СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУЫ ӔППӔТЫ СТЫРДӔР ЛӔВАРЫ ТЫХХӔЙ БУЗНЫГ УЫДЗЫНӔ?
Уыцы лӕвар абарӕн дӕр ницӕимӕ ис
ЧИ ЗОНЫ, исчи зӕгъа, дӕлӕмӕ дӕр, уӕлӕмӕ дӕр кърандас цыргъгӕнӕн! Фӕлӕ Джорданӕн гыццыл науы хуызӕн цыргъгӕнӕн тынг зынаргъ у. Джордан загъта: «Хӕрз гыццыл ма куы уыдтӕн, уӕд мын ӕй Рассел радта, нӕ бинонты рагон хӕлар». Расселы мӕлӕты фӕстӕ Джордан базыдта, зын рӕстӕджыты-иу йӕ мады фыды ӕмӕ йӕ ныййарджыты фарсмӕ кӕй балӕууыд. Джордан дзуры: «Расселы тыххӕй фылдӕр куы базыдтон, уӕд мын ацы гыццыл лӕвар ноджы зынаргъдӕр сси».
Джорданы хабарӕй хорз зыны, кӕйдӕр цӕсты лӕвар аслӕм кӕй вӕййы, йе та йӕм ӕппындӕр нымады дӕр кӕй нӕ вӕййы. Фӕлӕ хорздзинадӕн аргъ кӕнын чи зоны, уымӕн лӕвар тынг зынаргъ вӕййы, ӕмӕ йӕ ӕппындӕр ницӕуыл баивдзӕн. Махӕн дӕр Хуыцау радта, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм лӕвар. Уыцы лӕвары тыххӕй Библийы афтӕ фыст ис: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16).
Уый ахӕм лӕвар у, ӕмӕ йӕ чи райса, уый цӕрдзӕн ӕнустӕм! Цымӕ уымӕй стырдӕр лӕвар ис? Уыцы лӕвар куыд зынаргъ у, уый кӕд бирӕтӕ не ’мбарынц, уӕддӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ зонынц, стыр аргъ ын кӕй ис (Псалом 49:8; 1 Петры 1:18, 19). Фӕлӕ цымӕ Хуыцау йӕ Фырты цард адӕмы тыххӕй цӕмӕн радта?
Уый базонӕн ис апостол Павелы ныхӕстӕй: «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр» (Ромӕгтӕм 5:12). Фыццаг адӕймаг, Адам, тӕригъӕд сарӕзта, ома зонгӕ-зонын Хуыцауы коммӕ нӕ бакаст, ӕмӕ йын уый тыххӕй мӕлӕты тӕрхон хаст ӕрцыд. Адамы аххосӕй мӕлын райдыдтой йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр – адӕм иууылдӕр.
«Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй, Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый та у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ромӕгтӕм 6:23). Адӕмы мӕлӕты тӕрхонӕй ссӕрибар кӕныны тыххӕй Хуыцау йӕ Фырты, Йесо Чырыстийы, зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард адӕмы тыххӕй радтаид. Уыцы нывонды, кӕнӕ «ахӕсты аргъы» фӕрцы ӕнусон цардӕй хайджын уыдзысты, Йесойыл чи ӕууӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр (Ромӕгтӕм 3:24, фиппаинаг).
Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты Йесо Чырыстийы фӕрцы цы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уый тыххӕй Павел загъта: «Бузныг Хуыцауӕн, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, йӕ уыцы лӕвары тыххӕй!» (2 Коринфӕгтӕм 9:15). Чырыстийы нывонд ахӕм диссаг у, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Фӕлӕ Хуыцау адӕмӕн цы дуне диссаджы лӕвӕрттӕ скодта, уыдонӕй Чырыстийы нывонд ӕппӕты зынаргъдӕр цӕмӕн у? Хуыцауы иннӕ лӕвӕрттимӕ йӕ абарӕн дӕр цӕуылнӕ ис?a Цы цӕстӕй йӕм хъуамӕ кӕсӕм? Ацы фарстатӕн Библи цы дзуапп дӕтты, уый базондзынӕ иннӕ дыууӕ статьяйӕ.
a Йесо барвӕндонӕй «йӕ уд мах тыххӕй... радта» (1 Иоанны 3:16). Фӕлӕ уыцы нывонд хъуыди, цӕмӕй Хуыцау йӕ фӕндон сӕххӕст кӕна. Уымӕ гӕсгӕ ацы статьяты дзырд фылдӕр цӕудзӕн Хуыцауыл, уыцы нывонд чи ӕрхаста, ууыл.