52 УРОК
Нӕ конд ӕмӕ нӕ уындмӕ хъус дарын ахсджиаг цӕмӕн у?
Алчидӕр нӕ йӕхӕдӕг ӕвзары, йӕ конд ӕмӕ йӕ уынд цыхуызӕн уыдзысты, уый. Библийы уагӕвӕрдтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕвзарӕм, нӕхи зӕрдӕмӕ дӕр чи цӕуа ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты дӕр аив чи уа, ахӕм дзаумӕттӕ. Цӕй ӕмӕ уыцы уагӕвӕрдтӕй цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм.
1. Цавӕр уагӕвӕрдтӕ нын баххуыс кӕндзысты, не ’ддаг бакаст цыхуызӕн уыдзӕн, уый фӕдыл уынаффӕ хӕсгӕйӕ?
Нӕ дзаумӕттӕ хъуамӕ уой «аив». Ӕмӕ нӕ конд ӕмӕ нӕ уындӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, кӕй стӕм «хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ», стӕй «Хуыцауыл иузӕрдион» (1 Тимофеймӕ 2:9, 10). Ацы цыппар уагӕвӕрдыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм. 1) Нӕ дзаумӕттӕ хъуамӕ уой «аив». Ӕвӕццӕгӕн, ӕмбырды бафиппайдтай, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕмхуызон конд кӕй нӕ вӕййынц. Фӕлӕ сӕ дарӕсӕй ӕмӕ сӕ сӕрыфастӕй бӕрӕг вӕййы, Хуыцауӕн кӕй кад кӕнынц. 2) Нӕ дарӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа «хӕдӕфсарм» кӕй стӕм. Ома хъуамӕ ахӕм дзаумӕттӕ ма дарӕм, цӕмӕй махмӕ кӕсгӕйӕ иннӕтӕм ӕнӕгъдау хъуыдытӕ фӕзына кӕнӕ та цӕмӕй адӕмы нӕхимӕ ӕркӕсын кӕнӕм. 3) «Ӕмбаргӕ» кӕй стӕм, уый та уымӕй уыдзӕн бӕрӕг, ӕмӕ куы нӕ архайӕм, цӕмӕй ӕдзух фӕстаг модӕмӕ гӕсгӕ конд уӕм, цавӕрфӕнды ма уа, уӕддӕр. 4) Не ’ддаг бакастӕй хъуамӕ алкӕддӕр бӕрӕг уа, «Хуыцауыл иузӕрдион» кӕй стӕм ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм (1 Коринфӕгтӕм 10:31).
2. Не ’ддаг бакаст не ’мчырыстӕттыл куыд бандавы?
Кӕд махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у ӕвзарын, цы дардзӕни, уый, уӕддӕр-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Мӕ конд ӕмӕ мӕ уынд иннӕтыл куыд бандавдзӕн?» Мах фӕнды нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕнкъарӕнтыл хъуыды кӕнын ӕмӕ ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайын: «Алчидӕр нӕ хъуыды кӕнӕд, иннӕмӕн хуыздӕр цы уыдзӕн ӕмӕ йӕ фидардӕр цы фӕкӕндзӕн, ууыл». (Бакӕс Ромӕгтӕм 15:1, 2.)
3. Не ’ддаг бакаст иннӕтӕн куыд баххуыс кӕндзӕн рӕстдзинад базонынӕн?
Нӕ уӕлӕ цы скӕндзыстӕм, уый ӕвзаргӕйӕ фӕхъуыды кӕнӕм, кӕм цавӕр дзаума сфидаудзӕн, ууыл. Фӕлӕ нӕ уӕлӕдарӕсыл уӕлдай тынгдӕр фӕхъуыды кӕнӕм, ӕмбырдмӕ кӕнӕ уацамынды куы фӕцӕуӕм, уӕд. Мах фӕнды, цӕмӕй адӕм се ’ргом не ’ддаг бакастмӕ ма здахой, фӕлӕ сын цы ахсджиаг хабар дзурӕм, уымӕ. Фӕнды нӕ, цӕмӕй нӕ конд ӕмӕ нӕ уындӕй «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад рӕсугъд кӕнӕм» ӕмӕ-иу адӕмы хорз хабармӕ байхъусын бафӕнда (Титмӕ 2:10).
ФЫЛДӔР БАЗОН
Базон, не ’ддаг бакаст цыхуызӕн хъуамӕ уа, цӕмӕй бӕрӕг уа, чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый.
Не ’ддаг бакастӕй бӕрӕг уыдзӕн, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны нымайӕм ӕви нӕ. Кӕд Йегъовӕ, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый уыны, уӕддӕр не ’ддаг бакастӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, кӕй йын кад кӕнӕм, уый
4. Нӕ аив ӕддаг бакастӕй кад хӕссӕм Йегъовӕйӕн
Сӕйраджыдӕр нӕ цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд аив уой? Бакӕсут Псалом 47:2 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Йегъовӕйы ном кӕй хӕссӕм, уый куыд хъуамӕ ӕндава, цы дарӕм ӕмӕ нӕ бакаст цыхуызӕн у, ууыл?
Дӕумӕ гӕсгӕ, ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ цавӕр дзаумӕтты фӕцӕуӕм, ууыл хъуыды кӕнын хъӕуы? Афтӕ цӕмӕн зӕгъыс?
5. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’ддаг бакаст аив уа?
Нӕ дзаумӕттӕ зынаргъ уой ӕви аслам, уӕддӕр хъуамӕ уой сыгъдӕг. Стӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, кӕм цавӕр дзаума сфидаудзӕн, уый. Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 10:24 ӕмӕ 1 Тимофеймӕ 2:9, 10. Стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Куыдфӕндыйы кӕндтытӕ цӕуылнӕ хъуамӕ уӕм?
Ӕлхъывд, гом кӕнӕ, иннӕтӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ кӕй тыххӕй фӕзына, ахӕм дзаумӕттӕ цӕуылнӕ хъуамӕ дарӕм?
Кӕд чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, уӕддӕр дзы бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый тыххӕй. Бакӕсут Дыккаг закъон 22:5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Нӕлгоймаджы сылгоймаджы хуызӕн чи кӕны, сылгоймаджы та нӕлгоймаджы хуызӕн, ахӕм дзаумӕттӕ цӕуылнӕ хъуамӕ дарӕм ӕмӕ нӕ сӕрыфаст ахӕм цӕуылнӕ хъуамӕ уа?
Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 10:32, 33 ӕмӕ 1 Иоанны 2:15, 16 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Не ’ддаг бакаст цыхуызӕн уыдзӕн, уый фӕдыл уынаффӕ хӕсгӕйӕ не ’мчырыстӕтты ӕмӕ иннӕ адӕмы ӕнкъарӕнтыл цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм?
Кӕм цӕрыс, уым адӕмӕн сӕ фылдӕр цы дарынц ӕмӕ сӕ сӕрыфаст цыхуызӕн у?
Дӕумӕ гӕсгӕ, чырыстӕттӕ дӕр ахӕм кондӕй куы цӕуой, уӕд уый раст уыдзӕн? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?
Нӕхи зӕрдӕмӕ дӕр чи цӕуа ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты дӕр аив чи уа, ахӕм дзаумӕттӕ бирӕ ис
ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Цы мӕ фӕнды, уый дардзынӕн. Мӕ бар мӕхи у».
Ацы хъуыдыимӕ разы дӕ? Афтӕ цӕмӕн зӕгъыс?
ЦЫ БАЗЫДТАЙ
Нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд аив куы вӕййынц, уӕд бӕрӕг вӕййы Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр кӕй кад кӕнӕм.
Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
Нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд цыхуызӕн сты, уымӕ Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй цӕуылнӕ кӕсы?
Не ’ддаг бакаст цыхуызӕн уыдзӕн, уый фӕдыл уынаффӕ хӕсгӕйӕ цавӕр уагӕвӕрдтыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм?
Не ’ддаг бакаст, гӕнӕн ис, куыд бандава, адӕм рӕстдзинадмӕ цы цӕстӕй ракӕсдзысты, ууыл?
ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
Базон, дӕ дзаумӕттӕм гӕсгӕ дӕ иннӕтӕ, гӕнӕн ис, цы ахъуыды кӕной.
Базон, татуировкӕ скӕныны размӕ хорз ахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы.
Базон, ноджыдӕр дын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, де ’ддаг бакаст цыхуызӕн уыдзӕн, уый фӕдыл уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ.
«Дӕ уӕлӕдарӕсӕй Хуыцауӕн кад хӕссыс?» (2016 азы сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)
Базон, иу сылгоймагӕн цы баххуыс кодта иннӕтӕн сӕ конд ӕмӕ сӕ уындмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн.
«Иннӕты конд ӕмӕ уынд мын цӕлхдур уыдысты» (2003 азы 22 декабры «Райхъал ут!», уырыссаг)