Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w16 январь 28–32 фф.
  • Хуыцауы ӕмкусджытӕ кӕй стӕм, уый нын у стыр цины хос

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы ӕмкусджытӕ кӕй стӕм, уый нын у стыр цины хос
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ХУЫЦАУИМӔ ӔМГУЫСТ КӔЙ КӔНӔМ, УЫЙ ФӔРЦЫ СТӔМ АМОНДДЖЫН
  • ХУЫЦАУИМӔ ӔМГУЫСТ КӔЙ КӔНӔМ, УЫЙ ФӔРЦЫ ӔНГОМДӔР КӔНӔМ ЙӔХИМӔ ДӔР ӔМӔ ИННӔТӔМ ДӔР
  • ХУЫЦАУИМӔ ӔМГУЫСТ КӔЙ КӔНӔМ, УЫЙ ФӔРЦЫ ХЪАХЪХЪӔД СТӔМ
  • ХУЫЦАУИМӔ ӔМГУЫСТ КӔЙ КӔНӔМ, УЫМӔЙ БӔРӔГ У, ЙӔХИ ДӔР ЫН КӔЙ УАРЗӔМ ӔМӔ ИННӔТЫ ДӔР
  • Алкӕддӕр Йегъовӕйы хӕлар у!
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Йегъовӕйы ӕмкусӕг кӕй дӕ, уымӕн аргъ кӕн!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
w16 январь 28–32 фф.
Зӕд тӕхы дыууӕ Ӕвдисӕны сӕрмӕ, уыдон фӕцӕуынц, нӕлгоймаг кӕм кувы, уыцы хӕдзармӕ

Хуыцауы ӕмкусджытӕ кӕй стӕм, уый нын у стыр цины хос

«Мах кусӕм Хуыцауимӕ, ӕмӕ уын ноджыдӕр лӕгъстӕ кӕнӕм: цы стыр хорзӕхӕй уын бахай кодта, уымӕй цӕй тыххӕй стут хайджын, уый уӕ ма ферох уӕд» (2 КОР. 6:1).

ЗАРДЖЫТӔ: 75, 74

ЦӔМӔН ИС ЗӔГЪӔН, ӔМӔ ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ФӔРЦЫ...

  • амондджын стӕм?

  • Хуыцаумӕ ӕмӕ не ’мчырыстӕттӕм ӕнгомдӕр кӕнӕм?

  • хъахъхъӕд стӕм?

1. Кӕд Йегъовӕ Иунӕг Стыр Хуыцау у, уӕддӕр иннӕтӕн цавӕр фадат дӕтты?

ЙЕГЪОВӔ у Иунӕг Стыр Хуыцау. Алцыдӕр уый сфӕлдыста ӕмӕ у ӕгӕрон зонд ӕмӕ тыхы хицау. Хуыцау Иовӕн уыдӕттӕ бамбарынӕн куы баххуыс кодта, уӕд ын Иов загъта: «Ныр ӕй зонын, дӕуӕн дӕ бон алцыдӕр кӕй у, ӕмӕ ахӕмӕй ницы ис, дӕу цы бафӕнда ӕмӕ дӕ бон цы нӕ уа саразын» (Иов 42:2). Йегъовӕйӕн йӕ бон у, цыдӕриддӕр ӕй бафӕнда, уый саразын, ӕмӕ йӕ искӕй ӕххуыс нӕ хъӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр иннӕтӕн дӕр фадат дӕтты, цӕмӕй йемӕ ӕмгуыст кӕной ӕмӕ афтӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст уа. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у йӕ уарзондзинад.

2. Йесо Хуыцауимӕ цавӕр ахсджиаг хъуыддаджы архайдта?

2 Алкӕмӕй ӕмӕ алцӕмӕй раздӕр Хуыцау сфӕлдыста йӕ Фырт Йесойы. Уый фӕстӕ Йегъовӕ йӕ Фыртӕн бар радта, цӕмӕй йын алцыдӕр сфӕлдисынӕн баххуыс кодтаид (Иоан. 1:1–3, 18). Апостол Павел Йесойы тыххӕй ныффыста: «Уымӕй фӕстӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр сфӕлдыста уый ӕххуысӕй: уӕлӕрвты цы ис, уый дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уый дӕр; цӕстӕй цы уынӕм, уыдӕттӕ дӕр ӕмӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уыдӕттӕ дӕр – паддзахбадӕнтӕ уой, сӕргълӕуджытӕ, хицауӕдтӕ ӕви хицаудзинӕдтӕ. О, ӕппӕт дӕр сфӕлдыста уый ӕххуысӕй ӕмӕ уымӕн» (Кол. 1:15–17). Уӕдӕ Йегъовӕ йӕ Фырты бар ахсджиаг хъуыддаг кӕй бакодта, уымӕй уӕлдай ма уыцы хабар уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр раргом кодта. Уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа!

3. Йегъовӕ Адамӕн цавӕр куыст бахӕс кодта ӕмӕ цӕмӕн?

3 Йегъовӕ ма-иу йемӕ ӕмгуыст кӕнынмӕ фӕхуыдта адӕмы дӕр. Зӕгъӕм, Адамӕн бар радта, цӕмӕй цӕрӕгойтыл нӕмттӕ сӕвӕрдтаид (Райд. 2:19, 20). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы куыстыл куыд тынг цин кодтаид! Уый лӕмбынӕг касти, алы цӕрӕгой дӕр цыхуызӕн у ӕмӕ йӕхи куыд дары, уымӕ, ӕмӕ-иу ын стӕй, чи йыл сфидыдтаид, ахӕм ном радта. Цӕрӕгойты се ’ппӕты дӕр Йегъовӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ бон уыди, цӕмӕй сын нӕмттӕ дӕр йӕхӕдӕг радтаид. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг Адамы бар кӕй бакодта, уымӕй равдыста, куыд тынг ӕй уарзы, уый. Йегъовӕ ма Адамӕн бахӕс кодта, цӕмӕй ӕгас зӕххӕй дӕр дзӕнӕт сарӕзтаид (Райд. 1:27, 28). Фӕлӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд Адамы нал фӕндыд Хуыцауимӕ ӕмгуыст кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты дӕр хъизӕмӕртты хай фӕкодта (Райд. 3:17–19, 23).

4. Адӕмӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауимӕ куыд ӕмгуыст кодтой, цӕмӕй йӕ фӕндон ӕххӕст кодтаид?

4 Фӕстӕдӕр ма Хуыцау йемӕ ӕмгуыст кӕнынмӕ фӕхуыдта ӕндӕр адӕймӕгты дӕр. Ной сарӕзта, Доны хъаймӕты рӕстӕг йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕй фӕрцы аирвӕзтысты, уыцы нау. Моисей израилӕгты Египетӕй ракодта. Йесо Навин та израилӕгты бакодта Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ. Соломон Иерусалимы сарӕзта кувӕндон. Марийӕ сси Йесойы мад. Ацы ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр иузӕрдион адӕймӕгтӕ Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кодтой, цӕмӕй йӕ фӕндон ӕххӕст кодтаид.

5. Нӕ бон цавӕр хъуыддаджы у архайын ӕмӕ Йегъовӕйы не ’ххуыс ӕнӕмӕнг хъуыди? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

5 Абон та нӕ Йегъовӕ хоны, цӕмӕй йӕ Паддзахады хъуыддагӕн, нӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй ӕххуыс кӕнӕм. Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн ис бирӕ алыхуызон мадзӕлттӕ. Ӕмӕ нӕ уавӕртӕ куыдфӕнды ма уой ӕмӕ Хуыцауӕн кӕмфӕнды ма лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр махӕй алкӕй бон дӕр у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйӕн йӕхи бон уыд уыцы хъуыддаг кӕнын. Йӕ бон уыди адӕммӕ уӕлӕрвтӕй дзурын. Чырысти загъта, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у дуртӕ дӕр сдзурын кӕнын, цӕмӕй адӕмӕн йӕ Паддзахады Паддзахы тыххӕй фехъусын кӕной (Лук. 19:37–40). Фӕлӕ нын Йегъовӕ уый бар радта, цӕмӕй йе ’мкусджытӕ уӕм (1 Кор. 3:9). Апостол Павел ныффыста: «Мах кусӕм Хуыцауимӕ, ӕмӕ уын ноджыдӕр лӕгъстӕ кӕнӕм: цы стыр хорзӕхӕй уын бахай кодта, уымӕй цӕй тыххӕй стут хайджын, уый уӕ ма ферох уӕд» (2 Кор. 6:1). Хуыцауимӕ ӕмгуыст кӕнын стыр кад у, ӕмӕ нын уый стыр цины хос у. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ.

ХУЫЦАУИМӔ ӔМГУЫСТ КӔЙ КӔНӔМ, УЫЙ ФӔРЦЫ СТӔМ АМОНДДЖЫН

6. Хуыцауы Фырт, йӕ Фыдӕн кӕй ӕххуыс кодта, уый тыххӕй цы загъта?

6 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ алкӕддӕр амондджын уыдысты, йемӕ ӕмгуыст кӕй кодтой, уый фӕрцы. Хуыцауы Фырт уӕлӕрвты куы уыд, уӕд загъта: «Мӕн сфӕлдыста Йегъовӕ йӕхӕдӕг. Ӕз дӕн, цы сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг. [...] Ӕз уыдтӕн йӕ фарсмӕ куыд дӕсны кусӕг. Ӕз уыдтӕн йе стыр цин алы бон дӕр, ӕмӕ алкӕддӕр цин кодтон йӕ разы» (Ӕмб. 8:22, 30). Йесо йӕ Фыдӕн куы ’ххуыс кодта, уӕд цин кодта, уымӕн ӕмӕ йын бирӕ ӕнтыст ӕмӕ зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы, уый. Фӕлӕ махӕй та цы зӕгъӕн ис?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕлгоймагимӕ Библи ахуыр кӕны

Адӕймагӕн Хуыцауы базонынӕн ӕххуыс кӕнай, уымӕй ӕхсызгондӕр куыст цы хъуамӕ уа? (кӕс 7 абзац)

7. Хъусын кӕныны хъуыддаг нын цины хос цӕмӕн у?

7 Йесо загъта, адӕймаг амондджын кӕй вӕййы, йӕхӕдӕг иннӕтӕн куы фӕдӕтты ӕмӕ йӕхицӕн дӕр куы фӕдӕттынц, уӕд (Хъуыд. 20:35). Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базонынӕн нын куы баххуыс кодтой, уӕд тынг цин кодтам. Фӕлӕ иннӕтӕн хорз хабар куы фӕдзурӕм, уӕд та цӕмӕн фӕцин кӕнӕм? Уымӕн ӕмӕ фӕуынӕм, адӕймаг Библийы ахуырӕдтӕ куы базоны ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын куы райдайы, уӕд ӕцӕг амондджын кӕй свӕййы. Тынг фӕцин кӕнӕм, адӕймаг йӕ зондахаст ӕмӕ йӕ цард хуыздӕрырдӕм куы фӕивы, уӕд дӕр. Хорз хабар хъусын кӕнынӕй ахсджиагдӕр ӕмӕ ӕхсызгондӕр куыстӕн скӕнӕн нӕй. Ӕмӕ уыцы куысты фӕрцы, Хуыцауы хӕлар чи свӕййы, уыдонӕн фӕзыны ӕнустӕм цӕрыны ныфс (2 Кор. 5:20).

8. Хуыцауимӕ ӕмгуыст кӕнын цины хос кӕй у, уый тыххӕй иуӕй-иутӕ цы загътой?

8 Адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй базонынӕн куы феххуыс кӕнӕм, уӕд фӕзонӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм ӕмӕ нын нӕ фыдӕбонӕн кӕй аргъ кӕны. Ӕмӕ нын уый дӕр цины хос вӕййы. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:58.) Италийӕ иу ӕфсымӕр, Марко, загъта: «Зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм цины хос мын у, мӕ хъарутӕ иууылдӕр кӕй дӕттын, мӕ фыдӕбон мын тагъд чи ферох кӕндзӕн, ахӕм кӕмӕндӕр нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн». Афтӕ хъуыды кӕны, Италийы чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕр Франко дӕр: «Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы фӕрцы ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр дӕтты, уый фӕрцы алы бон дӕр нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ, нӕ лӕггады цыдӕриддӕр аразӕм, уый ахсджиагыл кӕй нымайы, кӕд нӕхимӕ афтӕ нӕ фӕкӕсы, уӕддӕр. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауимӕ ӕмгуыст кӕй кӕнын, уый тыххӕй амондджын дӕн ӕмӕ зонын, мӕ цард дзӕгъӕлы кӕй нӕу».

ХУЫЦАУИМӔ ӔМГУЫСТ КӔЙ КӔНӔМ, УЫЙ ФӔРЦЫ ӔНГОМДӔР КӔНӔМ ЙӔХИМӔ ДӔР ӔМӔ ИННӔТӔМ ДӔР

9. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо куыд ӕнгом сты, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис ӕмӕ цӕмӕн?

9 Кӕй уарзӕм, уыдонимӕ иумӕ куы фӕкусӕм, уӕд сӕм ӕнгомдӕр фӕкӕнӕм. Уый фӕрцы хуыздӕр базонӕм сӕ удыхъӕд, сӕ миниуджытӕ, сӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрынц ӕмӕ, цӕмӕй сӕ къухы бафтой, уый тыххӕй цы аразынц, уый. Йесо Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кодта, ӕвӕццӕгӕн, миллиардгай азты дӕргъы. Уый фӕрцы кӕрӕдзи афтӕ тынг бауарзтой, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕ ницыуал адард кодтаид. Йесо йӕ Фыдимӕ куыд ӕнгом у, уый тыххӕй загъта: «Ӕз ӕмӕ мӕ Фыд ӕмвӕндӕй архайӕм» (Иоан. 10:30). Ӕцӕгӕйдӕр, раст цыма иу сты, кӕрӕдзи афтӕ хорз ӕмбӕрстой.

10. Хъусын кӕныны хъуыддаг нӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ иннӕтӕм куыд ӕнгомдӕр кӕны?

10 Чырысти Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй йын йӕ ахуыргӕнинӕгты хъахъхъӕдтаид. Цымӕ цӕмӕн? Чырысти загъта: «Цӕмӕй, ды ӕмӕ ӕз ӕмвӕндӕй куыд архайӕм, афтӕ уыдон дӕр ӕмвӕндӕй архайой» (Иоан. 17:11). Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕцӕрӕм ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы куы фӕархайӕм, уӕд хуыздӕр базонӕм Йегъовӕйы диссаджы миниуджытӕ. Мах бамбарӕм, нӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарӕм ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ кӕй хъусӕм, уый зондыл дзурӕг цӕмӕн у, уый. Хуыцаумӕ куы ӕввахсдӕр кӕнӕм, уӕд нӕм уый дӕр ӕввахсдӕр кӕндзӕн. (Бакӕс Иаковы 4:8.) Уымӕй уӕлдай ма ӕнгомдӕр кӕндзыстӕм нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм, уымӕн ӕмӕ иухуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм ӕмӕ нын цины хос дӕр иу хъуыддӕгтӕ сты, стӕй нӕ нысӕнттӕ дӕр иухуызон сты. Ӕцӕгдӕр, лӕггад дӕр иумӕ кӕнӕм, цин дӕр иумӕ кӕнӕм ӕмӕ зындзинӕдтӕн дӕр иумӕ быхсӕм. Британийӕ иу хо, Октавийӕ, загъта: «Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕй кӕнын, уый фӕрцы иннӕтӕм дӕр ӕнгомдӕр кӕнын, уымӕн ӕмӕ ныр ме ’мбӕлттӕ сты, иухуызон нысӕнттӕ мын кӕимӕ ис, уыдон». Мах не ’ппӕт дӕр афтӕ хъуыды кӕнӕм. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕныныл куыд архайынц, уый куы фӕуынӕм, уӕд сӕм ӕнгомдӕр фӕкӕнӕм.

11. Ног дунейы Йегъовӕимӕ ӕмӕ иннӕтимӕ ноджы ӕнгомдӕр цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?

11 Мах ныр дӕр бирӕ уарзӕм Хуыцауы дӕр ӕмӕ не ’мчырыстӕтты дӕр, фӕлӕ сӕ ног дунейы ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм. Ахъуыды-ма кӕн, фидӕны нӕм цы диссаджы куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл! Чи райгас уыдзӕн, уыдонӕн Йегъовӕйы базонынӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм. Стӕй ма зӕххӕй дзӕнӕт араздзыстӕм. Иумӕ ӕмгуыст кӕндзыстӕм ӕмӕ Чырыстийы разамынды фӕрцы алцӕмӕй ӕххӕст суыдзыстӕм, ӕмӕ нын уый дӕр стыр цины хос куыннӕ уыдзӕн. Уӕд адӕм кӕрӕдзиимӕ ноджы ӕнгомдӕр уыдзысты ӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уыдзысты, алкӕмӕн дӕр сӕ йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый сын чи ратдзӕн, уымӕ – Йегъовӕ Хуыцаумӕ (Пс. 145:16).

ХУЫЦАУИМӔ ӔМГУЫСТ КӔЙ КӔНӔМ, УЫЙ ФӔРЦЫ ХЪАХЪХЪӔД СТӔМ

12. Хъусын кӕныны хъуыддаг нӕ куыд хъахъхъӕны?

12 Мах хъуамӕ хъахъхъӕнӕм, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый. Хӕйрӕджы дунейы кӕй цӕрӕм ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ ныл ацы дунейы зондахаст ӕнцонтӕй фӕзыны. Ацы дунейы зондахаст абарӕн ис цӕугӕдонимӕ: дон кӕцырдӕм цӕуы, уыцырдӕм дӕ ласдзӕн, куы нӕ дӕ фӕнда, уӕддӕр. Цӕмӕй дӕ доны гуылфӕнтӕ ма ахӕссой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй йӕ ныхмӕ ленк кӕнай. Раст афтӕ, хъуамӕ ӕдзухдӕр ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй ныл Хӕйрӕджы дунейы зондахаст ма фӕзына. Уацамынды куы вӕййӕм, уӕд нӕ хъуыдытӕ вӕййынц, ахсджиаг ӕмӕ хорз цы у, ууыл, нӕ уырнындзинад кӕй тыххӕй ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл нӕ, фӕлӕ (Фил. 4:8). Хъусын кӕныны хъуыддаг нын нӕ уырнындзинад фидар кӕны, уымӕн ӕмӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Стӕй ма уый фӕрцы нӕ хорз миниуджытӕ дӕр нӕ сафӕм, ӕмӕ нӕ уыдон та ӕнӕмӕнг хъӕуынц, цӕмӕй Хӕйрӕгӕй ӕмӕ йӕ дунейӕ нӕхи бахъахъхъӕнӕм. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:14–17.)

13. Австралийӕ иу ӕфсымӕр хъусын кӕныны тыххӕй цы загъта ӕмӕ ды та уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

13 Хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй куы фӕархайӕм, Библи куы фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырды хъуыддӕгты куы фӕархайӕм, уӕд дӕр нӕхи фӕхъахъхъӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нын нӕ зындзинӕдтыл ӕгӕр мӕт кӕнынӕн рӕстӕг нӕ вӕййы. Австралийӕ иу ӕфсымӕр, Джоэл, загъта: «Хъусын кӕнынмӕ кӕй фӕцӕуын, уый фӕрцы мӕ рох нӕу, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый. Стӕй мын уый мӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ, ӕз Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрын, уый мын цы пайда хӕссы, уый. Хъусын кӕныны хъуыддаг мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕрныллӕг уон, мӕ ныфс Йегъовӕйыл дарон ӕмӕ мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртыл ӕууӕндон».

14. Хъусын кӕныны хъуыддаг кӕй нӕ уадзӕм, уымӕй куыд зыны, Хуыцауы сыгъдӕг тых нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый?

14 Хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕрцы ма фидарӕй зонӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тых нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма дын ахӕм куыст ис, ӕмӕ хъуамӕ дӕ районы цӕрджытӕн дзул хӕссай. Уый тыххӕй мызд нӕ исыс ӕмӕ дӕ хӕрдзтӕн дӕхӕдӕг фидыс. Уымӕй уӕлдай ма адӕмӕн сӕ фылдӕры дзул нӕ хъӕуы ӕмӕ ма дӕм иуӕй-иутӕ суанг ӕнӕуынон цӕстӕй дӕр кӕсынц, дзул сын кӕй ӕрбахӕссыс, уый тыххӕй. Цымӕ цас фӕкусдзынӕ ахӕм куысты? Ӕвӕццӕгӕн, цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ дӕ ныфс асӕтдзӕн ӕмӕ дӕ куыст ныууадздзынӕ. Фӕлӕ махӕй бирӕтӕ азӕй-азмӕ лӕггад кӕнынц, кӕд нӕ рӕстӕг ӕмӕ не ’хца хардз кӕнӕм, кӕд ныл адӕм худынц ӕмӕ нӕм мӕсты кӕнынц, уӕд дӕр. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы сыгъдӕг тых нын кӕй ӕххуыс кӕны.

ХУЫЦАУИМӔ ӔМГУЫСТ КӔЙ КӔНӔМ, УЫМӔЙ БӔРӔГ У, ЙӔХИ ДӔР ЫН КӔЙ УАРЗӔМ ӔМӔ ИННӔТЫ ДӔР

15. Хъусын кӕныны хъуыддаг куыд баст у, Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уыимӕ?

15 Ныр та ахъуыды кӕнӕм, хъусын кӕныны хъуыддаг куыд баст у, Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уыимӕ. Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй адӕм ӕнустӕм цардаиккой, ӕмӕ йӕ фӕнд нӕ фӕивта, Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уый фӕстӕ дӕр (Ис. 55:11). Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ нын фӕзынд тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзыны фадат. Уый тыххӕй Йесо зӕхмӕ ӕрцыд ӕмӕ йӕ цард нывондӕн радта. Фӕлӕ цӕмӕй йӕ нывонд пайда ӕрхастаид, уый тыххӕй хъуамӕ адӕм Хуыцауы коммӕ кастаиккой. Уымӕ гӕсгӕ Чырысти адӕмӕн амыдта, Хуыцау сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттӕ ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыдон дӕр афтӕ кодтаиккой. Ӕмӕ абон адӕмӕн Хуыцауимӕ бафидауынӕн куы феххуыс кӕнӕм, уӕд Хуыцауимӕ ӕмгуыст фӕкӕнӕм, цӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст уа – адӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар уой.

16. Хорз хабар хъусын кӕнын Хуыцауы сӕйрагдӕр фӕдзӕхстытимӕ куыд баст у?

16 Адӕмӕн, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндаг ссарынӕн куы феххуыс кӕнӕм, уӕд февдисӕм, уыдоны дӕр ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр кӕй уарзӕм. Хуыцауы «фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:4). Иу фарисей Йесойы куы бафарста, Хуыцауы закъӕттӕй сӕйрагдӕр кӕцы у, зӕгъгӕ, уӕд ын загъта: «„Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Уый у фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст. Дыккаг фӕдзӕхст дӕр уый хуызӕн у: „Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“» (Матф. 22:37–39). Уӕдӕ хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд уыцы фӕдзӕхстытӕ феххӕст кӕнӕм. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 10:42.)

17. Хорз хабар хъусын кӕныны кад нӕм кӕй ӕрхауд, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

17 Мах диссаджы арфӕдзинадӕй хайджын стӕм! Йегъовӕ нын цы куыст бахӕс кодта, уый фӕрцы амондджын стӕм, йӕхимӕ дӕр ӕмӕ не ’мчырыстӕттӕм дӕр ӕнгомдӕр кӕнӕм, стӕй уый фӕрцы хъахъхъӕнӕм, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый. Уый фӕрцы ма нӕ бон у равдисын, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый. Йегъовӕйӕн ӕгас зӕххыл дӕр ис милуангай лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ цӕрынц алыхуызон уавӕрты. Фӕлӕ не ’ппӕт дӕр – ӕрыгон уӕм ӕви ацӕргӕ, хъӕздыг ӕви мӕгуыр, тыхджын ӕви лӕмӕгъ – иннӕтӕн хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕныныл архайӕм. Францийы чи цӕры, иу ахӕм хо, Шантель, загъта: «Дун-дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр чи у, алцыдӕр чи сфӕлдыста, уыцы амондджын Хуыцау мын зӕгъы: „Цу! Дзур! Дзур мӕ номӕй, дзур зӕрдӕйӕ. Ӕз дын дӕттын хъарутӕ, мӕ Ныхас Библи, уӕларвон ӕххуысгӕнджыты ӕмӕ зӕххон ӕмбӕлтты. Ӕдзухдӕр дӕ ахуыр кӕнын ӕмӕ дын афоныл амындтӕ дӕттын“. Уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа, ӕмӕ дын Йегъовӕ цы дзуры, уый аразай ӕмӕ йемӕ ӕмгуыст кӕнай!»

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын