Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w14 1/11 3 ф.
  • Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр ис?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр ис?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Къӕрцхъус ут! Хӕйрӕг уӕ аныхъуырынмӕ хъавы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Де знаджы зон
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Чи у Хӕйрӕг?
    Хуыцау нӕ цы домы?
  • Чи сты Хуыцауы знӕгтӕ?
    Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
w14 1/11 3 ф.

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХӔЙРӔГ ӔЦӔГДӔР ИС?

Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр ис?

Цыртдзӕвӕн Хӕйрӕгӕн, уӕлӕрвтӕй тард чи ӕрцыд, уыцы ӕвзӕр зӕдӕн

Цыртдзӕвӕн Хӕйрӕгӕн, уӕлӕрвтӕй тард чи ӕрцыд, уыцы ӕвзӕр зӕдӕн (Мадрид, Испани)

«Ӕз схъомыл дӕн Сальвадоры. Гыццылӕй-иу куы фыдуаг кодтон, уӕд-иу мын мӕ мад дзырдта: „Хӕйрӕг ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ дӕ ахӕсдзӕн!“ Ӕз та-иу ын загътон: „Уадз ӕмӕ ӕрбацӕуӕд!“ Ӕз ӕууӕндыдтӕн Хуыцауыл, Хӕйрӕгыл нӕ, фӕлӕ» (РОХЕЛИО).

Ӕрыгон Рохелиоимӕ разы дӕ? Дӕлдӕр цы хъуыдытӕ ис, уыдонӕй дӕм раст кӕцы кӕсы?

  • Хӕйрӕг у ӕрымысгӕ; Хӕйрӕг ахӕсгӕ хуызы амоны ӕвзӕрдзинадмӕ.

  • Хӕйрӕг ис, фӕлӕ адӕммӕ ницы бар дары.

  • Хӕйрӕг у, ӕппӕт адӕмыл дӕр йӕ бар кӕмӕн цӕуы, ахӕм тыхджын ӕмӕ ӕнӕуынгӕ удгоймаг.

Ацы ӕртӕ хъуыдыйыл хӕст сты тынг бирӕ адӕм, суанг милуангӕйттӕ. Фӕлӕ цымӕ ацы хъуыдытӕй раст кӕцы у, уый базонын нӕ хъӕуы? Кӕд Хӕйрӕг ӕрымысгӕ у, уӕд ыл, чи ӕууӕнды, уыдон сӕхӕдӕг сӕхи сайынц. Кӕд ис, фӕлӕ адӕммӕ ницы бар дары, уӕд бирӕтӕ дзӕгъӕлы сты къӕрцхъус ӕмӕ дзы тӕрсгӕ дӕр дзӕгъӕлы кӕнынц. Фӕлӕ, кӕд Хӕйрӕгӕн адӕмыл йӕ бар цӕуы ӕмӕ сӕ сайы, уӕд адӕм куыд ӕнхъӕл сты, уымӕй бирӕ тӕссагдӕр у.

Ӕркӕсӕм, Сыгъдӕг Фыстад ацы ӕртӕ фарстайӕн цавӕр дзуапп дӕтты: «Хӕйрӕг чи у кӕнӕ цы у – ӕнӕуынгӕ удгоймаг у ӕви ахӕсгӕ хуызы ӕвзӕрдзинадмӕ амоны? Кӕд Хӕйрӕг удгоймаг у, уӕд дзы тӕрсын хъӕуы? Кӕд дзы тӕрсын хъӕуы, уӕд дӕхи куыд хъуамӕ бахъахъхъӕнай?».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын