Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w17 декабрь 32 ф.
  • Нӕ ирвӕзындзинад у Хуыцауӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Нӕ ирвӕзындзинад у Хуыцауӕй
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Псаломты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 2 хай
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Псаломты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 1 хай
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Псаломты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 5 хай
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
w17 декабрь 32 ф.

Нӕ ирвӕзындзинад у Хуыцауӕй

АЦЫ дунейы адӕмимӕ абаргӕйӕ Хуыцауы адӕм алкӕддӕр бирӕ къаддӕр уыдысты. Ӕмӕ-иу бирӕ хӕттыты иннӕ адӕмы къухӕй ӕфхӕрд дӕр ӕййӕфтой. Ахӕм фӕлварӕнты рӕстӕг сӕ Хуыцау куы нӕ хъахъхъӕдтаид, уӕд ницы хуызы аирвӕзтаиккой.

Псаломзарӕггӕнӕг Давид дӕр уый хорз зыдта. Йӕ псаломтӕй иуы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕ немӕ куы нӕ уыдаид,– зӕгъӕд Израил,– адӕм нӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд Йегъовӕ немӕ куы нӕ уыдаид, уӕд нӕ удӕгасӕй аныхъуырдтаиккой, мӕстӕй нӕм куы сыгъдысты, уӕд. Дӕттӕ нӕ фӕластаиккой, нӕ уд фӕуыдаид гуылфгӕнгӕ доны бын. Нӕ уд хъал дӕттӕн сӕ быны фӕуыдаид» (Пс. 124:1–5). Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куы нӕ баххуыс кодтаид, уӕд сӕ се знӕгтӕ бындзагъд фӕкодтаиккой, ӕмӕ сӕ иу дӕр нал баззадаид. Уый абарӕн ис, зӕххӕнкъуысты рӕстӕг зӕхх куыд байгом вӕййы ӕмӕ уыцы ран чидӕриддӕр вӕййы, уыдоны удӕгасӕй куыд аныхъуыры, уыимӕ. Давид ма уыцы хабар абарста, чи рагуылф кӕны ӕмӕ йӕ разӕй алцыдӕр чи фӕласы, ахӕм донимӕ. Уыцы «хъал дӕттӕн» израилӕгтӕ сӕ быны фӕуыдаиккой, ӕмӕ дзы иу дӕр нал аирвӕзтаид.

Сӕ цард тӕссаг уавӕры кӕй уыд, уый зонгӕйӕ израилӕгтӕ Иунӕг Стыр Хуыцауӕй йе ’ххуысы тыххӕй бузныг куыннӕ хъуамӕ уыдаиккой. Псаломзарӕггӕнӕг дарддӕр Израилы адӕмы номӕй Хуыцауӕн арфӕ ракодта: «Табу Йегъовӕйӕн, уый нӕ нӕ бауагъта сӕ дӕндӕгтӕм бахауын. Нӕ уд у, цъиуахсӕджы къӕппӕгӕй чи аирвӕзт, уыцы цъиуы хуызӕн. Къӕппӕг ныппырх, ӕмӕ мах аирвӕзтыстӕм. Не ’ххуысгӕнӕг у Йегъовӕйы ном, арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕджы ном» (Пс. 124:6–8).

«Чи йыл ӕууӕнды, уыдонӕй фыдӕнхъӕл ничи фӕуыдзӕн» (Ромӕгтӕм 10:11)

Знӕгтӕ тугдзых сырдтау сӕхи израилӕгтыл ныццӕвынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ сын Йегъовӕ уый бар нӕ радта. Израилӕгтӕ уыдысты, къӕппӕджы чи бахауд, ахӕм цъиуы хуызӕн. Ӕцӕгдӕр, Хуыцауы адӕмӕн се ’ххуысгӕнӕг у Йегъовӕйы ном, бӕлвырдӕй та, уыцы ном чи хӕссы, уый. Йегъовӕ у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, ӕмӕ йӕ адӕмы ныццӕгъдын никуы никӕй бауадздзӕн.

Нӕ рӕстӕджы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ исты стыр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлой, уӕд сын ацы псаломы ныхӕстӕ удӕнцойы хос фӕуыдзысты. Чи зоны, афтӕ зына, ӕмӕ сын фервӕзӕн нал ис. Фӕлӕ Йегъовӕ знӕгты никуы бауадздзӕн, цӕмӕй йын йӕ адӕмы фесафой. Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын