Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w17 июнь 21 ф.
  • «Де ’рхъуыдыдзинад домбай уӕд»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Де ’рхъуыдыдзинад домбай уӕд»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Авигейӕ ӕмӕ Давид
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Архайдта ӕмбаргӕйӕ
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Иуӕй-иутӕ цавӕр ном скодтой сӕхицӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • «Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
w17 июнь 21 ф.
Авигейӕ

«Де ’рхъуыдыдзинад домбай уӕд»

ХАБАР уыд рагон Израилы. Ацы ныхӕстӕ загъта Давид, чи йыл сӕмбӕлд, уыцы сылгоймагӕн, йӕ ном уыд Авигейӕ. Цымӕ йын Давид афтӕ цӕмӕн раарфӕ кодта ӕмӕ ацы сылгоймаджы цӕвиттонӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Давид ыл фембӕлд, паддзах Саул йӕ фӕдыл куы зылд, уыцы рӕстӕг. Авигейӕ уыди моймӕдзыд сылгоймаг. Йӕ лӕг Навал уыд тынг хъӕздыг, йе стыр дзугтӕ-иу хызтысты хӕхбӕсты, Иудӕйы хуссар хайы. Давид ӕмӕ-иу йӕ адӕм Навалы фыййӕутты ӕмӕ йӕ дзугтӕ хъахъхъӕдтой, сӕ алыварс «къулау лӕууыдысты». Фӕстӕдӕр Давид йӕ адӕмы Навалмӕ арвыста, зӕгъгӕ, дам, нын, «дӕ къухы цы ис, уымӕй» фӕхай кӕн, ома нӕм хӕринагӕй фӕкӕс (1 Сам. 25:8, 15, 16). Уыцы курдиаты диссагӕй ницы уыд, уымӕн ӕмӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕм Навалӕн хорз йеддӕмӕ ӕвзӕрӕй ницы арӕзтой.

Фӕлӕ Навал уыд, йӕ ном цы уыд, уый – «ӕнӕзонд». Уый Давиды ӕрвыст адӕмӕн тызмӕгӕй дзуапп радта, алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ сын фӕкодта ӕмӕ сӕ афтидармӕй арвыста. Уӕд Давид загъта, ӕз дзы мӕ маст райсдзынӕн, зӕгъгӕ. Навалы ӕнӕзонд мийы тыххӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр хъуамӕ ӕфхӕрд баййӕфтаиккой (1 Сам. 25:2–13, 21, 22).

Авигейӕ бамбӕрста, куы ницы сараза, уӕд стыр бӕллӕх кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ныфсджынӕй Давиды размӕ ацыд. Йемӕ ма рахаста, Давиды ӕмӕ йӕ адӕмы хӕринагӕй цы хъуыд, уыдӕттӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Давид фидӕны паддзах кӕй суыдзӕн. Авигейӕ йын тынг ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы раз тӕригъӕд ма сарӕзтаид. Ӕмӕ Давид бамбӕрста, Йегъовӕ йӕ Авигейӕйы уылты кӕй нӕ бауагъта йӕ разы стыр рӕдыд саразын. Авигейӕйӕн загъта: «Де ’рхъуыдыдзинад домбай уӕд. Арфӕгонд у, абон мӕ туг ныккалын... кӕй нӕ бауагътай, уый тыххӕй» (1 Сам. 25:18, 19, 23–35).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕй никӕй бафӕндид, цӕмӕй йын Навалы хуызӕн хорздзинад бӕсты ма цӕуа. Уымӕй уӕлдай ма, куы фенӕм, бӕллӕхӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, уӕд-иу хъуамӕ, нӕ бон цы у, уый саразӕм, цӕмӕй ӕвзӕрӕй мацы ӕрцӕуа. Махӕн дӕр нӕ бон у псаломзарӕггӕнӕгау Хуыцауӕй курын: «Сахуыр мӕ кӕн... ӕмбаргӕдзинадыл, ратт мын зонындзинӕдтӕ» (Пс. 119:66).

Зондджынӕй ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ куы архайӕм, уӕд уый иннӕтӕ дӕр ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзысты. Ӕмӕ нын ӕй зӕгъгӕ куы нӕ кӕной, уӕддӕр нын, чи зоны, сӕ зӕрдӕйы мидӕг раарфӕ кӕной, «де ’рхъуыдыдзинад домбай уӕд», зӕгъгӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын