39 ЗАРӔГ
Хуыцауы раз хорз ном скӕнӕм
1. Нӕ цард, нӕ фӕндаг куы уа ӕдзухдӕр раст,
Уӕд нын сыгъдӕг ном уыдзӕн Хуыцауы раз.
Кӕд мах рӕстӕй цӕрӕм, Хуыцауӕн кад кӕнӕм,
Уӕд ын йӕ хорзӕх ыссардзыстӕм.
2. Мах сайдзӕн дуне, цӕмӕй суӕм кадмондаг
Ӕмӕ нын стыр ном нӕ царды суа сӕйраг.
Фӕлӕ мах уыдӕттӕм тырнын куы райдайӕм,
Хуыцау нӕ Хӕлар уӕд нал уыдзӕн.
3. Тырнӕм, цӕмӕй нын ӕнустӕм хорз ном уа,
Цӕмӕй Хуыцауӕй нӕ ном рох макуы уа.
Нӕ ныфс ыл дардзыстӕм, рӕстдзинад уарздзыстӕм.
Уыдзӕн нын хорз ном уӕд миназтӕм!
(Ноджыдӕр кӕс Райд. 11:4; Ӕмб. 22:1; Мал. 3:16; Рарг. 20:15.)