Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 89 статья
  • Динтӕ иууылдӕр Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуынц?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Динтӕ иууылдӕр Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуынц?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Мӕнг динтӕ Хуыцауы ном куыд ӕгад кӕнынц?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕцы дин цӕуы?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Дӕ бон куыд у раст дин базонын?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Уӕхи хизут мӕнг динӕй!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
Фылдӕр фенын
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 89 статья
Алыхуызон динты нысӕнттӕ

Динтӕ иууылдӕр Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуынц?

Дзуапп Библийӕ

Нӕ, уый афтӕ нӕу. Библийы ис, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, бирӕ ахӕм динты кой. Адих кӕнӕн сӕ ис дыууӕ къордыл.

1. Адӕм фӕкувынц мӕнг хуыцӕуттӕн

Библийы мӕнг хуыцӕуттӕн кувыны тыххӕй фыст ис, уый кӕй у «афтид» ӕмӕ «ӕппындӕр чи ницы пайда у», ахӕм хъуыддаг (Йереми 16:19, 20). Йегъовӕa Хуыцау рагон израилӕгтӕн бафӕдзӕхста: «Мӕн йеддӕмӕ дын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд» (Рацыд 20:3, 23; 23:24). Израилӕгтӕ-иу ӕндӕр хуыцӕуттӕн куы куывтой, уӕд-иу сӕм «Йегъовӕйы маст ссыгъд» (Нымӕцтӕ 25:3; Левит 20:2; Тӕрхонгӕнджыты 2:13, 14).

Абон дӕр Хуыцау ахӕм цӕстӕй кӕсы, «хуыцӕуттӕ кӕй хонынц», уыдонӕн кувынмӕ (1 Коринфӕгтӕм 8:5, 6; Галатӕгтӕм 4:8). Йегъовӕ, лӕггад кӕнын ын кӕй фӕнды, уыдоны фӕдзӕхсы, цӕмӕй сын мӕнг хуыцӕуттӕн кувджытимӕ иумӕйагӕй мацыуал уа. Дзуры сын: «Се ’хсӕнӕй рацӕут ӕмӕ сӕ уӕхи фӕхицӕн кӕнут» (2 Коринфӕгтӕм 6:14–17). Кӕд динтӕ иууылдӕр йӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц, уӕд афтӕ цӕмӕн дзуры?

2. Адӕм Хуыцауӕн фӕкувынц, йӕ зӕрдӕмӕ куыд нӕ цӕуы, афтӕ

Хатт-иу израилӕгтӕ Хуыцауӕн куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмы динты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ. Фӕлӕ-иу раст дин мӕнг динимӕ кӕй схӕццӕ кодтой, уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цыд (Рацыд 32:8; Дыккаг закъон 12:2–4). Йесо йӕ рӕстӕджы цӕрӕг дины разамонджытӕн уайдзӕф кодта, Хуыцауӕн куыд лӕггад кодтой, уый тыххӕй. Сӕхи афтӕ ӕвдыстой, цыма Хуыцауыл тынг ӕнувыд уыдысты, афтӕмӕй «Закъоны сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ та – рӕстдзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад – ницӕмӕ дардтой» (Матфейы 23:23).

Абон дӕр Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы, адӕмӕн рӕстдзинад чи амоны, ӕрмӕстдӕр уыцы дин. Уыцы рӕстдзинад ис Библийы (Иоанны 4:24; 17:17; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Сӕ ахуырӕдтӕ Библимӕ гӕсгӕ раст кӕмӕн не сты, уыцы динтӕ адӕмы Хуыцауӕй дард кӕнынц. Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, зӕгъӕм, Троицӕйы, ӕнӕмӕлгӕ уды ӕмӕ зындоны арты тыххӕй ахуырӕдтӕ Библийӕ сты, фӕлӕ ӕцӕгӕй та сты мӕнг дины ахуырӕдтӕ. Уыцы ахуырӕдтыл чи ’ууӕнды ӕмӕ сӕ чи парахат кӕны, уыдонӕн сӕ лӕггад «дзӕгъӕлы» у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕ баивтой дины ӕгъдӕуттӕй (Марчы 7:7, 8).

Хуыцау йе сӕфт уыны, йӕхи уырнӕг чи хоны, уыдоны цӕстмӕ митӕй (Титмӕ 1:16). Раст дин адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕной. Адӕймаг раст диныл хӕст кӕй у, уый, йӕ дины ӕгъдӕуттӕ кӕй феххӕст кӕны, ӕрмӕст уымӕй нӕ вӕййы бӕрӕг. Уый ма бӕрӕг вӕййы йӕ цардӕй ӕмӕ, цы уынаффӕтӕ фӕхӕссы, уыдонӕй дӕр. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис: «Кӕд исчи йӕхи Хуыцауӕн кувӕг адӕймагыл нымайы, йе ’взаджы рохтыл та нӕ хӕцы, уӕд йӕхи сайы, ӕмӕ ахӕмӕн йӕ дин ницы у. Нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыды цӕсты сыгъдӕг, ӕнӕфау дин у ахӕм: сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕн сӕ тыхсты рӕстӕг сӕ фарсмӕ балӕуу ӕмӕ ацы дунейӕ дӕхи фӕчъизи кӕнын ма бауадз» (Иаковы 1:26, 27).

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцауы ном.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын