123 ЗАРӔГ
Хуыцауы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл фидар хӕцӕм
1. Ныр Хуыцауы адӕм хорз хабар хӕссынц,
Паддзахадыл дзурынц,– тынг ын аргъ кӕнынц.
Хъуамӕ уой ӕнувыд, иу зондыл хӕцой,
Алкӕддӕр Хуыцауӕн коммӕгӕс куыд уой.
БАЗАРД
Алкӕддӕр хъуамӕ хъусӕм Хуыцаумӕ,
Уымӕн лӕггад кӕнӕм.
Уый нӕ рӕвдауы, хъахъхъӕны, тавы.
Алкӕд ыл ӕнувыд уӕм!
2. Мах ӕдзухдӕр размӕ сыгъдӕг тых кӕны,
Афоныл нын «цагъар» разамынд дӕтты.
Цин кӕндзӕн Йегъовӕ, коммӕгӕс куы уӕм.
Йе ’вӕрд уаг ’мӕ ’гъдауыл фидар, цӕй, хӕцӕм!
БАЗАРД
Алкӕддӕр хъуамӕ хъусӕм Хуыцаумӕ,
Уымӕн лӕггад кӕнӕм.
Уый нӕ рӕвдауы, хъахъхъӕны, тавы.
Алкӕд ыл ӕнувыд уӕм!
(Ноджыдӕр кӕс Матф. 24:45; Дзут. 13:7, 17.)