40 ЗАРӔГ
Кӕй бар кӕнӕм нӕ цард?
1. Кӕй бар кӕныс дӕ цард?
Зӕгъ, чи у дӕуӕн хуыцау?
Дӕ зӕрдӕ, дӕ уд кӕмӕн дӕттыс,
Дӕ хуыцау дӕр гъе уый кӕныс.
Дыууӕ хуыцауӕн нӕй
Ӕмхуызон лӕггад кӕнӕн.
Дӕ зӕрдӕ кӕуыл бӕттыс абон, уый
Хуыцау уыдзӕни дӕуӕн.
2. Кӕй бар кӕныс дӕ цард?
Кӕй схондзынӕ ныр хуыцау?
Сӕ иу дзы ӕцӕг у, иннӕ – мӕнг.
Уый равзаринаг у дӕуӕн.
Ды хицӕуттӕн, мыййаг,
Уыдзынӕ ӕдзух цагъар?
Ӕви Стыр Хуыцау Йегъовӕйы бар
Ныр бакӕндзынӕ дӕ цард?
3. Кӕй бар кӕнын мӕ цард?
Йегъовӕ мын у Хуыцау.
Мӕ Фыдӕн ӕз кувдзынӕн ӕрмӕст,
Мӕ дзырд ӕххӕст кӕндзынӕн ӕз.
У ме ’лхӕнӕг Хуыцау,
Мӕ зӕрдӕ йын ӕз дӕттын.
Ӕгасӕй мӕ цард кӕнын ӕз йӕ бар,
Йӕ ном ын кадджын кӕнын!
(Ноджыдӕр кӕс Йес. Н. 24:15; Пс. 116:14, 18; 2 Тим. 2:19.)