Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr20 ноябрь 1–15 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • 2–8 НОЯБРЫ
  • 9–15 НОЯБРЫ
  • 16–22 НОЯБРЫ
  • 30 НОЯБРӔЙ 6 ДЕКАБРМӔ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2020
mwbr20 ноябрь 1–15 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Кусӕн тетрад»-мӕ

2–8 НОЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 39, 40

«Моисей алцыдӕр сарӕзта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ»

(Рацыд 39:32) Уыйадыл арӕзт фесты, ӕмбырды цатырӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уыдӕттӕ иууылдӕр. Израилы фырттӕ алцыдӕр сарӕзтой, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодтой.

w11 15/9 27 ф., 13 абз.

Йегъовӕ дӕ зоны?

13 Моисей та уыд бынтон ӕндӕрхуызон адӕймаг. «Зӕххыл... Моисейы хуызӕн сабыр адӕймаг нӕ уыд» (Ным. 12:3). Сабыр ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй уыд, уый бӕрӕг уыди, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр дзырдта, афтӕ кӕй кодта, уымӕй (Рац. 7:6; 40:16). Библийы никуы ис бакӕсӕн, зӕгъгӕ, Йегъовӕ куыд архайдта, Моисей ууыл ӕдзух хъуыр-хъуыр кодта кӕнӕ йӕ Йегъовӕйы амындтӕ ӕххӕст кӕнын кӕй хъуыд, ууыл мӕсты кодта. Зӕгъӕм, цатыр куыд аразын хъӕуы, уымӕн Йегъовӕ тынг бӕлвырд амындтӕ радта. Суанг ма, ӕндӕхтӕн сӕ хуыз цавӕр хъуамӕ уыдаид ӕмӕ ӕмбӕрзӕнтыл сӕ баиу кӕнынӕн цал цӕджы хъуыди скӕнын, уый дӕр загъта (Рац. 26:1–6). Хуыцауы организацийы дын цӕстдарджытӕй исчи исты хъуыддаджы тыххӕй тынг бӕлвырд амындтӕ куы ратты, суанг лыстӕг хабӕртты онг, уӕд дын, чи зоны, ӕхсызгон нӕ вӕййы. Фӕлӕ Йегъовӕ у алцӕмӕй ӕххӕст цӕстдарӕг. Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕн исты хъуыддаг куы бабар кӕны, уӕд сыл йӕ зӕрдӕ фӕдары, дзӕбӕх ӕй кӕй сараздзысты. Ӕмӕ кӕд уый фӕдыл бирӕ лыстӕг хабӕрттӕ фӕзӕгъы, уӕд уый дзӕгъӕлы нӕ вӕййы. Моисей Йегъовӕмӕ не смӕсты ӕмӕ афтӕ дӕр нӕ ахъуыды кодта, зӕгъгӕ мӕ ницӕуыл нымайы, ӕмӕ мын уыйбӕрц амындтӕ дӕр уый тыххӕй радта. Моисеймӕ афтӕ нӕ касти, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ бӕтты. Моисей, цатыр чи арӕзта, уыдонӕн загъта, цӕмӕй, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, раст афтӕ бакодтаиккой (Рац. 39:32). Йӕ зондахастӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, сӕрныллӕг кӕй уыд. Уый уыд Йегъовӕйы хъуыддаг ӕмӕ йӕ арӕзта Моисейы уылты. Ӕмӕ Моисей уый хорз ӕмбӕрста.

(Рацыд 39:43) Моисей ӕркаст, цы сарӕзтой, уымӕ, ӕмӕ федта, алцыдӕр кӕй сарӕзтой, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодтой. Ӕмӕ сын Моисей раарфӕ кодта.

(Рацыд 40:1, 2) Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ӕмбырды цатыр ӕрӕвӕр фыццаг мӕйы, мӕйӕн йӕ фыццаг бон.

(Рацыд 40:16) Ӕмӕ Моисей алцыдӕр сарӕзта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодта.

w05 1/8 18 ф., 3 абз.

Алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдион дӕ?

3 «Моисей иузӕрдион уыди... лӕггадгӕнӕгау» (Дзуттытӕм 3:5, НТ). Цӕмӕ гӕсгӕ уыди пехуымпар Моисей иузӕрдион? Хӕсгӕ кувӕндоны цатыр саразын ӕмӕ йӕ сӕвӕрыны хъуыддаджы «Моисей алцыдӕр сарӕзта, Иегъовӕ йын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Растдӕр афтӕ сарӕзта» (Рацыд 40:16). Мах, Иегъовӕйӕн кувӕг адӕм, иузӕрдион кӕй стӕм, уый уымӕй ӕвдисӕм, ӕнӕзивӕгӕй йын кӕй лӕггад кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уымӕ хауы, цыфӕнды зындзинӕдты ӕмӕ фӕлварӕнты дӕр Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ кӕй ма хъуамӕ сивӕм, уый. Фӕлӕ нӕ иузӕрдиондзинад ӕрмӕст уымӕй нӕу, ӕмӕ стыр фӕлварӕнты ма фӕцудӕм. «Чысыл хъуыддаджы иузӕрдион чи у, уый стыры дӕр иузӕрдион у, чысыл хъуыддаджы мӕнгард чи у, уый стыры дӕр мӕнгард у» – загъта Йесо Чырысти (Лукайы 16:10, НТ). О, чысыл хъуыддаг нӕм цы кӕсы, уым дӕр хъуамӕ уӕм иузӕрдион.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Рацыд 39:34, фип.) сырхӕй ахуырст фысы цӕрмттӕй ӕмӕ фӕлмӕн сӕракӕй кӕй скодтой, уыцы ӕмбӕрзӕнтӕ, бадзырды чырыны раз чи хъуамӕ уыдаид, уыцы ӕмбӕрзӕн,

it-U «Тюленья кожа», дӕлсӕргонд «Откуда у израильтян была тюленья кожа», 1 абз.

Тюлены царм

Израилӕгтӕ тюлены цӕрмттӕ кӕм самал кодтой? Кӕд Библийы дзырд та́хаш тюлены кӕцыдӕр мыггагмӕ амоны, уӕд, гӕнӕн ис, сӕвзӕра ахӕм фарста: израилӕгтӕ тюлены цӕрмттӕ кӕм самал кодтой? Кӕд тюлентӕ фылдӕр Арктикӕйы ӕмӕ Антарктикӕйы цӕры, уӕддӕр дзы хъармдӕр рӕтты дӕр ис. Абон Зӕххастӕу денджызы ӕмӕ ӕндӕр хъарм дӕтты цӕры, монахтӕ, зӕгъгӕ, кӕй хонынц, ахӕм тюлентӕ, кӕд афтӕ бирӕ не сты, уӕддӕр. Ӕнусты дӕргъы сӕ адӕм цагътой, ӕмӕ сӕ нымӕц дзӕвгар фӕкъаддӕр. Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй рагзаманты Зӕххастӕу денджызы ӕмӕ Сырх денджызы тюлентӕ бирӕ уыд. Суанг ма 1832 азы иу чиныджы фыст уыд: «Сырх денджызы, Синайы ӕрдӕгсакъадахы алыварс, цы бирӕ сакъадӕхтӕ ис, уым ис бирӕ тюлентӕ» (Calmet A. Dictionary of the Holy Bible. 1832. 139 ф.; ноджыдӕр ма кӕс: Pollock A. J. The Tabernacle’s Typical Teaching. Лондон. 47 ф.).

(Рацыд 40:34) Ӕмӕ уӕд мигъ ӕрӕмбӕрзта ӕмбырды цатыр, ӕмӕ цатыр байдзаг Йегъовӕйы кадӕй.

w15 15/7 21 ф., 1 абз.

Дӕ фыдӕбон дын исчи уыны ӕви нӕ, уый ахсджиаг у?

Цатыр арӕзт куы фӕци, «уӕд мигъ ӕрӕмбӕрзта ӕмбырды цатыр, ӕмӕ цатыр байдзаг Йегъовӕйы кадӕй» (Рац. 40:34). Бӕрӕг уыди, Йегъовӕ райгонд кӕй у! Куыд дӕм кӕсы, уыцы рӕстӕг Веселеил ӕмӕ Аголиав цы хъуыды кодтаиккой? Кӕд, цы дзауматӕ сарӕзтой, уыдоныл сӕ нӕмттӕ фыст нӕ уыдысты, уӕддӕр тынг райгонд уыдаиккой, уымӕн ӕмӕ зыдтой, Хуыцау сын сӕ фыдӕбонӕн кӕй раарфӕ кодта (Ӕмб. 10:22). Бирӕ азты фӕстӕ дӕр сын зӕрдӕрухсы хос уыдаид, цы сарӕзтой, уыдӕттӕй Йегъовӕйы цатыры кӕй пайда кодтой, уый. Ахъуыды-ма кӕн, Веселеил ӕмӕ Аголиав ног дунейы куы райгас уой ӕмӕ, израилӕгтӕ Хуыцауӕн уыцы цатыры 500 азы бӕрц кӕй лӕггад кодтой, уый куы базоной, уӕд куыд тынг цин кӕндзысты!

Библийӕ бакӕсинаг

(Рацыд 39:1–21) Ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй скодтой рӕсугъд уӕфт уӕлӕдарӕс сыгъдӕг бынаты лӕггад кӕнынӕн. Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ Ааронӕн скодтой сӕрмагонд уӕлӕдарӕс. 2 Ефод скодта сызгъӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй. 3 Стӕй сызгъӕрины тъӕпӕн гӕбӕзтӕ ныххостой ӕмӕ сӕ тӕнӕг сыфтӕ сарӕзтой. Ӕмӕ сӕ уый лыстӕг ныллыгтӕ кодта ӕмӕ дзы рауади ӕндӕхтӕ, ӕмӕ сӕ ауагъта ӕрвхуыз ӕндӕхты, тарсырх къуымбил ӕндӕхты, сырх-сырхид ӕндӕхты ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндӕхты ’хсӕнты ӕмӕ йӕ скодта нывӕфтыд. 4 Ефоды уӕхсчытӕн хъуымацӕй скодтой дыууӕ гӕбазы ӕмӕ йыл сӕ бафидар кодтой. Уым иу кодтой ефоды дыууӕ фарсы. 5 Ефодыл йе ’рбабӕттынӕн цы рон уыди, уый дӕр скодтой, ефод цӕмӕй конд уыд, уымӕй: сызгъӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй – Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 6 Уый фӕстӕ оникс дуртыл, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ скъахтой Израилы фыртты нӕмттӕ ӕмӕ сӕ сызгъӕрин фӕлгӕтты бавӕрдтой. 7 Ӕмӕ сӕ уый бафидар кодта, ефоды уӕхсчытыл хъуымацӕй цы дыууӕ гӕбазы уыди, уыдоныл – Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Уыцы дуртӕ сты Израилы фырттӕн зӕрдыл дарынӕн. 8 Стӕй скодта риуылдарӕн. Уый дӕр скодта нывӕфтыд, ефод цӕмӕй конд уыд, уымӕй: сызгъӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй. 9 Дыдагъӕй йӕ цыппар фарсы дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – уылынг, йӕ уӕрх дӕр – уылынг. 10 Ӕмӕ йыл бакодтой дуртӕ, цыппар рӕнхъы. Фыццаг рӕнхъы: рубин, топаз ӕмӕ изумруд. 11 Дыккаг рӕнхъы: бирюза, сапфир ӕмӕ яшмӕ. 12 Ӕртыккаг рӕнхъы: лешем, агат ӕмӕ аметист. 13 Цыппӕрӕм рӕнхъы та: хризолит, оникс ӕмӕ жадеит. Дуртӕ бавӕрдтой сызгъӕрин фӕлгӕтты. 14 Уыцы дуртӕ уыдысты дыууадӕс – Израилы фырттӕ цал сты, уал. Алы дурыл дӕр дзы, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ къахт уыди Израилы дыууадӕс мыггагӕй иуы ном. 15 Уый фӕстӕ риуылдарӕнӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй скодтой бӕндӕнау здыхст рӕхыстӕ. 16 Стӕй сызгъӕринӕй скодтой дыууӕ фӕлгӕты ӕмӕ дыууӕ цӕджы, ӕмӕ уыцы дыууӕ цӕджы риуылдарӕны кӕрӕттыл дыууӕрдыгӕй бафидар кодтой. 17 Ӕмӕ уыцы цӕгты мидӕг акодтой дыууӕ сызгъӕрин бӕттӕны. 18 Уыцы дыууӕ бӕттӕнӕн сӕ кӕрӕттӕ та аластой дыууӕ фӕлгӕты, ӕмӕ сӕ, ефоды уӕхсчытыл хъуымацӕй цы дыууӕ гӕбазы уыди, уыдоныл разӕй бафидар кодтой. 19 Ноджыдӕр ма скодтой дыууӕ сызгъӕрин цӕджы, ӕмӕ уыдон та бафидар кодтой риуылдарӕнӕн йӕ дыууӕ кӕроныл бынӕй, мидӕгырдыгӕй – ефодырдӕм фарс. 20 Стӕй ма скодтой дыууӕ сызгъӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодтой, ефоды уӕхсчытыл хъуымацӕй цы дыууӕ гӕбазы уыди, уыдоныл бынӕй, ӕддӕрдыгӕй, ефодӕн йӕ роны сӕрмӕ, ефодимӕ кӕм иу кӕнынц, уымӕ хӕстӕг. 21 Ӕмӕ стӕй риуылдарӕн уыцы цӕгтӕй ефоды цӕгтӕм бабастой ӕрвхуыз бӕттӕнӕй, риуылдарӕн ефодӕн йӕ роны сӕрмӕ куыд уыдаид ӕмӕ йыл ӕнгом куыд бадтаид – Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

9–15 НОЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 1–3

«Йегъовӕйӕн кувинӕгтӕ цӕмӕн хастой?»

(Левит 1:3) Кӕд судзинаг нывонд стуртӕй хӕсса, уӕд хъуамӕ уа ӕнӕсахъат уӕныг. Йӕхӕдӕг ӕй ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ ӕрбакӕнӕд ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууын кӕнӕд.

(Левит 2:1) Искӕй Йегъовӕйӕн хоры кувинаг ӕрхӕссын куы фӕнда, уӕд хъуамӕ уа ӕппӕты хуыздӕр ссад. Хъуамӕ йыл рауадза сой ӕмӕ йыл ӕркӕна урс буд

(Левит 2:12) Йегъовӕйӕн-иу сӕ ӕрбахӕсс фыццаг тыллӕджы кувинагӕн. Фӕлӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл судзай, сӕ тӕф ын ӕхсызгон уыдзӕн, зӕгъгӕ.

it-U «Приношения», дӕлсӕргонд «Всесожжения», 1 абз.

Кувинӕгтӕ

Судзинаг нывӕндтӕ. Судзинаг нывӕндтӕ-иу Хуыцауӕн ӕрхастой ӕнӕхъӕнӕй; нывонд-иу чи ӕрхаста, уый-иу уыцы дзидзайӕ йӕхицӕн иу хай дӕр нӕ ныууагъта. (Абар Трх 11:30, 31, 39, 40.) Израиладжы-иу, тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый тыххӕй нывонд ӕрхӕссын куы хъуыд, уӕд ма-иу хатт уыцы нывондимӕ ӕрхаста судзинаг нывонд дӕр. Ахӕм уавӕры-иу судзинаг нывонд уыд курдиаты хуызӕн, цӕмӕй-иу Йегъовӕ уыцы адӕймагӕн, тӕригъӕды тыххӕй кӕй ӕрхаста, уыцы нывонд айстаид, кӕнӕ йӕ кӕй айста, уый равдыстаид. Йесо Чырысти йӕхи нывондӕн ӕрхаста ӕнӕхъӕнӕй, судзинаг нывонд-иу куыд ӕрхастой, афтӕ.

it-U «Приношения», дӕлсӕргонд «Хлебные приношения»

Кувинӕгтӕ

Хоры кувинӕгтӕ. Хоры кувинӕгтӕ-иу хастой фарны нывӕндтимӕ, судзинаг нывӕндтимӕ ӕмӕ, тӕригъӕды тыххӕй-иу кӕй ӕрхастой, ахӕм нывӕндтимӕ. Хастой ма-иу сӕ фыццаг тыллӕджы кувинагӕн дӕр. Ӕндӕр хӕттыты та-иу хоры кувинӕгтӕ хастой хицӕнӕй (Рц 29:40–42; Лв 23:10–13, 15–18; Нм 15:8, 9, 22–24; 28:9, 10, 20, 26–28; 29 сӕр). Израилӕгтӕ уыцы кувинӕгтӕ хастой, Хуыцау сын рӕдауӕй кӕй арфӕ кодта ӕмӕ сын бӕркад кӕй лӕвӕрдта, уымӕн кӕй аргъ кодтой, уый равдисынӕн. Хоры кувинӕгтимӕ ма-иу арӕх хастой сой ӕмӕ буд дӕр. Хоры кувинӕгтӕм хаудысты: ӕппӕты хуыздӕр ссад, цӕкуытӕ, стӕй, пецы кӕнӕ тебӕйы кӕй сфыхтой, йе та-иу аджы мидӕг сойы кӕй сфыхтой, ахӕм лауызтӕ ӕмӕ гуылтӕ (астӕуӕй уыдысты хуынкъ). Хоры кувинӕгтӕн-иу сӕ иу хай, судзинаг нывӕндтӕ кӕм хастой, уыцы нывондхӕссӕныл сӕвӕрдтой, иннӕ хай та-иу сауджынтӕ бахордтой. Ӕмӕ-иу фарны нывӕндтӕ куы ’рхастой, уӕд та ма-иу дзы бахордтой, чи-иу ӕй ӕрхаста, уыдон дӕр (Лв 6:14–23; 7:11–13; Нм 18:8–11). Нывондхӕссӕныл-иу кӕй басыгътой, уыцы хоры кувинӕгтӕй иуыл дӕр хъуамӕ ма уыдаид нӕдӕр ӕнхъизӕн, нӕдӕр «мыд» (ӕвӕццӕгӕн, уый уыди легъуийы кӕнӕ ӕндӕр дыргъты дон кӕнӕ сироп) (Лв 2:1–16).

(Левит 3:1) Искӕй йе стуртӕй фарны нывонд ӕрхӕссын куы фӕнда, уӕд хъуамӕ Йегъовӕйы размӕ ӕрбакӕна ӕнӕсахъат стур – нӕл уа ӕви сыл.

w12 15/1 19 ф., 11 абз.

Рӕстдзинады «сӕйраг фӕзилӕнтӕй» цы ис базонӕн?

11 Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ ма израилӕгтӕ хастой фарны нывӕндтӕ дӕр. Адӕймаг-иу ахӕм нывонд кӕй ӕрхаста, уый-иу ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Хуыцауимӕ фӕрнӕй цӕры. Ахӕм нывонд-иу чи ӕрхаста, уый-иу йӕ бинонтимӕ иумӕ уыцы кусӕрттаджы дзидзайӕ бахордта кувӕндоны хӕрӕндӕттӕй иуы. Нывондӕй-иу хай райстой, кусӕрттагимӕ-иу чи архайдта, уыцы сауджын дӕр ӕмӕ ма-иу уыцы рӕстӕг кувӕндоны ноджыдӕр цы сауджынтӕ лӕггад кодтой, уыдон дӕр (Лев. 3:1; 7:31–33). Израилӕгтӕ фарны нывӕндтӕ уый тыххӕй хастой, ӕмӕ сӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ уыдаиккой. Уыцы хабар афтӕ уыд, цыма уыцы адӕймаг, йӕ бинонтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг иу фынгыл бадынц ӕмӕ фӕрнӕй минас кӕнынц.

it-U «Приношения», дӕлсӕргонд «Мирные жертвы», 1 абз.

Приношения

Мирные жертвы. Мирные жертвы, приемлемые для Иеговы, символизировали мирные отношения с ним. Участие принимали приносивший жертву и его домашние (во дворе священного шатра [согласно преданию, вдоль внутренней стороны полотнища для двора устанавливали шалаши]; в столовых в храме). Часть получал совершавший жертвоприношение священник, и еще одну часть – другие служившие при святилище священники. Иегова, по сути, принимал приятное благоухание сжигаемого жира. Кровь, представлявшая жизнь, отдавали Иегове как то, что принадлежит ему. Таким образом, священники, тот, кто приносил жертву, и его домашние, а также Иегова разделяли трапезу, что указывало на мирные отношения. Если человек, принимавший участие в трапезе, был нечист (по любой причине, указанной в Законе) или ел мясо, которое хранилось дольше предписанного срока (в жарком климате оно начинало протухать), то его следовало истребить из народа. Он осквернял или презирал трапезу, так как был нечист сам или ел то, что Иегова Бог считал нечистым; этим он выказывал неуважение к святому (Лв 7:16–21; 19:5–8).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Левит 2:13) Дӕ хоры кувинӕгтӕй-иу алкӕцыйыл дӕр цӕхх ныккӕн. Цӕхх ныккӕнын-иу дӕ ма ферох уӕд – цӕхх дын дӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзӕн Хуыцауы бадзырд. Дӕ хоры кувинӕгтӕй алкӕцыйыл дӕр хъуамӕ ныккӕнай цӕхх.

(Йезекил 43:24) Ӕрбакӕн сӕ Йегъовӕйы размӕ, ӕмӕ сыл сауджынтӕ цӕхх айзӕрдзысты ӕмӕ сӕ Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн ӕрхӕсдзысты.

w04 1/6 30 ф., 1 абз.

Левиты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

2:13 – «Алы кувинагыл дӕр» цӕхх кӕнын цӕмӕн хъуыди? Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ хӕрзаддӕр уыдаиккой. Зӕххыл кӕмфӕнды дӕр цӕхх хӕринӕгтыл кӕнынц, цӕмӕй ма сӕфой. Ӕвӕццӕгӕн ӕй кувинӕгтыл дӕр уый тыххӕй кодтой, ӕмӕ амоны, ӕмбийгӕ, сӕфгӕ цы нӕ кӕны, ахӕм цыдӕр.

(Левит 3:17) Фиу ӕмӕ туг ӕппындӕр ма хӕрут. Кӕмфӕнды ма цӕрат, уый уыдзӕн закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр“».

w04 1/6 30 ф., 2 абз.

Левиты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

3:17. Фиу, кӕнӕ нард, кусартӕн йӕ тӕккӕ хуыздӕр, тӕккӕ хӕрзаддӕр хайыл нымад уыд. Ӕмӕ йӕ израилӕгтӕн хӕрӕн кӕй нӕ уыд, уый фӕрцы ӕмбӕрстой, ӕппӕты хуыздӕр цы у, уый Иегъовӕмӕ кӕй ӕмбӕлы (Уӕвынад 45:18). Уый махӕн дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕм хуыздӕрӕй цы ис, уый Иегъовӕйӕн кӕй хъуамӕ дӕттӕм (Ӕмбисӕндтӕ 3:9, 10; Колоссӕгтӕм 3:23, 24).

it-U «Жир», дӕлсӕргонд «Основание для закона»

Жир

Основание для закона. Во времена действия соглашения Закона кровь и жир считались принадлежащими исключительно Иегове. Кровь содержит жизнь, которую может дать только Иегова, поэтому кровь принадлежит ему (Лв 17:11, 14). Жир считался лучшей частью любого животного. Принося в жертву жир животного, человек, несомненно, признавал то, что лучшие части жертвы принадлежат Иегове, который дает все в изобилии, и показывал свое желание отдавать Богу самое лучшее. Ввиду этого в Библии говорится, что жир сжигали на жертвеннике как «пищу» и как «приятное благоухание» для Иеговы (Лв 3:11, 16). Поэтому, если кто-то ел жир, он незаконно присваивал себе то, что посвящено Богу, покушался на права Иеговы. Того, кто ел жир, предавали смерти. Однако жир, в отличие от крови, можно было использовать на различные нужды, не связанные с употреблением пищи, по крайней мере жир умершего или растерзанного животного (Лв 7:23–25).

Библийӕ бакӕсинаг

(Левит 1:1–17) Ӕмӕ Йегъовӕ Моисеймӕ фӕдзырдта ӕмбырды цатырӕй ӕмӕ йын загъта: 2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Йегъовӕйӕн уӕ исчи йӕ фосӕй исты куы нывонд кӕна, уӕд снывонд кӕнӕд стуртӕй кӕнӕ лыстӕг фосӕй. 3 Кӕд судзинаг нывонд стуртӕй хӕсса, уӕд хъуамӕ уа ӕнӕсахъат уӕныг. Йӕхӕдӕг ӕй ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ ӕрбакӕнӕд ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууын кӕнӕд. 4 Ӕмӕ-иу йӕ къух нывонд уӕныгӕн йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ йӕ нывонд ист ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уыдзӕн. 5 Стӕй уыцы уӕныджы Йегъовӕйы раз аргӕвддзысты. Ӕмӕ Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, йӕ тугӕй ӕрбахӕсдзысты ӕмӕ, ӕмбырды цатыры бахизӕны раз цы нывондхӕссӕн ис, ууыл ӕй алырдыгӕй бапырх кӕндзысты. 6 Уый фӕстӕ, судзинаг нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы уӕныгӕн йӕ царм бастигъдзысты ӕмӕ йӕ ауӕнгтӕ кӕндзысты. 7 Стӕй Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, нывондхӕссӕныл ӕрӕвӕрдзысты зынгтӕ, зынгты уӕлӕ та – сугтӕ. 8 Ӕмӕ зынгтыл, сугты уӕлӕ, ӕрӕвӕрдзысты нывонды уӕнгтӕ, стӕй сӕр ӕмӕ фиу. 9 Тъӕнгтӕ ӕмӕ-иу къӕхтӕ та ныхсӕнт. Ӕмӕ сауджын уыдон иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудздзӕн. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон. 10 Судзинаг нывонд кӕд лыстӕг фосӕй хӕсса, ома фыстӕй кӕнӕ сӕгътӕй, уӕд хъуамӕ уа ӕнӕсахъат фыркъа кӕнӕ ӕнӕсахъат нӕл сӕгъ. 11 Ӕмӕ йӕ аргӕвддзысты Йегъовӕйы раз, нывондхӕссӕны цӕгат фарс. Ӕмӕ йын Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕндзысты. 12 Стӕй йӕ ауӕнгтӕ кӕндзысты ӕмӕ йӕ сауджын йӕ сӕр ӕмӕ йӕ фиуимӕ нывондхӕссӕны зынгтыл, сугты уӕлӕ ӕрӕвӕрдзӕн. 13 Тъӕнгтӕ ӕмӕ-иу къӕхтӕ та ныхсӕд. Ӕмӕ сауджын уыдон иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудздзӕн. Уый у судзинаг нывонд, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон. 14 Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн маргъ куы хӕсса, уӕд та хъуамӕ уа ӕхсинӕг кӕнӕ лӕппын бӕлон. 15 Сауджын ӕй ӕрбахӕсдзӕн нывондхӕссӕнмӕ, йӕ къубал ын атондзӕн ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудздзӕн. Йӕ туг ӕртӕдздзӕн нывондхӕссӕны фарсыл. 16 Йӕ гуцъа йын стондзӕн, ныттондзӕн ын йӕ бумбулитӕ, ӕмӕ сӕ ӕрӕппардзӕн нывондхӕссӕны цур, скӕсӕнырдыгӕй, сойӕдзаг фӕнык кӕм ис, уым. 17 Хъуамӕ йӕ йӕ базырты ’хсӕн ӕрлыг кӕна, фӕлӕ йӕ дыууӕ дихы кӕнӕн нӕй. Стӕй йӕ сауджын нывондхӕссӕны зынгтыл, сугты уӕлӕ, басудздзӕн. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон.

16–22 НОЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 4, 5

«Йегъовӕйӕн дӕтт, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый»

(Левит 5:5, 6) Ацы хъуыддӕгтӕй искӕцыйы куы фӕаххосджын уа, уӕд хъуамӕ йӕ тӕригъӕд раргом кӕна. 6 Ӕмӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй Йегъовӕйӕн хъуамӕ ӕрхӕсса нывонд – йӕ дзугӕй ӕрбакӕна сыл уӕрыкк кӕнӕ сыл сӕныкк. Уый у нывонд аххосы тыххӕй. Ӕмӕ сауджын уыцы адӕймаджы йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн.

it-U «Приношения», дӕлсӕргонд «Приношения за вину», 1 абз.

Кувинӕгтӕ

Нывӕндтӕ аххосы тыххӕй. Аххосы тыххӕй-иу кӕй хастой, уыцы нывӕндтӕ дӕр хаудысты, тӕригъӕды тыххӕй-иу кӕй ӕрхастой, уыцы нывӕндтӕм, уымӕн ӕмӕ аххос алкӕддӕр баст вӕййы тӕригъӕдимӕ. Уыцы нывӕндтӕ цӕмӕйдӕр хицӕн кодтой, тӕригъӕды тыххӕй-иу кӕй ӕрхастой, ӕндӕр ахӕм нывӕндтӕй. Куыд зыны, афтӕмӕй-иу адӕймаг аххосы тыххӕй нывонд ӕрхаста, Йегъовӕйы ныхмӕ кӕнӕ-иу искӕй ныхмӕ тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд. Ахӕм нывонд-иу ӕрхӕссын хъуыди, цӕмӕй-иу ын Йегъовӕ йӕ тӕригъӕд ныххатыр кодтаид. Кӕнӕ та-иу ӕй ӕрхӕссын хъуыд, цӕмӕй-иу, чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы адӕймаг йӕ цард банывыл кодтаид ӕмӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕфхӕрд мауал ӕййӕфтаид. (Абар Ис 53:10.)

(Левит 5:7) Кӕд йӕ бон нӕу фыс ӕрхӕссын, уӕд та Йегъовӕйӕн йӕ тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ нывондӕн ӕрхӕсса дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны: иуы – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн. Уый у нывонд аххосы тыххӕй.

w19.01 8 ф., 4 абз.

Йегъовӕйы кадджын кӕн ӕмбырды

4 Йегъовӕ йӕ зоны, нӕ курдиӕттӕ ӕмӕ нӕ уавӕртӕ иухуызон кӕй не сты, ӕмӕ нӕ алкӕй нывӕндтӕн дӕр стыр аргъ кӕны. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ-иу израилӕгтӕй цавӕр нывӕндтӕ айста, уый. Кӕйдӕрты-иу сӕ сӕ къух амыдта нывондӕн уӕрыкк кӕнӕ сӕныкк ӕрхӕссын. Мӕгуыртӕн та-иу сӕ бон уыд «дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны» ӕрхӕссын. Ӕмӕ-иу нывондӕн йӕ бон мӕргътӕ ӕрхӕссын дӕр кӕмӕн нӕ уыд, уый та-иу «ӕрхаста ӕппӕты хуыздӕр ссад – ефӕйы дӕсӕм хай» (Лев. 5:7, 11). Иннӕ нывӕндтимӕ абаргӕйӕ, ссад асламдӕр уыди, фӕлӕ Йегъовӕ ахӕм нывондӕн дӕр аргъ кодта, кӕд-иу «ӕппӕты хуыздӕр ссад» уыд, уӕд.

w09-U 1/6 26 ф., 3 абз.

Он учитывает наши возможности

Вот что говорилось в Законе, отражавшем глубокую заботу Бога Иеговы: «Если у него нет возможности принести овцу, то за совершенный им грех пусть принесет Иегове как приношение за вину двух горлиц или двух молодых голубей» (стих 7). В Смысловом переводе фраза «если у него нет возможности» передается как «если ему не по средствам». Иными словами, если израильтянин был слишком беден, чтобы принести овцу, Бог с радостью принимал жертву, которую тот мог себе позволить,– двух горлиц или двух голубей.

(Левит 5:11) Кӕд йӕ бон дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны дӕр ӕрхӕссын нӕу, уӕд та йӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн хъуамӕ ӕрхӕсса ӕппӕты хуыздӕр ссад – ефӕйы дӕсӕм хай. Сой йыл ма рауадзӕд ӕмӕ йыл урс буд дӕр ма ӕркӕнӕд, уымӕн ӕмӕ уый у нывонд тӕригъӕды тыххӕй.

w09-U 1/6 26 ф., 4 абз.

Он учитывает наши возможности

Но что, если человек не мог принести в жертву даже двух птиц? Тогда по Закону он должен был принести «за совершенный им грех десятую часть ефы [восемь-девять стаканов] лучшей муки» (стих 11). В виде исключения Иегова разрешил самым бедным приносить бескровную жертву за грех. Таким образом, в древнем Израиле бедность не лишала человека возможности получить прощение грехов и обрести мир с Богом.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Левит 5:1) Исчи искӕй ӕвзӕрдзинад аразгӕ куы фена, уыцы хъуыддагӕн ӕвдисӕн куы уа кӕнӕ уый тыххӕй исты куы зона ӕмӕ, адӕмы ӕлгъыст фехъусгӕйӕ, цы зоны, уый куы нӕ зӕгъа, уӕд ракодта тӕригъӕд, ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ дзуапп ратта.

w16.02 29 ф., 14 абз.

Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй ахуыр кӕн

14 Хӕларзӕрдӕ куы уай, уӕд дын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, иузӕрдион фыццаджыдӕр кӕуыл хъуамӕ уай, уый равзарынӕн. Зӕгъӕм, базыдтай, кӕцыдӕр ӕфсымӕр уӕззау тӕригъӕд кӕй ракодта. Чи зоны йыл тынг ӕнувыд дӕ, уӕлдайдӕр та кӕд дӕ хорз ӕмбал кӕнӕ дӕ бинонтӕй у, уӕд. Фӕлӕ ма зоныс уый дӕр, ӕмӕ фыццаджыдӕр Йегъовӕйыл хъуамӕ уай иузӕрдион. Уӕдӕ Нафанау Йегъовӕмӕ хъус, фӕлӕ де ’фсымӕримӕ дӕр хӕларзӕрдӕ у. Зӕгъ ын, цӕмӕй ӕвӕстиатӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс бацагура. Ууыл куы фӕстӕ кӕна, уӕд хъуамӕ дӕхӕдӕг хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнай. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй дӕ. Стӕй ма равдисдзынӕ, де ’фсымӕрмӕ дӕр хӕлар зӕрдӕ кӕй дарыс, уымӕн ӕмӕ йын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй та Йегъовӕмӕ баввахс уа. Уыдон ын йӕ зондахаст фӕлмӕнӕй сраст кӕндзысты. (Бакӕс Левит 5:1; Галатӕгтӕм 6:1.)

(Левит 5:15, 16) «Йегъовӕ табуйагыл цы нымайы, уыдӕттӕм исчи ӕнӕрхъуыдыйӕ куы бавнала ӕмӕ афтӕмӕй йӕ разы тӕригъӕд куы сараза, уӕд хъуамӕ йӕ дзугӕй аххосы тыххӕй нывондӕн Йегъовӕйӕн ӕрхӕсса ӕнӕсахъат фыр. Йӕ нывонд хъуамӕ уа, ӕвзист сиклтӕй, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй, цас загътой, уый аргъ. Уый у нывонд аххосы тыххӕй. 16 Ӕмӕ сыгъдӕг бынаты ныхмӕ цы тӕригъӕд сарӕзта, уый тыххӕй хъуамӕ бафида, цас хъӕуы, уыйбӕрц, ӕмӕ ма йӕм хъуамӕ ноджыдӕр бафтауа уымӕн йӕ фӕндзӕм хай ӕмӕ сӕ сауджынмӕ ратта, цӕмӕй сауджын аххосы тыххӕй нывондӕн фыр ӕрхӕсса ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕна йӕ тӕригъӕдӕй, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕуа.

it-U «Святость», дӕлсӕргонд «Животные и урожай»

Сыгъдӕг, табуйаг

Фос ӕмӕ тыллӕг. Йегъовӕйы цӕсты фыццагзад галтӕ, фырытӕ ӕмӕ цӕутӕ нымад уыдысты табуйагыл. Хъуыди-иу сӕ нывондӕн ӕрхӕссын, ӕмӕ-иу сӕ иу хай та уыди, кӕй ссыгъдӕг кодтой, уыцы сауджынты (Нм 18:17–19). Табуйагыл нымад уыдысты фыццаг тыллӕг ӕмӕ-иу адӕм сӕ фӕллойӕ цы дӕсӕм хай радтой, уый, стӕй ма цатыры лӕггад кӕнынӕн кӕй рахицӕн кодтой, уыцы нывӕндтӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ иууылдӕр (Рц 28:38). Йегъовӕ табуйагыл цыдӕриддӕр нымадта, ӕппӕт уыдӕттӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕ уыд, стӕй-иу уыдӕттӕй ӕндӕр хъуыддӕгты пайда кӕнӕн нӕ уыд. Уый бӕрӕг у, зӕгъӕм, дӕсӕм хайы фӕдыл цы закъон уыд, уымӕй. Адӕймаг-иу истӕмӕй дӕсӕм хай куы рахицӕн кодта (зӕгъӕм, мӕнӕуӕй) ӕмӕ-иу дзы стӕй йӕхӕдӕг кӕнӕ йӕ бинонтӕй исчи ӕнӕрхъуыдыйӕ куы райста (хӕринаг скӕнынӕн ӕви ӕндӕр истӕмӕн), уӕд-иу афтӕмӕй Хуыцауы закъон фехӕлдта. Ӕмӕ-иу Закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕ дзугӕй нывондӕн ӕрхастаид ӕнӕсахъат фыр. Стӕй ма-иу, кувӕн бынат ӕнӕхай цӕмӕй фӕкодта, уымӕн-иу хъуамӕ йӕ аргъ бафыстаид ӕмӕ ма-иу ӕм ноджыдӕр бафтыдтаид йӕ 20 проценты. Афтӕмӕй адӕм, Йегъовӕйы цы уыд ӕмӕ табуйагыл нымад цы уыд, уымӕн тынг аргъ кодтаиккой (Лв 5:14–16).

Библийӕ бакӕсинаг

(Левит 4:27–5:4) Хуымӕтӕг адӕмӕй исчи ӕнӕрхъуыдыйӕ тӕригъӕд куы сараза, ома Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕй искӕцы куы фехала, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ разы куы фӕаххосджын уа, 28 кӕнӕ, тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый куы бамбара, уӕд йӕ тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ нывондӕн ӕрбакӕна ӕнӕсахъат сыл сӕныкк. 29 Ӕмӕ йӕ нывонды сӕрыл йӕ къух ӕрӕвӕрдзӕн ӕмӕ йӕ аргӕвддзӕн, судзинаг нывӕндтӕ кӕм фергӕвдынц, уым. 30 Ӕмӕ сауджын йе ’нгуылдз сӕныччы туджы атулдзӕн ӕмӕ дзы ацахордзӕн, судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хӕссынц, уыцы нывондхӕссӕны сыкъатӕ. Тугӕй ма цы баззайа, уый та акалдзӕн нывондхӕссӕны бынмӕ. 31 Стӕй йын йӕ фиу иууылдӕр сисдзӕн, фарны нывонды фиу куыд сисынц, афтӕ, ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудздзӕн, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон. Афтӕмӕй сауджын уыцы адӕймаджы йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕудзӕн. 32 Кӕд тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн уӕрыкк хӕсса, уӕд та хъуамӕ ӕрбакӕна ӕнӕсахъат сыл уӕрыкк. 33 Йӕ нывонды сӕрыл йӕ къух ӕрӕвӕрдзӕн ӕмӕ йӕ аргӕвддзӕн, судзинаг нывӕндтӕ кӕм фергӕвдынц, уым. Уый у нывонд тӕригъӕды тыххӕй. 34 Ӕмӕ сауджын йе ’нгуылдз уӕрыччы туджы атулдзӕн ӕмӕ дзы, судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хӕссынц, уыцы нывондхӕссӕны сыкъатӕ ацахордзӕн. Тугӕй ма цы баззайа, уый та акалдзӕн нывондхӕссӕны бынмӕ. 35 Стӕй йын йӕ фиу иууылдӕр сисдзӕн, фарны нывондӕн цы фыркъа ӕрхӕссынц, уый фиу куыд сисынц, афтӕ. Ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудздзӕн – Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхастой ӕмӕ артыл кӕй басыгътой, уыцы нывӕндтимӕ. Афтӕмӕй йӕ сауджын ссыгъдӕг кӕндзӕн, цы тӕригъӕд сарӕзта, уымӕй, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕудзӕн.

5 Исчи искӕй ӕвзӕрдзинад аразгӕ куы фена, уыцы хъуыддагӕн ӕвдисӕн куы уа кӕнӕ уый тыххӕй исты куы зона ӕмӕ, адӕмы ӕлгъыст фехъусгӕйӕ, цы зоны, уый куы нӕ зӕгъа, уӕд ракодта тӕригъӕд, ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ дзуапп ратта. 2 Исчи, чъизи цы у, ахӕмӕй истӕмӕ куы бавнала, зӕгъӕм, чъизийыл нымад чи у, ахӕм хъӕддаг сырды мардмӕ кӕнӕ хӕдзарон фосы мардмӕ кӕнӕ лыстӕг цӕрӕгойы мардмӕ, уӕд йӕхи фӕчъизи кодта ӕмӕ Хуыцауы раз у аххосджын, кӕд ӕй нӕ зыдта, уӕддӕр. 3 Кӕнӕ исчи адӕймаджы чъизитӕй истӕмӕ ӕнӕзонгӕйӕ куы бавнала, сыгъдӕг цы нӕу, уыдонӕй цӕмӕфӕнды дӕр, ӕмӕ йӕхи куы фӕчъизи кӕна, уӕд Хуыцауы раз у аххосджын, кӕд ӕй зонгӕ уый фӕстӕ бакодта, уӕддӕр. 4 Исчи ӕнӕахъуыды кӕнгӕйӕ куы расомы кӕна,– ӕвзӕрдзинад саразыны тыххӕй уа ӕви хорздзинад саразыны тыххӕй,– ӕмӕ йӕ куы нӕ сӕххӕст кӕна, уӕд у аххосджын – йӕ бон ӕй сӕххӕст кӕнын кӕй нӕ бауыдзӕн, уый кӕд не ’мбӕрста ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ бамбӕрста, уӕддӕр.

23–29 НОЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 6, 7

«Йегъовӕйӕн кӕцыдӕр нывӕндтӕ хастой, бузныг дзы кӕй уыдысты, уый тыххӕй»

(Левит 7:11, 12) Йегъовӕйӕн цы фарны нывӕндтӕ хӕсдзысты, уыдоны тыххӕй уыдзӕн ахӕм закъон. 12 Уыцы нывонд исчи, Хуыцауӕй бузныг кӕй у, уый тыххӕй куы хӕсса, уӕд арфӕйы нывондимӕ хъуамӕ ӕрхӕсса соимӕ конд донгонд гуылтӕ, сойӕ сӕрст донгонд лауызтӕ ӕмӕ хӕрзнад хыссӕйӕ соимӕ конд гуылтӕ.

w19.11 22 ф., 9 абз.

Левиты чиныгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

9 Дыккаг: Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, бузныг дзы кӕй стӕм, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм, рагон Израилы фарны нывӕндтӕ цӕмӕн хастой, уымӕ. Левиты чиныгӕй базонӕн ис, израилӕгтӕ-иу фарны нывӕндтӕ кӕй ӕрхастой, Хуыцауӕй бузныг кӕй уыдысты, уый тыххӕй (Лев. 7:11–13, 16–18). Уыцы нывӕндтӕ уый тыххӕй нӕ хастой, ӕмӕ уый сӕ хӕс уыд, фӕлӕ, сӕхи кӕй фӕндыд, уый тыххӕй. Уӕдӕ-иу адӕймаг ахӕм нывонд ӕрхаста барвӕндонӕй, Йегъовӕ Хуыцауы кӕй уарзта, уый тыххӕй. Нывонд фосы дзидзайӕ сӕ бон хӕрын уыд, нывонд-иу чи ӕрхаста, уыцы адӕймагӕн, йӕ бинонтӕн ӕмӕ сауджынтӕн. Фӕлӕ фосы нывонды кӕцыдӕр хӕйттӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы уыдысты. Кӕцы хӕйттӕ?

(Левит 7:13–15) Йӕ кувинагимӕ ӕмӕ йӕ фарны нывондимӕ, арфӕйы нывондимӕ, хъуамӕ ӕрхӕсса, ӕнхъизӕн кӕуыл ис, ахӕм хыссӕйӕ конд гуылтӕ. 14 Хыссӕйӕ цы скӕна, уыдонӕй хъуамӕ алкӕцыйӕ дӕр фӕйнӕ иу рахицӕн кӕна Йегъовӕйӕн. Уыдон уыдзысты, фарны нывӕндты туг нывондхӕссӕныл чи бапырх кӕна, уыцы сауджыны. 15 Фарны нывонды – арфӕйы нывонды – дзидза бахӕрын хъӕуы, нывондӕн ӕй цы бон ӕрхӕссой, уыцы бон. Райсоммӕ дзы хъуамӕ мацы ныууадза.

w00 1/9 9 ф., 15 абз.

Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цыд, уыцы нывӕндтӕ

15 Иннӕ барвӕндон нывонд та уыд ӕмбалады нывонд. Уый тыххӕй дзырд цӕуы Левиты чиныджы 3-аг сӕры. Ратӕлмацгӕнӕн ма йӕ ис «фарны нывонд» дӕр. Дзуттаг ӕвзаджы дзырд «фарн» ӕрмӕст уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ хӕст кӕнӕ змӕстытӕ кӕй нӕй. «Библийы ма уыцы дзырд нысан кӕны Хуыцауимӕ иудадзыгдӕр хорз ахастыты уӕвын, фӕрныгад, циндзинад ӕмӕ амонд дӕр»,– дзырдӕуы иу чиныджы («Studies in the Mosaic Institutions»). Уӕдӕ ӕмбалады нывӕндтӕ адӕм нӕ хастой Хуыцауимӕ бафидауынӕн, ома йӕ маст цӕмӕй ӕрцӕуа, уый тыххӕй, фӕлӕ сын йемӕ хорз ахастытӕ кӕй уыди, уый сын тынг ӕхсызгон кӕй уыд ӕмӕ дзы бузныг кӕй уыдысты, уый равдисынӕн. Ӕмӕ Хуыцауимӕ ахӕм хорз ахастытӕ та, ӕрмӕстдӕр Хуыцау райгонд кӕмӕй уыди, уыдонӕн уыд. Уыцы нывондӕй-иу хордтой сауджын ӕмӕ-иу ӕй чи ӕрбахаста, уый, йӕ туг ӕмӕ-иу ын йӕ фиу Иегъовӕйӕн куы ӕрхастой, уый фӕстӕ (Левит 3:17; 7:16–21; 19:5–8). Уӕдӕ уый афтӕ уыд, цыма нывонд ӕрбахӕсджытӕ, сауджынтӕ ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцау иумӕ минас кодтой, ӕмӕ уый та тынг рӕсугъд ӕвдыста, се ’хсӕн хорз ахастытӕ кӕй уыд, уый.

(Левит 7:20) Исчи сыгъдӕг куы нӕ уа ӕмӕ афтӕмӕй, Йегъовӕйӕн цы фарны нывонд ӕрхастой, уый дзидзайӕ куы бахӕра, уӕд ӕй хъӕуы фесафын йӕ адӕмы ’хсӕнӕй.

w00 1/9 13 ф., 8 абз.

Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы ӕппӕлды нывӕндтӕ

8 Цавӕр адӕймаджы бон уыд лӕвар кӕнӕ нывонд ӕрхӕссын? Закъон куыд дзуры, афтӕмӕй Иегъовӕмӕ чи цыд, уый хъуамӕ уыдаид сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп. Цыдӕр аххосагмӕ гӕсгӕ-иу сыгъдӕг чи нал уыд, уый уал-иу хъуамӕ фыццаг ӕрхастаид тӕригъӕды тыххӕй нывонд кӕнӕ азымы нывонд, цӕмӕй Иегъовӕйы раз фӕстӕмӕ ссыгъдӕг уыдаид. Ӕрмӕстдӕр ын уый фӕстӕ иста Хуыцау, ӕнӕхъӕнӕй дӕр басудзынмӕ кӕй ӕрбахаста, уыцы нывонд кӕнӕ йӕ ӕмбалады нывонд (Левит 5:1–6, 15, 17). Уӕдӕ Иегъовӕйы раз алкӕддӕр сыгъдӕг намысимӕ цӕрын куыд ахсджиаг у, уый ӕмбарӕм? Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ лӕггаддзинад Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуа, уӕд йӕ закъӕтты ныхмӕ гыццыл исты куы фӕрӕдийӕм, уӕддӕр ӕй хъуамӕ ӕвӕстиатӕй сраст кӕнӕм. Мах хъуамӕ тындзӕм, Хуыцау нын ӕххуысӕн кӕй радта, уыдонмӕ, ома «ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм» ӕмӕ «нӕ тӕригъӕдты тыххӕй фидауынгӕнӕг нывонд» Йесо Чырыстимӕ (Иаковы 5:14, НД; 1 Иоанны 2:1, 2, НД).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Левит 6:13) Нывондхӕссӕныл арт хъуамӕ судза ӕдзухдӕр, хъуамӕ ма ахуысса.

it-U «Огонь», дӕлсӕргонд «В священном шатре и в храме», 1 абз.

Арт

Хуыцауы цатыры дӕр ӕмӕ кувӕндоны дӕр. Артӕй пайда кодтой Хуыцауы цатыры ӕмӕ фӕстӕдӕр та кувӕндоны лӕггад кӕнынӕн. Хистӕр сауджын-иу алы райсом дӕр ӕмӕ-иу дыууӕ изӕры астӕу дӕр хъуамӕ будсудзӕн нывондхӕссӕныл буд ссыгътаид (Рц 30:7, 8). Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ-иу, судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хастой, уыцы нывондхӕссӕныл хъуамӕ ӕдзухдӕр арт сыгъдаид (Лв 6:12, 13). Дзуттаг таурӕгъмӕ гӕсгӕ, уыцы нывондхӕссӕныл арт фыццаг хатт диссаджы хуызы Хуыцау ссыгъта. Фӕлӕ Библийы уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй. Йегъовӕ Моисейӕн бафӕдзӕхста: «Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, нывондхӕссӕныл ӕрӕвӕрдзысты зынгтӕ, зынгты уӕлӕ та – сугтӕ» (Лв 1:7, 8). Афтӕ хъуамӕ бакодтаиккой, цалынмӕ нывонд нывондхӕссӕныл нӕ сӕвӕрдтой, уӕдмӕ. Ӕмӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сауджынтӕй ӕвӕрд куы ’рцыдысты ӕмӕ уый номыл нывӕндтӕ куы ’рхастой, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ рацыд арт Йегъовӕйӕ (ӕвӕццӕгӕн, цатыры сӕрмӕ цы мигъ уыд, уырдыгӕй) ӕмӕ, нывондхӕссӕныл цы фосы нывонд уыд, уый аныхъуырдта. Уӕдӕ, Хуыцауӕй цы арт рацыд, уый, нывондхӕссӕныл цы сугтӕ уыд, уыдон не ссыгъта, фӕлӕ «нывондхӕссӕныл цы судзинаг нывонд ӕмӕ фиу уыди, уыдон аныхъуырдта». Уыцы арт дарддӕр дӕр сыгъди, Хуыцауӕй чи рацыд, уыцы арты фӕрцы дӕр ӕмӕ, уый размӕ сауджынтӕ цы зынгтӕ ӕрӕвӕрдтой, уыдоны фӕрцы дӕр (Лв 8:14–9:24). Соломоны рӕстӕджы кувӕндон куы нывонд кодтой ӕмӕ Соломон уый номыл куы скуывта, уӕд дӕр Йегъовӕйӕ диссаджы хуызы арт рацыд ӕмӕ нывӕндтӕ уайтагъд аныхъуырдта (2Аз 7:1; ноджыдӕр ма кӕс Трх 6:21; 1Пд 18:21–39; 1Аз 21:26, уым дӕр фыст ис, Йегъовӕйӕ-иу арт куыд рацыд ӕмӕ-иу афтӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджыты нывӕндтӕ куыд айста, уый тыххӕй).

(Левит 6:25) «Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Тӕригъӕды тыххӕй цы нывӕндтӕ хӕсдзысты, уыдоны тыххӕй уыдзӕн ахӕм закъон: тӕригъӕды тыххӕй нывонд хъуамӕ ӕргӕвдой Йегъовӕйы раз, судзинаг нывӕндтӕ кӕм фергӕвдынц, уым. Уыцы нывонд у се ’ппӕтӕй табуйагдӕр.

si-U 29 ф., 15 абз.

Библийы 3 чиныг – Левит

15 3) Адӕймаг-иу ӕнӕрхъуыдыйӕ тӕригъӕд куы сарӕзтаид, уӕд-иу хъуамӕ ӕрхастаид нывонд тӕригъӕды тыххӕй. Нывондӕн-иу цы хъуамӕ ӕрхастаиккой, уый кӕнгӕ уыд, тӕригъӕд-иу чи сарӕзта, уымӕй: сауджын, адӕм иууылдӕр, адӕмы хистӕртӕй кӕнӕ хуымӕтӕг адӕмӕй исчи. Кӕд судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ барвӕндонӕй хастой, уӕд тӕригъӕды тыххӕй нывонд та хӕссын хъуыди ӕнӕмӕнг (Лв 4:1–35; 6:24–30).

Библийӕ бакӕсинаг

(Левит 6:1–18) Йегъовӕ ма Моисейӕн ноджыдӕр загъта: 2 «Адӕймагӕн исты йӕ бар куы бакӕной ӕмӕ сӕ куы фӕсайа, кӕнӕ исты куы адава ӕмӕ йӕ куы не схъӕр кӕна, йе та искӕуыл сайдӕй куы рацӕуа, уӕд Йегъовӕйы раз сарӕзта тӕригъӕд. Уый у тӕригъӕд. 3 Науӕд искӕмӕй исты куы фесӕфа ӕмӕ йӕ уый куы ссара, фӕлӕ йӕ куы басусӕг кӕна ӕмӕ мӕнг сомы куы ракӕна, ӕз ницы тӕригъӕд сарӕзтон, зӕгъгӕ, уӕд дӕр тӕригъӕд сарӕзта Хуыцауы раз. 4 Ӕмӕ, тӕригъӕд куы сараза ӕмӕ куы фӕаххосджын уа, уӕд хъуамӕ фӕстӕмӕ ратта, цы адавта, кӕнӕ цы байста, кӕнӕ цы расайдта, кӕнӕ йын йӕ бар цы бакодтой, кӕнӕ цы ссардта, 5 кӕнӕ мӕнг сомы цӕй тыххӕй ракодта, уый. Цы зиан ракодта, уый хъуамӕ ӕнӕхъӕнӕй бафида ӕмӕ ма йӕм ноджыдӕр бафтауа уымӕн йӕ фӕндзӕм хай. Уыдон иууылдӕр хъуамӕ ратта сӕ хицауӕн, йӕ аххос цы бон сбӕлвырд уа, уыцы бон. 6 Ӕмӕ аххосы тыххӕй нывондӕн хъуамӕ Йегъовӕйӕн йӕ дзугӕй ӕрхӕсса ӕнӕсахъат фыр. Хъуамӕ йӕ ӕрбакӕна сауджынмӕ, йӕ нывонд хъуамӕ уа, цас зӕгъой, уый аргъ. Уый у нывонд аххосы тыххӕй. 7 Афтӕмӕй йӕ сауджын Йегъовӕйы раз йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн, ӕмӕ, цы сарӕзта ӕмӕ цы хъуыддӕгты фӕаххосджын, уыдон ын иууылдӕр хатыргонд ӕрцӕудзысты». 8 Йегъовӕ ма Моисейӕн ноджыдӕр загъта: 9 «Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Судзинаг нывӕндты тыххӕй уыдзӕн ахӕм закъон: судзинаг нывонд нывондхӕссӕны зынгтыл хъуамӕ уа ӕнӕхъӕн ӕхсӕв суанг райсомы онг, ӕмӕ йыл хъуамӕ судза арт. 10 Сауджын йӕ уӕлӕ хъуамӕ скӕна, лӕггад кӕнынӕн чи у, уыцы кӕттаг уӕлӕдарӕс, стӕй мидӕггаг кӕттаг хӕлаф, цӕмӕй йын йӕ буар ӕмбӕрза. Ӕмӕ хъуамӕ нывондхӕссӕнӕй ракала, судзинаг нывондӕй цы сойӕдзаг фӕнык баззад, уый, ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕра нывондхӕссӕны фарсмӕ. 11 Стӕй хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс раива ӕмӕ сойӕдзаг фӕнык ахӕсса сыгъдӕг ранмӕ, цатырты ӕддӕмӕ. 12 Нывондхӕссӕныл та хъуамӕ судза арт, хъуамӕ ма ахуысса. Ӕмӕ йыл сауджын алы райсом дӕр хъуамӕ ӕвӕра сугтӕ, стӕй-иу ыл хъуамӕ ӕрӕвӕра судзинаг нывонд ӕмӕ йыл басудза фарны нывӕндты фиу дӕр. 13 Нывондхӕссӕныл арт хъуамӕ судза ӕдзухдӕр, хъуамӕ ма ахуысса. 14 Хоры кувинӕгты тыххӕй уыдзӕн ахӕм закъон: Аароны фырттӕ-иу сӕ хъуамӕ бахӕссой Йегъовӕйы размӕ, нывондхӕссӕны цурмӕ. 15 Ӕмӕ йӕ фырттӕй иу хъуамӕ армыдзаг сиса хоры кувинагӕй – ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй ӕмӕ сойӕ иу гыццыл ӕмӕ, кувинагыл цы урс буд ис, уый иууылдӕр, ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудза, цӕмӕй Йегъовӕ уыцы кувинаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕхсызгонӕй айса ӕмӕ йын йӕ тӕф уа ӕхсызгон. 16 Цы ма дзы баззайа, уый та у Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн. Скӕнын дзы хъӕуы донгонд дзултӕ ӕмӕ сӕ бахӕрын хъӕуы сыгъдӕг бынаты. Бахӕрӕнт сӕ ӕмбырды цатыры кӕрты. 17 Ӕнхъизӕн сыл кӕнӕн нӕй. Уый у сӕ хай – ӕз сын ӕй раттон, мӕнӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй. Уый у уӕлдай табуйаг, тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕмӕ аххосы тыххӕй нывонд табуйаг куыд сты, афтӕ. 18 Хъуамӕ дзы хӕрой Аароны хӕдзарвӕндагӕй нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр. Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй уый у уӕ хай фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Цыдӕриддӕр сыл андзӕва, уый уыдзӕн табуйаг“».

30 НОЯБРӔЙ 6 ДЕКАБРМӔ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 8, 9

«Йегъовӕ равдыста, йӕ адӕмӕн кӕй арфӕ кӕны»

(Левит 8:6–9) Ӕмӕ Аароны йӕ фырттимӕ ӕрбакодта ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй сӕхи ныхсой. 7 Уый фӕстӕ Аароныл скодта даргъ хӕдон ӕмӕ йын йӕ астӕуыл рон ӕрбабаста. Стӕй йыл скодта ӕнӕдыс къаба ӕмӕ ефод ӕмӕ йыл ефод йӕ ронӕй ӕнгом ӕрбабаста. 8 Уый фӕстӕ йыл бакодта риуылдарӕн ӕмӕ дзы нывӕрдта урим ӕмӕ туммим. 9 Стӕй йын йӕ сӕрыл ӕркодта сарыхъ ӕмӕ сарыхъыл разӕй бакодта ӕрттиваг сызгъӕрин тъӕпӕн гӕбаз, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

(Левит 8:12) Уый фӕстӕ байсӕрста Аароны – сӕрмагонд сой йын йӕ сӕрыл рауагъта – ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы цӕсты сси сыгъдӕг.

it-U «Посвящение», дӕлсӕргонд «Посвящение священников», 4 абз.

Чидӕр кӕнӕ цыдӕр нывондгонд куы ’рцӕуы

Моисей Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн – Надав, Авиуд, Елеазар ӕмӕ Ифамарӕн – загъта, цӕмӕй кӕрты ӕрхуы аджы раз сӕхи ныхсадтаиккой, ӕмӕ стӕй Аароныл хистӕр сауджыны уӕлӕдарӕс скодта (Нм 3:2, 3). Уыцы рӕсугъд уӕлӕдарӕс хорз фидыдта, ахӕм бынаты ӕвӕрд чи ’рцыд ӕмӕ ахӕм хӕстӕ чи хъуамӕ ӕххӕст кодтаид, уыцы адӕймагӕн. Моисей райста сӕрмагонд сой ӕмӕ дзы байсӕрста цатыр ӕмӕ йӕ мидӕг цы уыди, уыдон иууылдӕр, стӕй ма, судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хастой, уыцы нывондхӕссӕн ӕмӕ йемӕ цы мигӕнӕнтӕ уыд, уыдон, стӕй стыр аг ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн дӕр. Афтӕмӕй уыцы дзауматӕ систы табуйаг, хицӕнгонд ӕрцыдысты ӕрмӕстдӕр иу хъуыддагӕн: ныр сӕ пайда кӕнӕн уыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн. Уый фӕстӕ Моисей Аароны сӕрыл сой рауагъта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй байсӕрста (Лв 8:6–12; Рц 30:22–33; Пс 133:2).

(Левит 9:1–5) Ӕстӕм бон Моисей фӕдзырдта Ааронмӕ, йӕ фырттӕм ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтӕм. 2 Ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Дӕхи номыл ӕрбакӕн род тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн ӕмӕ фыр судзинаг нывондӕн, хъуамӕ уой ӕнӕсахъат. Ӕрбакӕн сӕ Йегъовӕйы размӕ. 3 Израилы фырттӕн та зӕгъ: „Ӕрбакӕнут нӕл сӕгъ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, стӕй род ӕмӕ фыркъа судзинаг нывондӕн, дыууӕ дӕр хъуамӕ уой афӕдздзыд ӕмӕ ӕнӕсахъат, 4 ӕмӕ гал ӕмӕ фыр та – фарны нывондӕн, цӕмӕй сӕ Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕссат. Стӕй ӕрбахӕссут хоры кувинаг дӕр соимӕ змӕстӕй, уымӕн ӕмӕ уӕм абон Йегъовӕ фӕзындзӕн“». 5 Уыдон дӕр, Моисей сын куыд загъта, афтӕ бакодтой – ӕмбырды цатыры размӕ ӕрбакодтой нывонд фос ӕмӕ ӕрбахастой кувинӕгтӕ. Уый фӕстӕ адӕм иууылдӕр уырдӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыдысты.

it-U «Посвящение», дӕлсӕргонд «Завершение церемонии», 2 абз.

Чидӕр кӕнӕ цыдӕр нывондгонд куы ’рцӕуы

Ногӕвӕрд ӕмӕ алцӕмӕй цӕттӕ сауджынтӕ ӕстӕм бон сӕ хӕстӕ фыццаг хатт сӕххӕст кодтой (ӕнӕ Моисейы ӕххуысӕй) – Израилы адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кодтой. Уый ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ хъуыд, ӕмӕ сӕ райгуырдӕй тӕригъӕдджын уыдысты, фӕлӕ ма уый размӕ ӕгоммӕгӕс кӕй разындысты, ома сызгъӕрин родӕн кӕй бакуывтой, ӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай кӕй фесты, уый тыххӕй дӕр (Лв 9:1–7; Рц 32:1–10). Ногӕвӕрд сауджынтӕ сӕ хӕстӕ куы сӕххӕст кодтой, уӕд Йегъовӕйӕ (ӕвӕццӕгӕн, цатыры сӕрмӕ цы мигъ уыд, уырдыгӕй) арт рацыд ӕмӕ ма нывондхӕссӕныл фосы нывондӕй цы баззад, уый аныхъуырдта. Афтӕмӕй Йегъовӕ равдыста, райгонд сӕ кӕй у ӕмӕ сауджынтӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕвӕрд кӕй ӕрцыдысты, уый (Лв 9:23, 24).

(Левит 9:23, 24) Уый фӕстӕ Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты ӕмбырды цатырмӕ. Стӕй фӕстӕмӕ рацыдысты ӕмӕ адӕмӕн раарфӕ кодтой. Уӕд адӕммӕ фӕзынди Йегъовӕйы кад, 24 ӕмӕ Йегъовӕйӕ рацыд арт ӕмӕ, нывондхӕссӕныл цы судзинаг нывонд ӕмӕ фиу уыди, уыдон аныхъуырдта. Адӕм уый куы федтой, уӕд ныхъхъӕр кодтой ӕмӕ зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхаудтой.

w19.11 23 ф., 13 абз.

Левиты чиныгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Цыппӕрӕм: Йегъовӕ арфӕ кӕны йӕ организацийы зӕххон хайӕн. Ахъуыды-ма кӕнӕм, н. э. размӕ 1512 азы израилӕгтӕ Синайы хохрӕбын Хуыцауы цатыр куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд цы ’рцыд, ууыл (Рац. 40:17). Моисей Аароны ӕмӕ йӕ фыртты сауджынтӕй сӕвӕрдта. Израилы адӕм ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй бакастаиккой, сауджынтӕ фосы нывӕндтӕ фыццаг хатт куыд хӕсдзысты, уымӕ (Лев. 9:1–5). Цымӕ Йегъовӕ куыд равдыста, сауджынтӕй ӕвӕрд чи ’рцыд, уыдонӕй райгонд кӕй уыд, уый? Моисей ӕмӕ Аарон адӕмӕн куы арфӕ кодтой, уӕд Йегъовӕйӕ рацыд арт ӕмӕ, нывондхӕссӕныл цы нывонд уыди, уый аныхъуырдта. (Бакӕс Левит 9:23, 24.)

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Левит 8:6) Ӕмӕ Аароны йӕ фырттимӕ ӕрбакодта ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй сӕхи ныхсой.

w14 15/11 9 ф., 6 абз.

Сыгъдӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

6 Израилы сауджынтӕн сӕ буар дӕр ӕмӕ сӕ дарӕс дӕр сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уыдаид, уый абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг у. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон арӕх бафиппайынц, Хуыцауӕн кӕм фӕкувӕм, уыцы бынӕттӕ сыгъдӕг кӕй вӕййынц, стӕй нӕхӕдӕг дӕр аив конд ӕмӕ сыгъдӕг кӕй вӕййӕм, уый. Уымӕй уӕлдай ма, Йегъовӕйы бӕрзонд хохмӕ чидӕриддӕр ссӕуы, ома йын лӕггад кӕнын чи райдайы, уыдонӕн хъуамӕ уа «сыгъдӕг зӕрдӕ» дӕр. (Бакӕс Псалом 24:3, 4; Ис. 2:2, 3.) Уӕдӕ ӕрмӕст нӕ буар нӕ, фӕлӕ ма нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дӕр хъуамӕ уой сыгъдӕг, ӕмӕ Хуыцауӕн афтӕмӕй лӕггад кӕнӕм. Уый тыххӕй фӕхъӕуы нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын ӕмӕ уый фӕстӕ, чи зоны, цыдӕртӕ дӕр фӕивын (2 Кор. 13:5). Зӕгъӕм, донаргъуыд чырыстон зонгӕ-зонын порнографимӕ куы кӕса, уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Цымӕ Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг дӕн?» Уый фӕстӕ хъуамӕ ӕххуыс бацагура, цӕмӕй уыцы ӕвзӕр ахуыр ныууадза (Иак. 5:14).

(Левит 8:14–17) Уый фӕстӕ Моисей ӕрбакодта уӕныг тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн. Ӕмӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ нывонды сӕрыл ӕрӕвӕрдтой. 15 Стӕй Моисей уӕныджы аргӕвста, йӕ туг ын райста ӕмӕ дзы йе ’нгуылдзӕй нывондхӕссӕны сыкъатӕй алкӕцы дӕр ацахуырста, ӕмӕ нывондхӕссӕн тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кодта. Тугӕй ма цы баззад, уый та акалдта нывондхӕссӕны бынмӕ, цӕмӕй суыдаид табуйаг ӕмӕ йыл уыдаид нывӕндтӕ хӕссӕн адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕныны тыххӕй. 16 Уый фӕстӕ Моисей систа тъӕнгты фиу иууылдӕр, игӕры фиу, дыууӕ уырджы сӕ фиутимӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басыгъта. 17 Уӕныгӕн йӕ царм, йӕ дзидза ӕмӕ йӕ фаджыс та басыгъта цатырты ӕдде, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

it-U «Моисей», дӕлсӕргонд «Посредник соглашения Закона», 3 абз.

Моисей

Моисей уыд, Хуыцау израилӕгтимӕ кӕй сарӕзта, уыцы Закъоны бадзырды ӕхсӕнылӕг. Хуыцау ӕй ахӕм бынаты кӕй сӕвӕрдта, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ тынг ӕнгом уыдысты. Ахӕм бынат ӕндӕр никуы ничи ахста, ног бадзырды Ӕхсӕнылӕг Йесо Чырыстийӕ фӕстӕмӕ. Моисей нывонд фосы тугӕй бапырх кодта бадзырды чиныгыл (Йегъовӕ йӕ адӕмимӕ кӕй скодта, уыцы бадзырды чиныгыл). Уый размӕ Моисей адӕмӕн бадзырды чиныг бакаст, ӕмӕ адӕм загътой: «Йегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм» (Рц 24:3–8; Дзт 9:19). Моисей ӕхсӕнылӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ адӕмӕн разамынд лӕвӕрдта, цӕмӕй Хуыцауы цатыр ӕмӕ уым лӕггад кӕнынӕн цы дзауматӕ хъуыд, уыдон сарӕзтаиккой (Йегъовӕ йын цы ныв радта, уымӕ гӕсгӕ). Уымӕй уӕлдай, Аароны ӕмӕ йӕ фыртты сауджынтӕй сӕвӕрдта, стӕй цатыр ӕмӕ хистӕр сауджын Аароны сӕрмагонд сойӕ байсӕрста. Стӕй ма ногӕвӕрд сауджынтӕн разамынд лӕвӕрдта, сӕ хӕстӕ фыццаг хатт куы ’ххӕст кодтой, уӕд (Рц 25–29 сӕртӕ; Лв 8, 9 сӕртӕ).

Библийӕ бакӕсинаг

(Левит 8:31–9:7) Стӕй Моисей Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Дзидза сфыцут ӕмбырды цатыры бахизӕны раз, ӕмӕ йӕ уым, чыргъӕды цы дзултӕ ис, уыдонимӕ хӕрут, уымӕн ӕмӕ мын афтӕ загъд уыд: „Хъуамӕ сӕ хӕрой Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ“. 32 Дзидзайӕ ӕмӕ дзултӕй цы баззайа, уый та-иу басудзут. 33 Цатыры бахизӕнӕй авд боны макуыдӕм ацӕут, цалынмӕ сауджынтӕй ӕвӕрд не ’рцӕуат, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ бахъӕудзӕн авд боны, цӕмӕй бартӕ уӕ къухтӕм лӕвӕрд ӕрцӕуой. 34 Йегъовӕ афтӕ загъта, ӕмӕ, абон цы ’рцыд арӕзт, уый аразын хъӕуы иннӕ бонты дӕр, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уат. 35 Авд боны, ӕхсӕвы дӕр ӕмӕ бонӕй дӕр, хъуамӕ уат цатыры бахизӕны раз ӕмӕ Йегъовӕйы раз уӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнат, цӕмӕй ма амӕлат, уымӕн ӕмӕ мын афтӕ загъд уыд». 36 Ӕмӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ, Йегъовӕ сын Моисейы уылты цы загъта, уыдон иууылдӕр сарӕзтой.

9 Ӕстӕм бон Моисей фӕдзырдта Ааронмӕ, йӕ фырттӕм ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтӕм. 2 Ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Дӕхи номыл ӕрбакӕн род тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн ӕмӕ фыр судзинаг нывондӕн, хъуамӕ уой ӕнӕсахъат. Ӕрбакӕн сӕ Йегъовӕйы размӕ. 3 Израилы фырттӕн та зӕгъ: „Ӕрбакӕнут нӕл сӕгъ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, стӕй род ӕмӕ фыркъа судзинаг нывондӕн, дыууӕ дӕр хъуамӕ уой афӕдздзыд ӕмӕ ӕнӕсахъат, 4 ӕмӕ гал ӕмӕ фыр та – фарны нывондӕн, цӕмӕй сӕ Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕссат. Стӕй ӕрбахӕссут хоры кувинаг дӕр соимӕ змӕстӕй, уымӕн ӕмӕ уӕм абон Йегъовӕ фӕзындзӕн“». 5 Уыдон дӕр, Моисей сын куыд загъта, афтӕ бакодтой – ӕмбырды цатыры размӕ ӕрбакодтой нывонд фос ӕмӕ ӕрбахастой кувинӕгтӕ. Уый фӕстӕ адӕм иууылдӕр уырдӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыдысты. 6 Ӕмӕ сын уӕд Моисей загъта: «Афтӕ бакӕнын уын Йегъовӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй уӕм фӕзына Йегъовӕйы кад». 7 Уый фӕстӕ Моисей Ааронӕн загъта: «Бацу нывондхӕссӕны цурмӕ ӕмӕ ӕрхӕсс дӕ нывӕндтӕ – тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕмӕ судзинаг нывонд, ӕмӕ дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронты дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕн. Стӕй адӕмӕн дӕр ӕрхӕсс сӕ нывӕндтӕ ӕмӕ уыдоны дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕн, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын