Дунейы хицау ӕцӕгӕй чи у, уый рабӕрӕг
ИУХАТТ Чырысти адӕмӕн загъта: «Ацы дунейы хицау тард ӕрцӕудзӕн». Фӕстӕдӕр та бамбарын кодта, ацы дунейы бар ыл кӕй нӕ цӕуы. Стӕй ма загъта, «ацы дунейы хицау тӕрхонгонд цӕуы», зӕгъгӕ (Иоанны 12:31; 14:30; 16:11). Цымӕ Чырысти кӕй кой кодта?
Чырысти «ацы дунейы хицауы» тыххӕй цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, йӕ Фыды, ома Йегъовӕйы, кой кӕй нӕ кодта. Уӕдӕ чи у «ацы дунейы хицау»? Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ, «тард ӕрцӕудзӕн» ӕмӕ «тӕрхонгонд цӕуы», зӕгъгӕ?
«Ацы дунейы хицау» йӕхи ӕргом кӕны
Йӕ тыхӕй хъал чи вӕййы ӕмӕ йӕхицӕй чи феппӕлы, ахӕм фыдгӕнӕгау Хӕйрӕг дӕр йӕхицӕй ӕппӕлыд, Хуыцауы Фырты куы фӕлвӕрдта, уӕд. Дунейы «ӕппӕт паддзахӕдтӕ» йын куы равдыста, уӕд ын загъта: «Ӕппӕт ацы паддзахӕдтӕ дын сӕ кадимӕ ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн лӕвӕрд сты, ӕмӕ мӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн сӕ дӕттын. Куы мын бакувай, уӕд иууылдӕр уыдзысты дӕу» (Лукайы 4:5–7).
Кӕд, раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй бирӕты Хӕйрӕг нӕ уырны, уӕд ацы хабар та куыд бамбарӕн ис? Чырыстийӕн фӕлварӕн цы сси, йӕхимӕ цы ӕвзӕр фӕнд уыд, уый ӕви, донаргъуыды фӕстӕ йӕхимидӕг кӕй тыхсти, уый? Кӕд хабар афтӕ уыд, уӕд Библи Чырыстийы «ӕнӕтӕригъӕд» цӕмӕн хоны? (1 Иоанны 3:5). Уӕдӕ Хӕйрӕгӕн йӕ бар адӕмыл кӕй цӕуы, уый Чырысти хорз зыдта ӕмӕ йӕ схуыдта «ацы дунейы хицау», стӕй загъта, «лӕгмар» ӕмӕ «мӕнгдзурӕг» кӕй у (Иоанны 14:30; 8:44).
Хӕйрӕг Чырыстийы куы фӕлвӕрдта, уымӕй иу-70 азы фӕстӕ апостол Иоанн загъта, ӕгас дуне Фыдбылызы къухы кӕй ис, ӕмӕ уымӕй чырыстӕтты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хӕйрӕгӕн адӕмыл йӕ бар кӕй цӕуы. Стӕй ма загъта: «Зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр... сайы» (1 Иоанны 5:19; Раргомад 12:9). Уӕдӕ Библийӕ бӕрӕг у, «ацы дунейы хицау» ӕнӕуынгӕ тых кӕй у. Фӕлӕ цымӕ Хӕйрӕгӕн йӕ бар ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр цӕуы?
Ацы дунейы хицау иунӕгӕй нӕ архайы
Апостол Павел куы фыста, чырыстӕтты сӕ уырнындзинады сӕрыл тох кӕнын кӕй хъӕуы, уӕд сын бӕлвырдӕй бамбарын кодта, сӕ фыддӕр знӕгтӕ чи сты, уый: «Нӕ тох туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ хицауӕдты ныхмӕ, сӕргълӕуджыты ныхмӕ, ацы талынг дунейы хицӕутты ныхмӕ, уӕлӕрвты чи ис, уыцы фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ» (Ефесӕгтӕм 6:12). Куыд уынӕм, афтӕмӕй мах тох кӕнӕм «фыдгӕнӕг тыхтимӕ».
Дзырдбаст «фыдгӕнӕг тыхтӕ» ӕнӕуи фыддзинадмӕ нӕ амоны, фӕлӕ хъомысджын фыдгӕнӕг зӕдтӕм. Уӕдӕ Хӕйрӕг иунӕгӕй нӕ архайы, фӕлӕ, Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд ӕмӕ уӕлӕрвты «йӕ цӕрӕнбынат чи ныууагъта», уыцы зӕдтимӕ (Иудӕйы 6).
Пехуымпар Данелы чиныгӕй нӕ бон у базонын, «дунейы хицӕуттӕн» рагӕй фӕстӕмӕ дӕр зӕхх ӕнӕхъӕнӕй сӕ къухы кӕй ис. Н. э. размӕ 537 азы Вавилоны уацарӕй Иерусалиммӕ чи ӕрыздӕхт, уыцы дзуттӕгтыл пехуымпар Данел тынг мӕт кодта ӕмӕ ӕртӕ къуырийы дӕргъы Хуыцаумӕ уыдоны тыххӕй куывта. Хуыцау Данелы бафидар кӕнынмӕ цы зӕды рарвыста, уый йын бамбарын кодта, цӕмӕн бафӕстиат, уый. Зӕд Данелӕн загъта: «Персы паддзахады кънйаз дыууын иу боны мӕ ныхмӕ лӕууыд» (Данел 10:2, 13).
Цымӕ «Персы паддзахады кънйаз» чи уыд? Зӕд Персы паддзах Киры кой нӕ кодтаид, уымӕн ӕмӕ Кир Данелмӕ ӕмӕ иннӕ дзуттӕгтӕм хорз зӕрдӕ дардта. Стӕй, хуымӕтӕг адӕймагӕн йӕ бон куыд уыдаид хъомысджын зӕды ныхмӕ фӕлӕууын, кӕд ӕмӕ иунӕг зӕд иу ӕхсӕвмӕ 185 000 хъӕбатыр хӕстоны амардта, уӕд? (Исай 37:36). Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, «Персы паддзахады кънйаз» уыд, Хӕйрӕг уыцы бӕстӕйӕн хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уыцы дӕлимон. Данелы 10:20 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцауы зӕд загъта, иу хатт ма кӕй тох кӕндзӕн «Персы паддзахады кънйазимӕ» ӕмӕ ӕндӕр дӕлимонимӕ – «Грецийы кънйазимӕ».
Ацы хабар цӕуыл дзурӕг у? Дуне ис, Хӕйрӕг сӕ сӕргълӕууӕг кӕмӕн у, уыцы ӕнӕуынгӕ «хицӕутты», ома дӕлимонты, къухы. Фӕлӕ сӕ фӕнд цы у?
Ацы дунейы хицау йе ’цӕг цӕсгом ӕвдисы
Библийы фӕстаг чиныджы, Раргомады, апостол Иоанн ныффыста, архангел Михаил, ома Чырысти, Хӕйрӕгыл ӕмӕ дӕлимонтыл кӕй фӕуӕлахиз ӕмӕ сӕ уӕлӕрвтӕй кӕй ратардта, стӕй, уый цы бӕллӕхтӕ расайдта, уый тыххӕй загъта: «Додой зӕххӕн..., уымӕн ӕмӕ уӕм Хӕйрӕг ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад» (Раргомад 12:9, 12).
Хӕйрӕг тынг мӕсты кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у? Аирвӕзӕн кӕмӕн нал вӕййы ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтыл чи нал фӕауӕрды, ахӕм фыдгӕнджытау Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ дӕлимонты фӕнды, цӕмӕй зӕхх ӕмӕ адӕм дӕр уыдонимӕ фесӕфой. Хӕйрӕг зоны, бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал баззад ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ коммерцийы фӕрцы адӕмы ахӕм зондыл ардауы, цӕмӕй ӕдзух истытӕ ӕлхӕной. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, адӕм ӕфсис кӕй ницӕмӕйуал зонынц, уый тыххӕй ӕрдзы ӕвӕрӕнтӕ дӕр мӕгуырӕй-мӕгуырдӕр кӕнынц, зӕхх сӕфы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн сӕхицӕн дӕр фесӕфынӕй тӕссаг у (Раргомад 11:18; 18:11–17).
Хӕйрӕг рагӕй фӕстӕмӕ стыр бартӕм кӕй бӕллы, уый зыны, политикӕйӕ ӕмӕ дины аххосӕй цытӕ цӕуы, уымӕй. Раргомады чиныджы хицауӕдтӕ барст цӕуынц, Хӕйрӕг «стыр бартӕ» кӕмӕн радта, ахӕм хъӕддаг сырдтимӕ. Уымӕй уӕлдай дзы фыст ис, политикӕ ӕмӕ дин ӕмвӕндӕй кӕй архайынц. Библи уый нымайы ӕлгъаг ми ӕмӕ хӕтындзинадыл (Раргомад 13:2; 17:1, 2). Ахъуыды-ма кӕнӕм, ӕнусты дӕргъы цал милуан адӕймаджы бабын хӕстыты, стӕй-иу адӕм кӕрӕдзи кӕй ӕфхӕрдтой, иутӕ иннӕтӕй сӕхицӕн цагъартӕ кӕй кодтой кӕнӕ-иу дыууӕ адӕмыхатты кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕй фесты, уый аххосӕй. Искӕмӕн йӕ бон у фидарӕй зӕгъын, зӕгъгӕ, адӕм куы фӕзындысты, уӕдӕй нырмӕ ӕвирхъау хабӕрттӕ кӕй цӕуы, уым диссагӕй ницы ис? Ӕви уыцы хабӕрттӕ аразынмӕ адӕмы ӕнӕуынгӕ фыдгӕнӕг тыхтӕ ардауынц?
Библи ӕргом кӕны, адӕмы разамонджытӕ ӕмӕ хицауӕдтӕ кӕй зондмӕ гӕсгӕ архайынц, уый ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕ хурмӕ калы. Ӕвӕндонӕй ӕви барвӕндонӕй, адӕм ацы дунейы хицауы алцӕмӕйдӕр фӕзмынц ӕмӕ, уый цы фӕнды, уый аразынц. Фӕлӕ ма, цымӕ, адӕм Хӕйрӕджы къухы бирӕ рӕстӕг уыдзысты ӕмӕ ма бирӕ хъизӕмар кӕндзысты?
Хӕйрӕгӕн йӕ бонтӕ нымад сты
Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы Чырысти зӕххыл цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдон ууыл дзурӕг уыдысты, Хӕйрӕгӕн йе сӕфт кӕй ӕрхӕстӕг. Чырыстийӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы загътой, дӕлимонтыл сӕ бар кӕй цӕуы, уӕд сын загъта: «Ӕз федтон, арвӕрттывд куыд вӕййы, афтӕ Сайтан арвӕй куыд ӕрхауд» (Лукайы 10:18). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Чырысти кӕй зыдта, фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм кӕй ссӕудзӕн ӕмӕ, Архангел Михаил уӕвгӕйӕ, ацы дунейы хицауыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн (Раргомад 12:7–9). Библийы пехуымпарӕдтӕ лӕмбынӕг куы раиртасӕм, уӕд базондзыстӕм, уыцы хабар 1914 азы кӕнӕ йӕ хӕдфӕстӕ кӕй уыд, уыйa.
Хӕйрӕг зӕхмӕ ӕппӕрст куы ӕрцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ бонтӕ нымад сты, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр хорз зоны. Фӕлӕ кӕд ӕнӕхъӕн дуне йӕ къухы ис, уӕддӕр ис, йӕ зондыл чи нӕ цӕуы, милуангай ахӕм адӕмтӕ. Библийы фӕрцы уыдон базыдтой, Хӕйрӕг чи у ӕмӕ хинӕй кӕй архайы, уый (2 Коринфӕгтӕм 2:11). Стыр ныфсы хос сын сты апостол Павелы ныхӕстӕ: «Хуыцау та тагъд Сайтаны уӕ къӕхты бын ныссӕнддзӕн» (Ромӕгтӕм 16:20)b.
Тагъд Хӕйрӕгӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн! Чырысти бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уӕд рӕстгӕнджытӕ зӕххӕй дзӕнӕт скӕндзысты. Нал уыдзӕн фыддзинад, зыд ничиуал кӕндзӕн ӕмӕ адӕм кӕрӕдзи уарзгӕйӕ цӕрдзысты. Библийы фыст ис: «Раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн» (Исай 65:17). Куыд сулӕфдзысты адӕм, ацы дунейы хицауы бар сыл куы нал цӕуа, уӕд!
[Фиппаинӕгтӕ]
a 1914 азы тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», Уӕлӕмхасӕн, 215–218 фӕрстӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
b Павелы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Библийы фыццаг пехуымпарад. Фыст ис Райдианы 3:15 стихы ӕмӕ дзы дзырд цӕуы, Хӕйрӕгӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл. Павел цы грекъаг ныхасӕй спайда кодта, уый иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ нысан кӕны «ныппырх кӕнын, ныцъцъӕл кӕнын, ныммур кӕнын» (Vine’s Complete Expository Dictionary of Old and New Testament Words).
[Рамкӕ 9 фарсыл]
Чырысти бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уӕд рӕстгӕнджытӕ зӕххӕй дзӕнӕт скӕндзысты