Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w16 апрель 32 ф.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Хуыцауы сыгъдӕг тых... ӕвдисӕн лӕууы»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ удимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
w16 апрель 32 ф.

КӔСДЖЫТЫ ФАРСТАТӔ

Библийы фыст ис, Хуыцау алы чырыстонӕн дӕр кӕй «равдисы», хорздзинӕдтӕ кӕй райсдзӕн, уый ӕмӕ йыл «мыхуыр» кӕй сӕвӕры. Ацы ныхӕстӕ цӕмӕ амонынц? (2 Кор. 1:21, 22).

Адӕймаг цавӕрдӕр гӕххӕттыл мыхуыримӕ къухдарӕнӕй мыхуыр ӕвӕры

Раджы заман-иу цавӕрдӕр гӕххӕттыл ӕлыг кӕнӕ мыдадз ӕркодтой ӕмӕ-иу ыл мыхуыримӕ къухдарӕнӕй мыхуыр сӕвӕрдтой. Уыцы мыхуыр ӕвдыста, цы фыст дзы ис, уый ӕцӕг кӕй у

«Уый равдисынӕн». 2 Коринфӕгтӕм 1:22 стихы цы дзырдбаст ис, «уый равдисынӕн», зӕгъгӕ, уымӕй ратӕлмац кодтой грекъаг номдар, ӕмӕ иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй уыцы номдарӕй пайда кодтой «юридикон ӕмӕ базарадон хъуыддӕгты» ӕмӕ амоны, «адӕймаг исты балхӕныны тыххӕй фыццаг цы хай бафиды кӕнӕ цы ныууадзы, уымӕ, цӕмӕй бӕрӕг уа, цы ’лхӕны, ууыл закъонмӕ гӕсгӕ йӕ бар кӕй цӕуы кӕнӕ та сӕ бадзырдӕн тых кӕй ис». Сӕрст чырыстӕтты кой куы кӕнӕм, уӕд сын сӕ хӕрзиуӕг ӕххӕстӕй бафиддзысты, ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны, ахӕм уӕларвон буар куы райсой, уӕд, ӕмӕ уый тыххӕй фыст ис 2 Коринфӕгтӕм 5:1–5 стихты. Уыцы хӕрзиуӕгмӕ ма хауы, Хуыцау сын ӕнӕмӕлгӕ цард кӕй ратдзӕн, уый дӕр (1 Кор. 15:48–54).

Нырыккон грекъаг ӕвзаджы ис, кӕй кой кӕнӕм, уыцы рагон грекъаг номдары хуызӕн дзырд, ӕмӕ амоны, лӕг ӕмӕ ус кӕй фӕдарынц, ахӕм къухдарӕнмӕ. Уӕдӕ уыцы грекъаг дзырдтӕ хорз ӕвдисынц, Чырыстийы усаг чи суыдзӕн, уыдоны уавӕр (2 Кор. 11:2; Рарг. 21:2, 9).

Мыхуыр. Раджы заман-иу мыхуыр ӕвӕрдтой, адӕймаг цӕмӕндӕр хицау кӕй у, уый равдисынӕн, цавӕрдӕр хабар ӕцӕг кӕй у, уый сбӕлвырд кӕнынӕн йе та бадзырд сфидар кӕнынӕн. Сӕрст чырыстӕтты кой куы кӕнӕм, уӕд уыдоныл дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыд, цыма сыл тӕвд ӕфсӕйнагӕй нысан ӕвӕрд ӕрцыд, уыйау. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы сты (Еф. 1:13, 14). Фӕлӕ уыцы мыхуыр фӕстаг мыхуыр нӕу. Сӕрст чырыстӕттыл фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн кӕнӕ сӕ мӕлӕты размӕ – Хуыцауыл иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд, кӕнӕ та стыр бӕллӕхы хӕдразмӕ (Еф. 4:30; Рарг. 7:2–4).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын