Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w16 январь 22–27 фф.
  • «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • АБОН ЗӔХХЫЛ ЦЫ СӔРСТ ЧЫРЫСТӔТТӔ ИС, УЫДОНЫ ХЪУАМӔ СЕ ’ППӔТЫ ДӔР НОМГАЙ ЗОНӔМ?
  • СӔРСТ ЧЫРЫСТӔТТӔ СӔХИМӔ ЦЫ ЦӔСТӔЙ ХЪУАМӔ КӔСОЙ?
  • СӔРСТ ЧЫРЫСТӔТТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ ХЪУАМӔ КӔСАЙ?
  • ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРЫ ДЗУЛ ӔМӔ СӔНӔЙ ЦАЛ АДӔЙМАДЖЫ ФӔАХОДЫ, УЫЙ НӔ МӔТЫ ЦӔУЫЛНӔ ХЪУАМӔ ӔФТАУА?
  • «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • «Хуыцауы сыгъдӕг тых... ӕвдисӕн лӕууы»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Хицауы ӕхсӕвӕр дын цӕуыл дзурӕг у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Аккаг сты, цӕмӕй Паддзахад райсой
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
w16 январь 22–27 фф.
Фыстӕ фыййауы фӕдыл къуыбырыл фӕцӕуынц

«Мах дӕр уемӕ цӕуӕм»

«Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис» (ЗАХ. 8:23).

ЗАРДЖЫТӔ: 65, 122

КУЫД БАМБАРЫН КӔНИС?

  • Захарийы 8:23 стихы ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц?

  • Сӕрст чырыстӕттӕ сӕхимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? (1 Кор. 4:6–8).

  • Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй цал адӕймаджы фӕаходы, уый нӕ мӕты цӕуылнӕ хъуамӕ ӕфтауа? (Ром. 9:11, 16).

1, 2. а) Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы тыххӕй пехуымпар Захарийы уылты цы загъта? б) Ацы статьяйы дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

ЙЕГЪОВӔ нӕ рӕстӕджы тыххӕй пехуымпар Захарийы уылты загъта: «Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“» (Зах. 8:23). Ацы стихы «дзуттаг лӕг» амоны, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрста, уыдонмӕ. Библи ма сӕ «Хуыцауы Израил» дӕр хоны (Гал. 6:16). «Дӕс адӕймаджы» та амонынц, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕммӕ. Уыдон зонынц, Йегъовӕ уыцы сӕрстыты къордӕн кӕй арфӕ кӕны ӕмӕ сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц, семӕ йын иумӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уый.

2 Пехуымпар Захарийау Чырысти дӕр загъта, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн иудзинад кӕй уыдзӕн. Уый загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дыууӕ къорды кӕй уыдзысты, «гыццыл дзуг» ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ», фӕлӕ се ’ппӕт дӕр иумӕ «иу дзуг» кӕй уыдзысты ӕмӕ сын «иу фыййау» кӕй уыдзӕн (Лук. 12:32; Иоан. 10:16). Фӕлӕ, чи зоны, искӕмӕ фӕзына ахӕм фарстатӕ: 1) Абон зӕххыл цы сӕрст чырыстӕттӕ ис, уыдоны «ӕндӕр фыстӕ» хъуамӕ се ’ппӕты дӕр номгай зоной? 2) Сӕрст чырыстӕттӕ сӕхимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? 3) Де ’мбырды исчи Ӕрымысӕн изӕры сӕн ӕмӕ дзулӕй аходын куы райдайа, уӕд ӕм цы цӕстӕй хъуамӕ ракӕсай? 4) Ӕрымысӕн изӕры сӕн ӕмӕ дзулӕй цал адӕймаджы фӕаходы, уыдоны нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕны, уый дӕ хъуамӕ мӕты ӕфтауа? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйы.

АБОН ЗӔХХЫЛ ЦЫ СӔРСТ ЧЫРЫСТӔТТӔ ИС, УЫДОНЫ ХЪУАМӔ СЕ ’ППӔТЫ ДӔР НОМГАЙ ЗОНӔМ?

3. 144 минмӕ чи хаудзӕн, уый базонӕн цӕуылнӕ ис?

3 Абон зӕххыл цы сӕрст чырыстӕттӕ ис, уыдоны «ӕндӕр фыстӕ» хъуамӕ се ’ппӕты дӕр номгай зоной? Нӕ. Цымӕ цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ цалынмӕ сӕ хӕрзиуӕг нӕ райсой, уӕдмӕ никӕй бон у фидарӕй зӕгъын, уӕлӕрвтӕм кӕй ацӕудзысты. Кӕд сӕ Хуыцау уӕлӕрвтӕм фӕхуыдта, уӕддӕр сӕ хӕрзиуӕг райсдзысты, кӕронмӕ йыл иузӕрдионӕй куы баззайой, ӕрмӕстдӕр уӕд. Хӕйрӕг дӕр уый зоны, ӕмӕ «мӕнг пехуымпарты» уылты архайы, «цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕвзӕрстыты дӕр асайа» (Матф. 24:24). Цалынмӕ Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты аккагыл нӕ банымайа, уӕдмӕ сӕ бон нӕу фидарӕй зӕгъын, уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты. Аккагыл сӕ кӕй банымадта, уый бӕрӕг уыдзӕн, фӕстаг мыхуыр сыл куы сӕвӕра, уӕд. Ӕмӕ уый уыдзӕн сӕ мӕлӕты размӕ йе та «стыр бӕллӕхы» райдианы хӕдразмӕ (Рарг. 2:10; 7:3, 14). Уӕдӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй 144 минмӕ чи хаудзӕн, уый абон базонӕн нӕй ӕмӕ ууыл рӕстӕг хардз кӕнын дӕр ницы пайда у1.

4. Кӕд уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй абон сӕрст чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ нӕмттӕ зонӕм, уӕд нӕ бон куыд у семӕ «цӕуын»?

4 Кӕд уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй «ӕндӕр фыстӕ» абон сӕрст чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ нӕмттӕ зоной, уӕд сӕ бон куыд у семӕ «цӕуын»? Библи зӕгъы: «Дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“». Ӕмӕ кӕд ацы стихы иу дзуттаджы кой ис, уӕддӕр дзы дарддӕр ӕмбӕлы номивӕг, «уемӕ», зӕгъгӕ, ӕмӕ уый та ӕрмӕст иу адӕймагмӕ нӕ амоны. Уӕдӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ «дзуттаг лӕг» амоны сӕрст чырыстӕтты ӕнӕхъӕн къордмӕ дӕр. «Ӕндӕр фыстӕ» уый зонынц, ӕмӕ уыцы къордимӕ Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнынц. Ӕмӕ ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй сӕрст чырыстӕттӕй алкӕй ном дӕр зоной ӕмӕ сӕ алкӕй фӕдыл дӕр цӕуой. Махӕн нӕ Разамонӕг у Чырысти ӕмӕ нын Библи зӕгъы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр йӕ фӕдыл цӕуӕм (Матф. 23:10).

СӔРСТ ЧЫРЫСТӔТТӔ СӔХИМӔ ЦЫ ЦӔСТӔЙ ХЪУАМӔ КӔСОЙ?

5. Сӕрст чырыстӕттӕ лӕмбынӕг цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной ӕмӕ цӕмӕн?

5 Сӕрст чырыстӕттӕ хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕной, 1 Коринфӕгтӕм 11:27–29 сӕ апостол Павел цӕмӕй бафӕдзӕхста, ууыл. (Бакӕс сӕ.) Цымӕ Павелы цы зӕгъын фӕндыд? Сӕрст чырыстон Йегъовӕйӕ куы адард уа, уӕд Ӕрымысӕн изӕры сӕн ӕмӕ дзулӕй аходыны аккаг нал уыдзӕн (Дзут. 6:4–6; 10:26–29). Уыцы фӕдзӕхст сӕрст чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, сӕ хӕрзиуӕг кӕй нӕма райстой. Уыдон хъуамӕ дарддӕр дӕр ӕппӕт хъарутӕй сӕ нысанмӕ тырной, «цӕмӕй райсой Хуыцауы хӕрзиуӕг, Йесо Чырыстийы фӕрцы... [сӕ] кӕмӕ ӕрхуыдта, уыцы уӕларвон цард» (Фил. 3:13–16).

6. Сӕрст чырыстӕттӕ сӕхимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

6 Павел сӕрст чырыстӕттӕн загъта: «Ӕз, нӕ Хицауы тыххӕй ахст лӕг, лӕгъстӕ кӕнын: цӕрут, цы цардмӕ хуынд ӕрцыдыстут, уымӕн аккагӕй». Цымӕ уый сӕ къухы цӕй фӕрцы хъуамӕ бафтыдаид? Павел бамбарын кодта: «Алкӕддӕр ут сӕрныллӕг, фӕлмӕн, бирӕфӕразон, уарзондзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн барут, зӕрдиагӕй архайут, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст ут фарны тӕгтӕй» (Еф. 4:1–3). Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕрбӕрзонд ма уой, фӕлӕ сӕрныллӕг (Кол. 3:12). Сӕрст чырыстӕттӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр сты. Уыдон зонынц, Йегъовӕ сын сыгъдӕг тых иннӕ лӕггадгӕнджытӕй фылдӕр кӕй нӕ дӕтты. Уӕдӕ афтӕ дӕр нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Библийы рӕстдзинад алкӕмӕй хуыздӕр ӕмӕ арфдӕр ӕмбарынц. Иннӕ чырыстӕттӕй дӕр афтӕ никӕмӕн фӕдзурынц, зӕгъгӕ, Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй аходын райдай, уымӕн ӕмӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, ды дӕр сӕрст чырыстон дӕ. Сӕрныллӕг кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ ӕмбарынц, адӕмы уӕлӕрвты цӕрынмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй хоны.

7, 8. Сӕрст чырыстӕттӕ иннӕтӕм цӕмӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсынц ӕмӕ цӕуылнӕ?

7 Сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвты цӕрынмӕ хуынд кӕй сты, уый стыр кадыл нымайынц, фӕлӕ иннӕтӕй сӕхицӕн уӕлдай кад нӕ агурынц (Еф. 1:18, 19; бакӕс Филиппӕгтӕм 2:2, 3). Стӕй ма зонынц, Йегъовӕ сӕ сыгъдӕг тыхӕй куы байсӕрста, уӕд уый тыххӕй алкӕмӕн кӕй нӕ фехъусын кодта. Уӕдӕ сӕм диссаг дӕр нӕ фӕкӕсы, кӕйдӕр уайтагъд куы нӕ бауырны, ныр сӕрст кӕй сты, уый. Уыдон зонынц, Библи нын афтӕ кӕй зӕгъы, цӕмӕй-иу уайтагъд ма баууӕндӕм, Хуыцау мӕ ахсджиаг хъуыддагӕн равзӕрста, зӕгъгӕ, чи дзура, ууыл (Рарг. 2:2). Стӕй сӕрст чырыстӕттӕ иннӕтӕм уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсынц, ӕмӕ сӕм се ’ргом тынгдӕр здахдзысты, ӕмӕ искӕимӕ куы фӕзонгӕ кӕнынц, уӕд сын нӕ фӕдзурынц, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст кӕй ӕрцыдысты. Сӕрст чырыстон йӕхицӕй нӕ феппӕлы, ӕз уӕлӕрвты диссаджы хъуыддӕгтӕ араздзынӕн, зӕгъгӕ (1 Кор. 1:28, 29; бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 4:6–8).

8 Сӕрст чырыстӕттӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ рӕстӕг ӕрмӕст иннӕ сӕрст чырыстӕттимӕ хъуамӕ ӕрвитой. Стӕй иннӕ сӕрст чырыстӕтты нӕ фӕагурынц, цӕмӕй семӕ аныхас кӕной, сӕрст кӕй ӕрцыдысты, ууыл кӕнӕ хицӕн къордӕй Библи ахуыр кӕной (Гал. 1:15–17). Сӕрст чырыстӕттӕ афтӕ куы кӕниккой, уӕд ӕмбырды иудзинад нӕ уаид, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй сыгъдӕг тыхы ныхмӕ архаиккой, сыгъдӕг тых та Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй се ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад уа. (Бакӕс Ромӕгтӕм 16:17, 18.)

СӔРСТ ЧЫРЫСТӔТТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ ХЪУАМӔ КӔСАЙ?

9. Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй чи фӕаходы, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? (Кӕс рамкӕ «Уарзондзинад, „чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ нӕ кӕны“».)

9 Сӕрст хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсай? Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сымах... уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут». Стӕй ма загъта: «Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн» (Матф. 23:8–12). Уӕдӕ раст нӕ уыдзӕн адӕймагӕн ӕгӕр кад кӕнын, суанг Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕр куы уа, уӕддӕр. Библи хистӕр нӕлгоймӕгты кой кӕм кӕны, уым нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинад фӕзмӕм, фӕлӕ ма нын дзуры, цӕмӕй адӕмӕй нӕхицӕн разамонӕг макӕй скӕнӕм (Дзут. 13:7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Фыстад нын афтӕ дӕр дзуры, зӕгъгӕ, иуӕй-иуты «уӕлдай кады аккагыл» нымайын хъӕуы. Фӕлӕ кады аккаг уый тыххӕй не сты, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ сты, фӕлӕ «хорз разамынд» кӕй дӕттынц ӕмӕ «Хуыцауы ныхас дзурын ӕмӕ амоныны хъуыддаджы... [кӕй] фыдӕбон кӕнынц», уый тыххӕй (1 Тим. 5:17). Сӕрст чырыстӕттӕн ӕгӕр куы кад кӕнӕм ӕмӕ сӕм не ’ргом ӕгӕр куы здахӕм, уӕд-иу сӕ сӕфсӕрмы кӕндзыстӕм. Уымӕй фыддӕр та, гӕнӕн ис, ӕмӕ мах аххосӕй ссӕрбӕрзонд уой (Ром. 12:3). Ӕмӕ махӕй та никӕй фӕнды, цӕмӕй Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕй искӕй фӕрӕдийын кӕна! (Лук. 17:2).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕн Ӕрымысӕн изӕры дзулӕй аходы

Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй чи аходы, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсай? (кӕс 9–11 абзацтӕ)

10. Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, сӕрст чырыстӕттӕн кӕй кад кӕнӕм, уый?

10 Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрста, уыдонӕн кӕй кад кӕнӕм? Куы нӕ сӕ фӕрсӕм, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куыд ӕрцыдысты, уымӕй. Уый у, адӕймагӕн ӕрмӕстдӕр йӕхимӕ чи хауы, ахӕм хъуыддаг (1 Фес. 4:11; 2 Фес. 3:11). Стӕй йын йӕ цардӕмбалы, йӕ ныййарджыты кӕнӕ иннӕ хиуӕтты дӕр нӕ фӕрсдзыстӕм, уыдон дӕр сыгъдӕг тыхӕй сӕрст сты ӕви нӕ. Кӕд бинонтӕй чидӕр сыгъдӕг тыхӕй сӕрст у, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ иннӕтӕн дӕр уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ис (1 Фес. 2:12). Стӕй хъуамӕ ахӕм фарстатӕ дӕр ма дӕттӕм, адӕймаджы зӕрдӕ чи фӕриссын кӕна. Зӕгъӕм, йӕ лӕг сӕрст чырыстон кӕмӕн у, ахӕм хойы нӕ фӕрсдзыстӕм, зӕххыл ӕнустӕм ӕнӕ уымӕй куыд цӕрдзынӕ, зӕгъгӕ. Мах фидарӕй зонӕм: ног дунейы Йегъовӕ «алкӕмӕн дӕр ратдзӕн, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Пс. 145:16).

11. Сӕрст чырыстӕттӕм раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нӕхи цӕмӕй бахъахъхъӕндзыстӕм?

11 Сӕрст чырыстӕтты иннӕтӕй уӕлдай куы нӕ хъулон кӕнӕм, уӕд нӕхи дӕр бахъахъхъӕндзыстӕм. Цымӕ куыд? Библи зӕгъы, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ ӕмбырды «мӕнг ӕфсымӕртӕ» дӕр уа ӕмӕ ма сӕхи сӕрст чырыстӕттӕ дӕр хоной (Гал. 2:4, 5; 1 Иоан. 2:19). Стӕй ма, чи зоны, сӕрст чырыстӕттӕй дӕр исчи Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ сива (Матф. 25:10–12; 2 Пет. 2:20, 21). Фӕлӕ ӕгӕр куы никӕмӕй ӕппӕлӕм, уӕд адӕймаджы фӕдыл никуы ацӕудзыстӕм, сӕрст чырыстон куы уа кӕнӕ, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн зындгонд чи у йе та Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм адӕймаг куы уа, уӕддӕр. Ӕмӕ ахӕм чырыстӕттӕй исчи Хуыцауыл иузӕрдион куы нал уа кӕнӕ ӕмбырдтӕм куы нал цӕуа, уӕддӕр нӕ уырнындзинад нӕ фӕцуддзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ ныууадздзыстӕм.

ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРЫ ДЗУЛ ӔМӔ СӔНӔЙ ЦАЛ АДӔЙМАДЖЫ ФӔАХОДЫ, УЫЙ НӔ МӔТЫ ЦӔУЫЛНӔ ХЪУАМӔ ӔФТАУА?

12, 13. Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй цал адӕймаджы фӕаходы, уый нӕ мӕты цӕуылнӕ хъуамӕ ӕфтауа?

12 Бирӕ азты дӕргъы, Ӕрымысӕн изӕры сӕн ӕмӕ дзулӕй чи ахуыста, уыдоны нымӕц къаддӕрӕй-къаддӕр кодта. Фӕлӕ фӕстаг азты сӕ нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Цымӕ нӕ уый мӕты хъуамӕ ӕфтауа? Нӕ. Ахъуыды-ма кӕнӕм цалдӕр хъуыддагыл.

13 «Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты» (2 Тим. 2:19). Ӕрымысӕн изӕры сӕн ӕмӕ дзулӕй чи фӕаходы, уыдоны чи фӕнымайы, уыцы ӕфсымӕртӕ, Йегъовӕйӕ уӕлдай, нӕ фӕзонынц, ӕцӕгдӕр сӕрст чырыстӕттӕ сты ӕви нӕ. Кӕй банымайынц, уыдонмӕ фӕхауынц, афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ сӕрст у, фӕлӕ ӕцӕгӕй чи нӕу, уыдон дӕр. Зӕгъӕм, сӕн ӕмӕ дзулӕй чи ахуыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цасдӕры фӕстӕ нал ахуыстой. Чидӕртӕ та нервытимӕ баст низтӕй рынчын сты, ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон бӕлвырдӕй зӕгъын нӕу, зӕххыл цал сӕрст чырыстоны ис, уый.

14. Стыр бӕллӕхы райдианы зӕххыл цал сӕрст чырыстоны уыдзӕн, уый тыххӕй Библи цы зӕгъы?

14 Йесо сӕрст чырыстӕтты уӕлӕрвтӕм куы кӕна, уӕд зӕххыл алы рӕтты уыдзысты. Библи зӕгъы: «Уадындз хъӕрӕй куы ныууаса, уӕд уый [ома Йесо] йӕ зӕдты арвитдзӕн, ӕмӕ йын йе ’взӕрст адӕмы ӕрӕмбырд кӕндзысты цӕгат ӕмӕ хуссарӕй, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, арвӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ» (Матф. 24:31). Библийы ма фыст ис, фӕстаг бонты сӕрст чырыстӕттӕй зӕххыл бирӕ кӕй нал уыдзӕн (Рарг. 12:17). Фӕлӕ, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд цал уыдзысты, уый дзы фыст нӕй.

15, 16. Йегъовӕ кӕй равзӕрста, уыцы 144 мин сӕрст чырыстоны тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

15 Йегъовӕ йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, адӕймаджы йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕд байсӕрда, уый (Ром. 8:28–30). Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты ӕвзарын райдыдта, Йесо куы райгас, уый фӕстӕ. Ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр сыгъдӕг тыхӕй сӕрст уыдысты. Уый фӕстӕ ӕнусты дӕргъы хабар афтӕ уыд, ӕмӕ йӕхи Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг чи хуыдта, уыдонӕн сӕ фылдӕр мӕнг чырыстӕттӕ уыдысты. Фӕлӕ-иу уыцы рӕстӕг дӕр Йегъовӕ иуӕй-иу иузӕрдион чырыстӕтты йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ уыдон уыдысты, хӕмпӕлгӕрдӕджы ’хсӕн чи сзади, ахӕм мӕнӕуы хуызӕн (Матф. 13:24–30). Фӕстаг бонты дӕргъы дӕр Йегъовӕ ӕмбырд кӕны, 144 минмӕ чи хаудзӕн, уыцы адӕмы2. Уӕдӕ Йегъовӕ кӕроны хӕдразмӕ кӕйдӕрты йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы байсӕрда, уӕд дӕр нӕ ничи дызӕрдыг кӕндзӕн, раст кӕй архайы, ууыл (Ис. 45:9; Дан. 4:35; бакӕс Ромӕгтӕм 9:11, 16)3. Хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй, Йесойы фӕсномыг ныхасы кӕй кой ис, уыцы кусджытау хъуыр-хъуыр кӕнын ма райдайӕм, нӕ Хицау куыд архайы, ууыл – уыцы кусджытӕ хъуыр-хъуыр кодтой, сӕ хицау кусынмӕ фӕстагмӕ кӕй баххуырста, уыдонӕн цас бафыста, ууыл. (Бакӕс Матфейы 20:8–15.)

16 Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон се ’ппӕт «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъармӕ» нӕ хауынц (Матф. 24:45–47). Фыццаг ӕнусы куыд уыди, афтӕ абон дӕр Йегъовӕ ӕмӕ Йесо бирӕтӕн хӕринаг дӕттынц, ома сӕ ахуыр кӕнынц, цалдӕр адӕймаджы къухӕй. Фыццаг ӕнусы ӕрмӕстдӕр цалдӕр сӕрст чырыстоны ныффыстой Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ. Ӕмӕ абон дӕр Хуыцау йӕ адӕмӕн ӕрмӕстдӕр цалдӕр чырыстоны уылты дӕтты «хӕринаг афоныл».

17. Ацы статьяйӕ цы базыдтай?

17 Ацы статьяйӕ цы базыдтам? Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзысты, ӕмӕ уӕлӕрвты та цӕрдзысты, Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр, «дзуттаг лӕджы» дӕр ӕмӕ «дӕс адӕймаджы» дӕр, схорзӕхджын кӕндзӕн. Фӕлӕ сӕ иутӕн дӕр ӕмӕ сӕ иннӕтӕн дӕр радта уыцы иу закъӕттӕ, ӕмӕ се ’ппӕтӕй дӕр домы, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕной ӕмӕ йыл иузӕрдион уой. Се ’ппӕт дӕр хъуамӕ уой сӕрныллӕг. Ӕмӕ иууылдӕр хъуамӕ архайой, цӕмӕй ӕмбырды иудзинад ӕмӕ фарн уа. Кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ не ’ппӕт дӕр дарддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ иу дзугау Чырыстийы фӕдыл цӕуӕм.

^ 1 3 абзац: Псалом 87:5, 6 стихтӕм гӕсгӕ, фидӕны Хуыцау, чи зоны, раргом кӕна, Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи сси, уыдоны нӕмттӕ (Ром. 8:19).

^ 2 15 абзац: Хъуыддӕгты 2:33 стихмӕ гӕсгӕ, чырыстӕттыл сыгъдӕг тых Йесо ӕруагъта, фӕлӕ, сӕрст чи хъуамӕ ӕрцӕуа, уый Йегъовӕ скъуыддзаг кӕны.

^ 3 15 абзац: фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс 2007 азы 1 майы «Сторожевая башня», «Вопросы читателей», 30, 31 фӕрстӕ.

Чырыстон ӕфсымӕр ӕмӕ бинойнагыл адӕм ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй сын сӕ къам сисой

Уарзондзинад, «чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ нӕ кӕны»

Апостол Павел ныффыста: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ. Уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны, йӕхицӕй не ’ппӕлы, йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссы, чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ нӕ кӕны, йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны» (1 Кор. 13:4, 5). «Чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ» сты, адӕймаг схуыст ныхас куы фӕкӕны, йӕхи дарын куы нӕ фӕзоны ӕмӕ иннӕтӕн куы нӕ фӕаргъ кӕны. Фӕлӕ йе ’фсымӕрты ӕмӕ йӕ хоты чи уарзы, ахӕм чырыстон хъуыды кӕндзӕн, йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ сыл йӕ хъуыддӕгтӕ куыд фӕзындзысты, ууыл.

Йегъовӕйы организацийы разамынд чи дӕтты, уыдоны кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, цы цӕстӕй сӕм кӕсӕм, уымӕй. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕмбырдмӕ кӕнӕ конгресмӕ ӕрцӕуынц, бирӕтӕ кӕй зонынц, ахӕм ӕфсымӕртӕ, зӕгъӕм, районон цӕстдарджытӕ, вефилӕгтӕ, филиалы комитеты кӕнӕ Разамонӕг советы чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ йе та Разамонӕг советы ӕххуысгӕнджытӕ. Ӕмӕ диссаг дӕр нӕу, кӕй нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй, ахӕм ӕфсымӕртӕн ӕмӕ сӕ бинойнӕгтӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый равдисӕм. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй Диотрефы хуызӕн уӕм. Уый не суазӕг кодта, йе ’мбырдмӕ цы ӕфсымӕртӕ ӕрбацыд, уыдоны, уымӕн ӕмӕ сын нӕ аргъ кодта (3 Иоан. 9, 10). Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕфсымӕрты суазӕг кӕнӕм, фӕлӕ уӕздандзинад ма равдисӕм?

Махӕн ӕхсызгон вӕййы, чи нӕ фӕбӕрӕг кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ куы базонгӕ вӕййӕм ӕмӕ семӕ куы аныхӕстӕ кӕнӕм. Фӕлӕ, ацы дунейы цавӕрдӕр зындгонд адӕммӕ цы цӕстӕй фӕкӕсынц, ахӕм цӕстӕй сӕм куы кӕсӕм, уӕд афтӕ зӕгъӕн нӕ уыдзӕн, ӕмӕ сын аргъ кӕнӕм. Цымӕ уӕздандзинадыл дзурӕг уыдзӕн, сӕ къамтӕ сын ӕнӕбафӕрсгӕйӕ кӕнӕ ӕнӕнхъӕлӕджы куы исӕм, зӕгъӕм, хӕргӕ куы кӕной кӕнӕ ӕндӕр исты куы аразой, уӕд? Йе та сын куы дзурӕм, цӕмӕй нын нӕ чиныгыл кӕнӕ нӕ Библийыл сӕ къух ӕрфыссой? Кӕнӕ-иу, иннӕты разӕй фӕуӕм, ууыл куы архайӕм ӕмӕ-иу сыл куы нытыххӕй уӕм, цӕмӕй немӕ сӕ къамтӕ сисой? Цымӕ нӕхи афтӕ куы дарӕм, уӕд, не ’мбырдмӕ фыццаг хатт чи ’рбацыд, уыдон цы ахъуыды кӕндзысты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм, уӕд ахӕмӕй ницы араздзыстӕм, фӕлӕ нӕхи уӕздан дардзыстӕм. Мах сын аргъ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ ӕмбарӕм, цӕмӕн нӕм ӕрцӕуынц, уый ӕмӕ мах тыххӕй бирӕ кӕй фыдӕбон кӕнынц, уый дӕр.

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕфсымӕртӕм раст цӕстӕй кӕсӕм? Фыццаджыдӕр уый, ӕмӕ нӕ зӕрдыл куы дарӕм, Йегъовӕйы кӕй хъуамӕ кадджын кӕнӕм (Рарг. 4:11). Дыккаг та уый, ӕмӕ куы ӕмбарӕм, аргъ кӕнын ӕмӕ цӕстмӕ митӕ кӕнын кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый. Уыцы ӕфсымӕрты ӕмӕ сӕ бинойнӕгты нӕ фӕнды, цӕмӕй сӕм, цавӕрдӕр зындгонд адӕммӕ цы цӕстӕй фӕкӕсынц, ахӕм цӕстӕй кӕсӕм. Уыдоны фӕнды, цӕмӕй сӕм кӕсӕм, иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, ахӕм цӕстӕй (Матф. 23:8). Ӕртыккаг та уый, ӕмӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Йесойы ныхӕстӕ: «Уӕдӕ уӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр» (Матф. 7:12). Уыдӕттӕ нӕ куы нӕ рох кӕной, уӕд «чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ» нӕ кӕндзыстӕм, ӕмӕ бӕрӕг уыдзӕн, ӕцӕгдӕр сӕ кӕй уарзӕм.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын