). Уымӕй дыууӕ сӕдӕ азӕй фылдӕры размӕ Йегъовӕ Иаковы фыды фыд Аврамӕн (Авраамӕн) загъта, йӕ байзӕддӕгтӕ 400 азы дӕргъы ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты (Рд 15:13). Уӕдӕ Иаков цы «фӕстаг бонты» кой кодта, уыдон хъуамӕ райдыдтаиккой, уыцы 400 азы куы фӕуыдаиккой, ӕрмӕстдӕр уӕд. (Райдианы 49 сӕры цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдоныл фылдӕр дзырд цӕуы, Иаковы фырттӕй алкӕй тыххӕй дӕр цы статьятӕ ис, уыдоны.) Ацы пехуымпарад ма фидӕны хъуамӕ сӕххӕст уыдаид «Хуыцауы Израилыл» (Га 6:16; Ро 9:6).

(Райдиан 50:24, 25) Ӕмӕ иу бон Иосиф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз мӕлын, фӕлӕ уӕм Хуыцау ӕнӕмӕнг йе ’ргом раздахдзӕн ӕмӕ уӕ ардыгӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исахъӕн ӕмӕ Иаковӕн цы зӕххы тыххӕй расомы кодта, уырдӕм». 25 Ӕмӕ Иосиф Израилы фырттӕн дзырд раттын кодта, загъта сын: «Хуыцау уӕм ӕнӕмӕнг йе ’ргом раздахдзӕн. Ӕмӕ-иу мын уӕд ме стджытӕ ардыгӕй ахӕссут».

w07 1/6 28 ф., 10 абз.

Ацӕргӕтӕ ӕрыгӕттӕн сты арфӕдзинад

10 Ацӕргӕтӕн ма сӕ бон у хорзырдӕм ӕндавын се ’мчырыстӕттыл дӕр. Иаковы фырт Иосиф куы базӕронд, уӕд йӕ уырнындзинад цы хуымӕтӕг хъуыддагӕй равдыста, уымӕй тынг бафидар кодта, йӕ фӕстӕ цӕрӕг Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй милуанты. Иосифыл 110 азы куы цыд, уӕд израилӕгтӕн «ныффӕдзӕхста, цӕмӕй йын йе стджытӕ дӕр уырдыгӕй рахастаиккой», ома Египетӕй куы цыдаиккой, уӕд ын йе стджытӕ уым ма ныууагътаиккой (Дзуттӕгтӕм 11:22; Райдиан 50:25). Уыцы ныхӕстӕ дӕр израилӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕм ныфсы рухс уагътой, Иосифы мӕлӕты фӕстӕ бирӕ азты дӕргъы цагъарады уӕззау ӕфсондзы бын куы уыдысты, уӕд. Уыдон сын ӕххуыс кодтой, цӕмӕй ма дызӕрдыг кодтаиккой, кӕй ссӕрибар уыдзысты, ууыл.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Райдиан 49:19) Гадмӕ лӕбурдзысты абырджытӕ, фӕлӕ сын уый ныхкъуырд дӕтдзӕн ӕмӕ сӕ фӕстейӕ сурдзӕн.

w04 1/6 23, 24 фф., 4, 5 абз.

Арфӕгонд сты, Хуыцауы чи кадджын кӕны, уыдон

4 Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бахизыны размӕ Гады мыггаг бар ракуырдта Иорданы скӕсӕнварс уӕрӕх фосхизӕнтӕ ӕрӕнцайынӕн (Нымӕцтӕ 32:1–5). Фӕлӕ уыцы ран бынтон ӕдас нӕ уыдысты. Иорданы ныгуылӕнварс цы мыггӕгтӕ цард, уыдоны ничи хъыгдӕрдта, уымӕн ӕмӕ уырдӕм Иорданы тӕрфӕй знаджы ӕфсадӕн йӕ бон бахизын нӕ уыд (Йесо Навин 3:13–17). Иорданы скӕсӕнварс зӕххыты хабар ӕндӕр уыд. Джордж А. Смит йӕ чиныджы куыд фыссы, афтӕмӕй «Аравийы ӕнӕкӕрон уӕлвӕзты [уыцы зӕххыты] лӕбурджытӕй ницы хъахъхъӕдта. Уымӕ гӕсгӕ ӕнӕфсис цӕугӕцардгӕнджытӕ уырдӕм иудадзыгдӕр алырдыгӕй лӕбурдтой. Иуӕй-иутӕ та-иу дзы алы аз дӕр сӕ фос уырдӕм тыхтард ӕрбакодтой» («The Historical Geography of the Holy Land»).

5 Фӕлӕ Гады мыггаг ахӕм тӕссаг уавӕрты куыд цард? Цалдӕр ӕнусы раздӕр сӕ рагфыдӕл Иаков йӕ мӕлӕты размӕ загъта ахӕм пехуымпарадон ныхӕстӕ: «Гадмӕ бырсдзысты лӕбурджыты ӕрдонгтӕ, фӕлӕ сын-иу ныхкъуырд ратдзӕн ӕмӕ-иу сӕ йӕ разӕй ахӕсдзӕн» (Уӕвынад 49:19). Адӕймаг ацы ныхӕстӕ куы фехъуса, уӕд, чи зоны, зӕгъа: уыцы мыггагыл мӕгуыры бон уыд. Фӕлӕ уый ӕцӕгӕй афтӕ нӕ уыд. Уыцы ныхӕстӕ Гады байзӕддӕгтӕн уыдысты бардзырды хуызӕн – лӕбурджытӕн ныхкъуырд дӕттут. Иаков сын загъта, зӕгъгӕ, лӕбурджытӕн ныхкъуырд куы дӕттат, уӕд-иу лидзынмӕ фӕуыдзысты, сымах та-иу сӕ уӕ разӕй ахӕсдзыстут.

(Райдиан 49:27) Вениамин йӕ амӕттаджы скъуыдтӕ кӕндзӕн бирӕгъау. Райсомӕй хӕрдзӕн, цы ’рцахса, уый, ӕмӕ-иу изӕрӕй адих кӕндзӕн, йӕ къухы цы бафта, уый».

ia 142 ф., рамкӕ

Пехуымпарад сӕххӕст

Хуыцауы адӕмы сӕрыл тох кӕнгӕйӕ Есфир ӕмӕ Мардохей сӕххӕст кодтой, Библийы фыст чи ӕрцыд, ахӕм пехуымпарад. Уыцы заманӕй 12 ӕнусы раздӕр Йегъовӕ Иаковӕн йӕ фырттӕй иуы тыххӕй загъта: «Вениамин йӕ амӕттаджы скъуыдтӕ кӕндзӕн бирӕгъау. Райсомӕй хӕрдзӕн, цы ’рцахса, уый, ӕмӕ-иу изӕрӕй адих кӕндзӕн, йӕ къухы цы бафта, уый» (Райд. 49:27). «Райсомӕй» амыдта, Израилы паддзахад куы фӕзынд, уыцы рӕстӕгмӕ. Уӕд Йегъовӕйы адӕмы сӕрыл тох кодтой Вениамины байзӕддӕгтӕй паддзах Саул ӕмӕ ма ӕндӕр хъӕбатыр хӕстонтӕ дӕр. «Изӕрӕй» та амыдта, Израилы паддзахадӕн йӕ кӕрон куы ’рцыд, уыцы рӕстӕгмӕ. Уӕд та Йегъовӕйы знӕгтимӕ хъӕбатырӕй тох кодтой Есфир ӕмӕ Мардохей, сӕ дыууӕ дӕр уыдысты Вениамины мыггагӕй. Стӕй ма зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон адих кодтой, сӕ къухы цы бафтыд, уый, ома Аманы стыр бынтӕ.

Библийӕ бакӕсинаг

(Райдиан 49:8–26) Дӕу та, Иудӕ, де ’фсымӕртӕ скадджын кӕндзысты. Де знӕгтӕн сӕ бӕрзӕйыл ныххӕцдзынӕ. Дӕ фыды фырттӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты. 9 Иудӕ у домбайы лӕппын. Дӕ амӕттаджы-иу бахӕрдзынӕ, мӕ фырт, ӕмӕ-иу фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзынӕ. Иудӕ домбайау ӕрхуыссыд ӕмӕ йӕхи айвӕзта. Ӕмӕ уыцы домбайы сыстын кӕнын чи бауӕнддзӕн? 10 Иудӕйы къухы уыдзӕн паддзахы лӕдзӕг, ӕмӕ хицауы лӕдзӕг – йӕ дыууӕ къахы ’хсӕн, цалынмӕ Шило не ’рцӕуа, уӕдмӕ. Ӕмӕ уый коммӕ кӕсдзысты адӕмтӕ. 11 Иудӕ йӕ хӕрӕджы бабӕтдзӕн сӕнӕфсирыл, йӕ къӕлӕуы – хуыздӕр сӕнӕфсирыл, ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕс ӕхсдзӕн сӕны ӕмӕ йӕ дзаумӕттӕ – сӕнӕфсиры туджы. 12 Йӕ цӕстытӕ сӕнӕй сты сырх, йӕ дӕндӕгтӕ та сты ӕхсырӕй урс. 13 Завулон цӕрдзӕн денджызы былгӕрон, наутӕ кӕм фӕлӕууынц, уым, ӕмӕ йӕ арӕнтӕ уыдзысты Сидоны ’рдӕм. 14 Иссахар у фидар хӕрӕг, хуыссы дыууӕ уаргъы ’хсӕн. 15 Уый уындзӕн, йӕ цӕрӕнбынат хорз кӕй у ӕмӕ йӕ зӕхх диссаджы зӕхх кӕй у. Ӕмӕ йе уӕхск бадардзӕн, цӕмӕй уӕргътӕ хӕсса, ӕмӕ цагъарау уӕззау куыст кӕндзӕн. 16 Дан, Израилы мыггӕгтӕй сӕ иу, тӕрхон кӕндзӕн йӕ адӕмӕн. 17 Дан уыдзӕн, фӕндаггӕрон чи ӕрӕмбӕхсы, ахӕм калм, фӕндаджы был – сыкъаджын калм. Уый бӕхы къахыл фӕхӕцы ӕмӕ барӕг бӕхӕй рахауы. 18 О Йегъовӕ, ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн, кӕд нӕ фервӕзын кӕндзынӕ, уымӕ. 19 Гадмӕ лӕбурдзысты абырджытӕ, фӕлӕ сын уый ныхкъуырд дӕтдзӕн ӕмӕ сӕ фӕстейӕ сурдзӕн. 20 Асирӕй цӕудзӕн хӕринаджы хуыздӕр, ӕмӕ уый дӕтдзӕни, паддзӕхты фынгыл чи вӕййы, ахӕм хӕринӕгтӕ. 21 Неффалим у рӕсугъд саг. Йӕ дзыхӕй цӕуы рӕсугъд ныхӕстӕ. 22 Иосиф у дыргъбӕласы тала, доны был сагъд дыргъбӕласы тала, йӕ къалиутӕ къулы сӕрты акастысты. 23 Фатӕхсджытӕ йыл сӕхи ныццавтой, ӕхстой йӕ ӕмӕ йӕм сӕ зӕрдӕйы маст хастой. 24 Фӕлӕ уӕддӕр йе ’рдын нӕ фӕтасыд ӕмӕ йӕ къухтӕ уыдысты фидар ӕмӕ рӕвдз. Иаковы Тыхджын Хуыцау дӕтты Израилӕн Фыййау ӕмӕ Фисыны дур. 25 Дӕ фыды Хуыцау ӕй радта, ӕмӕ дын Хуыцау ӕххуыс кӕндзӕн. Уый ис Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауимӕ. Хуыцау дын арфӕ кӕндзӕн, дӕтдзӕн дын къӕвда уӕларвӕй ӕмӕ дон зӕххы бынӕй, ратдзӕн дын бирӕ зӕнӕг ӕмӕ бирӕ фос. 26 Дӕ фыд дын цы арфӕтӕ ракодта, уыдон уыдзысты ӕнусон хӕхты хорздзинӕдтӕй дӕр хуыздӕр ӕмӕ ӕнусон къуыбырты рӕсугъддзинадӕй дӕр диссагдӕр. Иосиф, йе ’фсымӕрты ’хсӕнӕй ӕвзӕрст чи ’рцыд, уый, ӕнустӕм хайджын уыдзӕн уыцы арфӕдзинӕдтӕй.

22–28 ИЮНЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 1–3

«Ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый»

(Рацыд 3:13) Фӕлӕ та Моисей ӕцӕг Хуыцауӕн загъта: «Зӕгъӕм, ӕз ӕрцыдтӕн Израилы фырттӕм ӕмӕ сын загътон: „Уӕ фыдӕлты Хуыцау мӕ рарвыста сымахмӕ“. Ӕмӕ мӕ уыдон куы бафӕрсой, йӕ ном куыд у, зӕгъгӕ, уӕд сын цы зӕгъдзынӕн?»

w13 15/3 25 ф., 4 абз.

Кадджын кӕн Йегъовӕйы стыр ном

4 Бакӕс Рацыд 3:10–15. Моисейыл 80 азы куы цыд, уӕд ын Хуыцау бахӕс кодта стыр хъуыддаг. «Ды [мын] мӕ адӕмы, Израилы фыртты, Египетӕй ракӕндзынӕ»,– загъта йын Йегъовӕ. Уӕд ӕм Моисей иу ахсджиаг фарста радта, зӕгъгӕ мӕ израилӕгтӕ дӕ номӕй куы фӕрсой, уӕд-иу сын цы зӕгъон. Цымӕ Моисей уыцы фарста цӕмӕн радта, кӕд ӕмӕ Хуыцауӕн йӕ адӕм йӕ ном рагӕй дӕр зыдтой? Фӕндыд ӕй фылдӕр базонын, уыцы ном чи хӕссы, уый цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй. Уый фӕрцы израилӕгты баууӕндын кодтаид, Хуыцау сӕ ӕцӕгдӕр кӕй ссӕрибар кӕндзӕн, ууыл. Моисей цӕмӕн тыхсти, уый бамбарӕн ис. Израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕджы дӕргъы уыдысты цагъартӕ, ӕмӕ, чи зоны, дызӕрдыг кодтаиккой, Йегъовӕ сын ӕцӕгдӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Стӕй ма израилӕгтӕй чидӕртӕ египетӕгты хуыцӕуттӕн кувын дӕр райдыдтой! (Йез. 20:7, 8).

(Рацыд 3:14) Уӕд Хуыцау Моисейӕн загъта: «ӔЗ СУЫДЗЫНӔН, ЧИ МӔ БАФӔНДА, УЫЙ». Ӕмӕ йын стӕй ноджыдӕр загъта: «Афтӕ-иу зӕгъ Израилы фырттӕн: „ӔЗ СУЫДЗЫНӔН мӕ рарвыста сымахмӕ“».

kr 49 ф., рамкӕ

ХУЫЦАУЫ НОМ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ?

НОМ Йегъовӕ равзӕрд дзуттаг мивдисӕгӕй, «суын», зӕгъгӕ. Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ам ацы мивдисӕджы формӕ ӕвдисы, чидӕр кӕмӕндӕр кӕнӕ цӕмӕндӕр цыдӕр кӕй аразын кӕны. Уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ разы сты, Хуыцауы ном кӕй нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Ахӕм ном хорз фидауы Сфӕлдисӕг Хуыцауыл. Уый афтӕ бакодта, ӕмӕ фӕзынд Дун-дуне, стӕй, чи йын куывтаид, ахӕм удгоймӕгтӕ дӕр. Ӕмӕ ныр дӕр афтӕ бакӕны, цӕмӕй, цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕст уа.

Ӕмӕ уӕд куыд ӕмбарын хъӕуы, Рацыды 3:13, 14 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ Моисейы фарстайӕн цы дзуапп радта, уый? Моисей Йегъовӕйы бафарста: «Зӕгъӕм, ӕз ӕрцыдтӕн Израилы фырттӕм ӕмӕ сын загътон: „Уӕ фыдӕлты Хуыцау мӕ рарвыста сымахмӕ“. Ӕмӕ мӕ уыдон куы бафӕрсой, йӕ ном куыд у, зӕгъгӕ, уӕд сын цы зӕгъдзынӕн?» Йегъовӕ йын дзуапп радта: «Ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый».

Куыд ӕй бафиппайдтам, афтӕмӕй Моисей Йегъовӕйӕ уый нӕ куырдта, цӕмӕй йын йӕ ном раргом кодтаид. Моисей дӕр ӕмӕ израилӕгтӕ дӕр Хуыцауы ном зыдтой. Моисейы фӕндыд, цӕмӕй йын Йегъовӕ раргом кодтаид, цавӕр Хуыцау у, уый ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ уырнындзинад бафидар кодтаид. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй хуыздӕр бамбӕрстаид, Хуыцауӕн йӕ ном цы нысан кӕны, уый. Йегъовӕ йын дзуапп радта, «ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый», зӕгъгӕ. Ӕмӕ уымӕй раргом кодта диссаджы хъуыды: Йегъовӕ алы уавӕры дӕр свӕййы, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн ӕй цӕйфӕнды сӕр ма бахъӕуа, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕ Моисейӕн ӕмӕ израилӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сси сӕ Ирвӕзынгӕнӕг, сӕ Закъонӕвӕрӕг ӕмӕ сӕ Дарӕг, ӕмӕ ма ноджы фылдӕр дӕр. Уӕдӕ Йегъовӕйӕн йӕхи бафӕнды, цӕмӕй суа, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнынӕн ӕй цӕйфӕнды сӕр ма бахъӕуа, уый. Фӕлӕ йӕ ном ӕрмӕст уымӕ нӕ амоны, ӕмӕ йӕхӕдӕг, чи йӕ бафӕнды, уый свӕййы. Йӕ ном ма амоны ноджыдӕр иу хъуыддагмӕ: уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ, кӕй ӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдон дӕр свӕййынц, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн чи ӕмӕ цы хъуамӕ суой, уый.

sgd 5 ф., 1, 2 абз.

Хуыцауы ном Дзуттаг Фыстыты

Цы нысан кӕны ном «Йегъовӕ»? Ном «Йегъовӕ» арӕзт у, йӕ хъуыды «суын» кӕмӕн у, уыцы дзуттаг мивдисӕгӕй. «Ног дунейы тӕлмац»-ы комитеты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы ном нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Ахуыргӕндтӕм уый фӕдыл алыхуызон хъуыдытӕ ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ махӕн нӕ бон афтӕ зӕгъын нӕу, ӕмӕ йӕ махӕй растдӕр ничи ’мбары. Фӕлӕ ацы нысаниуӕг хорз ӕвдисы, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй сфӕлдыста ӕмӕ йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕны, уый. Йегъовӕ ӕрмӕст афтӕ нӕ бакодта, цӕмӕй Дун-дуне, стӕй зӕдтӕ ӕмӕ адӕм фӕзындаиккой, фӕлӕ, хабӕрттӕй куыд зыны, афтӕмӕй йӕ фӕндон ӕмӕ йӕ нысан дарддӕр дӕр ӕххӕст кӕны.

Уӕдӕ Йегъовӕйы номы нысаниуӕг, Рацыды 3:14 стихы цы мивдисӕг ис, уыцы мивдисӕджы хъуыдыйӕ арфдӕр у. Уыцы стихы фыст ис: «Ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый». Ацы ныхӕстӕ Хуыцауы номы нысаниуӕг ӕххӕстӕй не ’вдисынц. Хуыцау цавӕр Хуыцау у, уый ӕрмӕстдӕр иу фарсӕй кӕсгӕйӕ ӕвдисынц, бӕлвырдӕй та, йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй алы уавӕры дӕр, чи хъуамӕ суа, уый кӕй свӕййы. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ номы нысаниуӕг ноджы уӕрӕхдӕр у. Йӕ ном ма амоны ноджыдӕр иу хъуыддагмӕ: уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ, кӕй ӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдон дӕр свӕййынц, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн чи ӕмӕ цы хъуамӕ суой, уый.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Рацыд 2:10) Сывӕллон куы байрӕзт, уӕд ӕй фараоны чызгмӕ ӕрбакодта, ӕмӕ сси йӕ фырт. Ӕмӕ йӕ фараоны чызг схуыдта Моисей, уымӕн ӕмӕ загъта: «Донӕй йӕ систон».

g04-U 8/4 6 ф., 4 абз.

Моисей: ӕцӕгдӕр цард ӕви ӕрымысгӕ чидӕр у?

Фӕлӕ цымӕ уымӕн гӕнӕн уыд, ӕмӕ фараоны чызг ахӕм сывӕллонӕй йӕхицӕн фырт загътаид? Египетӕгты динмӕ гӕсгӕ, цӕмӕй адӕймаг уӕлӕрвтӕм ацыдаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди хорз хъуыддӕгтӕ аразын. Искӕмӕй фырт скӕныны тыххӕй та археолог Джойс Тилдзли загъта: «Египетаг сылгоймӕгтӕ архайдтой, цӕмӕй уыдонӕн дӕр уыдаид, нӕлгоймӕгтӕн цы бартӕ уыд, ахӕм бартӕ, ӕмӕ уый сӕ къухы бафтыд. Ӕмӕ сын закъонмӕ гӕсгӕ юридикон хъуыддӕгты дӕр ӕмӕ базарадон хъуыддӕгты дӕр уыд цавӕрдӕр бартӕ, кӕд сӕ алы хатт уыцы бартӕй пайда кӕнын нӕ уагътой, уӕддӕр. [...] Сылгоймӕгтӕн ма сӕ бон уыд искӕмӕй фырт зӕгъын дӕр». Документыл нымад чи у, иу ахӕм рагон папирусыл фыст уыд, иу египетаг сылгоймаг йӕ цагъартӕй йӕхицӕн фырттӕ кӕй загъта. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, Моисейы ныййарӕг мадӕн сывӕллон хъомыл кӕныны тыххӕй фидгӕ кӕй кодтой, уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ рагон Месопотамийы искӕмӕй фырт скӕныны тыххӕй цы бадзырдтӕ кодтой, уым-иу уыцы хъуыддаджы кой дӕр уыди (The Anchor Bible Dictionary).

(Рацыд 3:1) Моисей сси фыййау, хызта йӕ каис Иофоры фыстӕ, Мадиамы сауджыны фыстӕ. Иу бон йӕ фысты атардта ӕдзӕрӕг быдырмӕ, ныгуылӕнырдӕм, ӕмӕ бахӕццӕ Хоривмӕ, ӕцӕг Хуыцауы хохмӕ.

w04 1/4 28 ф., 4 абз.

Рацыды чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

3:1 – Цавӕр сауджын уыд Иофор? Рагзаманты-иу хӕдзары хицау йӕ бинонтӕн уыд сауджын. Куыд зыны, афтӕмӕй Иофор уыд мадианитӕгты мыггаджы хистӕр. Ацы адӕмыхатт Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй уыдысты (йӕ ус Хеттурӕйӕ), уымӕ гӕсгӕ сын, ӕвӕццӕгӕн, зындгонд уыд Иегъовӕ Хуыцауы дин (Уӕвынад 25:1, 2).

Библийӕ бакӕсинаг

(Рацыд 2:11–25) Моисей сыстыр, йӕ лӕджы кары бацыд. Ӕмӕ иу бон куы уыди, уӕд рацыд йе ’фсымӕртӕм ӕмӕ федта, цы уӕззау куыст кодтой. Уӕд кӕсы, ӕмӕ йын египетаг лӕг нӕмы йе ’фсымӕры, дзуттӕгтӕй иуы. 12 Уӕд йӕ алыварс аракӕс-бакӕс кодта, ӕмӕ дзы куы никӕй федта, уӕд египетаджы амардта ӕмӕ йын йӕ мард змисы бамбӕхста. 13 Моисей та иннӕ бон дӕр рацыд, ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ дыууӕ дзуттаджы кӕрӕдзиимӕ хыл кӕнынц. Ӕмӕ уӕд, аххосджын чи уыд, уымӕн загъта: «Де ’фсымӕры цӕмӕн нӕмыс?» 14 Уый та йын загъта: «Чи дӕ сӕвӕрдта махӕн хицауӕй ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй? Египетаджы куыд амардтай, мӕн дӕр афтӕ амарынмӕ хъавыс?» Ӕмӕ уӕд Моисей фӕтарст ӕмӕ йӕхицӕн загъта: «Базыдтой мӕ!» 15 Уӕдмӕ хабар фехъуыста фараон дӕр, ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй Моисейы амарой. Фӕлӕ Моисей фараонӕй алыгъд ӕмӕ ӕрцыд Мадиамы зӕхмӕ, ам ӕрцӕрон, зӕгъгӕ. Уырдӕм куы ’рхӕццӕ, уӕд иу ран цъайы цур ӕрбадт. 16 Мадиамы сауджынӕн та уыди авд чызджы. Ӕмӕ иннӕ бонтау ныр дӕр ӕрбацыдысты сӕ фыды фыстӕн дон дарынмӕ. Ӕмӕ цъайӕ дон систой ӕмӕ дондарӕн къанаугӕндтӕ байдзаг кодтой. 17 Фӕлӕ та уӕдмӕ фыййӕуттӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ чызджыты сӕ дзугтимӕ уырдыгӕй атардтой. Уӕд Моисей сыстад, чызджытӕн баххуыс кодта ӕмӕ сын сӕ фыстӕн дон бадардта. 18 Чызджытӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд сӕ сӕ фыд Рагуил дисгӕнгӕ афарста: «Абон цӕй тагъд ӕрбацыдыстут?» 19 Уыдон ын загътой: «Фыййӕуттӕ нӕ куы хъыгдардтой, уӕд иу египетаг нӕ сӕрыл рахӕцыд ӕмӕ ма нын нӕ фыстӕн дӕр дон систа». 20 Уӕд сын сӕ фыд загъта: «Ӕмӕ уыцы лӕг ныр кӕм ис? Цӕмӕн ӕй ныууагътат? Ауайут, ӕрбакӕнут ӕй, ӕмӕ къӕбӕр бахӕра». 21 Уый фӕстӕ Моисей сразы уыцы лӕгмӕ цӕрыныл, ӕмӕ йын уый йӕ чызг Сепфорӕйы радта. 22 Сепфорӕ йын ныййардта лӕппу, ӕмӕ йӕ Моисей схуыдта Гирсон, уымӕн ӕмӕ загъта: «Ӕз дӕн ӕрцӕуӕггаг ӕцӕгӕлон зӕххыл». 23 Уымӕй рацыд бирӕ рӕстӕг, ӕмӕ Египеты паддзах амард. Фӕлӕ Израилы фырттӕ уӕддӕр уыдысты цагъартӕ ӕмӕ удхар кодтой, ӕмӕ сӕ фыртыхстӕй ӕххуысмӕ дзынӕзтой ӕцӕг Хуыцаумӕ. 24 Ӕмӕ сын Хуыцау фехъуыста сӕ дзыназын ӕмӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковимӕ цы бадзырд скодта, уый. 25 Хуыцау ӕркаст Израилы фырттӕм ӕмӕ федта, цы уавӕры сты, уый.

29 ИЮНӔЙ 5 ИЮЛМӔ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 4, 5

«Куы дзурай, уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ»

(Рацыд 4:10) Уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ, фӕлӕ ӕз дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн. Нӕ уыдтӕн ахӕм нӕдӕр знон, нӕдӕр уый размӕ, ӕмӕ не сдӕн ахӕм, ды дӕ цагъаримӕ ныхас кӕнын куы райдыдтай, уый фӕстӕ дӕр. Нӕ арӕхсын дзурынмӕ».

(Рацыд 4:13) Фӕлӕ та йын Моисей загъта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ, фӕлӕ дӕ курӕг дӕн, мӕ бӕсты ӕндӕр искӕй арвит».

w10 15/10 14 ф., 1 абз.

Хи рӕстытӕ кӕнын. Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй кӕсы?

«Нӕ сарӕхсдзынӕн». Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дзӕбӕх нӕ арӕхсыс хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Рагзаманты дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хъуыды кодтой, кӕй нӕ сарӕхсдзысты, Йегъовӕ сын цы бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнын. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕн ис Моисейы. Йегъовӕ йын иу ахсджиаг хъуыддаг куы бахӕс кодта, уӕд ын загъта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ, фӕлӕ ӕз дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн. Нӕ уыдтӕн ахӕм нӕдӕр знон, нӕдӕр уый размӕ, ӕмӕ не сдӕн ахӕм, ды дӕ цагъаримӕ ныхас кӕнын куы райдыдтай, уый фӕстӕ дӕр. Нӕ арӕхсын дзурынмӕ». Кӕд ын Йегъовӕ ныфс бавӕрдта, уӕддӕр та йын Моисей загъта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ, фӕлӕ дӕ курӕг дӕн, мӕ бӕсты ӕндӕр искӕй арвит» (Рац. 4:10–13). Цымӕ Йегъовӕ куыд бакодта?

(Рацыд 4:11, 12) Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Адӕймагӕн дзых чи радта? Адӕймаджы ӕгомыг кӕнӕ къуырма чи бакӕны, чи йӕ ракӕсын кӕны цӕстӕй кӕнӕ йӕ чи бакуырм кӕны? Ӕз, Йегъовӕ, нӕ аразын уый? 12 Уӕдӕ ацу. Ӕмӕ куы дзурай, уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын амондзынӕн, цы дзурын дӕ хъӕуы, уый».

w14 15/4 9 ф., 5, 6 абз.

«Цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы» уыныс?

5 Цалынмӕ Моисей фӕстӕмӕ Египетмӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ йын Йегъовӕ бамбарын кодта иу ахсджиаг хъуыддаг. Уый тыххӕй фӕстӕдӕр Моисей йӕхӕдӕг ныффыста Иовы чиныджы: «Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонд» (Иов 28:28). Цӕмӕй Моисей адӕмӕй ма тарстаид ӕмӕ зондӕй архайдтаид, уый тыххӕй йын Йегъовӕ бамбарын кодта, адӕймагӕй цас хъомысджындӕр у, уый. Загъта йын: «Адӕймагӕн дзых чи радта? Адӕймаджы ӕгомыг кӕнӕ къуырма чи бакӕны, чи йӕ ракӕсын кӕны цӕстӕй кӕнӕ йӕ чи бакуырм кӕны? Ӕз, Йегъовӕ, нӕ аразын уый?» (Рац. 4:11).

6 Цымӕ уыцы ныхӕстӕ Моисейӕн хъуамӕ цӕуыл дзурӕг уыдаиккой? Моисейы ӕрвыста Йегъовӕ, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ницӕмӕй хъуыди тӕрсын. Йегъовӕ йын баххуыс кодтаид, цӕмӕй фараонӕн фехъусын кодтаид, цыдӕриддӕр ын бафӕдзӕхста, уый. Фараонӕн Йегъовӕйы ныхмӕ йӕ бон ӕппындӕр ницы уыд саразын. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн-иу Египеты уый размӕ дӕр уыди тӕссаг. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, Моисей хъуыды кодта, Йегъовӕ Авраамы ӕмӕ Иосифы, стӕй Моисейӕн йӕхи дӕр куыд фервӕзын кодта, Египеты уый размӕ чи уыд, уыцы паддзӕхты къухӕй (Райд. 12:17–19; 41:14, 39–41; Рац. 1:22–2:10). Моисей, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауыл» кӕй ӕууӕндыд, уый фӕрцы фараоны раз ныфсджынӕй ӕрлӕууыд ӕмӕ йын фехъусын кодта, Йегъовӕ йын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый.

(Рацыд 4:14, 15) Уӕд Йегъовӕйӕн Моисеймӕ йӕ маст рафыхт ӕмӕ йын загъта: «Аарон, Левийы байзӕддаг, де ’фсымӕр нӕу? Ӕз ӕй зонын: уый арӕхсы дзурынмӕ. Ӕмӕ дӕ размӕ дӕр рацыд, ныр фӕндагыл ис. Куы дӕ фена, уӕд тынг бацин кӕндзӕн. 15 Ӕмӕ ды дзурдзынӕ йемӕ ӕмӕ йын мӕ ныхӕстӕ йе ’взагыл ӕвӕрдзынӕ. Ӕмӕ куы дзурат, уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ дӕр ӕмӕ уыимӕ дӕр ӕмӕ уын амондзынӕн, цы бакӕнын уӕ хъӕуы, уый.

w10 15/10 14 ф., 2 абз.

Хи рӕстытӕ кӕнын. Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Йегъовӕ Моисейы уыцы хӕсӕй не ссӕрибар кодта, фӕлӕ ма йын Аароны дӕр йемӕ арвыста (Рац. 4:14–17). Уый фӕстӕ дӕр Йегъовӕ бирӕ азты дӕргъы уыди Моисеимӕ ӕмӕ йӕ цыдӕриддӕр хъуыди, уый йын лӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ хӕс сӕххӕст кодтаид. Ды дӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ хотӕ кӕнӕ ӕфсымӕртӕй искӕй кӕй сразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй дын баххуыс кӕна дӕ чырыстон хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Уымӕй уӕлдай ма нын Библи ныфс ӕвӕры, Йегъовӕ нын цы бахӕс кодта, уый йӕ фӕрцы кӕй сӕххӕст кӕндзыстӕм (2 Кор. 3:5). (Кӕс фӕлгӕты «Мӕ царды амондджындӕр азтӕ».)

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Рацыд 4:24–26) Фӕндагыл та йыл, ӕхсӕвы кӕм ӕрлӕууыдысты, уым сӕмбӕлд Йегъовӕ ӕмӕ йӕ хъавыд амарынмӕ. 25 Уӕд Сепфорӕ цыргъ дур фелвӕста, йӕ фырты ӕфсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕрон дзы ралыг кодта ӕмӕ йын ӕй йӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппӕрста ӕмӕ загъта: «Ды дӕ мӕ мойаг ацы туджы фӕрцы». 26 Ӕмӕ йӕ уӕд ауагъта. Ӕмӕ Сепфорӕ загъта: «Мӕ мойаг туджы фӕрцы», йӕ фыртӕн сунӕт кӕй скодта, уый тыххӕй.

w04-U 15/3 28 ф, 4 абз.

Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ныхӕстӕй, «ды дӕ мӕ мойаг ацы туджы фӕрцы», зӕгъгӕ, Сепфорӕйы тыххӕй цы ис базонӕн? Йегъовӕ Авраамимӕ сунӕт кӕныны фӕдыл цы бадзырд сарӕзта, уый Сепфорӕ сӕххӕст кодта ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, уыцы бадзырд ахсджиагыл кӕй нымайы. Фӕстӕдӕр израилӕгтимӕ Закъоны бадзырд арӕзт куы ’рцыд, уӕд рабӕрӕг, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытимӕ бадзырд куы скӕны, уӕд уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ афтӕ рауайы, цыма йӕхӕдӕг у сӕ сӕрыхицау, бадзырд кӕимӕ ӕрцыд арӕзт, уыдон та – йӕ бинойнаг (Исай 54:1, 5). Уӕдӕ Сепфорӕ Йегъовӕйӕн йӕ зӕды уылты афтӕ кӕй загъта, «ды дӕ мӕ мойаг ацы туджы фӕрцы», зӕгъгӕ, уымӕй, ӕвӕццӕгӕн, равдыста, сунӕт кӕныны фӕдыл бадзырд цы домдта, уый ӕххӕст кӕныныл разы кӕй у. Уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ Йегъовӕ уыд, куыд сӕрыхицау, афтӕ, Сепфорӕ та, зӕгъӕн ис, уыд бинойнаджы бынаты. Куыдфӕнды ма уыдаид,– Сепфорӕ афтӕ фӕндфидарӕй кӕй архайдта ӕмӕ, Хуыцау цы домдта, уый кӕй сӕххӕст кодта, уый фӕрцы йӕ фырты цард бахъахъхъӕдта.

(Рацыд 5:2) Фӕлӕ сын фараон загъта: «Чи у Йегъовӕ? Цӕмӕн ӕм хъуамӕ байхъусон ӕмӕ Израилы цӕмӕн хъуамӕ ауадзон? Ӕз нӕ зонын Йегъовӕйы ӕмӕ Израилы дӕр нӕ ауадздзынӕн».

it-U «Иегова», дӕлсӕргонд «Использование имени в древности и его значение», 6 абз.

Йегъовӕ

Уӕдӕ дзырд «зонын» ӕрмӕст уымӕ нӕ амоны, ӕмӕ кӕимӕдӕр зонгӕ уай кӕнӕ цӕйдӕр тыххӕй зонай, йе та, цыдӕр кӕнӕ чидӕр кӕй ис, уый зонай. Ӕнӕзонд Навал Давиды ном зыдта, фӕлӕ уӕддӕр афтӕ загъта: «Чи у Давид та?» Ӕндӕр ныхӕстӕй, Навал загъта: «Уый та йӕхицӕй цы ’нхъӕл у?» (1См 25:9–11; абар 2См 8:13). Фараон дӕр Моисейӕн загъта: «Чи у Йегъовӕ? Цӕмӕн ӕм хъуамӕ байхъусон ӕмӕ Израилы цӕмӕн хъуамӕ ауадзон? Ӕз нӕ зонын Йегъовӕйы ӕмӕ Израилы дӕр нӕ ауадздзынӕн» (Рц 5:1, 2). Фараоны, ӕвӕццӕгӕн, уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ зыдта, куыд ӕцӕг Хуыцауы, кӕнӕ та йӕ ахӕм Хуыцауӕй нӕ зыдта, ӕмӕ Египеты паддзахыл ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтыл йӕ бар цӕуа, йе та йӕ нӕ зыдта ахӕм хъомысджын Хуыцауӕй, цӕмӕй йӕ фӕндон цыфӕндыйӕ дӕр сӕххӕст кӕна, Моисей ӕмӕ Аарон куыд загътой, афтӕ. Фӕлӕ ныр фараон ӕмӕ египетӕгтӕ иууылдӕр, стӕй израилӕгтӕ дӕр хъуамӕ базыдтаиккой, уыцы ном ӕцӕгӕй цы нысан кӕны, ома йӕ чи хӕссы, уый цавӕр Хуыцау у, уый. Йегъовӕ Моисейӕн куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй уый хъуамӕ рабӕрӕг уыдаид, израилӕгты тыххӕй йӕм цы фӕндон уыд, уый куы сӕххӕст кодтаид, уӕд, ома сӕ цагъарадӕй куы ссӕрибар кодтаид ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бакодтаид, уӕд. Афтӕмӕй Йегъовӕ сӕххӕст кодтаид, сӕ фыдӕлтимӕ цы бадзырд скодта, уый. Ӕмӕ сын ацы ныхӕстӕ дӕр, «базондзыстут, ӕз кӕй дӕн уӕ Хуыцау Йегъовӕ», уымӕ гӕсгӕ загъта (Рц 6:4–8; кӕс ВСЕМОГУЩИЙ).

Библийӕ бакӕсинаг

(Рацыд 4:1–17) Фӕлӕ та Моисей загъта: «Ӕмӕ мыл куы нӕ баууӕндой ӕмӕ мӕм куы нӕ байхъусой, афтӕ мын куы зӕгъой, нӕ дӕм фӕзынд Йегъовӕ, зӕгъгӕ, уӕд та?» 2 Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Уый дӕ къухы цы ис?» Моисей йын дзуапп радта: «Лӕдзӕг». 3 Ӕмӕ йын уӕд загъта: «Аппар-ма йӕ зӕхмӕ». Гъемӕ йӕ Моисей дӕр зӕхмӕ аппӕрста, ӕмӕ лӕдзӕг калм фестад, ӕмӕ дзы Моисей лидзынмӕ фӕци. 4 Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ныххӕц ын йӕ къӕдзилыл ӕмӕ йӕ сис». Моисей дӕр ӕй систа, ӕмӕ калм йӕ къухы лӕдзӕг фестад. 5 «Афтӕ хъуамӕ бакӕнай,– загъта йын Хуыцау,– цӕмӕй сӕ бауырна, кӕй дӕм фӕзынди Йегъовӕ, сӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау». 6 Уый фӕстӕ та йын Йегъовӕ загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕ къух-ма дӕ роны бакӕн». Уый дӕр йӕ къух йӕ роны бакодта. Ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ куы райста, уӕд кӕсы, ӕмӕ йӕ къух хъотырӕй митау урс фестад! 7 Стӕй та йын загъта: «Дӕ къух фӕстӕмӕ дӕ роны бакӕн». Уый дӕр та йӕ къух йӕ роны бакодта. Ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ куы райста, уӕд кӕсы, ӕмӕ йӕ къух, раздӕр куыд уыди, афтӕ сси! 8 Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау загъта: «Фыццаг диссаг сын куы равдисай ӕмӕ дыл куы нӕ баууӕндой ӕмӕ дӕм куы нӕ байхъусой, уӕд дыккаг диссаджы фӕстӕ уӕддӕр баууӕнддзысты. 9 Фӕлӕ, мыййаг, дыууӕ диссаджы фӕстӕ дӕр куы нӕ баууӕндой ӕмӕ дӕм куы нӕ байхъусой, уӕд та-иу Нилы цӕугӕдонӕй дон сис ӕмӕ-иу ӕй зӕххыл акал. Ӕмӕ Нилӕй цы дон сисай, уый зӕххыл фестдзӕн туг». 10 Уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ, фӕлӕ ӕз дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн. Нӕ уыдтӕн ахӕм нӕдӕр знон, нӕдӕр уый размӕ, ӕмӕ не сдӕн ахӕм, ды дӕ цагъаримӕ ныхас кӕнын куы райдыдтай, уый фӕстӕ дӕр. Нӕ арӕхсын дзурынмӕ». 11 Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Адӕймагӕн дзых чи радта? Адӕймаджы ӕгомыг кӕнӕ къуырма чи бакӕны, чи йӕ ракӕсын кӕны цӕстӕй кӕнӕ йӕ чи бакуырм кӕны? Ӕз, Йегъовӕ, нӕ аразын уый? 12 Уӕдӕ ацу. Ӕмӕ куы дзурай, уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын амондзынӕн, цы дзурын дӕ хъӕуы, уый». 13 Фӕлӕ та йын Моисей загъта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ, фӕлӕ дӕ курӕг дӕн, мӕ бӕсты ӕндӕр искӕй арвит». 14 Уӕд Йегъовӕйӕн Моисеймӕ йӕ маст рафыхт ӕмӕ йын загъта: «Аарон, Левийы байзӕддаг, де ’фсымӕр нӕу? Ӕз ӕй зонын: уый арӕхсы дзурынмӕ. Ӕмӕ дӕ размӕ дӕр рацыд, ныр фӕндагыл ис. Куы дӕ фена, уӕд тынг бацин кӕндзӕн. 15 Ӕмӕ ды дзурдзынӕ йемӕ ӕмӕ йын мӕ ныхӕстӕ йе ’взагыл ӕвӕрдзынӕ. Ӕмӕ куы дзурат, уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ дӕр ӕмӕ уыимӕ дӕр ӕмӕ уын амондзынӕн, цы бакӕнын уӕ хъӕуы, уый. 16 Аарон дӕ бӕсты дзурдзӕн адӕмимӕ. Уый уыдзӕн дӕ дзых, ды та йын уыдзынӕ Хуыцауы бынаты. 17 Мӕнӕ ацы лӕдзӕг дӕр дӕ къухы ахӕсс, цӕмӕй дзы диссӕгтӕ саразай».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын