Адӕймагӕн йӕ бон нӕу дыууӕ хицауӕн лӕггад кӕнын
«Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа... Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (МАТФ. 6:24).
1–3. а) Абон бирӕ бинонтӕ цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлынц ӕмӕ цӕмӕй йӕ сӕрты ахизой, уый тыххӕй цы саразынц? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.) ӕ) Ныййарджытӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуын куы сфӕнд кӕнынц, уӕд сӕ сывӕллӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ цӕуыл фӕмӕт кӕнынц?
ИУ ХО, Мэрилинa, дзуры: «Мӕ цардӕмбал Джеймс-иу куыстӕй алы бон дӕр сауфӕлладӕй ӕрбацыд, фӕлӕ кӕд бирӕ куыста, уӕддӕр нын ӕхца нӕ фаг кодта. Фӕндыди мӕ, цӕмӕй йын йӕ уаргъ фӕрогдӕр кодтаин, стӕй цӕмӕй нӕ лӕппу Джиммимӕ, йе ’мкъласӕгтӕм цытӕ уыд, уыдӕттӕй исты уӕддӕр уыдаид». Мэрилины ма фӕндыд йӕ хиуӕттӕн дӕр баххуыс кӕнын, стӕй ма ӕхца ӕрӕмбырд кӕнын дӕр, нӕ рӕбыны исты уа, зӕгъгӕ. Йе ’мбӕлттӕй бирӕтӕ фылдӕр ӕхца бакусынмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм ацыдысты. Фӕлӕ йӕхӕдӕг ууыл хъуыды кӕнын куы райдыдта, уӕд сагъӕсы бацыд. Цымӕ цӕмӕн?
2 Мэрилин тыхсти, йӕ бинонты куы ныууадза, уӕд куыд уыдзысты ӕмӕ Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кӕндзысты. Иуӕй афтӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, иннӕтӕ дӕр ацыдысты ӕндӕр бӕстӕтӕм, ӕмӕ сӕ бинонтӕ афтӕмӕй дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц. Иннӕмӕй та сагъӕс кодта, йӕ лӕппуйӕ дард куы уа, уӕд ӕй куыд хъомыл кӕндзӕн, ууыл. Цымӕ йӕ хъӕбулы, «Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ» хъомыл кӕнын Интернеты уылты йӕ бон бауыдзӕн? (Еф. 6:4).
3 Мэрилин иннӕты дӕр фарста, куыд бакӕнон, зӕгъгӕ. Йӕ сӕрыхицауы нӕ фӕндыд, цӕмӕй ацыдаид, фӕлӕ йын уӕддӕр загъта, йӕ ныхмӕ кӕй нӕ ныллӕудзынӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ ма йын ӕмбырды чидӕртӕ загътой, зӕгъгӕ, хуыздӕр уаид, куы нӕ ацӕуис, фӕлӕ йын цалдӕр хойы та дзырдтой, ӕнӕацӕугӕ дын нӕй, зӕгъгӕ. «Кӕд дӕ бинонты уарзыс, уӕд хъуамӕ ацӕуай,– дзырдтой йын уыдон.– Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕ бон афтӕмӕй дӕр бауыдзӕн». Кӕд Мэрилин дызӕрдыг кодта, уӕддӕр ӕппынфӕстаг сфӕнд кодта ӕндӕр бӕстӕмӕ кусынмӕ ацӕуын. Куы цыд, уӕд йӕ сӕрыхицау Джеймсӕн ӕмӕ йӕ лӕппу Джиммийӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Бирӕ дзы нӕ баззайдзынӕн».
БИНОНТЫ ХӔСТӔ ӔМӔ БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРДТӔ
4. Бирӕтӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ цӕмӕн ацӕуынц ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты арӕх кӕимӕ ныууадзынц?
4 Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ фырмӕгуыр цард кӕной (Пс. 37:25; Ӕмб. 30:8). Раджы заманты-иу Хуыцауы адӕмӕй чидӕртӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ацыдысты, цӕмӕй-иу бынтон мӕгуыр уавӕрмӕ ма ’рхаудаиккой. Зӕгъӕм, Иаков йӕ фыртты Египетмӕ хӕринаг балхӕнынмӕ арвыста, цӕмӕй сӕ бинонтӕ ӕххормагӕй ма амардаиккойb (Райд. 42:1, 2). Фӕлӕ абон ӕндӕр бӕстӕмӕ кусынмӕ чи ацӕуы, уыдонӕн сӕ фылдӕр уый тыххӕй нӕ ацӕуынц, ӕмӕ ӕххормагӕй мӕлынц. Уӕдӕ цӕй тыххӕй? Чидӕртӕ сӕ тынг бирӕ хӕстӕ фӕдарынц. Чидӕртӕ та сӕ цӕрынц мӕгуыр бӕстӕйы, ӕмӕ сӕ фӕфӕнды сӕ царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын. Гъемӕ ӕндӕр горӕтмӕ кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуынц, цӕмӕй уым фылдӕр ӕхца бакусой. Сӕ гыццыл сывӕллӕтты та арӕх ныууадзынц сӕ цардӕмбалимӕ, хистӕр сывӕллонимӕ, сӕ ныййарджытимӕ, сӕ хӕстӕджытӕй искӕимӕ кӕнӕ се ’мбӕлттимӕ. Ӕндӕр бӕстӕмӕ чи ацӕуы, уыдонӕн кӕд сӕ цардӕмбалы ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты ныууадзын тынг зын вӕййы, уӕддӕр сӕ бирӕтӕ фӕзӕгъынц, ӕндӕр гӕнӕн мын нӕй, зӕгъгӕ.
5, 6. а) Ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уый Йесо Чырысти куыд бамбарын кодта? ӕ) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты цавӕр хъуыддаджы тыххӕй ахуыр кодта кувын? б) Йегъовӕ нын куыд арфӕ кӕны?
5 Йесо Чырысти зӕххыл куы уыд, уыцы заман дӕр бирӕтӕ мӕгуыр цард кодтой. Ӕмӕ уыдонмӕ дӕр, чи зоны, афтӕ каст, ӕмӕ сӕм гыццыл фылдӕр ӕхца куы уа, уӕд амондджындӕр уыдзысты ӕмӕ къаддӕр мӕт кӕндзысты (Мар. 14:7). Фӕлӕ Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм сӕ ныфс, рӕстӕгмӕ цы у, ууыл дардтаиккой. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй сӕ зӕрдӕ дардтаиккой, ӕнусон хорздзинӕдтӕ кӕмӕй цӕуынц, ууыл – Йегъовӕйыл. Чырысти хохыл адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд бамбарын кодта, ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ у – бирӕ ӕхца дӕм уа ӕмӕ дын царды бирӕ бантыса, уымӕй нӕ, фӕлӕ, дӕ уӕларвон Фыдимӕ ӕнгом уай, уымӕй.
6 Йесо, кувын куыд хъӕуы, уый куы амыдта, уӕд афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ Хуыцауӕй хъӕздыг цард хъуамӕ курӕм. Уый загъта, цӕмӕй Хуыцаумӕ кувӕм, «ратт нын къӕбӕр абоны фаг», зӕгъгӕ. Ацы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, Хуыцауӕй кӕй хъуамӕ курӕм, цардӕн нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый. Йесо ма ноджыдӕр загъта: «Зӕххыл уӕхицӕн хӕзнатӕ мауал ӕмбырд кӕнут... Фӕлӕ уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕлӕрвты» (Матф. 6:9, 11, 19, 20). Нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын у, Йегъовӕ нын кӕй арфӕ кӕндзӕн, зӕрдӕ нын куыд бавӕрдта, афтӕ. Хуыцау нын кӕй арфӕ кӕны, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ ӕнӕуи райгонд у. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын хъуыддагӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъуаг мацӕмӕй ӕййафӕм. Уӕдӕ ӕцӕг амондджын уыдзыстӕм, нӕ зӕрдӕ ӕхцайыл нӕ, фӕлӕ нӕ уарзӕгой Фыдыл куы дарӕм, уӕд. (Бакӕс Матфейы 6:24, 25, 31–34.)
7. а) Йегъовӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын кӕмӕн бахӕс кодта? ӕ) Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын ныййарджытӕм сӕ дыууӕмӕ дӕр цӕмӕн хауы?
7 Адӕймаг фыццаджыдӕр Хуыцауы рӕстдзинад агура, уымӕ хауы, йӕ бинонты раз ыл цы хӕстӕ ис, уыдонмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй куы кӕса, уый дӕр. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ амыдтаиккой. Ӕмӕ чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ афтӕ кӕной. (Бакӕс Дыккаг закъон 6:6, 7.) Хуыцау уыцы хъуыддаг ныййарджытӕн бахӕс кодта, ныййарджыты ныййарджытӕн кӕнӕ ӕндӕр искӕмӕн нӕ, фӕлӕ. Паддзах Соломон загъта: «Мӕ хъӕбул, хъус дӕ фыды зондамындмӕ ӕмӕ дын дӕ мад цы закъон амоны, уый ма рох кӕн» (Ӕмб. 1:8). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй бинонтӕ иумӕ цӕрой, ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ бон уа сӕ сывӕллӕттӕн зонд амонын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын (Ӕмб. 31:10, 27, 28). Сывӕллӕттӕ алы бон дӕр куы уыной, сӕ ныййарджытӕ Хуыцауы хъуыддӕгты куыд архайынц ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй куыд ныхас кӕнынц, уӕд уыдон дӕр ууыл ахуыр кӕндзысты.
ӔНХЪӔЛ КӔМӔН НӔ ВӔЙЙЫНЦ, АХӔМ ЗЫНДЗИНӔДТӔ
8, 9. а) Ныййарджытӕй сӕ иу ӕндӕр бӕстӕмӕ куы ацӕуы, уӕд уый бинонтыл куыд фӕзыны? ӕ) Бинонтӕ иумӕ куы нӕ фӕцӕрынц, уӕд сын уый цавӕр зиан ӕрхӕссы?
8 Ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуын чи сфӕнд кӕны, уыдон фембарынц, уый тыххӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ бинонтӕ дӕр цавӕрдӕр зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлдзысты. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг бинонтӕн ӕцӕгӕй цы зиан ӕрхӕсдзӕн, уый рагацау зӕгъӕн нӕ вӕййыc (Ӕмб. 22:3). Мэрилин ӕндӕр бӕстӕмӕ куы ацыд, уӕд йӕ бинонты афтӕ тынг мысын райдыдта, ӕмӕ йӕхицӕн бынат нал ардта. Йӕ цардӕмбал ӕмӕ йӕ йӕ лӕппу дӕр тынг мысыдысты. Джимми-иу ын ӕдзух дзырдта, цӕмӕн мӕ ныууагътай, зӕгъгӕ. Кӕд Мэрилин ӕндӕр бӕстӕмӕ ӕрмӕстдӕр цалдӕр мӕймӕ ацыд, уӕддӕр дзы цалдӕр азы фӕци. Ӕмӕ иуафон бамбӕрста, йӕ бинонтӕ йӕм сӕ зӕрдӕйы ахаст кӕй фӕивтой. Джимми йӕ мадмӕ уазал зӕрдӕ дарын райдыдта ӕмӕ йемӕ ӕргом нал ныхас кодта. Мэрилин ӕнкъардӕй загъта: «Мӕ лӕппу мӕ нал уарзта».
9 Ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ иумӕ куы нӕ фӕцӕрынц, уӕд иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр стыр маст бавзарынц, стӕй уый ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм дӕр ӕркӕныd. Сывӕллон цас гыццылдӕр уа ӕмӕ бинонтӕ хицӕнӕй цас фылдӕр цӕрой, уыйас сын уый стырдӕр зиан ӕрхӕсдзӕн. Мэрилин Джиммийӕн дзырдта, дӕуӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл фыдӕбон кӕнын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Джиммимӕ афтӕ каст, ӕмӕ йӕ йӕ мад уадзгӕ ныккодта. Райдианы мӕсты кодта, йӕ мад кӕй ацыд, ууыл. Фӕстӕдӕр та мӕсты кӕнын райдыдта, кӕй-иу сӕм ӕрцыд, ууыл. Йӕ ныййарджытӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ кӕмӕн ацыдысты, уыцы сывӕллӕттау Джимми дӕр йӕ мады уый аккагыл нал нымадта, цӕмӕй йӕ уарза, стӕй афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ мадӕн уый бар нал ис, цӕмӕй йын зонд амона. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 29:15.)
Интернеты уылты дӕ хъӕбулӕн нӕ ахъӕбыс кӕндзынӕ (кӕс 10 абзац)
10. а) Ныййарӕг йӕ сывӕллоны фарсмӕ куы нӕ уа ӕмӕ йын ӕрмӕст лӕвӕрттӕ куы ӕрвита, уӕд уый сывӕллоныл куыд фӕзындзӕн? ӕ) Ныййарӕг йӕ сывӕллонӕй дард куы уа, уӕд бинонтӕ цӕмӕй цух уыдзысты?
10 Мэрилин йӕ бинонтӕн ӕхца ӕмӕ лӕвӕрттӕ ӕрвыста, сӕ фарсмӕ нӕ дӕн ӕмӕ сӕ афтӕмӕй уӕддӕр барӕвдауон, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ӕмбӕрста, йӕ лӕппу дзы дардӕй-дарддӕр кӕй кӕны. Ӕмбӕрста уый дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ сывӕллоны ӕхца ӕмӕ дзаумӕттӕ уарзын кӕй ахуыр кӕны, йӕ бинонты ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ, фӕлӕ (Ӕмб. 22:6). «Мауал ӕрцу,– дзырдта йын Джимми.– Фӕлтау мын уырдыгӕй истытӕ ӕрвит». Мэрилин ӕппынфӕстаг бамбӕрста, йӕ бон кӕй нӕу писмоты ӕмӕ телефоны фӕрцы, стӕй Интернеты уылты йӕ фырты хъомыл кӕнын. Уый загъта: «Интернеты уылты дӕ хъӕбулӕн нӕ ахъӕбыс кӕндзынӕ ӕмӕ йын фынӕй кӕныны размӕ нӕ апъа кӕндзынӕ».
Дӕ цардӕмбалӕй дард цӕрай, уый тӕссаг цӕмӕн у? (кӕс 11 абзац)
11. а) Лӕг ӕмӕ ус куысты тыххӕй иумӕ куы нӕ фӕцӕрынц, уӕд уый сӕ бинонты цардыл куыд фӕзыны? ӕ) Нӕ хо Мэрилин куыд бамбӕрста, фӕстӕмӕ йӕ йӕ бинонтӕм аздӕхын кӕй хъӕуы?
11 Мэрилин ӕндӕр бӕстӕмӕ кӕй ацыд, уый тыххӕй адард Йегъовӕйӕ дӕр ӕмӕ йӕ цардӕмбал Джеймсӕй дӕр. Ӕмбырдмӕ ӕмӕ-иу хъусын кӕнынмӕ къуыри иу хатт йеддӕмӕ нӕ ацыд, хатт та-иу ын уый дӕр нӕ бантыст. Стӕй йӕ йӕ куысты хицау дӕр уӕгъд нӕ уагъта, фӕндыд ӕй, цӕмӕй йемӕ ӕмуат ӕрцыдаид. Ӕмӕ-иу ӕй хъуыди йӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууын. Мэрилин ӕмӕ Джеймс иумӕ кӕй нӕ уыдысты, уый тыххӕй сӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ кӕрӕдзийӕн нӕ, фӕлӕ ӕндӕр кӕмӕндӕрты дзырдтой. Афтӕмӕй сӕ зӕрдӕйы бынат скодтой ӕндӕр адӕймӕгтӕн, ӕмӕ сӕ ӕнӕгъдау хъуыддаг бакӕнынмӕ дӕр бирӕ нал хъуыд. Мэрилин бамбӕрста, сӕ бинонты цардӕн фехӕлынӕй тӕссаг кӕй у, кӕд сӕ кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй нӕ рацыдысты, уӕддӕр. Библимӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ ӕххӕст кӕной, кӕрӕдзийы раз сыл цы хӕс ис, уый, ома кӕрӕдзийыл узӕлой ӕмӕ кӕрӕдзи сӕ уарзтӕй рӕвдауой. Фӕлӕ Мэрилин ӕмӕ Джеймс кӕрӕдзийӕ дард кӕй уыдысты, уый тыххӕй сӕ бон нӕ уыд уыцы хӕс ӕххӕст кӕнын (Сол. з. 1:2; 1 Кор. 7:3, 5). Стӕй афтӕмӕй сӕ бон нӕ уыд сӕ лӕппуимӕ иумӕ Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын. Мэрилин загъта: «Облӕстон конгрессы фехъуыстон, бинонтӕн ӕнӕмӕнг кӕй у Библи иумӕ ахуыр кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы стыр бон фервӕзой. Бамбӕрстон ӕй, фӕстӕмӕ мӕ нӕхимӕ аздӕхын кӕй хъӕуы. Бацархайын мӕ хъуыди, цӕмӕй та мӕ бинонтимӕ раздӕрау ӕнгом суыдаин ӕмӕ та Йегъовӕмӕ баввахс уыдаин».
ХОРЗ УЫНАФФӔ ӔМӔ ӔВЗӔР УЫНАФФӔ
12. Йӕ бинонтӕй дард чи цӕры, уыдонӕн Библийӕ цавӕр уынаффӕ баххуыс кӕндзӕн?
12 Мэрилин фӕстӕмӕ сӕхимӕ аздӕхын куы сфӕнд кодта, уӕд уымӕ иууылдӕр иухуызон цӕстӕй нӕ ракастысты. Цы ӕмбырдмӕ цыди, уым хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Мэрилинӕй раппӕлыдысты, ахӕм уырнындзинад ӕмӕ йӕм ныфс кӕй разынд, уый тыххӕй. Фӕлӕ ма уыцы бӕстӕмӕ куысты фӕдыл чи ӕрцыд, уыдонӕй йын чидӕртӕ дзырдтой, фӕсмойнаг фӕуыдзынӕ, зӕгъгӕ. Уыдон ӕй нӕ бафӕзмыдтой, фӕлӕ архайдтой, цӕмӕй йӕ хъуыды фӕивтаид. «Фендзынӕ, кӕд та тагъд фӕстӕмӕ не ’рцӕуай,– дзырдтой йын уыдон.– Уӕхимӕ куы ацӕуай, уӕд цӕмӕй цӕрдзыстут?» Ахӕм ныфссӕттӕг ныхӕстӕ кӕныны бӕсты чырыстӕттӕ хъуамӕ «ӕрыгон сылгоймӕгты ахӕм зондыл аразой, цӕмӕй сӕ лӕгты, стӕй сӕ сывӕллӕтты уарзой» ӕмӕ «хӕдзары куыстытӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕной», ома сӕхи хӕдзары уой ӕмӕ сӕ бинонтыл тыхсой. Афтӕ куы кӕной, уӕд «Хуыцауы ныхас ничи фаудзӕн». (Бакӕс Титмӕ 2:3–5.)
13, 14. Цӕмӕй нӕ хиуӕтты зондыл ма ацӕуӕм, уый тыххӕй уырнындзинад цӕмӕн хъӕуы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
13 Ӕндӕр бӕстӕмӕ чи ацыд, уыдонӕй бирӕтӕ кӕм схъомыл сты, уым адӕм се ’гъдӕуттыл ӕмӕ сӕ хиуӕттыл, уӕлдайдӕр та сӕ ныййарджытыл, куыд ӕнувыд сты, афтӕ никӕуыл ӕмӕ ницӕуыл. Чырыстонӕн хъуамӕ уа фидар уырнындзинад, цӕмӕй йӕ бинонты ныхмӕ фидар фӕлӕууа, Йегъовӕйы цӕсты раст цы нӕу, ахӕм исты йын куы аразын кӕной, уӕд.
14 Ӕркӕсӕм-ма Карины хабармӕ. Уый дзуры: «Мӕ лӕппу Дэн куы райгуырд, уыцы рӕстӕг мӕ цардӕмбалимӕ куыстам ӕндӕр бӕстӕйы. Дэны райгуырдӕй гыццыл раздӕр райдыдтон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын. Нӕ хиуӕттӕ мын иууылдӕр дзырдтой, цӕмӕй Дэны мӕ ныййарджытӕм арвыстаин ӕмӕ, цалынмӕ нӕ къахыл не слӕууыдаиккам, уӕдмӕ йӕ уыдон хъомыл кодтаиккой». Фӕлӕ Карин аскъуыддзаг кодта, йӕ сывӕллоны йӕхӕдӕг кӕй хъомыл кӕндзӕн. Уый тыххӕй йын йӕ хиуӕттӕ, стӕй йӕ цардӕмбал дӕр, фидистӕ кодтой, кусын дӕм нӕ цӕуы, зӕгъгӕ. «Раст зӕгъгӕйӕ, уӕд мӕхӕдӕг дӕр кӕронмӕ не ’мбӕрстон, Дэн цалдӕр азы мӕ ныййарджытимӕ куы фӕуа, уӕд уым ӕвзӕрӕй цы ис,– зӕгъы Карин.– Фӕлӕ йӕ зыдтон, нӕ лӕппуйы хъомыл кӕнын Йегъовӕ махӕн, ныййарджытӕн, кӕй бабар кодта». Карин ногӕй куы басывӕрджын, уӕд дзы йӕ цардӕмбал домдта, цӕмӕй аборт скодтаид, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ уыд. Карин уымӕй размӕ раст уынаффӕ кӕй рахаста, уый фӕрцы йӕ уырнындзинад бафидар, ӕмӕ та ацы хатт дӕр рахаста, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цыд, ахӕм уынаффӕ. Ныр йӕхӕдӕг дӕр, стӕй йӕ цардӕмбал ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ дӕр сты тынг амондджын, иумӕ кӕй сты, уый тыххӕй. Карин йӕ сывӕллӕттӕй иуы кӕнӕ сӕ дыууӕйы дӕр йӕ хӕстӕджытӕм куы арвыстаид, уӕд хабар, ӕвӕццӕгӕн, бынтон ӕндӕрхуызон рауадаид.
15, 16. а) Нӕ хо Вики гыццылӕй йӕ ныййарджытимӕ кӕй нӕ цард, уый йыл куыд фӕзынд? ӕ) Вики цӕмӕн аскъуыддзаг кодта, йӕ чызджы йӕхӕдӕг кӕй хъомыл кӕндзӕн?
15 Иу хо, Вики, зӕгъы: «Цалдӕр азы цардтӕн мӕ мады мадимӕ, мӕ кӕстӕр хо та уыди мӕ ныййарджытимӕ. Цасдӕры фӕстӕ мӕ мӕ ныййарджытӕ фӕстӕмӕ сӕхимӕ акодтой, фӕлӕ сӕм раздӕры зӕрдӕ нал дардтон. Мӕ хо семӕ тынг ӕнгом уыд, кӕдфӕндыдӕр-иу сын ахъӕбыс кодтаид, стӕй сын йӕ хъуыдытӕ дӕр сӕрибарӕй дзырдта. Мӕнӕн та цыма ӕцӕгӕлӕттӕ уыдысты, афтӕ мӕм каст. Ӕмӕ куы сыстыр дӕн, уӕд дӕр-иу мын зын уыди, мӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый сын ӕргом дзурын. Мӕ хоимӕ нӕ ныййарджытӕн зӕрдӕ бавӕрдтам, куы базӕронд уой, уӕд сӕм нӕхӕдӕг кӕй кӕсдзыстӕм. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг ӕз фылдӕр уый тыххӕй кӕндзынӕн, ӕмӕ мӕ хӕс у, мӕ хо та – уарзгӕ сӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй».
16 Вики ма загъта: «Ныр мӕ мады фӕнды, цӕмӕй йӕм мӕ чызджы арвитон ӕмӕ йӕ уый хъомыл кӕна, кӕддӕр мӕ йӕхи мад куыд хъомыл кодта, афтӕ. Фӕлӕ йын ӕз фӕлмӕнӕй загътон, афтӕ кӕй нӕ бакӕндзынӕн. Мӕн ӕмӕ мӕ цардӕмбалы фӕнды, цӕмӕй нӕ сывӕллоны нӕхӕдӕг хъомыл кӕнӕм ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы зондыл аразӕм. Нӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй мӕм искуы мӕ чызг уазал зӕрдӕ дарын райдайа». Вики фидарӕй зоны, бинонтӕ амондджын ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй уыдзысты, ӕмӕ сын Йегъовӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕхцайӕ ӕмӕ сӕ хиуӕтты фӕндӕй ахсджиагдӕр куы уой. Йесо бӕлвырд загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа... Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Матф. 6:24; Рац. 23:2).
ЙЕГЪОВӔ НЫН НӔ ФЫДӔБОНӔН «АРФӔ КӔНЫ»
17, 18. а) Чырыстӕттӕн фӕлварӕнты рӕстӕг сӕ бон цӕуыл у фидарӕй ӕууӕндын? ӕ) Иннӕ статьяйы цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?
17 Нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, фыццаджыдӕр ын йӕ Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад куы агурӕм, уӕд нын алкӕддӕр кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый (Матф. 6:33). Цыфӕнды фӕлварӕны дӕр вӕййы афтӕ бацархайӕн, цӕмӕй Библийы уагӕвӕрдтӕ ма фехалӕм ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнӕм. Хуыцау нын зӕрдӕ ӕвӕры, фӕлварӕнты-иу нын, «цы бакӕнӕн ис, уый» кӕй бацамондзӕн. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:13.) Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, зонд ӕмӕ дзы разамынд куы курӕм, стӕй йын йӕ фӕдзӕхстытӕм куы хъусӕм, уӕд уый «йӕхӕдӕг архайдзӕн» (Пс. 37:5, 7). Хуыцауы фӕндон нын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр куы уа ӕмӕ йын зӕрдиагӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын «алы хъуыддаджы дӕр... арфӕ кӕндзӕн». (Абар Райдиан 39:3.)
18 Фӕлӕ кӕд бинонтӕй исчи ӕндӕр бӕстӕмӕ ацыд ӕмӕ сын уый зиан ӕрхаста, уӕд сын сӕ бинонты цард банывыл кӕнынӕн цы баххуыс кӕндзӕн? Чырыстонӕн йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йӕ йӕ бинонтӕ фӕдарыны тыххӕй ӕндӕр бӕстӕмӕ цӕуын ма бахъӕуа? Махӕн та нӕ бон куыд у не ’мчырыстӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы фӕдыл раст уынаффӕ рахӕссой? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.
a Нӕмттӕ ивд сты.
b Иаковы фырттӕ-иу Египетмӕ куы ацыдысты, уӕд-иу сӕ бинонты бирӕ рӕстӕгмӕ нӕ ныууагътой, сӕ балц-иу ӕртӕ къуырийӕ фылдӕр нӕ ахаста. Фӕстӕдӕр Иаков ӕмӕ йӕ фырттӕ Египетмӕ цӕрынмӕ куы ацыдысты, уӕд сӕ устыты дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты дӕр семӕ акодтой (Райд. 46:6, 7).
c Кӕс 2013 азы февралы мӕйы «Пробудитесь!», «Иммигранты: мечты и реальность», 6–9 фӕрстӕ.
d Бирӕ бӕстӕты цы хабӕрттӕ ӕрцӕуы, уыдонӕй бӕрӕг у, бинонтӕ иумӕ куы нӕ фӕцӕрынц, уӕд сын уый стыр зиан кӕй ӕрхӕссы. Зӕгъӕм, уый ӕркӕны хӕтындзинадмӕ кӕнӕ гомосексуализммӕ, чидӕртӕ та сӕ тугхӕстӕджытимӕ ӕмуат ӕрцӕуынц. Сывӕллӕттӕ та скъолайы сӕхи ӕвзӕр дарын райдайынц ӕмӕ хорз нал фӕахуыр кӕнынц, мӕстыгӕр свӕййынц, цӕуылдӕрты фӕмӕт кӕнынц, сӕхимӕ ныхъхъусынц, иуӕй-иутӕ та сӕхи суанг маргӕ дӕр акӕнынц.