113 ЗАРӔГ
Фарн – нӕ хӕзна
1. Фарндӕттӕг Йегъовӕ у,
Уымӕ ’мбӕлы кад.
Бауромдзӕн хӕстытӕ,
Скӕндзӕн сабыр цард.
Фарны Паддзах у йӕ Фырт –
Сабыр ’мӕ фӕлмӕн.
Уый ыскӕндзӕн раст тӕрхон,
Алкӕм фарн уыдзӕн.
2. Нал кӕнӕм рӕхуыст ныхас,
Бафидауӕм тагъд.
Раивтам нӕ хӕцӕнгарз
Кусӕнгӕрзтӕй мах.
Уарзӕм хоты, ’фсымӕрты,
Хатыр сын кӕнӕм,
Ӕмӕ семӕ уый фӕрцы
Мах фӕрнӕй цӕрӕм.
3. Не ’хсӕн ис Хуыцауы фарн,
Алчи уый уыны.
Хъусӕм ын йӕ амындтӕм,
Арфӕ нын кӕны.
Мах нӕ фарн кӕй хъахъхъӕнӕм,
Адӕм уый уынӕнт.
Фарн ӕрхӕсдзӕн Паддзахад,
Цин кӕндзыстӕм уӕд.
(Ноджыдӕр кӕс Пс. 46:9; Ис. 2:4; Иак. 3:17, 18.)