БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ
«Хуыцау [у]... удӕгӕсты» Хуыцау
Цымӕ мӕлӕт Хуыцауӕй тыхджындӕр у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕу! Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ мӕлӕт кӕнӕ ӕндӕр цавӕрдӕр «знаг» «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕй» тыхджындӕр уа? (1 Коринфӕгтӕм 15:26; Рацыд 6:3) Хуыцаумӕ ахӕм хъару ис, цӕмӕй мӕрдты райгас кӕна ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕтыл фӕтых уа. Ӕмӕ нын ныфс ӕвӕры, ног дунейы афтӕ кӕй бакӕндзӕн, уымӕйa. Ууыл ӕууӕндӕн ис? Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нӕ стыр ныфс уадзынц. (Бакӕс Матфейы 22:31, 32.)
Чырысти саддукейтимӕ, райгасдзинадыл чи не ’ууӕндыд, уыцы дины разамонджытимӕ, куы ныхас кодта, уӕд сын загъта: «Мӕрдты райгасы тыххӕй уын Хуыцау цы загъта, уый нӕ кастыстут: „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау“? Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты». Чырысти кодта, нӕ эрӕйы размӕ 1514 азы Хуыцау Моисеимӕ судзгӕ къутӕры раз куы ныхас кодта, уый кой (Рацыд 3:1–6). Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ Моисейӕн афтӕ кӕй загъта, «ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау», зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы ныхас ӕнӕмӕнгӕй кӕй сӕххӕст уыдзӕн, ома мӕрдтӕ райгас уыдзысты. Нӕ бон афтӕ зӕгъын цӕмӕн у?
Ӕркӕсӕм-ма, ацы стихтӕ цы скъуыддзагӕй ист сты, уымӕ. Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков амардысты, Йегъовӕ Моисеимӕ куы ныхас кодта, уымӕй бирӕ раздӕр. Уӕдмӕ Авраамы мӕлӕтыл рацыд 329 азы, Исахъы мӕлӕтыл рацыд 224 азы, Иаковы мӕлӕтыл та 197 азы. Фӕлӕ Йегъовӕ загъта «ӕз дӕн», «ӕз уыдтӕн» нӕ, фӕлӕ. Йегъовӕ уыцы ӕртӕ адӕймаджы кой кодта, цыма ӕгас уыдысты, уыйау. Цӕмӕн?
Чырысти бамбарын кодта: «Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты». Ахъуыды-ма кӕн ацы ныхӕстыл. Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд Авраам дӕр, Исахъ дӕр ӕмӕ Иаков дӕр никуы райгас уыдзысты. Афтӕ куы уаид, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ мӕрдты Хуыцау у. Ӕмӕ уӕд та афтӕ уайы, ӕмӕ мӕлӕт Йегъовӕйӕ тыхджындӕр у, цыма йӕм уыйбӕрц хъару нӕй, цӕмӕй йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты мӕлӕты уацарӕй ссӕрибар кӕна.
Уӕдӕ цы зӕгъӕн ис Авраам, Исахъ, Иаков ӕмӕ ма Йегъовӕйы иузӕрдионӕй лӕггадгӕнджытӕй ноджыдӕр чи амард, уыдоны тыххӕй? Чырысти фидарӕй загъта: «Уымӕн [Йегъовӕйӕн] иууылдӕр удӕгас сты» (Лукайы 20:38). Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕнӕмӕнгӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ома йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдоны райгас кӕндзӕн. Уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ уыцы лӕггадгӕнджыты тыххӕй куы фӕдзуры, уӕд фӕдзуры, цыма удӕгас сты, афтӕ (Ромӕгтӕм 4:16, 17). Уыдоны се ’ппӕты дӕр Йегъовӕ йӕ зӕрдыл дары ӕмӕ, рӕстӕг куы ӕрцӕуа, уӕд сӕ райгас кӕндзӕн.
Йегъовӕ мӕлӕтӕй бирӕ тыхджындӕр у
Нӕ дӕ фӕндид, чи дын амард, уыдонимӕ та ногӕй куы фембӕлис? Уӕд дӕ рох ма уӕд: Йегъовӕ мӕлӕтӕй бирӕ тыхджындӕр у. Йегъовӕйы йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын ничи ӕмӕ ницы бахъыгдардзӕн. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй ӕмӕ сӕ чи райгас кӕндзӕн, уыцы Хуыцауы тыххӕй фылдӕр куы базонис, уый дӕ нӕ фӕнды? Фылдӕр куы базонай, уӕд баввахс уыдзынӕ Йегъовӕмӕ, «удӕгӕсты» Хуыцаумӕ.
Февралы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:
a Ног дунейы мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй дӕ кӕд фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 7 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.