Хуыцаубон, 31 август
Ӕмбаргӕ чи уа, уыдон... сӕ бамбардзысты (Дан. 12:10).
Цӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмбарӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Йегъовӕйы ӕххуыс. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма ӕнӕзонгӕ фӕндагыл фӕцӕуыс. Фӕлӕ демӕ ис де ’мбал ӕмӕ уый уыцы бынӕттӕ хорз зоны. Ӕвӕццӕгӕн дӕ фӕндид, цӕмӕй дын бамбарын кӕна, кӕм стут ӕмӕ уыцы фӕндаг кӕдӕм кӕны. Йегъовӕ дӕр у ахӕм ӕмбалы хуызӕн. Уый зоны, цы рӕстӕджы цӕрӕм ӕмӕ нӕм фидӕны цы ’нхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ кӕд мах дӕр фӕнды уыдӕттӕ зонын ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмбарын, уӕд дзы хъуамӕ сӕрныллӕгӕй ӕххуыс курӕм (Дан. 2:28; 2 Пет. 1:19, 20). Алы хорз ныййарӕг дӕр фӕхъуыды кӕны йӕ сывӕллӕтты фидӕныл ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй амондджын уой. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр ахӕм ныййарӕг у (Йер. 29:11). Фӕлӕ зӕххон ныййарджытӕй уӕлдай, Йегъовӕйӕн йӕ бон у зӕгъын, фидӕны цы уыдзӕн, уый, ӕмӕ никуы фӕрӕдийы. Уый йӕ Ныхасы ныффыссын кодта пехуымпарӕдтӕ, цӕмӕй рагацау зонӕм, цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уый (Ис. 46:10). w23.08 8 ф., 3, 4 абз.
Къуырисӕр, 1 сентябрь
Уӕларвӕй [нӕм] рухс ӕркӕсдзӕн (Лук. 1:78).
Хуыцау Йесойӕн радта тых, цӕмӕй адӕмы ӕппӕт зындзинӕдтӕй дӕр фервӕзын кӕна. Йесо диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уымӕй равдыста, ахӕм тых ӕм кӕй ис, цӕмӕй адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕна. Нӕхи бон никуы уыдаид уыцы зындзинӕдтӕй фервӕзын. Зӕгъӕм, ис ӕм ахӕм тых, цӕмӕй нӕ ссӕрибар кӕна, зындзинӕдтӕ сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй ӕвзарӕм, уымӕй – нӕ туджы кӕй рахастам, уыцы тӕригъӕдӕй. Стӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн, тӕригъӕд цӕмӕ ӕркодта, уыдӕттӕй дӕр – низтӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй (Матф. 9:1–6; Ром. 5:12, 18, 19). Цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй ма бӕрӕг у, йӕ бон кӕй у «алыхуызон» низтӕй рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмӕ суанг мӕрдты дӕр ӕгас кӕнын (Матф. 4:23; Иоан. 11:43, 44). Стӕй ма йӕ бон у тыхдымгӕтӕ сабыр кӕнын ӕмӕ адӕмӕй дӕлимонты сурын (Мар. 4:37–39; Лук. 8:2). Йегъовӕ йӕ Фыртӕн ахӕм тых кӕй радта, уый нын у стыр ныфсы хос! Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы цӕрӕм, уӕд Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты. Йесо зӕххыл цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй равдыста, Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Паддзах куы уа, уӕд ноджы стырдӕр диссӕгтӕ кӕй сараздзӕн. w23.04 3, 4 фф., 5–7 абз.
Дыццӕг, 2 сентябрь
Сыгъдӕг тых алцыдӕр иртасы, суанг Хуыцауы арф зонд дӕр (1 Кор. 2:10).
Кӕд уе ’мбырды бирӕ хъусынгӕнджытӕ ис, уӕд дӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дын ӕфсымӕр арӕх дӕ къух нӕ фены. Ӕмӕ, чи зоны, фӕхъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, гъемӕ ӕппындӕр ницыуал дзурдзынӕн. Фӕлӕ дӕ ныфс ма асӕттӕд. Алы ӕмбырдмӕ дӕр-иу цалдӕр дзуаппы бацӕттӕ кӕн. Ӕмӕ дӕ райдианы куы нӕ бафӕрсой, уӕд дӕр ма дын фӕстӕдӕр уыдзӕн фадат дзуапп раттынӕн. Дӕхи «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуырмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, алы абзац дӕр статьяйы темӕимӕ куыд баст у, ууыл. Афтӕмӕй дӕ бон уыдзӕн хорз дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕнын. Дӕ бон ма у дзуапп бацӕттӕ кӕнын, арфдӕр хъуыдыты кой кӕм цӕуы, уыцы абзацтӕм. Ахӕм хъуыдытӕ зындӕр вӕййы бамбарын кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй, йӕ къухыл чи схӕцы, уыдон афтӕ бирӕ нӕ вӕййынц. Фӕлӕ дӕ, зӕгъӕм, уӕддӕр фӕд-фӕдыл цалдӕр ӕмбырды нӕ бафарстой. Уӕд дӕ бон у ӕмбырды размӕ ӕфсымӕрӕн зӕгъын, кӕцы фарстайӕн дӕ фӕнды дзуапп раттын. w23.04 21, 22 фф., 9, 10 абз.