Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • hdu 6 статья
  • Пандемийӕйы размӕ нын бирӕ бантыст

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Пандемийӕйы размӕ нын бирӕ бантыст
  • Уӕ мысайнӕгтӕ цӕуыл хардз цӕуынц
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • 2021 лӕггады азмӕ нын цы пълӕнттӕ ис
  • Проектты ӕмӕ арӕзтады ӕппӕтдунеон хайад
    2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Дӕ бон нӕ уаид Хуыцауы хъуыддагӕн фылдӕр рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ дӕттын?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
  • Паддзахады залты арӕзтад размӕ цӕуы
    2016 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Филиалы цавӕр куыст кӕнынц?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
Фылдӕр фенын
Уӕ мысайнӕгтӕ цӕуыл хардз цӕуынц
hdu 6 статья
Камеруны филиалы къулыл аразджытӕ фидар кӕнынц ног нысан

УӔ МЫСАЙНӔГТӔ ЦӔУЫЛ ХАРДЗ ЦӔУЫНЦ

Пандемийӕйы размӕ нын бирӕ бантыст

2020 АЗ, 1 НОЯБРЬ

Алы аз дӕр мингӕйттӕ донаргъуыд райсынц ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайынц. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фылдӕр хъӕуы, Хуыцауӕн кӕм кувӕм, ахӕм бынӕттӕ. Уый тыххӕй 2020 лӕггады азы проектты ӕмӕ арӕзтады бынӕттон хайад спълан кодта ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр 2 700 фылдӕр ахӕм бынаты саразын кӕнӕ сцалцӕг кӕнынa.

Фӕлӕ нӕ, хъыгагӕн, коронавирусы пандемийӕ бахъыгдардта. Цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты бахъахъхъӕдтаиккам ӕмӕ хицауад цы разамынд радта, уымӕ гӕсгӕ архайдтаиккам, уый тыххӕй Разамонӕг советы рауагъдады комитет арӕзтадон куыстытӕн сӕ фылдӕр рӕстӕгмӕ ӕрлӕууын кодта ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр. Фӕлӕ 2019 азы сентябрӕй, цалынмӕ пандемийӕ нӕ райдыдта, уӕдмӕ, сарӕзтам ӕмӕ сцалцӕг кодтам 1 700 агъуыстӕй фылдӕр. Уымӕй уӕлдай ма кӕронмӕ фестӕм, филиалты агъуыстытимӕ баст куыстытӕ, уыдысты 100 фылдӕр. Уыцы проекттӕй дыууӕмӕ ӕркӕсӕм.

Камеруны филиал. Камеруны раздӕры филиал уыди Дуалейы, ӕмӕ уыди тынг гыццыл ӕмӕ дзы хъуыди бирӕ цыдӕртӕ сцалцӕг кӕнын. Рауагъдады комитеты ӕфсымӕртӕ ахъуыды кодтой, цалцӕг кӕнынӕн сын цас ӕхца ацӕудзӕн, ууыл ӕмӕ бамбӕрстой, агъуыст йӕхӕдӕг цӕй аргъ у, уымӕй сын зынаргъдӕр кӕй слӕудзӕн. Стӕй ма ахъуыды кодтой, ӕндӕр ран ног филиал саразӕн кӕй ис кӕнӕ та агъуыст балхӕнӕн ӕмӕ йӕ рацаразӕн. Фӕлӕ сӕ фӕндтӕй ницы рауад.

Уыцы рӕстӕг ӕфсымӕртӕ базыдтой, Дуалейы цӕгатырдыгӕй хицауад кӕй фӕнд кӕны нӕ Конгрессты залтӕй иумӕ хӕстӕг фӕндаг саразын. Афтӕмӕй дзы ӕрмӕст фӕндаг нӕ уыдаид, фӕлӕ филиал саразынӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уыдӕттӕ, зӕгъӕм, рухс, дон ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Гъемӕ Разамонӕг совет бар радта, цӕмӕй Конгрессты залы территорийы ног филиал сарӕзтаиккой.

Къамтӕ: 1. Ӕфсымӕртӕ сӕ къам исынц, блоктӕ куы амадтой, уыцы рӕстӕг. 2. Ӕртӕ ’фсымӕры пъол битон кӕнынмӕ цӕттӕ кӕнынц

Камеруны хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕххуыс кӕнынц ног филиал аразынӕн

Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ иумӕ куыстой, кӕй баххуырстой, уыцы аразджытимӕ, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ куыст тагъддӕр фесты ӕмӕ ӕхца дӕр бирӕ нӕ бахардз. Цы бахардз кӕнинаг уыдысты, уымӕй дыууӕ милуан доллӕры къаддӕр схардз кодтой. Ӕмӕ Вефилы бинонтӕ ног Вефилы ӕрцардысты пандемийӕйы хӕдразмӕ.

Камеруны ног филиал (уӕлейӕ кӕсгӕйӕ)

Камеруны филиал арӕзт фӕци коронавирусы пандемийӕйы размӕ

Камеруны филиалы чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тынг цин кӕнынц, ног цӕрӕнбынӕттӕ ӕмӕ сын ног кусӕнбынӕттӕ кӕй ис, ууыл ӕмӕ уый нымайынц Йегъовӕйы стыр лӕварыл. Иу къай загъта: «Фӕнды нӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын. Йегъовӕйӕ йӕ лӕвары тыххӕй тынг бузныг стӕм».

Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ног офисты кусынц (пандемийӕйы размӕ)

Тӕлмацгӕнджыты офис Мексикӕйы (ӕвзаг тохолабал). Ӕвзаг тохолабалмӕ чи тӕлмац кӕны, уыцы къорд бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодта Централон Америкӕйы филиалы, горӕт Мехикомӕ хӕстӕг. Фӕлӕ уыцы ӕвзагыл фылдӕр дзурынц Альтамирано ӕмӕ Лас-Маргаритасы цӕрджытӕ. Уый та филиалӕй у иу мин километры дарддӕр. Уымӕ гӕсгӕ тӕлмацгӕнджытӕ нӕ зыдтой, сӕ мадӕлон ӕвзаг куыд ивта, уый. Стӕй ма филиалы ’фсымӕртӕн зын уыди ссарын, ӕвзаг тохолабалмӕ тӕлмац кӕнынӕн ӕмӕ нӕ публикацитӕн аудиозаписьтӕ кӕнынӕн чи ’ххуыс кодтаид, ахӕм хоты ӕмӕ ’фсымӕрты.

Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тӕлмацгӕнджыты офисы кӕрт лӕгъз кӕнынц

Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕххуыс кӕнынц тӕлмацгӕнджыты офис аразынӕн

Уымӕ гӕсгӕ Разамонӕг советы фысджыты комитеты фӕндыд, ӕвзаг тохолабалмӕ чи тӕлмац кодта, уыцы къорд арвитын, се ’взагыл кӕм дзырдтой, уырдӕм. Уый тыххӕй филиал агъуыст балхӕдта ӕмӕ йӕ сцалцӕг кодта, уымӕн ӕмӕ агъуыст сӕхӕдӕг куы сарӕзтаиккой кӕнӕ куы баххуырстаиккой, уӕд ууыл фылдӕр ӕхца ацыдаид.

Ӕвзаг тохолабалмӕ чи тӕлмац кӕны, уыцы тӕлмацгӕнджыты офис цӕттӕйӕ (Мексикӕ)

Тӕлмацгӕнджытӕ ног бынатмӕ кӕй ацыдысты, уый тыххӕй иу тӕлмацгӕнӕг загъта: «Филиалы лӕггад кӕнын дӕс азы. Ӕмӕ иу хатт дӕр нӕ фембӕлдтӕн, ӕвзаг тохолабалыл чи дзуры, ахӕм адӕмыл. Ныр та нӕ офис ис, не ’взагыл кӕм дзурынц, уыцы ран. Ӕмӕ алы бон дӕр мӕ мадӕлон ӕвзагыл фӕдзурын. Уый фӕрцы мӕ дзырдты къӕбиц фӕхъӕздыгдӕр, ӕмӕ уый мӕ куыстыл хуыздӕрырдӕм фӕзынд!»

Ӕвзаг тохолабалмӕ чи тӕлмац кӕны, уыцы тӕлмацгӕнджыты офис, цалынмӕ йӕ не сцалцӕг кодтой, уӕдмӕ ӕмӕ уый фӕстӕ

2021 лӕггады азмӕ нын цы пълӕнттӕ ис

2021 лӕггады азы, кӕд уавӕртӕ амоной, уӕд фӕнд кӕнӕм нӕ организацийы скъолаты агъуыстыты ӕмӕ тӕлмацгӕнджыты офистӕй 75 цыдӕртӕ саразын. Фӕнд кӕнӕм кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын аст стыр проекты, зӕгъӕм, арӕзтадон куыстытӕ Рамапойы (штат Нью-Йорк, АИШ). Стӕй Аргентинӕйы ӕмӕ Италийы филиалтӕ ӕндӕр ран саразын. Уымӕй уӕлдай ма нӕ хъӕуы саразын 1 000 ног Паддзахады залӕй фылдӕр ӕмӕ сцалцӕг кӕнын, Хуыцауӕн кӕм кувӕм, ахӕм агъуыстытӕ 6 000 фылдӕр. Стӕй ма нӕ хъӕуы 4 000 Паддзахады залы сцалцӕг кӕнын.

Графикыл ӕвдыст у, цал Паддзахады залы саразын хъӕуы ӕмӕ фидӕны цал залы бахъӕудзӕн, уый. 1. Паддзахады залтӕ (саразын): 1 179; Кӕм фембырд кӕнӕм, ахӕм бынӕттӕ (сцалцӕг кӕнын): 1 367; Паддзахады залтӕ (сцалцӕг кӕнын): 4 672; Ӕдӕппӕтӕй: 7 218. 2. Ног Паддзахады залтӕ саразын (алы аз дӕр): 699; Паддзахады залтӕ сцалцӕг кӕнын (алы аз дӕр): 2 028

Агъуыстытӕ аразынӕн ӕмӕ сӕ цалцӕг кӕнынӕн нын ӕхца кӕм вӕййы? Ӕвзаг тохолабалмӕ чи тӕлмац кӕны, уыцы тӕлмацгӕнджыты офисы арӕзтады тыххӕй ӕфсымӕр Ласаро Гонсалес (лӕггад кӕны Централон Америкӕйы филиалы комитеты) загъта: «Нӕ филиалы территорийы чи цӕры, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ мӕгуыр сты. Ӕмӕ нын ӕнӕхъӕн зӕххыл цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдон куы нӕ баххуыс кодтаиккой, уӕд нӕ бон нӕ уыдаид тӕлмацгӕнджыты офистӕ, сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕм дзурынц, уыцы рӕтты саразын. Зӕрдӕбынӕй сын арфӕ кӕнӕм сӕ рӕдаудзинады тыххӕй!» Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, арӕзтадон куыстытӕ цӕуынц, ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн цы мысайнӕгтӕ дӕттут, уыдоны фӕрцы. Мысайнӕгтӕн сӕ фылдӕр дӕттут, сайты donate.jw.org уылты.

a Проектты ӕмӕ арӕзтады бынӕттон хайад сӕ филиалы территорийы спълан кӕны ӕмӕ саразы Паддзахады залтӕ. Проектты ӕмӕ арӕзтады ӕппӕтдунеон хайад ис сӕйраг хайады ӕмӕ йӕ хъус дары, ӕппӕт дунейы дӕр нын цы арӕзтадон куыстытӕ цӕуы, уыдонмӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын