34 УРОК
Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтай, уыимӕ абаргӕйӕ ныр Хуыцауы тынгдӕр нӕ уарзыс? Фӕнды дӕ, цӕмӕй йӕм ноджы ӕввахсдӕр кӕнай? Кӕд о, уӕд дӕ рох ма уӕд: Йегъовӕйы цас тынгдӕр уарзай, уыйас дӕ уый дӕр тынгдӕр уарздзӕн ӕмӕ дыл тынгдӕр тыхсдзӕн. Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый?
1. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг у, йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уымӕй. (Бакӕс 1 Иоанны 5:3.) Йегъовӕ йӕ коммӕ тыххӕй никӕй кӕсын кӕны. Фӕлӕ алкӕмӕн дӕр фадат дӕтты, цӕмӕй йӕхӕдӕг равзара, хъусдзӕн ӕм ӕви нӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй уӕм «зӕрдӕйӕ коммӕгӕс» (Ромӕгтӕм 6:17). Ома йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм хъусӕм, уый нӕ хӕс кӕй у, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй. Ацы чиныджы 3-аг ӕмӕ 4-ӕм хӕйттӕй базондзынӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый. Ӕмӕ, цы базонай, уымӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йӕ уарзыс, уый.
2. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый ӕвдисын зын цӕмӕн вӕййы?
«Бирӕ мӕстытӕ ис рӕстгӕнӕгӕн» (Псалом 34:19). Не ’ппӕт дӕр нӕ хъӕндзинӕдтимӕ тох кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма нын, чи зоны, цардамӕлттӕ кӕнын зын у, хӕрам хъуыддӕгтыл ӕмбӕлӕм ӕмӕ ӕндӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм. Зын уавӕрты нын, гӕнӕн ис, ӕнцон ма уа, Йегъовӕ куыд дзуры, афтӕ кӕнын. Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ, ӕвзӕр цы у, уый аразын ӕнцондӕр вӕййы. Фӕлӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы ныхас куы ’ххӕст кӕнай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, ӕппӕты тынгдӕр Йегъовӕйы кӕй уарзыс ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй дӕ. Уӕд дыл уый дӕр иузӕрдион уыдзӕн ӕмӕ дӕ никуы ныууадздзӕн. (Бакӕс Псалом 4:3.)
ФЫЛДӔР БАЗОН
Базон, Йегъовӕйы коммӕ куы бакӕсыс, уӕд ын уый ӕхсызгон цӕмӕн вӕййы ӕмӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл алкӕддӕр иузӕрдион уай.
3. Хӕйрӕг дӕ аххосджын кӕны
Библийы Иовы чиныджы фыст ис, Хӕйрӕг кӕй фӕаххосджын кодта Иовы ӕмӕ, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны се ’ппӕты дӕр. Бакӕсут Иов 1:1, 6–2:10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Хӕйрӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Иов Йегъовӕйы коммӕ цӕмӕн каст? (Иов 1:9–11)
Хӕйрӕг ӕппӕт адӕмы тыххӕй дӕр, уыимӕ дӕу тыххӕй дӕр, цы загъта? (Иов 2:4)
Бакӕсут Иов 27:5б ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Иов куыд равдыста, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзта, уый?
Иов Йегъовӕйы кӕй уарзта, уый бӕрӕг уыд, иузӕрдионӕй йыл кӕй баззад, уымӕй
Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, алкӕддӕр ыл иузӕрдион куы уӕм, уымӕй
4. Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕн
Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 27:11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, зондӕй куы фӕархайыс ӕмӕ йӕ коммӕ куы фӕкӕсыс, уымӕ? Цӕмӕн?
5. Йегъовӕйыл иузӕрдион уай, уымӕн гӕнӕн ис
Мах иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй фӕдзурӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ бирӕ уарзӕм. Ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ афтӕ фӕкӕнӕм, уый нын зын куы вӕййы, уӕд дӕр. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.
Мыййаг дын зын вӕййы иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын?
Грейсонӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй мауал тарстаид иннӕтӕн хъусын кӕнын?
Йегъовӕ цы уарзы, уый куы уарзӕм ӕмӕ, йе сӕфт цӕмӕй уыны, уымӕй не сӕфт куы уынӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдион уӕм. Бакӕсут Псалом 97:10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Библийӕ ныронг цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ цы уарзы? Йе сӕфт цӕмӕй уыны?
Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, хорз цы у, уый уарзай ӕмӕ, ӕвзӕр цы у, уымӕй де сӕфт уынай?
6. Йегъовӕйы коммӕ кӕсын нӕ пайдайӕн у
Алы уавӕры дӕр хуыздӕр вӕййы Йегъовӕйы коммӕ бакӕсын. Бакӕсут Исайы 48:17, 18 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Куыд хъуыды кӕныс, Йегъовӕ алкӕддӕр фӕзоны, хуыздӕр нын цы у, уый? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?
Библи ахуыр кӕнын кӕй райдыдтай ӕмӕ Йегъовӕйы хуыздӕр кӕй базыдтай, уый дын ныридӕгӕн цы пайда ӕрхаста?
ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Хуыцаумӕ нымады дӕр нӕу, ӕз цы аразын, уый».
Ахӕм адӕймагӕн цавӕр стихы фӕрцы бамбарын кӕнис, нӕ бон кӕй у нӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ барухс кӕнын кӕнӕ йын ӕй фӕриссын кӕнын?
ЦЫ БАЗЫДТАЙ
Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, йӕ коммӕ куы кӕсай ӕмӕ йыл зын уавӕрты дӕр иузӕрдион куы уай.
Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
Иовы хабарӕй цы базыдтай?
Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уай?
ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
Базон, цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ ӕмбырдыл иузӕрдион уай.
Фылдӕр базон, Хӕйрӕг адӕмы цавӕр хъуыддӕгты аххосджын кӕны.
«Иов Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад» («Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?», 6 сӕр)
Базон, суанг сывӕллӕттӕн дӕр сӕ бон куыд у ӕвдисын, Йегъовӕйы кӕй уарзынц, уый.
Ӕрыгӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй се ’мгӕртты зондыл ма цӕуой ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уой?