10 СӔР
Фадӕттӕ фылдӕр лӕггад кӕнынӕн
ЙЕСО йӕ ахуыргӕнинӕгты Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ куы ’рвыста, уӕд сын загъта: «Кӕрдинаг бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл». Тынг стыр куыст бакӕнын хъуыди, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ загъта: «Курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита» (Матф. 9:37, 38). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта, куыд хъуамӕ хъусын кодтаиккой, уый. Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, уыцы хъуыддаджы фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕ уыд: «Израилы ӕппӕт горӕттыл нӕма ӕрзилдзыстут, афтӕ ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матф. 10:23).
2 Абон дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы тынг бирӕ куыст ис. Цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ хъуамӕ хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕуа. Ӕмӕ рӕстӕг та дугъон бӕхау згъоры! (Мар. 13:10). Кӕрдинаг хуым у дуне ӕнӕхъӕнӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр стӕм, Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы уавӕры уыдысты, ахӕм уавӕры, ӕрмӕст мах ноджы фылдӕр хъӕуы саразын. Зӕххыл цы цалдӕр миллиард адӕймаджы цӕры, уыдонимӕ абаргӕйӕ мах армыдзаг йеддӕмӕ не стӕм, фӕлӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххыл дӕр ӕмӕ, Йегъовӕ цы рӕстӕг снысан кодта, уыцы рӕстӕг ӕрцӕудзӕн кӕрон. Цымӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрдзыстӕм ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм? Уый тыххӕй нӕ разы нӕ бон цавӕр нысӕнттӕ у ӕвӕрын?
3 Йегъовӕ, йӕхи йын чи снывонд кодта, уыдонмӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый Йесо бамбарын кодта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (Мар. 12:30). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнӕм. Уый цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕйы хъуыддаджы хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисӕм, иузӕрдион ыл кӕй стӕм ӕмӕ йын нӕхи ӕцӕгдӕр кӕй снывонд кодтам (2 Тим. 2:15). Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ уавӕртӕ ӕмӕ йӕ курдиӕттӕм гӕсгӕ алыхуызон фадӕттӕ ис лӕггад кӕнынӕн. Ӕркӕс уыцы фадӕттӕй иуӕй-иутӕм, ӕмӕ ахъуыды кӕн, дӕ бон дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ у сӕвӕрын, ууыл.
ӔМБЫРДЫ ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ
4 Рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр ӕрхауд стыр кад – хорз хабар хъусын кӕнын. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕйраджыдӕр уыцы хъуыддаг бахӕс кодта (Матф. 24:14; 28:19, 20). Чырыстийы ахуыргӕнинаг хорз хабары тыххӕй арӕхдӕр иннӕтӕн дзурын райдайы, куыддӕр ӕй фехъусы, афтӕ. Афтӕ бакодтой Андрей, Филипп, Корнилий ӕмӕ ӕндӕртӕ дӕр (Иоан. 1:40, 41, 43–45; Хъуыд. 10:1, 2, 24; 16:14, 15, 25–34). Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕймаг донаргъуыд куы нӕма райса, уӕддӕр йӕ бон у хорз хабары тыххӕй иннӕтӕн дзурын? О! Куыддӕр адӕймагӕн ӕмбырды ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕгӕй лӕггад кӕныны бар радтой, афтӕ йӕ бон суыдзӕн ӕмбырдимӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Стӕй ма йӕ курдиӕттӕ ӕмӕ йӕ уавӕртӕм гӕсгӕ йӕ бон уыдзӕн ӕндӕр хуызы дӕр хъусын кӕнын.
5 Хъусынгӕнӕг донаргъуыд куы райса, уӕд ӕй куыннӕ фӕнддзӕн, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй хорз хабар иннӕтӕ дӕр фехъусой. Хъусын кӕнын сӕ бон у нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр. Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы нӕ бон гыццыл исты дӕр кӕй у саразын, уый нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм. Ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон фылдӕр лӕггад кӕнын куы уа ӕмӕ алы хуызы лӕггад дӕр куы бафӕлвара, уӕд ын уый ӕнӕмӕнг стыр циндзинад ӕрхӕсдзӕн.
ФЫЛДӔР ӔХХУЫС КӔМ ХЪӔУЫ, УЫМ ЛӔГГАД КӔНЫН
6 Чи зоны, де ’мбырды территорийы хорз хабар арӕх ӕмӕ бӕстон хъуыстгонд цӕуы. Ӕмӕ хъуыды кӕныс, хъусын кӕныны хъуыддаджы фылдӕр ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм ранмӕ куы ацӕуин, зӕгъгӕ (Хъуыд. 16:9). Кӕд хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр дӕ, уӕд, чи зоны, ӕндӕр ӕмбырды де ’ххуыс тынг хъӕуы. Уӕ районы ӕндӕр ӕмбырдӕн дӕ бон куыд уаид баххуыс кӕнын, уый тыххӕй бафӕрсӕн ис районон цӕстдарӕджы. Кӕд дӕ уӕ бӕстӕйы ӕндӕр ран фӕнды лӕггад кӕнын, уӕд дын уый тыххӕй та фылдӕр информаци ӕрбарвитдзӕн филиал.
7 Мыййаг дӕ ӕндӕр бӕстӕйы фӕнды лӕггад кӕнын? Ахӕм уынаффӕ рахӕссыны размӕ хъӕуы алцӕуыл дӕр бӕстон ахъуыды кӕнын. Хорз уаид, уый тыххӕй де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ куы аныхас кӕнис. Ӕндӕр бӕстӕмӕ цӕрынмӕ куы ацӕуай, уӕд уый дӕхицӕн дӕр ӕмӕ, демӕ чи уа, уыдонӕн дӕр сӕ цардыл тынг фӕзындзӕн (Лук. 14:28). Фӕлӕ кӕд бирӕ рӕстӕгмӕ цӕуынвӕнд нӕ кӕныс, уӕд хуыздӕр уаид, лӕггад кӕнынмӕ дӕхи бӕстӕйы искуыдӕм куы ацӕуис.
8 Иуӕй-иу рӕтты ӕмбырды бӕрнон хӕстӕ бабар кӕнынц, рӕстдзинады афтӕ бирӕ чи нӕма ис, ахӕм ӕфсымӕртӕн. Ӕмӕ се ’мбырдмӕ сӕхицӕй фӕлтӕрдджындӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы ’рцӕуы, уӕд уыцы сӕрныллӕг ӕфсымӕртӕ цӕттӕ вӕййынц, цӕмӕй ӕмбырды разамынд уыдон дӕттой. Фӕлӕ кӕд хистӕр нӕлгоймаг дӕ ӕмӕ ахӕм бӕстӕйы лӕггад кӕнынмӕ ацӕуынвӕнд кӕныс, уӕд ӕй дӕ зӕрдыл дар: дӕ нысан уый нӕу, ӕмӕ бынӕттон ӕфсымӕрты бӕсты лӕггад кӕнай. Сӕ бӕсты нӕ, фӕлӕ семӕ лӕггад кӕн. Разӕнгард сӕ кӕн, цӕмӕй ӕмбырды алыхуызон хӕстӕм тырной (1 Тим. 3:1). Куы йӕ уынай, ӕмӕ уым цыдӕр хъуыддӕгтӕ, дӕ бӕстӕйы сӕ куыд кӕнынц, афтӕ нӕ кӕнынц, уӕд-иу фӕразон у. Хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнгӕйӕ дӕм цы фӕлтӕрддзинад ис, уымӕй ӕфсымӕртӕн цӕстуарзонӕй хай кӕн. Ӕмӕ дӕ, мыййаг, цасдӕры фӕстӕ дӕхи бӕстӕмӕ ӕрыздӕхын куы бахъӕуа, уӕд бынӕттон ӕфсымӕртӕ ӕмбырды сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсдзысты.
9 Цӕмӕй дын филиал, де ’ххуыс кӕм хъӕуы, уыцы ӕмбырдты номхыгъд ӕрбарвита, уый тыххӕй уал де ’мбырды комитет хъуамӕ дӕу тыххӕй рекомендаци арвита. Уӕлдай нӕу, хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕныс, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй, пионерӕй ӕви хъусынгӕнӕгӕй, уӕддӕр рекомендаци арвитын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Ӕмбырды комитет дын дӕ рекомендаци ӕмӕ дӕ курдиат арвитдзӕн, цы бӕстӕйы дӕ фӕнды лӕггад кӕнын, комкоммӕ уыцы бӕстӕйы филиалмӕ.
ӔНДӔР ӔВЗАГЫЛ ХЪУСЫН КӔНЫН
10 Цӕмӕй Йегъовӕйы хъуыддаджы дӕ бон фылдӕр аразын уа, уый тыххӕй дӕ, чи зоны, бафӕнда ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын, уыимӕ къухӕйамонгӕ ӕвзаг дӕр. Кӕд дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдтай, уӕд хорз нӕ уаид, уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмӕ районон цӕстдарӕгимӕ аныхас кӕнын? Уыдон дын дӕ ныфсыл ныфс бафтаудзысты ӕмӕ дын, хуыздӕр куыд уаид бакӕнын, уый дӕр бацамондзысты. Филиалы разамындӕй иуӕй-иу районты скӕнынц курсытӕ, цӕмӕй арӕхстджын хъусынгӕнджыты ӕмӕ пионерты ӕндӕр ӕвзагыл хъусын кӕнын сахуыр кӕной.
ПИОНЕРТӔ
11 Хъусынгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ зоной, ӕххуысгӕнӕг пионерӕй, ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй кӕнӕ сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕнынӕн цы хъӕуы, уый, стӕй ма, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынӕн ноджыдӕр цавӕр фадӕттӕ ис, уый тыххӕй дӕр. Пионерӕй йӕ бон лӕггад кӕнын у, донаргъуыд чи райста, алы хъуыддаджы дӕр фӕзминаг чи у ӕмӕ бӕлвырд рӕстӕг хъусын кӕныны фадат кӕмӕн ис, ахӕм чырыстонӕн. Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй кӕнӕ ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны курдиатмӕ ӕркӕсы ӕмӕ сӕ снысан кӕны ӕмбырды комитет. Сӕрмагонд пионерты та снысан кӕны филиал.
12 Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнӕн ис, адӕймагӕн йӕ уавӕртӕ куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ: иу мӕй, цалдӕр мӕйы кӕнӕ ӕдзухдӕр. Хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй фӕлӕггад кӕнынц, зӕгъӕм, Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг кӕнӕ, районон цӕстдарӕг се ’мбырд куы фӕбӕрӕг кӕны, уыцы мӕй. Чидӕртӕ та фӕлӕггад кӕнынц отпусчы рӕстӕг. Донаргъуыд чи райста ӕмӕ нырма скъолайы чи ахуыр кӕны, ахӕм хъусынгӕнджыты та, чи зоны, каникулты рӕстӕг бафӕнда ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын. Алы аз дӕр мартъийы ӕмӕ апрелы, стӕй, районон цӕстдарӕг ӕмбырд куы фӕбӕрӕг кӕны, уыцы мӕй дӕр, хъусынгӕнджытӕн сӕ бон ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын вӕййы, ӕнӕуи цал сахаты фӕхъӕуы, уымӕй къаддӕр. Дӕ уавӕртӕ цавӕрфӕнды ма уой,– кӕд хӕрзӕгъдау цард кӕныс, стӕй кӕд дӕ бон у дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй нормӕ сӕххӕст кӕнай ӕмӕ дӕ ныфс ис, дӕ бон кӕй бауыдзӕн иу мӕй кӕнӕ цалдӕр мӕйы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын, уӕд дын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕ курдиатмӕ ӕхсызгонӕй ӕркӕсдзысты.
13 Цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнай, уый тыххӕй хъуамӕ цӕттӕ уай, пионерты азы дӕргъы цал сахаты хъӕуы хъусын кӕнын, уал сахаты хъусын кӕнынмӕ. Ӕххӕстрӕстӕг пионертӕ ӕмбырдимӕ уӕхски-уӕхск фӕлӕггад кӕнынц. Зынгзӕрдӕ пионер ӕмбырдӕн у стыр арфӕдзинад. Уымӕ кӕсгӕйӕ иннӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕйы зынг ссудзы ӕмӕ ма кӕйдӕрты пионерӕй лӕггад кӕнын дӕр бафӕнды. Фӕлӕ цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй курдиат бадӕттай, уый тыххӕй хъуамӕ уай фӕзминаг хъусынгӕнӕг ӕмӕ, донаргъуыд куы райстай, уымӕй хъуамӕ ӕппынкъаддӕр ӕхсӕз мӕйы рацӕуа.
14 Сӕрмагонд пионерты арӕхдӕр равзарынц, уацамынды ӕнтыстджын чи у, ахӕм ӕххӕстрӕстӕг пионерты ’хсӕнӕй. Уыдон хъуамӕ цӕттӕ уой, филиал сӕ кӕдӕм снысан кӕна, уым лӕггад кӕнынмӕ. Арӕх сӕ снысан кӕнынц дард рӕттӕм, цӕмӕй уым ссарой, рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы ӕмӕ дзы ног ӕмбырдтӕ скӕной. Хатт сӕ снысан кӕнынц, сӕ территорийыл чи не ’ххӕссы, ахӕм ӕмбырдтӕм, цӕмӕй сын баххуыс кӕной. Кӕд сӕрмагонд пионер хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕны, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ снысан кӕной гыццыл ӕмбырдмӕ, кӕд дзы хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕххуыс нӕ хъӕуы, уӕддӕр. Сӕрмагонд пионертӕн иу гыццыл ӕхца фӕдӕттынц, цӕмӕй сӕ бон цардамӕлттӕ кӕнын уа. Иуӕй-иуты сӕрмагонд пионертӕй снысан кӕнынц рӕстӕгмӕ.
МИССИОНЕРТӔ
15 Миссионерты снысан кӕны, Разамонӕг советы дӕлбар чи ис, уыцы Уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитет. Ӕмӕ сӕ стӕй бынӕттон филиалы комитет лӕггад кӕнынмӕ снысан кӕны, тынг бирӕ адӕм кӕм цӕры, ахӕм рӕттӕм. Уыдон бирӕ аразынц, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ӕнтыстджынӕй размӕ цӕуа ӕмӕ ӕмбырдтӕ фидарӕй-фидардӕр кӕной. Арӕх миссионертӕ фӕвӕййынц Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола. Филиал батыхсы, кӕм цӕрой, ууыл, стӕй сын цардамӕлттӕ кӕнынӕн иу гыццыл ӕхца дӕр фӕдӕтты.
РАЙОНОН ЦӔСТДАРДЖЫТӔ
16 Разамонӕг совет районон цӕстдарджытӕй кӕй снысан кӕны, уыдон уал фыццаг фӕлӕггад кӕнынц районон цӕстдарджыты хӕдивджытӕй ӕмӕ сӕм афтӕмӕй фӕлтӕрддзинад фӕзыны. Уыцы ӕфсымӕртӕ уарзынц хъусын кӕнын, стӕй тынг уарзынц хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты. Уыдон сты зынгзӕрдӕ пионертӕ, уарзынц Библи арф иртасын ӕмӕ хорз арӕхсынц раныхӕстӕ дзурынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ. Алчидӕр сӕ зоны, сыгъдӕг тыхы дыргъ йӕ царды чи ӕвдисы, арфуынӕг, ӕмбаргӕ ӕмӕ уӕззаузонд чи у, ахӕм адӕймӕгтӕй. Ӕфсымӕрӕн кӕд бинойнаг ис, уӕд уый дӕр у пионер ӕмӕ фӕзминаг у йӕ уаг ӕмӕ йе ’гъдауӕй, стӕй, йӕхи иннӕтимӕ куыд дары, уымӕй дӕр. Уый дӕр у ӕнтыстджын хъусынгӕнӕг. Стӕй ӕмбары, йӕ лӕджы коммӕ кӕй хъуамӕ кӕса. Уый йӕ сӕрыхицауы бӕсты нӕ фӕдзуры ӕмӕ, иннӕтӕн ныхасы бар чи нӕ дӕтты, ахӕм адӕймаг нӕу. Районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕ бинойнӕгты лӕггад ӕнцон нӕу. Уымӕ гӕсгӕ, ахӕм лӕггадмӕ чи тырны, уыдонӕн се ’нӕниздзинад хъуамӕ уа фидар. Пионертӕ районон цӕстдарджытӕй лӕггад кӕныны тыххӕй курдиат нӕ бадӕттынц, фӕлӕ уый тыххӕй фӕзӕгъынц сӕ районон цӕстдарӕгӕн, ӕмӕ сын уый бамбарын кӕны, цы кӕнын сӕ хъӕуы, уый.
НӔ ОРГАНИЗАЦИЙЫ СКЪОЛАТӔ
17 Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола. Арӕх кӕм нӕ хъусын кӕнынц, ахӕм территоритӕ бакусынӕн ӕмӕ ӕмбырдтӕ фидар кӕнынӕн хъӕуы фылдӕр хъусынгӕнджытӕ. Уымӕ гӕсгӕ бинонтӕн, стӕй, цардӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр сӕ бон у ацы скъолайы ахуыр кӕныны тыххӕй курдиат бадӕттын. Уыцы скъолайы чи сахуыр кӕны, уыдоны арвитынц пионертӕй лӕггад кӕнынмӕ, сӕ бӕстӕйы ӕххуыс тынгдӕр кӕм хъӕуы, ахӕм рӕттӕм. Фӕлӕ, йӕ уавӕртӕ кӕй амонынц, уыдонӕн, гӕнӕн ис, ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр бахӕс кӕной кӕнӕ сӕхи бӕстӕйы, кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕйы. Иуӕй-иуты снысан кӕнынц сӕрмагонд пионертӕй, чи зоны, рӕстӕгмӕ дӕр. Ацы скъолайы сахуыр кӕнын кӕй фӕнды, уыцы пионертӕн регионалон конгрессы вӕййы фембӕлд, ӕмӕ уым сӕ бон у уый тыххӕй фылдӕр базонын.
18 Галаады скъола. Бинонтӕй, стӕй, цардӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй дӕр ацы скъолайы сахуыр кӕнынмӕ кӕй равзарой, уыдон хъуамӕ уой сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ хъуамӕ англисагау дзурой. Хъуамӕ бӕрӕг уа, хъусын кӕныны хъуыддагӕн кӕнӕ филиалы куыстӕн стыр ӕххуыс кӕй уыдзысты. Ныридӕгӕн дӕр хъуамӕ ӕвдисой, кӕй сӕ фӕнды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ сӕ бон кӕй у иннӕтӕн фӕлмӕнӕй ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй, Библийы цы фыст ис ӕмӕ организаци цы разамынд дӕтты, ууыл фидар хӕцой. Ацы скъоламӕ фӕхонинаг кӕй вӕййынц, уыдонӕн бынӕттон филиалы комитет фӕзӕгъы, сӕ бон кӕй у курдиат байдзаг кӕнын. Скъолайы фӕстӕ сӕ снысан кӕнынц хъусын кӕнынмӕ кӕнӕ филиалы лӕггад кӕнынмӕ. Снысан сӕ кӕнынц кӕнӕ сӕхи бӕстӕмӕ, кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ.
ВЕФИЛЫ ЛӔГГАД КӔНЫН
19 Вефилы лӕггад кӕнын стыр кад у. Вефил нысан кӕны «Хуыцауы хӕдзар», ӕмӕ уыцы ном хорз фидауы, разамынд лӕвӕрд кӕцӕй цӕуы, уыцы центртыл. Вефилы лӕггад кӕнгӕйӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цы ахсджиаг куыст кӕнынц, уый баст у литературӕ уадзынимӕ, тӕлмац кӕнынимӕ ӕмӕ йӕ ӕмбырдтӕм ӕрвитынимӕ. Ӕгас зӕххыл дӕр ӕмбырдтӕм йӕ хъус дары ӕмӕ сын разамынд дӕтты Разамонӕг совет, ӕмӕ уыцы ӕфсымӕртӕ вефилӕгты лӕггадӕн тынг аргъ кӕнынц. Вефилӕгтӕй тӕлмацгӕнджытӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ цӕргӕ дӕр ӕмӕ кусгӕ дӕр фӕкӕнынц филиалы нӕ, фӕлӕ, цы ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнынц, уыцы ӕвзагыл дзурӕг адӕм кӕм цӕрынц, уым. Уый фӕрцы сӕ бон у, уыцы ӕвзагыл адӕм куыд дзурынц, уый хъусын. Стӕй йӕ сӕхӕдӕг фӕуынынц, цы публикацитӕ тӕлмац кӕнынц, уыдон адӕм хорз ӕмбарынц ӕви нӕ.
20 Вефилы фылдӕр фӕхъӕуы уӕззау куыст кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ уырдӕм арӕхдӕр фӕхонынц, донаргъуыд чи райста, стӕй ӕнӕниз ӕмӕ хъаруджын чи у, ахӕм ӕрыгон ӕфсымӕрты. Кӕд дӕ бӕстӕйы филиалы ӕххуыс хъӕуы ӕмӕ дӕ Вефилы лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацу ӕмӕ базон, цы хъӕуы, цӕмӕй Вефилы лӕггад кӕнай.
АРӔЗТАДЫ ӔХХУЫС КӔНЫН
21 Соломоны рӕстӕджы кувӕндон аразын нымадтой табуйаг хъуыддагыл, ӕмӕ абон мах дӕр нӕ организацийы арӕзтадмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсӕм (1 Пад. 8:13–18). Бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ уыцы хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ архайынц – сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕм цы ис, уый не ’вгъау кӕнынц.
22 Дӕуӕн дӕр дӕ бон у баххуыс кӕнын? Кӕд донаргъуыд райстай ӕмӕ дӕ арӕзтадон хъуыддӕгты архайын фӕнды, уӕд раппӕлинаг дӕ. Бынӕттон арӕзтадӕн разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕн уый тынг ӕхсызгон уыдзӕн ӕмӕ, кӕд кӕмдӕр цыдӕр нӕ зоныс, уӕд дӕ сахуыр кӕндзысты. Баххуыс кӕнын дӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй дӕ бон у де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъын. Донаргъуыд хъусынгӕнджытӕй иуӕй-иутӕм ахӕм стыр кад дӕр ӕрхауд, ӕмӕ лӕггад кодтой аразджытӕй ӕндӕр бӕстӕты.
23 Арӕзтады ӕххуыс кӕнынӕн бирӕ фадӕттӕ ис. Донаргъуыд чи райста, ахӕм фӕзминаг хъусынгӕнӕг гыццыл цӕмӕдӕрты уӕддӕр куы арӕхса, уӕд йӕ бон у, кӕм цӕры, уырдӕм хӕстӕг проектты ӕмӕ арӕзтады бынӕттон хайады барвӕндон аразӕгӕй лӕггад кӕнын. Иннӕтӕн сӕ бон у цасдӕр рӕстӕг дард рӕтты дӕр ӕххуыс кӕнын, ӕмӕ сӕ филиал дыууӕ къуырийӕ ӕртӕ мӕймӕ снысан кӕны барвӕндон аразджытӕй. Фылдӕр рӕстӕгмӕ кӕй снысан кӕнынц, уыдоны хонынц ӕххӕстрӕстӕг аразджытӕ. Адӕймаг ӕндӕр бӕстӕйы куы фӕлӕггад кӕны, уӕд та йӕ фӕхонынц, ӕндӕр бӕстӕты чи лӕггад кӕны, ахӕм ӕххӕстрӕстӕг аразӕг. Арӕзтадӕн разамынд фӕдӕтты аразджыты къорд. Уыцы къорды вӕййы ӕххӕстрӕстӕг аразджытӕ ӕмӕ барвӕндон аразджытӕ. Ӕххуыс сын фӕкӕнынц проектты ӕмӕ арӕзтады бынӕттон хайады барвӕндон аразджытӕ. Арӕзтадон къордтӕ, сӕ филиал дзуапп цы территорийӕн дӕтты, уым иу арӕзтадӕй иннӕмӕ фӕцӕуынц.
ДӔ РАЗЫ ЦАВӔР НЫСӔНТТӔ ИС?
24 Дӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй йын ӕнустӕм лӕггад кӕнай. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндагыл цӕугӕйӕ дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ис? Хуыцауы хъуыддаджы дӕ разы бӕлвырд нысӕнттӕ куы ’вӕрай, уӕд дӕ бон уыдзӕн дӕ тыхтӕй ӕмӕ дӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕй раст пайда кӕнын (1 Кор. 9:26). Дӕ разы ахӕм нысӕнттӕ куы уа ӕмӕ фылдӕр лӕггад кӕнынмӕ куы тырнай, уӕд дӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ де ’ргом здӕхт уыдзӕн, ахсджиагдӕр цы у, уымӕ (Фил. 1:10; 1 Тим. 4:15, 16).
25 Хуыцауӕн лӕггад кӕнын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг у апостол Павел (1 Кор. 11:1). Уый Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзта. Павел ӕмбӕрста, Йегъовӕ йын лӕггад кӕнынӕн бирӕ фадӕттӕ кӕй радта. Коринфы ӕфсымӕртӕм фыста: «Лӕггад кӕнынӕн [мын] стыр дуар байгом». Ӕмӕ абон дӕр афтӕ у. Махӕн дӕр ӕмбырдимӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн бирӕ фадӕттӕ ис, уӕлдайдӕр та хъусын кӕныны хъуыддаджы. Фӕлӕ апостол Павелау махӕн дӕр уыцы «стыр дуарыл» бахизын ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ «ныхмӕлӕуджытӕ дӕр бирӕ ис» (1 Кор. 16:9). Павел цӕттӕ уыди йӕхиуыл кусынмӕ. Дӕ хъус-ма ӕрдар, цы загъта, уымӕ: «Мӕ буар хъизӕмарӕй марын ӕмӕ дзы цагъар аразын» (1 Кор. 9:24–27). Мах дӕр ахӕм зондыл хӕст стӕм?
26 Алчидӕр нӕ хъуамӕ йӕ уавӕртӕм гӕсгӕ Хуыцауы хъуыддаджы йӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕра ӕмӕ архайа, цӕмӕй йӕ къухы бафтой. Бирӕтӕ абон ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц, гыццылӕй сӕ разы бӕлвырд нысӕнттӕ кӕй сӕвӕрдтой, уый фӕрцы. Сывӕллӕттӕ ма куы уыдысты, уӕд сӕ уымӕ разӕнгард кодтой сӕ ныййарджытӕ ӕмӕ иннӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр. Ӕмӕ абон сты ӕцӕг хъӕздыг адӕймӕгтӕ – Йегъовӕйы хъуыддаджы сын бирӕ ӕнтысы. Ахӕм цардвӕндаг кӕй равзӕрстой, ууыл ӕппындӕр нӕ фӕсмон кӕнынц! (Ӕмб. 10:22). Ис ма бирӕ ӕндӕр хорз нысӕнттӕ дӕр. Зӕгъӕм, алы къуыри дӕр уацамынды цӕуын, искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын ӕмӕ йӕ адарддӕр кӕнын, ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг хицӕн кӕнын. Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ нысӕнттӕм тырнгӕйӕ фидар уӕм ӕмӕ нӕ лӕггады рохуаты мацы уадзӕм. Уӕд Йегъовӕйӕн кад хӕсдзыстӕм ӕмӕ нӕ къухы бафтдзӕн нӕ сӕйрагдӕр нысан – ӕнустӕм ын лӕггад кӕндзыстӕм (Лук. 13:24; 1 Тим. 4:7б, 8).