Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц
Зындзинӕдтӕ Хуыцауӕй сты?
Исты бӕллӕх ныл куы ’рцӕуы, уӕд фӕхъуыды кӕнӕм, Хуыцау мӕ цӕмӕн ӕфхӕры, зӕгъгӕ? Адӕймаг ӕнӕнхъӕлӕджы куы фӕрынчын вӕййы кӕнӕ йӕ бинонтӕй исчи ӕвиппайды куы амӕлы, уӕд, чи зоны, ахъуыды кӕны, Хуыцауы фыдӕх ӕй кӕй баййӕфта.
Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Ӕвӕццӕгӕн дын ӕхсызгон уыдзӕн базонын, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй адӕм уой амондджын ӕмӕ зындзинӕдтӕй хызт. Хуыцау фыццаг дыууӕ адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд сӕ ӕрцӕрын кодта «Едемы цӕхӕрадоны», дзӕнӕты, ӕмӕ хъуамӕ бӕллӕхтӕй хызт уыдаиккой (Райдиан 2:15).
Фӕлӕ фыццаг дыууӕ адӕймаджы Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ ӕнӕхай фесты, цы диссаджы цард сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй. Се ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй ӕрмӕст сӕхӕдӕг нӕ хъизӕмар кодтой, фӕлӕ абон мах дӕр. Цӕмӕн? Зӕгъӕм, бинонты хистӕр хӕдзарӕн кӕй нӕ фиды, уый тыххӕй бинонты се ’ппӕты дӕр ратардтой ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц. Афтӕ у адӕмы хабар дӕр – сӕ фыдӕлтӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый тыххӕй зындзинӕдтӕ ’взарынц (Ромӕгтӕм 5:12). Раджы заманты Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Иов зӕрдӕрыстӕй загъта, зӕгъгӕ мын мӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ куы «сбариккой», уӕд «денджызы змисӕй дӕр уӕззаудӕр» уаиккой (Иов 6:2, 3).
Иуӕй-иу хатт нӕхи ӕнӕрхъуыдыдзинады тыххӕй дӕр зындзинӕдтӕ бавзарӕм. Зӕгъӕм, хӕдзӕрттӕ уӕй кӕнынц, зынгсирвӕзтӕй тӕссаг кӕм у, ахӕм ран. Ды уый нӕ зоныс, хӕдзар балхӕдтай ӕмӕ дзы цӕрыс. Цымӕ афтӕмӕй дӕхицӕн дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕн дӕр бӕллӕхӕй тӕссаг нӕу? Исты куы ’рцӕуа, уӕд Хуыцауы аххосджын кӕнӕн уыдзӕн? Зынтӕй. Аххосджын чи уыдзӕн, уый тыххӕй фыст ис Библийы: «Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, ӕмбаргӕ адӕймаг та хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл» (Ӕмбисӕндтӕ 14:15).
Кӕд иу адӕймаг дӕр бӕллӕхтӕй хызт нӕу, уӕддӕр куыд ӕхсызгон у зонын, тагъд рӕстӕджы Хуыцау адӕмы зындзинӕдтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Уыцы рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд зындзинӕдтӕ никуыуал бавзардзынӕ, уынгӕ дӕр сӕ нал фӕкӕндзынӕ ӕмӕ суанг хъусгӕ дӕр. Масты цӕссыгтӕ, рыст, мӕлӕт ӕмӕ хъарӕгӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Раргомад 21:4). Хуыцау ма зӕрдӕ ’вӕры, адӕм хӕдзӕрттӕ кӕй араздзысты ӕмӕ зӕххы куыст кӕй кӕндзысты, ӕмӕ кӕй нӕ тӕрсдзысты, сӕ фыдӕбон хӕсты кӕнӕ исты бӕллӕхты тыххӕй дзӕгъӕлы куы фӕуа. Библи зӕгъы: «Адӕм бафсӕддзысты сӕ къухты фыдӕбонӕй» (Исай 65:21–25).
Цалынмӕ Хуыцау зындзинӕдтӕн кӕрон не скодта, уӕдмӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын абон зындзинӕдтӕ къаддӕр маст ӕвзарын кӕной? Сӕйраджыдӕр хъуамӕ «нӕхи зондӕй ныфсджын ма уӕм». Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй «нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарӕм Йегъовӕйыл» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5). Разамынд ӕмӕ удӕнцой Хуыцауӕй агурӕм. Библи ахуыр кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уым ис Хуыцауы зонд. Уый фӕрцы раст уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм ӕмӕ нӕхи бахиздзыстӕм бирӕ зындзинӕдтӕй (Ӕмбисӕндтӕ 22:3).