Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • od 16 сӕр, 162–168 фф.
  • Ӕгас дунейы дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн ис иудзинад

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕгас дунейы дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн ис иудзинад
  • Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ФӔХЪӔУЫ ЗОНДАХАСТ ИВЫН
  • НӔ ИУДЗИНАД ХЪАХЪХЪӔНӔМ
  • КӔРӔДЗИЙЫЛ ТЫХСӔМ
  • ЙЕГЪОВӔ НӔ РАХИЦӔН КОДТА ЙӔ ФӔНДОН ӔХХӔСТ КӔНЫНӔН
  • Иннӕтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Ног дунейӕн бындур ӕвӕрд цӕуы абон
    Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?
  • Ӕцӕг чырыстон иудзинад. Куыд?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • «Уе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзут»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
Фылдӕр фенын
Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
od 16 сӕр, 162–168 фф.

16 СӔР

Ӕгас дунейы дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн ис иудзинад

ИЗРАИЛӔГТӔ Йегъовӕйы ном хастой ӕмӕ йе ’взӕрст адӕм уыдысты 1 500 азы бӕрц. Уый фӕстӕ Йегъовӕ ӕркаст «иннӕ адӕмтӕм... цӕмӕй уыдонӕй йӕхицӕн скодтаид, йӕ ном ын чи хастаид, ахӕм адӕм» (Хъуыд. 15:14). Уыцы адӕм хъуамӕ уыдаиккой Йегъовӕйы ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ, кӕмфӕнды ма цардаиккой, уӕддӕр хъуамӕ уыдаиккой иу зондыл хӕст ӕмӕ архайгӕ дӕр иухуызон кодтаиккой. Хъуамӕ сӕ иу кодтаид, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый. Йесо загъта: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (Матф. 28:19, 20).

2 Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд куы райстай, уӕд сдӕ Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинаг. Ныр дын ӕгас дунейы дӕр ис, се ’хсӕн иудзинад кӕмӕн ис, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ – уыдон нӕ кӕсынц, цы адӕмыхаттӕй кӕнӕ цы расӕйӕ дӕ, хъӕздыг дӕ ӕви мӕгуыр, уымӕ (Пс. 133:1). Ӕмӕ ды дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, райдыдтай де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уарзын ӕмӕ сын аргъ кӕнын. Чи зоны сӕ чидӕртӕ сты ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕнӕ иухуызон ахуырад нӕ райстат. Ӕмӕ сӕ ахӕм цӕйдӕрты тыххӕй, чи зоны, раздӕр дӕ сӕрмӕ хӕсгӕ дӕр не ’ркодтаис. Уарзондзинад дӕ хотимӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ахӕм фидар тӕгтӕй бӕтты, ӕмӕ адӕмы кӕрӕдзийыл афтӕ ӕндӕр ницы бӕтты – нӕдӕр исты хъуыддаг, нӕдӕр дин, стӕй суанг иу бинонтӕ дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ адджын нӕ вӕййынц (Мар. 10:29, 30; Кол. 3:14; 1 Пет. 1:22).

ФӔХЪӔУЫ ЗОНДАХАСТ ИВЫН

3 Вӕййы афтӕ, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зонды рӕдыд хъуыдытӕ тынг ныффидар вӕййынц. Зӕгъӕм, иннӕтыл ӕнӕрвӕссон фӕкӕны, цы адӕмыхаттӕй кӕнӕ цы бӕстӕйӕ сты, йе та адӕмы ’хсӕн цавӕр бынат ахсынц, уый тыххӕй. Ахӕм адӕймагӕн хорз уаид ахъуыды кӕнын, фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕй чырыстон чи сси, уыдоныл. Раздӕр уыдон дзуттаг дины ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕндӕр адӕмтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кастысты, ӕмӕ сӕ зондахаст хъуамӕ фӕивтаиккой. Йегъовӕ Петрӕн куы загъта, цӕмӕй ромаг ӕфсӕддон къорды хицау Корнилимӕ хӕдзармӕ бацыдаид, уӕд ма йӕ уыцы хӕслӕвӕрдмӕ цӕттӕ дӕр бакодта ӕмӕ йӕм афтӕмӕй хӕларзӕрдӕдзинад равдыста (Хъуыд., 10 сӕр).

4 Хуыцау Петрӕн цӕстылуайӕны загъта, цӕмӕй, дзуттӕгтӕ сыгъдӕгыл кӕй нӕ нымадтой, уыцы цӕрӕгойтӕй аргӕвстаид ӕмӕ дзы бахордтаид. Петр куы нӕ куымдта, уӕд уӕларвӕй фехъуыста хъӕлӕс: «Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый чъизи мауал хон» (Хъуыд. 10:15). Йегъовӕ Петрӕн уыдӕттӕ дзӕгъӕлы нӕ равдыста. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй йын йӕ зондахаст бацӕттӕ кодтаид, цы хӕслӕвӕрд ын дӕттинаг уыд, уымӕ – хъуамӕ бацыдаид, ӕндӕр адӕмӕй чи уыд, ахӕм нӕлгоймагмӕ. Петр Йегъовӕмӕ байхъуыста ӕмӕ, Корнилийы хӕдзары чи ӕрӕмбырд, уыдонӕн загъта: «Сымах хорз зонут, дзуттӕгтӕн ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм хӕстӕг цӕуын кӕнӕ семӕ лымӕн кӕнын кӕй не ’мбӕлы. Фӕлӕ мын Хуыцау бамбарын кодта, ӕз иу адӕймаджы дӕр чъизи кӕнӕ ӕлгъагыл кӕй хъуамӕ ма нымайон. Гъемӕ мӕм куы ’рбарвыстат, уӕд ӕнӕ уӕлдай ныхасӕй рацыдтӕн ӕмӕ мӕнӕ ам дӕн» (Хъуыд. 10:28, 29). Гыццыл фӕстӕдӕр Петр йӕхи цӕстӕй федта фидар бӕлвырдгӕнӕн, Йегъовӕ Корнилийы ӕмӕ йӕ хӕдзаронты йӕ хорзӕхӕй кӕй схайджын кодта, уымӕн.

5 Тарсаг Савлы дӕр, уӕлдӕр ахуырад чи райста, уыцы фарисейы, хъуыди йӕхи ӕрныллӕг кӕнын ӕмӕ, раздӕр йӕ сӕрмӕ хӕсгӕ дӕр кӕй нӕ кодта, уыдонимӕ ӕмгуыст кӕнын райдайын. Суанг ма йын разамынд дӕр уыдон хъуамӕ лӕвӕрдтаиккой (Хъуыд. 4:13; Гал. 1:13–20; Фил. 3:4–11). Цы зӕгъӕн ис Сергий Павелӕй, Дионисийӕ, Дамарӕй, Филимонӕй, Онисимӕй ӕмӕ ма хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айста ӕмӕ Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинаг чи сси, ӕндӕр ахӕм адӕмӕй? Мах ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнӕм, сӕ зондахаст сӕ куыд тынг хъуыди аивын (Хъуыд. 13:6–12; 17:22, 33, 34; Филим. 8–20).

НӔ ИУДЗИНАД ХЪАХЪХЪӔНӔМ

6 Дзырд дӕр ыл нӕй, ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзийы кӕй уарзынц, уый фӕрцы ды дӕр дӕхи Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл бӕттын райдыдтай. Йесо Чырысти йӕхӕдӕг загъта, йӕ ӕцӕг фӕдылдзӕуджыты цӕмӕй уыдзӕн базонӕн, уый: «Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:34, 35). Ӕмӕ ацы ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый ӕмбырды дӕхи цӕстӕй федтай. Стӕй йӕ куы бамбӕрстай, ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзи ӕрмӕст де ’мбырды кӕй нӕ уарзынц, фӕлӕ афтӕ ӕгас дунейы дӕр кӕй сты, уӕд Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ организацийӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдыдтай. Уымӕй уӕлдай ма дӕхи цӕстӕй уыныс, Библийы фӕстаг бонты тыххӕй цы фыст ис, уый, зӕгъгӕ, адӕм Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕндзысты ӕмӕ се ’хсӕн уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад (Мих. 4:1–5).

7 Абон адӕмы уыйбӕрц цыдӕртӕ хицӕн кӕны, ӕмӕ, «ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» адӕмы баиу кӕнӕн кӕй ис, уый уырнгӕ дӕр никӕй бакодтаид (Рарг. 7:9). Ахъуыды-ма кӕн, куыд тынг хицӕн кӕнынц, стыр горӕтты чи цӕры ӕмӕ, кӕмдӕр дард хъӕуты сӕ рагон ӕгъдӕуттыл хӕст чи у, уыцы адӕм. Акӕс-ма, иу расӕйӕ кӕнӕ иу адӕмыхаттӕй чи у, уыцы адӕм алыхуызон динтыл хӕст кӕй сты, уый тыххӕй кӕрӕдзи куыд хӕрынц. Национализм афтӕ стыхджын, ӕмӕ уый аххосӕй алыхуызон бӕстӕтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ абон куыд сты, афтӕ никуыма уыд. Ӕвӕццӕгӕн, уыныс, адӕм сӕ царды уавӕртӕй ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕй дӕр кӕй хицӕн кӕнынц. Ӕмӕ ахӕм дунейы диссаг куыннӕ схондзынӕ, алы адӕмыхӕттытӕй чи у, алы ӕвзӕгтыл чи дзуры, сӕ царды уавӕртӕ тынг кӕмӕн хицӕн кӕнынц, ахӕм адӕмы ’хсӕн уарзондзинад ӕмӕ иудзинад кӕй ис, уый. Ахӕм диссаг саразын ӕрмӕстдӕр Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн у йӕ бон! (Зах. 4:6).

8 Ахӕм иудзинад кӕд диссаг у, уӕддӕр ӕй нӕхи цӕстӕй уынӕм. Донаргъуыд куы райстай ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сдӕ, уӕд уыцы иудзинад дӕхиуыл бавзӕрстай. Ӕмӕ ныр дӕуӕн дӕр дӕ хӕс у, цӕмӕй уыцы иудзинад хъахъхъӕнай. Куыд ис уый аразӕн? Баххуыс нын кӕндзысты, апостол Павел Галатӕгтӕм 6:10 цы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Цалынмӕ [нын] рӕстӕг ис, уӕдмӕ алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм, уӕлдайдӕр та, уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм, уыдонӕн». Мах ма архайӕм мӕнӕ ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ дӕр: «Ма ут загъдуарзаг ӕмӕ кадуарзаг, фӕлӕ ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут. Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр» (Фил. 2:3, 4). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм зӕххон адӕймаджы цӕстӕй куы нӕ кӕсӕм, фӕлӕ Йегъовӕйы цӕстӕй, уӕд семӕ дарддӕр дӕр фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрдзыстӕм (Еф. 4:23, 24).

КӔРӔДЗИЙЫЛ ТЫХСӔМ

9 Апостол Павел нын цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кодта, ӕмбырд дихтӕ кӕй хъуамӕ ма уа, фӕлӕ се ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийыл ӕмхуызонӕй кӕй хъуамӕ тыхсой (1 Кор. 12:14–26). Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕй бирӕтӕ махмӕ тынг дард цӕрынц, фӕлӕ сыл уый тыххӕй къаддӕр нӕ тыхсӕм. Зӕгъӕм, кӕмдӕр не ’фсымӕртӕн сӕ фӕдыл куы фӕзилынц, уӕд иннӕтӕн уыцы хабар ӕнцой нӕ фӕдӕтты. Исчи сӕ хъуаг куы феййафы, исты бӕллӕхы куы бахауынц, кӕм цӕрынц, уым хӕст кӕнӕ змӕстытӕ куы райдайы, уӕд иннӕтӕ сӕ хъарутӕ уымӕ саразынц, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинад бафидар кӕной ӕмӕ, цы хъуаг сты, уымӕй сӕм фӕкӕсой (2 Кор. 1:8–11).

10 Не ’ппӕт дӕр хъуамӕ алы бон дӕр не ’фсымӕрты тыххӕй кувӕм. Чидӕртӕ дзы тох кӕнынц сӕ тӕригъӕдджын буары монцтимӕ. Иуӕй-иутӕ сӕ цы зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уый тыххӕй базыдтой бирӕтӕ. Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй куысты кӕнӕ хӕдзары сӕ ныхмӕ цӕуынц, фӕлӕ уый тыххӕй стӕмтӕ йеддӕмӕ ничи зоны (Матф. 10:35, 36; 1 Фес. 2:14). Ӕмӕ сыл мах мӕт кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ не ’ппӕт дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ стӕм (1 Пет. 5:9). Не ’хсӕн ис, Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ чи фыдӕбон кӕны, ахӕмтӕ. Уыдон ӕмбырдты ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы разамынд дӕттынц. Иннӕтӕ та сӕ хъус дарынц, хъуыддаг ӕнӕхъӕн дунейы дӕр куыд цӕуы, уымӕ. Мах хъӕуы се ’ппӕты тыххӕй дӕр кувын. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ сыл ӕцӕгдӕр кӕй тыхсӕм, кӕд сын нӕ бон ӕндӕр ницӕмӕй уа баххуыс кӕнын, уӕддӕр (Еф. 1:16; 1 Фес. 1:2, 3; 5:25).

11 Ацы фӕстаг бонты нӕ алыварс дуне у тынг змӕст. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы адӕм хъуамӕ цӕттӕ уой сӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. Исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, зӕгъӕм, зӕххӕнкъуыст кӕнӕ донивылд, уӕд бирӕ хъарутӕ ӕрӕвӕрын бахъӕуы, цӕмӕй не ’фсымӕрты фарсмӕ балӕууӕм ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уымӕй сын баххуыс кӕнӕм. Ацы хъуыддаджы нын фӕзминаг сты фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ. Антиохийы цӕрӕг ахуыргӕнинӕгтӕй рох нӕ уыди Йесойы уынаффӕ, ӕмӕ Иудейӕйы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн ӕнӕзивӕгӕй ӕххуыс арвыстой (Хъуыд. 11:27–30; 20:35). Фӕстӕдӕр апостол Павел коринфӕгты дӕр разӕнгард кодта, сӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй баххуыс кӕнынмӕ, ӕмӕ алцыдӕр арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй уыцы ӕххуыс бынатмӕ фӕхӕццӕ уыдаид (2 Кор. 9:1–15). Абон дӕр искуы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ тыхст уавӕры куы бахауынц, уӕд организаци ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕмӕ хицӕн чырыстӕттӕ дӕр уайтагъд сӕ фарсмӕ балӕууынц ӕмӕ сӕ цы хъӕуы, уымӕй сӕ цух нӕ ныууадзынц.

ЙЕГЪОВӔ НӔ РАХИЦӔН КОДТА ЙӔ ФӔНДОН ӔХХӔСТ КӔНЫНӔН

12 Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ иумӕ ӕххӕст кӕнынц Йегъовӕйы фӕндон. Цӕй мидӕг ис абон йӕ фӕндон? Цӕмӕй йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъуыстгонд ӕрцӕуа (Матф. 24:14). Йегъовӕйы фӕндон ма ноджыдӕр у, цӕмӕй уыцы куыст кӕнгӕйӕ нӕхӕдӕг дӕр фидар хӕцӕм йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтыл (1 Пет. 1:14–16). Хъуамӕ кӕрӕдзийы коммӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕсӕм ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг иумӕ размӕ кӕнӕм (Еф. 5:21). Абонӕй тынгдӕр нӕ никуыма хъуыди царды фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурын, нӕхи цы хъӕуы, уыдӕттӕ нӕ, фӕлӕ (Матф. 6:33). Хъусын кӕныны хъуыддаджы иумӕ фыдӕбон кӕнгӕйӕ, уый алкӕддӕр нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд ныртӕккӕ дӕр цардӕй нӕ зӕрдӕ райдзӕн ӕмӕ фидӕны та хайджын уыдзыстӕм ӕнусон арфӕдзинӕдтӕй.

13 Зӕххыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хуызӕн адӕм нӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау иннӕ адӕмӕй рахицӕн кодта ӕмӕ нӕ ссыгъдӕг кодта, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтыл нӕ уд хъарӕм (Тит. 2:14). Йегъовӕйӕн кувӕг адӕм кӕй стӕм, уымӕй хицӕн кӕнӕм иннӕтӕй. Мах ӕгас зӕххыл дӕр не ’фсымӕртимӕ ӕрмӕст уӕхски-уӕхск нӕ фыдӕбон кӕнӕм, фӕлӕ дзургӕ дӕр кӕнӕм иу ӕвзагыл – рӕстдзинады ӕвзагыл. Стӕй цӕргӕ дӕр кӕнӕм, иннӕтӕн цы рӕстдзинады тыххӕй дзурӕм, уымӕ гӕсгӕ. Уый тыххӕй Йегъовӕ бирӕ ӕнустӕ раздӕр загъта йӕ пехуымпар Софонийы уылты: «Ӕз адӕмтӕн ратдзынӕн сыгъдӕг ӕвзаг, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувой ӕмӕ йын уӕхски-уӕхск лӕггад кӕной» (Соф. 3:9).

14 Дарддӕр та Йегъовӕ Софонийӕн ныффыссын кодта, ӕгас дунейы дӕр ӕфсымӕрты ’хсӕн цы фарн ӕмӕ иудзинад уыдзӕн, уый тыххӕй: «Израилы адӕмӕй ма чи баззайа, уыдон фыдхъуыддӕгтӕ нӕ араздзысты, мӕнг ныхас нӕ кӕндзысты ӕмӕ хинӕвзаг нӕ уыдзысты. Уыдон ӕнцад хиздзысты ӕмӕ-иу кӕрдӕгыл сӕхи ауадздзысты, тӕссаг сын ӕппындӕр никӕмӕй уыдзӕн» (Соф. 3:13). Цымӕ не ’хсӕн ахӕм иудзинад цӕй фӕрцы ис? Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый кӕй бамбӕрстам, нӕ зондахаст уымӕ гӕсгӕ кӕй аивтам ӕмӕ нӕ цард Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй сарӕзтам, уый фӕрцы. Махӕн нӕ къухы бафтыд, адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ гӕнӕн цӕмӕн нӕй, уый. Мах стӕм Хуыцауы адӕм ӕмӕ йын дунейы алы къуымты дӕр йӕ номӕн кад хӕссӕм. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, зӕххыл ӕндӕр ахӕм адӕм нӕй! (Мих. 2:12).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын