Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w16 январь 17–21 фф.
  • Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ удимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ удимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • АДӔЙМАГ СЫГЪДӔГ ТЫХӔЙ СӔРСТ КУЫД ӔРЦӔУЫ?
  • АДӔЙМАГ, СӔРСТ КӔЙ ӔРЦЫД, УЫЙ КУЫД БАЗОНЫ?
  • УЫДОН «НОГӔЙ РАЙГУЫРДЫСТЫ»
  • ДЫ ДӔР ХУЫНД ДӔ?
  • «Хуыцауы сыгъдӕг тых... ӕвдисӕн лӕууы»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • «Ӕцӕгады уд» дӕм ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
  • «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамынд фыццаг ӕнусы ӕмӕ абон
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
w16 январь 17–21 фф.
Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бон сӕрст чырыстӕттӕй алкӕй сӕрмӕ дӕр фӕзынд арты ӕвзӕгтӕ

Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ удимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы

«Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ удимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы, мах Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕн» (РОМ. 8:16).

ЗАРДЖЫТӔ: 109, 108

АДӔЙМАГ СЫГЪДӔГ ТЫХӔЙ СӔРСТ КУЫД ӔРЦӔУЫ, УЫЙ АЦЫ СТИХТӔ КУЫД ӔМБАРЫН КӔНЫНЦ?

  • 2 Кор. 1:21, 22; 2 Пет. 1:10, 11

  • Ром. 8:15, 16; 1 Иоан. 2:20, 27

1–3. Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бон уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн уыд ӕмӕ уыцы бон Фыстадӕй цавӕр пехуымпарад сӕххӕст? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

ХАБАР уыди Иерусалимы, хуыцаубоны райсомӕй. Уый уыди ахсджиаг ӕмӕ стыр цины бон. Адӕм бӕрӕг кодтой Фӕндзайӕм бон, мӕнӕугӕрдӕны райдианы кӕй бӕрӕг кодтой, уыцы стыр бӕрӕгбон. Уыцы райсом кувӕндоны хистӕр сауджын ӕрхаста, алы бон дӕр-иу кӕй хаста, уыцы нывӕндтӕ. Уый фӕстӕ, фараст сахатмӕ ӕввахс, кувинагӕн ӕрхаста, мӕнӕуы фыццаг тыллӕгӕй конд чи уыд ӕмӕ ӕнхъизӕн кӕуыл уыд, дыууӕ ахӕм дзулы. Хистӕр сауджын сӕ дыууӕрдӕм атылдта, цӕмӕй сӕ Йегъовӕйӕн снывонд кодтаид. Уый уыди нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бон (Лев. 23:15–20).

2 Ӕнусты дӕргъы хистӕр сауджын алы аз дӕр Хуыцауӕн хаста, кӕй батилынц, ахӕм кувинаг. Уыцы кувинаг амыдта, 33 азы Фӕндзайӕм боны цы ахсджиаг хабар ӕрцыд, уымӕ. Уыцы хабар ӕрцыд Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй 120 адӕймагыл, Иерусалимы уӕллаг уаты куы ӕрӕмбырд сты ӕмӕ иумӕ Хуыцаумӕ куы куывтой, уӕд (Хъуыд. 1:13–15). Уымӕй аст ӕнусы раздӕр уый тыххӕй ныффыста пехуымпар Иоил (Иоил 2:28–32; Хъуыд. 2:16–21). Цымӕ цавӕр ахсджиаг хабар ӕрцыд?

3 Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 2:2–4. Уыцы бон Хуыцау уыцы чырыстӕттыл йӕ сыгъдӕг тых ӕруагъта ӕмӕ афтӕмӕй систы сӕрст чырыстӕттӕ (Хъуыд. 1:8). Уый фӕстӕ, кӕм уыдысты, уыцы хӕдзары раз дуне адӕм ӕрӕмбырд, ӕмӕ сын ахуыргӕнинӕгтӕ райдыдтой, цы диссӕгтӕ федтой ӕмӕ фехъуыстой, уый тыххӕй дзурын. Апостол Петр бамбарын кодта, цавӕр хабар ӕрцыд ӕмӕ афтӕ ахсджиаг цӕмӕн уыд, уый. Ӕмӕ стӕй адӕмӕн загъта: «Цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл донаргъуыд райсӕд. Ӕмӕ уӕд райсдзыстут лӕвар – Хуыцауы сыгъдӕг тых». Уыцы бон 3 000 адӕймаджы бӕрц донаргъуыд райста, ӕмӕ уыдон дӕр сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты (Хъуыд. 2:37, 38, 41).

4. а) Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны цы ’рцыд, уый зонын нӕ цӕмӕн хъӕуы? б) Уыцы хабар цы бон ӕрцыд, уыцы бон ма бирӕ ӕнустӕ раздӕр, чи зоны, цавӕр ахсджиаг хабар ӕрцыд? (Кӕс фиппаинаг.)

4 Цымӕ хистӕр сауджын кӕмӕ амыдта? Стӕй, Фӕндзайӕм боны цы кувинаг хаста, уый та цӕмӕ амыдта? Хистӕр сауджын амыдта Чырыстимӕ. Дзултӕ та амыдтой фыццаг сӕрст чырыстӕттӕм. Уыцы чырыстӕттӕ, ӕмӕ ма сӕ фӕстӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи ’рцыд, уыдон дӕр, ӕвзӕрст ӕрцыдысты тӕригъӕдджын адӕмӕй ӕмӕ хуынд ӕрцыдысты «фыццаг тыллӕг» (Иак. 1:18, фип.). Хуыцау сӕ йӕ фырттыл банымадта ӕмӕ сӕ равзӕрста, цӕмӕй Чырыстиимӕ иумӕ уӕлӕрвты Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ суыдаиккой (1 Пет. 2:9). Уыцы Паддзахады фӕрцы Йегъовӕ коммӕгӕс адӕмы йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн. Уӕдӕ уӕлӕрвты Йесоимӕ уыдзыстӕм ӕви зӕххыл Дзӕнӕты цӕрдзыстӕм, уӕддӕр, 33 азы Фӕндзайӕм бон цы хабар ӕрцыд, уый махӕй алкӕмӕн дӕр тынг ахсджиаг у!1

АДӔЙМАГ СЫГЪДӔГ ТЫХӔЙ СӔРСТ КУЫД ӔРЦӔУЫ?

5. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи у, уыдоныл сыгъдӕг тых уыцы иухуызон кӕй не ’рцӕуы?

5 Фӕндзайӕм боны уӕллаг уаты цы ахуыргӕнинӕгтӕ уыд, уыдонӕй уыцы бон никуы ферох уыдаид. Алкӕй сӕрмӕ дӕр сӕ фӕзынд арты ӕвзӕгты хуызӕн ӕвзӕгтӕ. Йегъовӕ сӕ схайджын кодта ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиатӕй. Ӕмӕ уыдон ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст кӕй ӕрцыдысты (Хъуыд. 2:6–12). Фӕлӕ уый фӕстӕ ахӕм хуызы сӕрст ничиуал ӕрцыд. Зӕгъӕм, уыцы бон фӕстӕдӕр Иерусалимы донаргъуыд цы мингай адӕймӕгтӕ райстой, уыдоны сӕрмӕ арты ӕвзӕгтӕ нӕ фӕзынд. Уыдон сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты, донаргъуыд куы райстой, уӕд (Хъуыд. 2:38). Чидӕртӕ та сыгъдӕг тыхӕй сӕрст донаргъуыды рӕстӕг дӕр не ’рцыдысты. Самариӕгтыл сыгъдӕг тых ӕрцыд, донаргъуыд куы райстой, уымӕй иуцасдӕры фӕстӕ (Хъуыд. 8:14–17). Иу хатт та ахӕм хабар дӕр ӕрцыд, ӕмӕ Корнилий ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты, донаргъуыд нӕма райстой, афтӕмӕй (Хъуыд. 10:44–48).

6. Сӕрст чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр цӕмӕй схайджын вӕййынц ӕмӕ сын уый цӕуыл дзурӕг вӕййы?

6 Уӕдӕ чырыстӕттӕ, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст кӕй ӕрцыдысты, уый уыцы иухуызон нӕ бамбарынц. Чидӕр уайтагъд бамбары, Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрста, чидӕр та уый бамбары цасдӕры фӕстӕ. Фӕлӕ апостол Павел загъта, уыдонӕй алкӕуыл дӕр цы ’рцӕуы, уый. Павел ныффыста: «Куы баууӕндыдыстут, уӕд сымахыл дӕр Чырыстийы фӕрцы Хуыцау мыхуыр сӕвӕрдта, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы сыгъдӕг тыхӕй,– сыгъдӕг тых у, Хуыцау нын цы бынтӕ скодта, уыдон кӕй райсдзыстӕм, уый ӕвдисӕн» (Еф. 1:13, 14). Уӕдӕ ахӕм чырыстӕттӕн Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы бӕлвырдӕй бамбарын кӕны, уӕлӕрвты цӕрынӕн сӕ кӕй равзӕрста, уый. Афтӕмӕй сын сыгъдӕг тых вӕййы «ӕвдисӕн», кӕнӕ бӕлвырдгӕнӕн, фидӕны ӕнустӕм зӕххыл нӕ, фӕлӕ уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:21, 22; 5:5.)

7. Алы сӕрст чырыстон дӕр цӕуыл хъуамӕ архайа, цӕмӕй йӕ хӕрзиуӕг райса?

7 Фӕлӕ иугӕр чырыстон сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыд, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ хӕрзиуӕг ӕнӕмӕнг райсдзӕн? Нӕ. Ахӕм чырыстон бӕлвырдӕй фӕзоны, уӕлӕрвты цӕрынмӕ хуынд кӕй у. Фӕлӕ хорзӕхджын ӕрцӕудзӕн, Йегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззайа, ӕрмӕстдӕр уӕд. Петр уыцы хабар афтӕ бамбарын кодта: «Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайут, цӕмӕй, Хуыцау уӕ цӕмӕ ӕрхуыдта ӕмӕ цӕмӕн равзӕрста, уымӕй ӕцӕгдӕр хайджын уат. Афтӕ куы кӕнат, уӕд никуы фӕкӕлдзыстут. Ӕмӕ уӕд ахӕм стыр арфӕдзинадӕй хайджын уыдзыстут, ӕмӕ бацӕудзыстут нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы ӕнусон паддзахадмӕ» (2 Пет. 1:10, 11). Уӕдӕ сӕрст чырыстон хъуамӕ уый бар мацӕмӕн ратта, цӕмӕй йӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын хъыгдара. Кӕд уӕлӕрвты цӕрынмӕ хуынд ӕрцыд, уӕддӕр, Хуыцауыл иузӕрдион куы нал уа, уӕд йӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕн (Дзут. 3:1; Рарг. 2:10).

АДӔЙМАГ, СӔРСТ КӔЙ ӔРЦЫД, УЫЙ КУЫД БАЗОНЫ?

8, 9. а) Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕрӕн зын бамбарӕн цӕмӕн у, Йегъовӕ адӕймаджы сыгъдӕг тыхӕй куыд байсӕрды, уый? б) Адӕймаг куыд базоны, уӕлӕрвтӕм хуынд кӕй ӕрцыд?

8 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕрӕн, чи зоны, зын бамбарӕн у, Йегъовӕ адӕймаджы йӕ сыгъдӕг тыхӕй куыд байсӕрды, уый. Ӕмӕ афтӕ кӕй у, уым диссагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕрст чырыстӕттӕ не сты. Стӕй Хуыцау адӕмы сфӕлдыста ӕнустӕм зӕххыл цӕрынӕн, уӕлӕрвты нӕ, фӕлӕ (Райд. 1:28; Пс. 37:29). Фӕлӕ Йегъовӕ кӕйдӕрты равзӕрста, цӕмӕй уӕлӕрвты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ уой. Ӕмӕ сӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы байсӕрды, уӕд, цы ныфс сын уыди, уый дӕр ӕмӕ сӕ зондахаст дӕр фӕивы, ӕмӕ райдайынц уӕларвон цардмӕ бӕллын. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 1:18, 19.)

9 Фӕлӕ цымӕ адӕймаг, нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, куыд базоны, уӕлӕрвты цӕрынмӕ хуынд кӕй ӕрцыд? Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, Павел Ромы цӕрӕг сӕрст чырыстӕттӕн, «сыгъдӕджытӕ» кӕй схуыдта, уыдонӕн, цы загъта, уымӕ. Павел сӕм ныффыста: «Цы сыгъдӕг тыхӕй схайджын стӕм, уый нӕ цагъартӕ нӕ аразы ӕмӕ нӕ ногӕй тасы не ’фтауы. Фӕлӕ нӕ уыцы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Хуыцау йӕхицӕн скодта фырттӕ. Ӕмӕ нӕ уыцы сыгъдӕг тых разӕнгард кӕны, цӕмӕй дзурӕм: „Аввӕ, нӕ Фыд!“ Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ удимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы, мах Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕн» (Ром. 1:7; 8:15, 16). Йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы Хуыцау адӕймагӕн бӕлвырд бамбарын кӕны, хуынд кӕй ӕрцыд, цӕмӕй уӕлӕрвты Чырыстиимӕ паддзах уа (1 Фес. 2:12).

10. 1 Иоанны 2:27 стихы афтӕ фыст кӕй ис, «уый хъуаг нал стут, цӕмӕй уӕ исчи ахуыр кӕна», зӕгъгӕ, уый цӕуыл дзурӕг у?

10 Хуыцау уӕлӕрвты цӕрынмӕ кӕй ӕрхоны, уыдоны нӕ фӕхъӕуы, цӕмӕй ма сын ӕндӕр исчи зӕгъа, сӕрст кӕй ӕрцыдысты, уый тыххӕй. Йегъовӕ сӕ ахӕм фидар ныфс бауадзы, ӕмӕ йыл ӕппындӕр нӕ фӕдызӕрдыг кӕнынц. Апостол Иоанн сӕрст чырыстӕттӕн загъта: «Сымах Сыгъдӕг Хуыцау байсӕрста йӕ сыгъдӕг тыхӕй, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр зонут рӕстдзинад». Ӕмӕ ма стӕй загъта: «Сымах тыххӕй... мӕ уый фӕнды зӕгъын, ӕмӕ уӕ Хуыцау цы сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста, уый ис уӕ мидӕг ӕмӕ уый хъуаг нал стут, цӕмӕй уӕ исчи ахуыр кӕна. Кӕй уӕ байсӕрста, уыцы хъуыддаг у ӕцӕг, мӕнг нӕу, ӕмӕ уӕ уый фӕрцы ахуыр кӕны ӕппӕтыл дӕр. Ӕмӕ уӕ куыддӕриддӕр сахуыр кодта, афтӕ йемӕ иудзинады ут» (1 Иоан. 2:20, 27). Сӕрст чырыстӕтты дӕр хъӕуы, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ ахуыр кӕна, иннӕты куыд ахуыр кӕны, афтӕ. Фӕлӕ сӕ нӕ хъӕуы, цӕмӕй сын исчи бӕлвырд кӕна, сӕрст кӕй сты, уый. Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс сын кӕй ис, уый сын Йегъовӕ бамбарын кӕны ӕппӕты хъомысджындӕр тыхы руаджы – йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы!

УЫДОН «НОГӔЙ РАЙГУЫРДЫСТЫ»

11, 12. Сӕрст чырыстон, чи зоны, цӕуыл хъуыды кӕна, фӕлӕ уӕддӕр фидарӕй цы фӕзоны?

11 Сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи ’рцӕуы, уыцы чырыстӕттӕн сӕ удыхъӕд ӕмӕ сӕ зондахаст тынг кӕй фӕивы, уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта, зӕгъгӕ, «ногӕй райгуырынц»2 (Иоан. 3:3, 5). Стӕй йӕ ныхӕстӕ бамбарын кодта: «Афтӕ дын кӕй загътон, ногӕй хъуамӕ райгуырат, зӕгъгӕ, ууыл дис ма кӕн. Зӕгъӕм, дымгӕ дымы, кӕцырдӕм ӕй фӕнды, уыцырдӕм, ӕмӕ йын йӕ уынӕр хъусыс, фӕлӕ кӕцӕй ӕмӕ кӕцырдӕм дымы, уый та нӕ зоныс. Афтӕ у йӕ хабар, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи райгуыры, уымӕн дӕр» (Иоан. 3:7, 8). Уӕдӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи нӕу, уымӕн зын бамбарын кӕнын у, сӕрст чырыстон цы фенкъары, уый.

12 Сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи ’рцыд, уый, чи зоны, хъуыды кӕна: «Йегъовӕ ӕндӕр кӕйдӕр нӕ, фӕлӕ мӕн цӕмӕн равзӕрста?» Чи зоны ма дис дӕр кӕна, Хуыцау ӕй уыцы кады аккаг кӕй скодта, ууыл. Фӕлӕ уӕддӕр фидарӕй фӕзоны, Йегъовӕ йӕ кӕй равзӕрста, уый. Ахӕм адӕймаг вӕййы тынг амондджын ӕмӕ уыцы стыр лӕвары тыххӕй Хуыцауӕй бузныг вӕййы. Сӕрст чырыстӕттӕ хорз ӕмбарынц, Петрӕн йӕ зӕрдӕйы цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уыди, афтӕ куы загъта: «Табу нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыдӕн. Уый йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ мах ногӕй райгуырын кодта ӕмӕ нын радта удӕгас ныфс, Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уый фӕрцы, цӕмӕй райсӕм, ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны, сыгъдӕг чи у ӕмӕ рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм бынтӕ. Уыцы бынтӕ уӕлӕрвты ӕвӕрдӕй лӕууынц сымахӕн» (1 Пет. 1:3, 4). Сӕрст чырыстӕттӕ ацы ныхӕстӕ куы фӕкӕсынц, уӕд бӕлвырдӕй фӕзонынц, сӕ уӕларвон Фыд сӕ уыдонӕн кӕй дзуры.

13. Сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи ӕрцӕуы, уымӕн йӕ зондахаст куыд фӕивы ӕмӕ цӕмӕн?

13 Цалынмӕ Йегъовӕ ахӕм чырыстӕтты уӕлӕрвты цӕрынмӕ не ’рхуыдта, уӕдмӕ сын уыди ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс. Уыдон бӕллыдысты, Йегъовӕ ӕгас зӕхх дӕр дзӕнӕт куы фестын кӕна ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон куы скӕна, уыцы рӕстӕгмӕ. Ӕвӕццӕгӕн-иу сӕ цӕстытыл ауад, сӕ бинонтӕй ӕмӕ се ’мбӕлттӕй ӕгас чи нал у, уыдоныл куыд цин кӕндзысты, сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ куыд араздзысты ӕмӕ дзы куыд цӕрдзысты кӕнӕ бӕлӕстӕ куыд садздзысты ӕмӕ сын сӕ дыргътӕ куыд хӕрдзысты (Ис. 65:21–23). Фӕлӕ цымӕ уый фӕстӕ ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнын цӕмӕн райдыдтой? Мыййаг сӕ зӕххыл цӕрын кӕй нал фӕндыд, уый тыххӕй? Кӕнӕ, цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ кӕй бавзӕрстой, уый тыххӕй? Мыййаг сӕм афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл цӕрынӕй бафӕллайдзысты ӕмӕ амондджын нал уыдзысты? Кӕнӕ сӕ, мыййаг, уӕларвон цард цы у, уый базонын бафӕндыд? Нӕ. Уыцы хъуыддаг сӕ бӕсты аскъуыддзаг кодта Йегъовӕ. Уӕлӕрвты цӕрынмӕ сӕ куы ’рхуыдта, уӕд сын йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы фӕивта сӕ зондахаст дӕр ӕмӕ, раздӕр цӕмӕ бӕллыдысты, уый дӕр.

14. Сӕрст чырыстӕттӕ сӕ зӕххон цардмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

14 Уӕдӕ, мыййаг, афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕрст чырыстӕтты амӕлын фӕнды? Хуыцау Павелӕн уый фӕдыл ныффыссын кодта: «Мах ацы цатыры мидӕг уаргъы бын тухӕнӕй мӕлӕм. Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ дзы куы фервӕзиккам, уый нӕ фӕнды, фӕлӕ нӕ фӕнды ӕндӕры бацӕрын, цӕмӕй цард аныхъуыра, мӕлӕты бар цӕуыл цӕуы, уый» (2 Кор. 5:4). Уӕдӕ уыцы чырыстӕттӕ мӕлӕтмӕ нӕ бӕллынц. Уыдон цардыл цин кӕнынц ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй алы бон дӕр сӕ бинонтӕ ӕмӕ се ’мбӕлттимӕ Йегъовӕйы кадджын кӕной. Фӕлӕ цыфӕнды ма аразой, уӕддӕр сӕ рох нӕу, Хуыцау сын зӕрдӕ цы фидӕнӕй бавӕрдта, уый (1 Кор. 15:53; 2 Пет. 1:4; 1 Иоан. 3:2, 3; Рарг. 20:6).

ДЫ ДӔР ХУЫНД ДӔ?

15. Цавӕр хъуыддӕгтӕ не сты ууыл дзурӕг, ӕмӕ адӕймаг сыгъдӕг тыхӕй сӕрст у?

15 Чи зоны, ды дӕр хъуыды кӕныс, мыййаг, Йегъовӕ мӕн дӕр уӕларвон цардмӕ ӕрхуыдта, зӕгъгӕ. Кӕд о, уӕд-ма ацы ахсджиаг фарстатыл ахъуыды кӕн: хъусын кӕныны хъуыддаджы уӕлдай зынгзӕрдӕ дӕ? Библи ӕмӕ «Хуыцауы арф зонд» иртасын тынг уарзыс? (1 Кор. 2:10). Уыныс ӕй, Йегъовӕ дын хъусын кӕныны хъуыддаджы тынг кӕй арфӕ кӕны? Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын дын алцӕмӕй ахсджиагдӕр у? Иннӕты зӕрдиагӕй уарзыс ӕмӕ сын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын дӕхицӕн стыр хӕсыл нымайыс? Дӕхи цӕстӕй уыныс, Йегъовӕ дын дӕ царды алыхуызон фӕзилӕнты куыд ӕххуыс кӕны, уый? Кӕд ацы фарстатӕн дзуапп дӕтгӕйӕ, о, зӕгъгӕ, загътай, уӕд, цымӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрынмӕ хуынд дӕ? Нӕ. Цымӕ цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр, сӕрст сты ӕви нӕ, уӕддӕр ацы фарстатӕн ахӕм дзуапп ратдзысты. Стӕй сыгъдӕг тыхы фӕрцы Йегъовӕйӕн йӕ бон у йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕнфӕнды дӕр баххуыс кӕнын, цыфӕнды ныфс ын ма уа, уӕддӕр. Уӕвгӕ, уӕлӕрвты цӕрынмӕ хуынд дӕ ӕви нӕ, ууыл хъуыды кӕй кӕныс, уый дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хуынд нӕ дӕ. Йегъовӕ кӕй равзӕрста, уыдон ууыл ӕппындӕр нӕ фӕдызӕрдыг кӕнынц! Уыдон ӕй бӕлвырд фӕзонынц!

16. Кӕцӕй йӕ зонӕм, сыгъдӕг тыхӕй хайджын чи уыд, уыдон се ’ппӕт уӕларвон цардмӕ хуынд кӕй не ’рцыдысты?

16 Библийы бирӕ ис, Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕй хайджын чи уыд, фӕлӕ уӕлӕрвтӕм чи нӕ ацыд, ахӕм иузӕрдион адӕймӕгты цӕвиттонтӕ. Уыдонӕй сӕ иу уыд Аргъауӕг Иоанн. Йесо загъта, зӕгъгӕ, иу адӕймаг дӕр Аргъауӕг Иоаннӕй уӕлдӕр нӕ уыди, фӕлӕ ма стӕй загъта, Иоанн уӕлӕрвты паддзах кӕй нӕ уыдзӕн (Матф. 11:10, 11). Давид дӕр уыд сыгъдӕг тыхӕй хайджын (1 Сам. 16:13). Уыцы тых ын ӕххуыс кодта Йегъовӕйы тыххӕй арф хъуыдытӕ бамбарынӕн, стӕй ма йӕ сразӕнгард кодта Библийы кӕцыдӕр хӕйттӕ ныффыссынмӕ дӕр (Мар. 12:36). Фӕлӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр апостол Петр ныффыста, зӕгъгӕ, «Давид... уӕларвмӕ не ссыд» (Хъуыд. 2:34). Йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты схайджын кодта алыхуызон диссӕгтӕ аразыны курдиатӕй, фӕлӕ сын уыцы сыгъдӕг тых, уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты, уымӕн ӕвдисӕн никуы лӕууыд. Мыййаг, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ, уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уой, уый аккаг нӕ уыдысты кӕнӕ уыцы хъуыддагмӕ нӕ сарӕхстаиккой? Нӕ. Уый ӕрмӕстдӕр ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ зӕххыл Дзӕнӕты цӕрынмӕ райгас кӕндзӕн (Иоан. 5:28, 29; Хъуыд. 24:15).

17, 18. а) Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕрӕн цавӕр ныфс ис? б) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

17 Абон Хуыцауӕн зӕххыл цы лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр уӕлӕрвтӕм нӕ ацӕудзысты. Авраам, Давид, Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ ма рагзаманты чи цард, бирӕ ӕндӕр ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтау уыдон бӕллынц зӕххыл Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрынмӕ (Дзут. 11:10). Уӕлӕрвты Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон сты 144 000. Фӕлӕ ацы фӕстаг бонты сӕрстытӕй зӕххыл бирӕ нал ис (Рарг. 12:17). Сӕ фылдӕр суанг сӕ мӕлӕты онг Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты ӕмӕ ныр сты уӕлӕрвты.

18 Фӕлӕ исчи йӕхи сӕрст чырыстон куы хона, уӕд ӕм, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? Кӕд де ’мбырды чидӕр Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй аходын райдыдта, уӕд ӕм цы зӕрдӕ хъуамӕ дарай? Ӕмӕ, йӕхи сӕрст чырыстоныл чи нымайы, уыдонӕн сӕ нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕны, уый дӕ хъуамӕ мӕты ӕфтауа? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйы.

^ 1 4 абзац: Фӕндзайӕм бон-иу, ӕвӕццӕгӕн, бӕрӕг кодтой, Синайы хохыл Хуыцау Моисейӕн Закъон куы радта, уыцы бон (Рац. 19:1). Уӕдӕ израилӕгтимӕ Закъоны бадзырд цы бон ӕрцыд арӕзт, сӕрст чырыстӕттимӕ дӕр ног бадзырд, ӕвӕццӕгӕн, растдӕр уыцы бон ӕрцыд арӕзт. Закъоны бадзырд арӕзт ӕрцыд Моисейы уылты, ног бадзырд та – Чырыстийы уылты.

^ 2 11 абзац: «ногӕй райгуырын» цы нысан кӕны, ууыл дзырд цыди 2009 азы 1 апрелы «Сторожевая башня»-йы, 3–11 фӕрстӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын