-
Хуыцаумӕ чи хъуыста, уыцы цагъарБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
14 СӔРГОНД
Хуыцаумӕ чи хъуыста, уыцы цагъар
Иосиф уыди Иаковы кӕстӕр фырттӕй сӕ иу. Йӕ хистӕр ӕфсымӕртӕ уыдтой, сӕ фыд ӕй уыдонӕй фылдӕр кӕй уарзы. Куыд хъуыды кӕныс, уый сын ӕхсызгон уыди? Кӕцӕй! Ӕмӕ уый тыххӕй Иосифмӕ хӕлӕг кодтой ӕмӕ дзы сӕ удхӕссӕг уыдтой. Иухатт Иосиф федта ӕнахуыр фынтӕ ӕмӕ сӕ йе ’фсымӕртӕн радзырдта. Уыцы фынтӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ йын иу бон йе ’фсымӕртӕ сӕ сӕртӕй ныллӕг акувдзысты. Ӕмӕ дзы ныр бынтондӕр сӕ удхӕссӕг федтой!
Иу бон Иосифы ӕфсымӕртӕ горӕт Сихеммӕ хӕстӕг фыстӕ куы хызтой, уӕд сӕм Иаков Иосифы арвыста, ацу ӕмӕ сӕ фен, зӕгъгӕ. Йе ’фсымӕртӕ йӕ дардӕй куы ауыдтой, уӕд кӕрӕдзийӕн загътой: «Уӕртӕ уыцы фынтӕуынӕг ӕрбацӕуы. Амарӕм ӕй!» Уыдон ӕй ӕрцахстой ӕмӕ йӕ арф дзыхъхъы ныппӕрстой. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕй сӕ иу, Иудӕ, загъта: «Ма йӕ амарут! Фӕлтау ӕй цагъарӕй ауӕй кӕнӕм!» Ӕмӕ йӕ уӕд дыууын ӕвзист ӕхцайыл ауӕй кодтой, Мадиамы зӕххӕй чи уыд ӕмӕ сӕ рӕзты Египетмӕ чи фӕцӕйцыд, уыцы уӕйгӕнджытӕн.
Стӕй Иосифы уӕлӕдарӕс сӕгъы туджы сӕвдылдтой ӕмӕ йӕ сӕ фыдмӕ арвыстой ахӕм ныхӕстимӕ: «Ацы уӕлӕдарӕс дӕ фырты нӕу?» Иаков афтӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ Иосифы цавӕрдӕр хъӕддаг сырд бахордта. Йӕ зӕрдӕ тынг фӕрыст. Ӕмӕ йӕ кӕд иннӕтӕ сабыр кодтой, уӕддӕр тынг хъыг кодта.
Египеты Иосифы цагъарӕй ауӕй кодтой иу стыр хицауӕн, Потифарӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ Иосифӕн ӕххуыс кодта. Потифар федта, Иосиф хорз кусӕг кӕй у ӕмӕ йыл ӕууӕндӕн кӕй ис. Бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, афтӕ йӕ Потифар йӕ хӕдзары хистӕрӕй сӕвӕрдта.
Иосиф уыди рӕсугъд ӕмӕ тыхджын лӕппу, ӕмӕ Потифары усӕн йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. Алы бон дӕр Иосифӕн дзырдта, цӕмӕй йемӕ схуыссыдаид. Цымӕ Иосиф та куыд бакодта? Уый йын загъта: «Нӕ! Уый раст нӕу. Мӕ хицау мыл ӕууӕнды, ды та йӕ ус дӕ. Ӕз демӕ куы схуыссон, уӕд Хуыцауы раз тӕригъӕд сараздзынӕн!»
Иу бон Потифары ус Иосифӕн йӕ уӕлӕдарӕсыл ныххӕцыд, мемӕ схуысс, зӕгъгӕ, фӕлӕ дзы Иосиф алыгъд. Потифар хӕдзармӕ куы ’рбацыд, уӕд ӕй йӕ ус асайдта, Иосиф мӕ йемӕ тыхӕй хуыссын кодта, зӕгъгӕ. Потифар тынг смӕсты, ӕмӕ Иосифы ахӕстоны сбадын кодта. Фӕлӕ Йегъовӕ Иосифы нӕ ферох кодта.
«Уӕхи хъомысджын Хуыцауы раз ӕрныллӕг кӕнут, ӕмӕ уӕ уый йӕ рӕстӕджы сбӕрзонд кӕндзӕн» (1 Петры 5:6)
-
-
Йегъовӕ Иосифы никуы рох кодтаБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
15 СӔРГОНД
Йегъовӕ Иосифы никуы рох кодта
Иосиф ахӕстоны куы уыд, уӕд иухатт фараон, ома Египеты паддзах, ахӕм фынтӕ федта, ӕмӕ никӕй бон уыд бамбарын кӕнын, цы нысан кӕнынц, уый. Фараонӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй иу загъта, Иосифӕн йӕ бон кӕй у фынтӕ ӕмбарын кӕнын. Ӕмӕ уӕд фараон уайтагъд Иосифы ӕрбакӕнын кодта.
Фараон загъта: «Афтӕ фехъуыстон, ӕмӕ фынтӕ халын зоныс». Ӕмӕ йын йӕ фынтӕ куы радзырдта, уӕд ын Иосиф загъта: «Египеты авд азы дӕргъы уыдзӕн бирӕ хӕринаг, уый фӕстӕ та авд азы дӕргъы уыдзӕн тынг ӕххормаг рӕстӕг. Зондджын адӕймаджы сӕвӕр, цӕмӕй хӕринаг ӕмбырд кӕна, ӕмӕ дӕ адӕм ӕххормагӕй ма амӕлой». Фараон загъта: «Уыцы хъуыддагӕн дӕу ӕвӕрын! Ды уыдзынӕ Египеты дыккаг хицау!» Цымӕ Иосиф куыд базыдта, фараоны фынтӕ цы нысан кӕнынц, уый? Йегъовӕ йын баххуыс кодта.
Гъемӕ Иосиф хӕринаг ӕмбырд кӕнын райдыдта, ӕмӕ авд азы фӕстӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл скодта ӕххормаг рӕстӕг, Иосиф куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Алы рӕттӕй адӕм Иосифмӕ хӕринаг балхӕнынмӕ цыдысты. Йӕ фыд Иаков дӕр фехъуыста, Египеты хӕринаг кӕй ис, уый, ӕмӕ йӕ фырттӕй дӕс уырдӕм хӕринаг балхӕнынмӕ арвыста.
Иаковы фырттӕ Иосифмӕ куы ’рцыдысты, уӕд сӕ уый уайтагъд базыдта. Фӕлӕ йӕ уыдон та нӕ базыдтой. Йе ’фсымӕртӕ йын сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой, кӕддӕр фыны куыд федта, афтӕ. Иосифы фӕндыд базонын, йе ’фсымӕртӕ ма ахӕм ӕвзӕр сты ӕви нӕ, ӕмӕ сын загъта: «Сымах чидӕр ӕрбарвыста! Нӕ бӕстӕмӕ ӕрбабырсӕн кӕцырдыгӕй ис, уый базонынмӕ ӕрцыдыстут!» Уыдон ын загътой: «Нӕ! Мах цӕрӕм Ханааны зӕххыл. Уыдыстӕм 12 ӕфсымӕры. Не ’фсымӕртӕй иу мӕлгӕ акодта, кӕстӕр та нӕ фыдимӕ баззад». Уӕд сын Иосиф загъта: «Уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры мӕм ӕрбакӕнут, ӕмӕ уыл уӕд баууӕнддзынӕн». Ӕмӕ уыдон дӕр сӕхимӕ аздӕхтысты.
Иаковы фырттӕ Египетӕй цы хӕринаг ӕрластой, уый сын куы фӕци, уӕд та ногӕй Египетмӕ ацыдысты. Ацы хатт семӕ сӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Вениамины дӕр акодтой. Иосиф сӕ сфӕнд кодта бафӕлварын. Йе ’взист къус Вениаминӕн йӕ хоры голладжы сусӕгӕй сӕвӕрын кодта ӕмӕ стӕй йе ’фсымӕрты фӕаххосджын кодта, адавтой мын ӕй, зӕгъгӕ. Иосифы лӕггадгӕнджытӕ Вениамины голладжы къус куы ссардтой, уӕд йе ’фсымӕртӕ, цы загътаиккой, уый нал зыдтой. Лӕгъстӕ кӕнын ын райдыдтой, цӕмӕй сын Вениамины бӕсты сӕхи бафхӕрдтаид.
Иосиф бамбӕрста, йе ’фсымӕртӕ хуыздӕрырдӕм кӕй фӕивтой. Йӕхи нал баурӕдта ӕмӕ ныккуыдта. Ӕмӕ стӕй загъта: «Ӕз уе ’фсымӕр Иосиф дӕн. Мӕ фыд ма ӕгас у?» Йе ’фсымӕртӕн фырдиссагӕй сӕ бон дзурын дӕр нал уыд. Иосиф сын загъта: «Цы мын сарӕзтат, ууыл мауал мӕт кӕнут. Ардӕм мӕ Хуыцау рарвыста, цӕмӕй сымах ма амӕлат. Ныр тагъддӕр ацӕут ӕмӕ мын мӕ фыды ардӕм ӕркӕнут».
Иосифы ӕфсымӕртӕ сӕ фыдмӕ ацыдысты, цӕмӕй йын уыцы цины хабар радзырдтаиккой ӕмӕ йӕ Египетмӕ ӕркодтаиккой. Уыйбӕрц рӕстӕг рацыд, ӕмӕ та ныр Иосиф ӕмӕ йӕ фыд уыдысты иумӕ.
«Сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы нӕ хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ Фыд дӕр нӕ ныххатыр кӕндзӕн уӕ рӕдыдтытӕ» (Матфейы 6:15)
-