130 ЗАРӔГ
Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм
1. Мах тыххӕй Йегъовӕ
Радта Йесойы кӕддӕр,
Цӕмӕй хатыр уа тӕригъӕд
Ӕмӕ мауал уа мӕлӕт.
Кӕд фӕсмон кӕнӕм зӕрдӕйӕ,
Хатыр уӕд Хуыцау кӕндзӕн.
Кӕд ӕм кувӕм Фырты номӕй,
Уӕд нӕ куывдӕн дзуапп дӕтдзӕн.
2. Барст уыдзӕн нӕ рӕдыд,
Кӕд Йегъовӕйы фӕзмӕм,
Кӕд нӕ кӕрӕдзийӕн барӕм
Ӕмӕ иннӕтыл тыхсӕм,
Кӕд цӕрӕм фӕрнӕй, хӕларӕй,
Не ’хсӕн нӕй тӕргай ’мӕ маст,
Кӕд кӕрӕдзийы нымайӕм
Ӕмӕ у ӕцӕг нӕ уарзт.
3. Алчидӕр нӕ хъуамӕ
’Мбара иннӕтӕн сӕ рыст.
Уӕд быцӕутӕй ’мӕ фыдӕхӕй
Алкӕд мах уыдзыстӕм хызт.
Нӕй Хуыцауы уарзтӕй стырдӕр,
Ӕмӕ мах дӕр уый фӕзмӕм.
Цӕй ’мӕ хатыр кӕнӕм алкӕд,
Стыр Хуыцауӕн кад хӕссӕм.
(Ноджыдӕр кӕс Матф. 6:12; Еф. 4:32; Кол. 3:13.)