Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lff 57 ур., 1–5 дӕлсӕргӕндтӕ
  • Уӕззау тӕригъӕд куы саразай

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕззау тӕригъӕд куы саразай
  • Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ФЫЛДӔР БАЗОН
  • ЦЫ БАЗЫДТАЙ
  • ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
  • Тӕригъӕд чи ракодта, уыдонмӕ уарзондзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд ис ӕвдисӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Йегъовӕ ӕмбырдӕн Йесойы уылты разамынд куыд дӕтты?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уыдонӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Йегъовӕйы зондамындмӕ хъус
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
Фылдӕр фенын
Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
lff 57 ур., 1–5 дӕлсӕргӕндтӕ
57 урок. Ӕрыгон ӕфсымӕр Паддзахады залы дыууӕ хистӕр нӕлгоймагӕн дзуры, уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый тыххӕй.

57 УРОК

Уӕззау тӕригъӕд куы саразай

Мыхуыргонд публикаци
Мыхуыргонд публикаци
Мыхуыргонд публикаци

Кӕд Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзыс ӕмӕ, дӕ бон цы у, уый аразыс, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ мацӕмӕй фӕриссын кӕнай, уӕддӕр-иу хатт фӕрӕдидзынӕ. Фӕлӕ иуӕй-иу тӕригъӕдтӕ иннӕтӕй уӕззаудӕр вӕййынц (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10). Кӕд уӕззау тӕригъӕд сарӕзтай, уӕд дӕ рох ма уӕд, Йегъовӕ дӕ уӕддӕр кӕй уарзы. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дын ныххатыр кӕна ӕмӕ дын баххуыс кӕна.

1. Цы хъуамӕ саразӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ ныххатыр кӕна?

Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон тынг фӕмаст кӕнынц, уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, уый куы бамбарынц, уӕд. Фӕлӕ сын удӕнцой хӕссы, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый: «Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд уын митау урс фестдзысты» (Исай 1:18). Нӕ тӕригъӕдыл зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн. Адӕймаг кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? Ӕвзӕр цы у, уый нал фӕаразы ӕмӕ Йегъовӕйӕн фӕлӕгъстӕ кӕны, цӕмӕй йын ныххатыр кӕна. Стӕй фӕархайы, цӕмӕй йӕ зондахаст сраст кӕна ӕмӕ йӕ тӕригъӕдмӕ чи ’ркодта, уыцы хъуыддӕгтӕ мауал араза, фӕлӕ цӕра Йегъовӕйы сыгъдӕг закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. (Бакӕс Исайы 55:6, 7.)

2. Йегъовӕ нын хистӕр нӕлгоймӕгты уылты куыд баххуыс кӕны?

Йегъовӕ зӕгъы, уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд-иу цӕмӕй «фӕдзурӕм ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм». (Бакӕс Иаковы 5:14, 15.) Уыцы ӕфсымӕртӕ уарзынц Йегъовӕйы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдоны. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕамонынц, сӕ бон куыд у се ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй та фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уой (Галатӕгтӕм 6:1).

Уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд нын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд баххуыс кӕндзысты? Дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ хистӕр нӕлгоймаджы нын Библийы фӕрцы бамбарын кӕндзысты, цы сарӕзтам, уый Хуыцауы цӕсты раст цӕуылнӕ у. Ратдзысты ма нын уынаффӕтӕ, цӕмӕй тӕригъӕд мауал саразӕм ӕмӕ нӕ ныфс бауадздзысты, цӕмӕй нӕ къухтӕ ма ’руадзӕм. Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уый куы не ’рфӕсмон кӕны, уӕд ӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕй фӕхицӕн кӕнынц, цӕмӕй йӕ зондахаст ӕмбырды иннӕтыл ма бандава.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Фылдӕр базон, Йегъовӕ куыд баххуыс кӕны, уӕззау тӕригъӕд чи саразы, уыдонӕн. Уӕд дзы йе ’ххуысы тыххӕй тынгдӕр бузныг уыдзынӕ.

3. Нӕ тӕригъӕды тыххӕй куы радзурӕм, уӕд фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уыдзыстӕм

Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссын кӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ Йегъовӕйӕн нӕ тӕригъӕды тыххӕй радзурӕм. Бакӕсут Псалом 32:1–5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Хорз цӕмӕн у, нӕ тӕригъӕд Йегъовӕйӕ куы нӕ бамбӕхсӕм, фӕлӕ йын ӕй ӕргом куы радзурӕм?

Нӕ тӕригъӕды тыххӕй Йегъовӕйӕн куы радзурӕм ӕмӕ уый фӕстӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс куы ракурӕм, уӕд нын бирӕ фенцондӕр уыдзӕн. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

ВИДЕОРОЛИК: «Йегъовӕ, кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны» (3:01)

  • Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Кенонӕн куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй та Йегъовӕмӕ баввахс уыдаид?

Нӕ тӕригъӕдты тыххӕй-иу хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн алцыдӕр ӕргом радзурӕм, мацы-иу сӕ басусӕг кӕнӕм. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс у, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕной. Бакӕсут Иаковы 5:16 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Нӕ тӕригъӕды тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн алцыдӕр ӕргом куы радзурӕм, уӕд сын ӕнцондӕр цӕмӕн уыдзӕн, цӕмӕй нын баххуыс кӕной?

Нывтӕ: 1. Ӕфсымӕр, цы сарӕзта, уый тыххӕй тынг маст кӕны ӕмӕ йӕ цӕсгом йӕ къухтӕй бамбӕрзта. 2. Ӕфсымӕр Йегъовӕмӕ кувы. 3. Ӕфсымӕр хистӕр нӕлгоймагимӕ телефонӕй ныхас кӕны. 4. Ӕфсымӕр ӕртӕ хистӕр нӕлгоймагимӕ фембӕлд. 5. Ӕфсымӕр йӕ мидбылты худы, уымӕн ӕмӕ ныр йӕ цӕсгом Хуыцауы раз у сыгъдӕг.

Дӕ тӕригъӕды тыххӕй Йегъовӕйӕн ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн алцыдӕр ӕргом радзур ӕмӕ сын се ’ххуысыл сразы у

4. Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисы, тӕригъӕд чи саразы, уымӕ

Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уый Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын куы нал фӕфӕнды, уӕд ӕй ӕмбырдӕй фӕхицӕн кӕнынц, ӕмӕ нын йемӕ иумӕйагӕй ницыуал вӕййы. Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 5:6, 11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Гыццыл ӕнхъизӕн хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй сӕнхъизын кӕны. Ацы цӕвиттонӕй куыд зыны, йӕ тӕригъӕдыл чи не ’рфӕсмон кодта, уыцы адӕймаг ӕмбырдыл куыд бандавдзӕн, уый?

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕйау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисынц, ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уыдонӕн кӕй феххуыс кӕнынц, уымӕй. Уыдонӕй бирӕтӕ фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. Кӕй сӕ фӕхицӕн кодтой, уый сын зын уыди, фӕлӕ уый фӕрцы бамбӕрстой, цы сарӕзтой, уый раст кӕй нӕ уыд (Псалом 141:5).

Тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонмӕ Йегъовӕ цы зӕрдӕ дары, уымӕй куыд зыны, рӕстӕй кӕй фӕархайы, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ нӕ бирӕ кӕй уарзы?

5. Куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ ныххатыр кӕны

Йесо фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд Йегъовӕ цы фенкъары, уый. Бакӕсут Лукайы 15:1–7 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ацы фӕсномыг ныхасӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай?

Бакӕсут Йезекилы 33:11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Адӕймаг кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг?

Фыййау фысӕн йӕ цӕф арӕхстгай бӕтты.

Хорз фыййау йӕ фыстыл куыд фӕтыхсы, афтӕ тыхсы Йегъовӕ дӕр махыл

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Тӕрсын, мӕ тӕригъӕды тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куы радзурон, уӕд мӕ ӕмбырдӕй куы фӕхицӕн кӕной».

  • Ахӕм адӕймагӕн цы зӕгъис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд нын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн, зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ, ӕвзӕр цы у, уый куы нал аразӕм, уӕд.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Хорз цӕмӕн у, цӕмӕй-иу нӕ тӕригъӕды тыххӕй Йегъовӕйӕн радзурӕм?

  • Цы хъуамӕ саразӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕна?

  • Уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс цӕмӕн хъуамӕ ракурӕм?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, иу нӕлгоймаг йӕхиуыл куыд бавзӕрста, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый тыххӕй Исайы 1:18 цы фыст ис, уый.

«Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл макуы дызӕрдыг кӕн» (5:02)

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд феххуыс кӕнынц, уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонӕн?

«Тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонмӕ уарзондзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд ис ӕвдисӕн?» (2024 азы августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Базон, йӕ тӕригъӕдыл чи нӕ фӕсмон кӕны, ахӕм адӕймагмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд равдисынц.

«Ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уыдонӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн?» (2024 азы августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Бакӕс, рӕстдзинад чи ныууагъта, иу ахӕм нӕлгоймаджы хабар, «Мӕн хъуыд Йегъовӕмӕ раздӕхын», зӕгъгӕ. Уымӕй базондзынӕ, фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ цӕмӕн раздӕхт.

«Библи ивы адӕймаджы цард» (2012 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын