Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 94 статья
  • Цы у Стыр Вавилон?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цы у Стыр Вавилон?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Хуыцау Стыр Вавилонмӕ цы цӕстӕй кӕсы?
  • Стыр Вавилоныл цы ӕрцӕудзӕн?
  • Цы у «Стыр Вавилон»?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Уӕхи хизут мӕнг динӕй!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 94 статья
Стыр Вавилон хӕтаг сылгоймаджы хуызы тарсырх ӕмӕ сӕнтсырх дарӕсы паддзахӕн хъӕбыс кӕны. Фӕстейӕйы дины разамонӕг паддзахыл кады худ кӕны.

Цы у Стыр Вавилон?

Дзуапп Библийӕ

Раргомады чиныджы фыст ис иу «сылгоймаджы» тыххӕй ӕмӕ йӕ хоны «хӕтаг сылгоймаг», ӕмӕ зӕгъы, кӕй йын ис «сусӕг ном: „Стыр Вавилон“» (Раргомад 17:1, 3, 5). Уый амоны, дунейы цыдӕриддӕр мӕнг динтӕ ис, уыдонмӕ. Уыцы динтӕ «Хуыцауы рӕстдзинады бӕсты равзӕрстой мӕнгдзинад»a (Ромӕгтӕм 1:25). Кӕд уыцы динтӕ кӕрӕдзийӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты хицӕн кӕнынц, уӕддӕр цӕмӕйдӕр иухуызон сты: зонгӕ-зонын архайынц, цӕмӕй адӕм ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн ма кувой (Дыккаг закъон 4:35).

Стыр Вавилон цы у, уый куыд ис базонӕн?

  1. Стыр Вавилон амоны цӕмӕдӕр. Раргомады чиныджы цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдон ӕвдыст сты «нысӕнттӕй», ома комкоммӕ ӕмбарын кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм ныхӕстӕй. Уымӕ гӕсгӕ Стыр Вавилон дӕр ӕнӕуи сылгоймаг нӕу (Раргомад 1:1). Уымӕй уӕлдай ма уый «бирӕ дӕттыл... бады». Уыцы дӕттӕ та сты «адӕмыхӕттытӕ, дзыллӕтӕ, адӕмтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ» (Раргомад 17:1, 15). Ӕнӕуи сылгоймагмӕ куы амонид, уӕд уымӕн гӕнӕн куыд уаид?

  2. Стыр Вавилон амоны, ӕгас дунейы цыдӕриддӕр динтӕ ис, уыдонмӕ. Библи йӕ хоны, «зӕххон паддзӕхтыл йӕ бар кӕмӕн цӕуы, уыцы стыр горӕт» (Раргомад 17:18). Уӕдӕ Стыр Вавилонӕн йӕ бар цӕуы ӕгас дунейыл дӕр.

  3. Стыр Вавилон политикон кӕнӕ коммерцион организаци нӕу, фӕлӕ динон. Рагон Вавилоны цӕрджытӕ диныл тынг ӕнувыд уыдысты, ӕмӕ горӕт зындгонд уыд йӕ «хинтӕ» ӕмӕ йӕ «кӕлӕнтӕй» (Исай 47:1, 12, 13; Йереми 50:1, 2, 38). Уыцы горӕты адӕм мӕнг диныл хӕст уыдысты, ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кодтой (Райдиан 10:8, 9; 11:2–4, 8). Вавилоны хицӕуттӕ сӕхи Йегъовӕйӕ уӕлдӕр ӕвӕрдтой ӕмӕ сӕ сӕрмӕ нӕ хастой, цӕмӕй йын куывтаиккой (Исай 14:4, 13, 14; Данел 5:2–4, 23). Стыр Вавилон дӕр зындгонд у йӕ «хинтӕ-кӕлӕнтӕй». Уӕдӕ бӕрӕг у, динон организаци кӕй у (Раргомад 18:23).

    Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Стыр Вавилон политикон организаци уа, уымӕн ӕмӕ «зӕххон паддзӕхтӕ» кӕуынц, кӕй фесӕфт, ууыл (Раргомад 17:1, 2; 18:9). Уӕдӕ коммерцион организаци дӕр нӕу, уымӕн ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ Стыр Вавилон ӕмӕ «зӕххон сӕудӕджертӕ» иу не сты (Раргомад 18:11, 15).

  4. Photograph taken by courtesy of the British Museum

    Вавилоны паддзах Набониды цыртдзӕвӕн ӕртӕ хуыцау Син, Иштар ӕмӕ Шамашы нысӕнттимӕ

    Стыр Вавилонмӕ ахӕссӕн ис, Библийы мӕнг динты тыххӕй цы фыст ис, уый. Мӕнг дин адӕмӕн нӕ амоны, ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕмӕ куыд баввахс уой, уый, фӕлӕ архайы, цӕмӕй ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувой. Библимӕ гӕсгӕ уый «гадзрахатӕй» цӕуынӕй уӕлдай нӕу (Левит 20:6; Рацыд 34:15, 16). Абон мӕнг динтӕй бирӕтӕ адӕмӕн цы ахуырӕдтӕ амонынц, уыдон фыццаг фӕзындысты рагон Вавилоны, зӕгъӕм, Троицӕйы ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй ахуырӕдтӕ ӕмӕ нывтӕн кувыны ӕгъдау. Уымӕй уӕлдай ма мӕнг динтӕ тынг уарзынц ацы дуне. Хуыцауы уарзын, зӕгъгӕ, чи дзуры ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг ацы дуне дӕр чи уарзы, уыдоны Библи хоны «хӕтаг адӕм» (Иаковы 4:4).

    Мӕнг дин у тынг хъӕздыг ӕмӕ йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕргом ӕвдисы. Ӕмӕ Библийы Стыр Вавилоны тыххӕй дӕр раст афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, йӕхи рӕсугъд кӕны «тарсырх ӕмӕ сӕнтсырх дарӕс, сызгъӕринтӕ, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ налхъуыттӕй» (Раргомад 17:4). Стыр Вавилон у «зӕххон ӕлгъаг миты мад», ома, Хуыцауы чи ӕгад кӕны, уыцы ахуырӕдтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ уымӕй цӕуынц (Раргомад 17:5). Стыр Вавилоны фарс сты «адӕмыхӕттытӕ, дзыллӕтӕ, адӕмтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ» – мӕнг динтыл хӕст чи сты, уыцы адӕм (Раргомад 17:15).

Стыр Вавилон аххосджын у, «зӕххыл кӕйдӕриддӕр фыдмард акодтой, уыдоны» мӕлӕты (Раргомад 18:24). Историйы дӕргъы мӕнг динтӕ ахъаз кодтой хӕстытӕн ӕмӕ терроризмӕн. Уымӕй уӕлдай адӕмӕн не ’ргом кодтой рӕстдзинад Йегъовӕйы тыххӕй – йӕ сӕйраг миниуӕг уарзондзинад кӕмӕн у, уыцы Хуыцауы тыххӕй (1 Иоанны 4:8). Уый тыххӕй бирӕ туг ныккалд.

Цалдӕр нывы: аргъуаны ӕмӕ кувӕн бынаты къултыл нывтӕ, ӕнусты дӕргъы мӕнг дин адӕмы хӕстытӕм куыд разӕнгард кодта. 1. «Крестовые походы» кӕй хонынц, уыцы хӕст. 2. Фыццаг дунеон хӕст. 3. Православон аргъуаны сауджын салдатыл дзуӕрттӕ ӕфтауы. 4. Африкаг пастор дыууӕ адӕмыхатты кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕны. 5. Япойнаг салдӕттӕ паддзахӕн табу кӕнынц.

Хуыцау Стыр Вавилонмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Стыр Вавилонӕн «йӕ тӕригъӕдтӕ суанг арвмӕ схӕццӕ сты» (Раргомад 18:4, 5). Хуыцау мӕнг динтӕм мӕсты кӕны, уымӕн ӕмӕ йын сӕ мӕнг ахуырӕдтӕй йӕ ном ӕгад кӕнынц ӕмӕ йын йӕ адӕммӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц.

Стыр Вавилоныл цы ӕрцӕудзӕн?

Библийы фыст ис, Стыр Вавилонӕн «Хуыцау стӕрхон кодта», зӕгъгӕ (Раргомад 18:20). Стӕй ма ӕмбарын кӕны, Хуыцау мӕнг динтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн (Раргомад 18:8). Хуыцау сырх-сырхид сырды, ома политикон организациты, мӕнг динты ныхмӕ скӕндзӕн ӕмӕ сӕ бынтондӕр фесафдзӕн (Раргомад 17:16, 17). «Афтӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн стыр горӕт Вавилон ӕмӕ йӕ никуыуал ничи ссардзӕн» (Раргомад 18:21). Уӕдӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдон Стыр Вавилонӕй хъуамӕ «рацӕуой», ома сын хъуамӕ йемӕ иумӕйагӕй мацыуал уа (2 Коринфӕгтӕм 6:14–17).

a Кӕс статья «Раст дин кӕцы у, уый куыд ис базонӕн?».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын