Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас
Псаломты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 2 хай
МАХ, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, зонӕм, фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлдзыстӕм. «Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иумӕ уӕвын кӕй фӕнды, уыдон сеппӕт дӕр ӕййафдзысты ӕфхӕрд» (2 Тимофеймӕ 3:12, НТ). Фӕлварӕнтӕ ӕмӕ ӕфхӕрд сфӕразынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауыл нӕ иузӕрдиондзинад куыд равдисдзыстӕм?
Ацы хъуыддаджы нын ӕххуыс кӕны Псаломты чиныджы дыккаг хай. 41–71 псаломтӕ нын ӕвдисынц: кӕд нӕ фӕнды фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын, уӕд хъуамӕ нӕ ныфс ӕгасӕйдӕр дарӕм Иегъовӕйыл ӕмӕ йе ’ххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Куыд ахсджиаг зондзонӕн у уый махӕн! Псаломты чиныджы дыккаг хай, Библийы иннӕ чингуытау у «ӕгас ӕмӕ архайӕг» абон дӕр (Дзуттытӕм 4:12).
ИЕГЪОВӔ У НӔ «ӔРЛИДЗӔНДОН ӔМӔ ТЫХ»
Левит уацары ис ӕмӕ хъыг кӕны, йӕ бон кӕй нӕу Иегъовӕйӕн йӕ кувӕндоны лӕггад кӕнын, йӕхицӕн ныфсытӕ ӕвӕры ӕмӕ дзуры: «Цы ӕнкъард кӕныс ды, мӕ уд, ӕмӕ цы къӕмдзӕстыг кӕныс? Ныфсджын у Хуыцауӕй» (Псалом 41:6, 12; 42:5). Ацы ныхӕстӕ ӕртӕ хатты ӕмбӕлынц Псалом 41 ӕмӕ 42. Псалом 43 у лӕгъстӕйы куывд Иудӕйы адӕмы тыххӕй – ӕвӕццӕгӕн сын паддзах Езекийы бонты Ассирийӕ бабырсынӕй тӕссаг уыд.
44 псаломы ис фыст паддзахы чындзӕхсӕвы зарӕг ӕмӕ Мессийӕйы Паддзахы тыххӕй пехуымпарад. Йӕ фӕстӕ цы ӕртӕ псаломы ис, уыдон Иегъовӕйы хонынц «ӕрлидзӕндон ӕмӕ тых», «стыр паддзах ӕппӕт зӕххыл» ӕмӕ «фарсхӕцӕг» (Псалом 46:1; 47:2; 48:3). Куыд хорз ӕвдыст у 48 псаломы та, адӕймагӕн йӕ бон кӕй нӕу «балхӕнын йе ’фсымӕры» (Псалом 48:8). Псаломты чиныджы дыккаг хайы фыццаг аст псаломы ныффыстой Корейы фырттӕ, 49 псалом та – Асаф.
Фарстытӕн дзуаппытӕ:
43:20 – Куыд ӕмбаргӕ у, «кӕфхъуындарты зӕхх» кӕнӕ «хъӕддаг куыйты зӕхх» (НД)? Ам псаломзарӕггӕнӕг ӕвӕццӕгӕн дзуры, хӕсты быдыры мӕрдтӕ хъӕддаг куыйты амӕттаг куы бавӕййынц, уый тыххӕй.
44:14, 15а – Чи у, паддзахмӕ кӕй фӕкӕнынц, уыцы «паддзахы чызг»? Уый у «ӕнусты паддзахы», Иегъовӕ Хуыцауы чызг (Раргомад 15:3, НД). Ӕмӕ фӕсномыгӕй ӕвдисы 144 000 чырыстоны кадджын ӕмбырд, Иегъовӕ йӕ фырттӕ кӕй схуыдта – йӕ сыгъдӕг удӕй кӕй байсӕрста, уыдон (Ромӕгтӕм 8:16). Иегъовӕйы «чызджы», «цӕттӕгонд куыд чындзаг йӕ лӕгӕн рӕсугъд арӕзтӕй», ӕрбакӕндзысты йӕ мойы уатмӕ – Паддзах-Мессиамӕ (Раргомад 21:2).
44:15, 16 – Кӕй ӕвдисынц «чызджытӕ»? Уыдон сты «тынг бирӕ адӕм» – Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ. Зӕххыл ма сӕрст чырыстӕттӕй чи баззад, уыдонимӕ сты ӕмвӕнд ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнынц. «Стыр бӕллӕхӕй» удӕгасӕй кӕй рацӕудзысты, уымӕ гӕсгӕ уыдзысты зӕххыл, уӕлӕрвты Паддзах-Мессиайы чындзӕхсӕв куы уа, уӕд (Раргомад 7:9, 13, 14, НТ). Уыцы рӕстӕг «тынг бирӕ адӕм» уыдзысты хъӕлдзӕг ӕмӕ цин кӕндзысты.
44:17 – Цы нысан кӕны, фырттӕ сӕ фыдӕлты бӕсты уыдзысты паддзӕхтӕ, зӕгъгӕ? Йесо зӕххыл куы райгуырд, уӕд ын уыдис зӕххон рагфыдӕлтӕ. Миназон хицаудзинады рӕстӕг сӕ куы райгас кӕна, уӕд суыдзысты йӕ фырттӕ. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдзысты «кънийӕзтӕ ӕппӕт зӕххыл».
49:2 – Иерусалим цӕмӕн схуыдтой «рӕсугъддзинады сӕр»? Рӕсугъд кӕй уыд, уый тыххӕй нӕ. Фӕлӕ йын Иегъовӕйы фӕндты стыр ахадындзинад кӕй уыдис, уый тыххӕй. Стӕй ма Иерусалимы уыд Иегъовӕйы кувӕндон ӕмӕ уыд йӕ сӕрст паддзӕхты сӕйраг сахар дӕр.
Зондзонӕнтӕ махӕн:
41:1–4. Хъуаз кӕнӕ саг хус бӕстӕйы дон куыд фӕагуры, афтӕ левит дӕр агуырдта Иегъовӕйы. Фырмӕтӕй йӕ зӕрдӕ йӕхицӕн бынат нал ардта, уымӕн ӕмӕ йын фадат нӕ уыд Иегъовӕйы кувӕндоны лӕггад кӕнын ӕмӕ йын «йӕ цӕссыгтӕ уыдысты... дзулӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй» – хӕрын ӕм нал цыдис. Уӕдӕ мах дӕр куыннӕ хъуамӕ аргъ кӕнӕм, Иегъовӕйӕн йӕ адӕмимӕ лӕггад кӕныны фадат нын кӕй ис, уымӕн!
41:5, 6, 12; 42:3–5. Нӕ бон фӕивын кӕй нӕу, ахӕм уавӕрты тыххӕй нын чырыстон ӕмбырдмӕ цӕуыны фадат куы нӕ уа, уӕд-иу нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, цы цинӕй хайджын уыдыстӕм не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотимӕ Хуыцауӕн куы лӕггад кодтам, уӕд, ӕмӕ нӕ уый фидар кӕндзӕн. Чи зоны нӕхимӕ ныхъхъусӕм ӕмӕ хъуыды кӕнын райдайӕм, иунӕг кӕй стӕм, ууыл. Фӕлӕ нын уыцы хъуыды нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, Хуыцау не ’рлидзӕндон кӕй у ӕмӕ йын йе ’ххуысмӕ кӕй хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм.
45:1–4. Цыфӕнды бӕллӕх ныл ма ’рцӕуа, мах хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндӕм – «Хуыцау махӕн [у] ӕрлидзӕндон ӕмӕ тых».
49:16–19. Мӕнг ныхӕстӕ ӕмӕ ӕнӕуаг митӕ чи кӕны, уыдонӕн Хуыцауы ном хӕссыны бар нӕй.
49:20. Искӕимӕ иннӕты хъӕндзинӕдты тыххӕй дзурыны бӕсты, хъуамӕ нӕхи ӕнӕуынӕг скӕнӕм (Колоссӕгтӕм 3:13).
«ӔРМӔСТ ХУЫЦАУЫ МИДӔГ, МӔ УД, ӔНЦОЙ КӔН!»
Ацы псаломтӕ райдайынц Давиды зӕрдиаг куывдӕй, Вирсавиимӕ куы фӕрӕдыд, уый фӕстӕ. 51–56 псаломты уынӕм, Иегъовӕ куыд ирвӕзын кӕны, йӕ царды сагъӕстӕ йын йӕ бар чи бакӕны ӕмӕ йе ’ххуысмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны. 57–63 псаломты куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Давидӕн йӕ зын рӕстӕг Иегъовӕ уыд йе ’рлидзӕндон. Давид зарыд: «Ӕрмӕст Хуыцауы мидӕг, мӕ уд, ӕнцой кӕн! уымӕн ӕмӕ Ууыл ме ’нхъӕлцаудзинад» (Псалом 61:6).
Нӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл ӕнувыд кӕй стӕм, уый нӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна «зарын кад Йӕ номӕн» (Псалом 65:2). 64 псалом кадджын кӕны Иегъовӕйы, хоны йӕ рӕдау дарӕг. 66 ӕмӕ 67 псаломтӕ та йӕ хонынц хъахъхъӕнӕг, 69 ӕмӕ 70 псаломтӕ та – Ирвӕзынгӕнӕг.
Фарстытӕн дзуаппытӕ:
50:14 – Цавӕр «хицауиуӕггӕнӕг Уд» кӕнӕ «коммӕгӕс зӕрдӕйы уаг» (НД) куырдта Давид? Ацы дзырдбаст нӕ амоны, Иегъовӕ Давидӕн баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, нӕдӕр йӕ сыгъдӕг удмӕ, фӕлӕ уыцы «уд» у Давиды зӕрдӕйы уаг. Уый куырдта Иегъовӕйӕ, цӕмӕй йын баххуыс кӕна раст цы у, уый аразынӕн.
52:2 – Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ, чи дзуры, уый «ӕнӕзонд» цы хуызы у? Ацы ран дзырд «ӕнӕзонд», ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕймаг ӕцӕгдӕр зондцух у. Уый у, йе ’гъдау ӕмӕ йе ’фсарм чи фесӕфта, ахӕм адӕймаг ӕмӕ уый хорз зыны Псалом 52:1–5.
57:4–6 – Фыдгӕнджытӕ калмы хуызӕн куыд сты? Иннӕты фыдкой кӕй кӕныц, уый у калмы маргау. Калмӕн йӕ марг куыд хъӕстӕ кӕны, афтӕ фыдгӕнджытӕ дӕр адӕмы хорз ном сафынц. «Къуырма уырынгонау, кӕцы сӕхгӕны йӕ хъустӕ», фыдгӕнджытӕ дӕр нӕ хъусынц разамынд ӕмӕ уайдзӕфмӕ.
57:8 – Фыдгӕнджытӕ цӕугӕдонау куыд сӕфынц? Ӕвӕццӕгӕн, Давид дзырдта, Зӕрдӕвӕрд зӕххы дӕлвӕзтӕм цы дӕттӕ цыд, уыдоны тыххӕй. Дӕттӕ-иу ӕнӕнхъӕлӕджы куы раивылдысты ӕмӕ-иу дӕлвӕзтӕ куы байдзаг кодтой, уый фӕстӕ-иу уыцы дӕттӕ тагъд ӕрбайсӕфтысты. Уӕдӕ Давид куывта, цӕмӕй фыдгӕнджытӕ дӕр афтӕ тагъд фесӕфой.
67:14 – Цы нысан кӕны абарст, «куыд бӕлон, кӕцыйы базыртӕ ӕвзистӕй ӕмбӕрзт, систӕ та сыгъдӕг сызгъӕринӕй»? Ӕвӕццӕгӕн, фӕныкхуыз бӕлоны систӕ ӕрттывдтой ӕмӕ хуры сызгъӕрин тынты згъӕрхуыз зындысты. Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм бӕлонимӕ Давид абарста, тохы быдырӕй уӕлахизимӕ чи сыздӕхы, уыцы израилаг ӕфсӕддонты, уымӕн ӕмӕ уыцы бӕлонӕн ис рӕсугъд, тыхджын базыртӕ. Иуӕй-иу библииртасджытӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй ам ныхас цӕуы, хӕсты-иу знагӕй кӕй рахастой, ахӕм дзаумайыл. Куыдфӕнды ма уыдаид, ам Давид дзырдта, Иегъовӕ йӕ адӕмӕн цы уӕлахизтӕ лӕвӕрдтӕ, ууыл.
67:19 – Чи уыдысты «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты тыххӕй» кӕнӕ «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» (НД)? Израилӕгтӕ-иу Зӕрдӕвӕрд зӕххыл тохгӕнгӕйӕ, уацары цы адӕмы акодтой, уыдонӕй иуӕй-иутӕ. Фӕстӕдӕр сӕ снысан кодтой левиттӕн ӕххуысгӕнджытӕй.
67:31 – Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, «бадом сырды хъӕзы»? Давид фӕсномыгӕй Иегъовӕйы адӕмы знӕгты хъӕддаг сырдтӕ хуыдта, ӕмӕ Иегъовӕйӕ куырдта, цӕмӕй сыл йӕ бар цӕуа ӕмӕ мацы фыдбылыз ракӕной.
68:24 – Цы нысан кӕны «сӕ астӕутӕ [кӕнӕ сын «сӕ ӕгъдтӕ», НД] слӕмӕгъ кӕн ӕнусмӕ»? Агъды нуӕртты уыйас тых ис, ӕмӕ лӕджы бон уӕззау куыстытӕ кӕнын дӕр у, зӕгъӕм, уӕззау уӕргътӕ исын ӕмӕ сӕ хӕссын. Ӕгъдты фидардзинад нал ис, зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕймаг ӕрлӕмӕгъ. Давид куывта, цӕмӕй Хуыцау йе знӕгтӕн сӕ хъару басӕтта.
Зондзонӕнтӕ махӕн:
50:1–6, 19. Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕм Иегъовӕ йӕ чъылдым раздахдзӕн. Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна – куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын ныххатыр кӕндзӕн.
50:7, 9–12. Куы фӕрӕдийӕм, уӕд нӕ бон у Иегъовӕйӕ хатыр курын, нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый тыххӕй. Мах ма йӕм хъуамӕ кувӕм, цӕмӕй нӕ ссыгъдӕг кӕна, нӕ къахыл та нӕ слӕууын кӕна, баххуыс нын кӕна нӕ зӕрдӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнын ӕмӕ нын рӕст зондахаст радта.
50:20. Давиды тӕригъӕдтӕ адӕмы фарнӕн дӕр тӕссаг уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕмӕ куывта, «хӕрзиуӕг ракӕн Сионӕн», зӕгъгӕ. Уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд уый арӕх Хуыцауы ӕмӕ ӕмбырды ном чъизи кӕны. Мах хъуамӕ Хуыцаумӕ кувӕм, цӕмӕй, мыййаг, нӕ тӕригъӕды аххосӕй цы зиан ӕрхастам, уый бамбӕрза.
51:10 (МГТ). Нӕ бон у, ӕмӕ уӕм «Хуыцауы хӕдзары зетийы цъӕх бӕласау» – Иегъовӕмӕ ӕввахс уӕм ӕмӕ йын ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнӕм. Афтӕ уыдзӕн, йӕ коммӕ куы кӕсӕм ӕмӕ йын йӕ зондамындтӕм зӕрдиагӕй куы хъусӕм, уӕд (Дзуттытӕм 12:5, 6).
54:5, 6, 13–15, 17–19. Давидӕн йӕ фырт йӕ ныхмӕ кӕй сси ӕмӕ йыл йе ’ууӕнкджын уынаффӕгӕнӕг сайдӕй кӕй рацыд, уый тыххӕй уыд тынг ныфссаст. Фӕлӕ уӕддӕр Давид Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ дардта. Мах дӕр цыфӕнды ныфссаст ма уӕм, уӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм Хуыцауыл.
54:23. Нӕ бон куыд у Иегъовӕйыл нӕ мӕт сӕвӕрын? 1) Нӕ сагъӕстӕ йын дзурын, 2) йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ организацийы разамынд ӕмӕ ӕххуыс агурын, ӕмӕ 3) нӕ бон цы у, уый аразын нӕ зындзинӕдтӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6; 11:14; 15:22; Филиппӕгтӕм 4:6, 7).
55:9. Иегъовӕ нын нӕ уавӕртӕ ӕрмӕст зонгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ ма ӕмбары, уый аххосӕй нӕхи куыд хатӕм, уый дӕр.
61:12. Хуыцау никӕй ӕххуысхъуаг у. Хъару дӕттӕг йӕхӕдӕг у: «Тых... ис Хуыцаумӕ».
62:4. Хуыцауы «хорзӕх хуыздӕр у, цӕйнӕфӕлтау цард», уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй цард у ӕнӕпайда ӕмӕ дзӕгъӕлы. Зондыл дзурӕг уыдзӕн, куы тырнӕм, цӕмӕй Иегъовӕ нӕ хӕлар уа.
62:7. Ӕхсӕв хорз афон у арф хъуыды кӕнынӕн, уымӕн ӕмӕ бӕстӕ вӕййы сабыр ӕмӕ нӕ ницы фӕхъыгдары.
63:3–5. Адӕймаджы фыдгой кӕнын – йӕ хорз ном ын сафын. Мах сӕм мадӕр хъусгӕ хъуамӕ кӕнӕм, мадӕр сӕ искӕмӕн хъуамӕ дзурӕм.
68:5. Фарн бахъахъхъӕныны тыххӕй нӕ иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы «раттын», ома хатыр ракурын, кӕд нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл нӕ фӕхуды, уӕддӕр.
69:1–6. Иегъовӕ нӕм хъусы, ӕххуысмӕ йӕм зӕрдиагӕй куы фӕкувӕм, уӕд (1 Фессалоникӕгтӕм 5:17; Иаковы 1:13; 2 Петры 2:9). Хуыцау нӕ, чи зоны, нӕ фӕлварӕнӕй ма фервӕзын кӕна, фӕлӕ нӕ зондӕй схайджын кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ бон уа раст архайын ӕмӕ йӕ сфӕразын. Иегъовӕ ныл «не ’руадздзӕн, тых нӕм кӕй фаг нӕ разына, ахӕм фӕлварӕн» (1 Коринфӕгтӕм 10:13, НТ; Дзуттытӕм 10:36; Иаковы 1:5–8).
70:5, 17. Давид хъӕбатыр ӕмӕ ныфсджын уыд, йе ’рыгонӕй йӕ зӕрдӕ Иегъовӕйыл кӕй дардта, уый тыххӕй, суанг филистимаг уӕйыг Голиафы ныхмӕ куы нӕма рацыд, уый размӕ дӕр (1 Паддзахӕдты 17:34–37). Фӕсивӕд хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр сӕ зӕрдӕ дарой Иегъовӕйыл.
«Байдзаг уыдзӕн йӕ кадӕй ӕппӕт зӕхх»
Псаломты чиныджы дыккаг хайы фӕстаг зарӕг, Псалом 71, у Соломоны хицаудзинадыл ӕмӕ ӕвдисы, Мессиайы хицаудзинады рӕстӕг цы уавӕртӕ уыдзӕн, уый. Цӕй диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн – сабырдзинад ӕгас дунейы, кӕрон тыхми ӕмӕ фыдмийӕн, хойраг парахат! Цымӕ мах та Хуыцауы Паддзахады хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм? Ӕнӕмӕнг, кӕд псаломзарӕггӕнӕгау Иегъовӕйыл нӕ ныфс дарӕм ӕмӕ кӕд нӕ «ӕрлидзӕндон ӕмӕ тых» у, уӕд.
Давиды куывд фӕуд кӕны ахӕм ныхӕстӕй: «Арфӕгонд у Хицау Хуыцау, Израилы Хуыцау, иунӕг диссӕгтӕ кӕнӕг! Ӕмӕ арфӕгонд йӕ кады ном ӕнустӕм ӕмӕ байдзаг уыдзӕн Йӕ кадӕй ӕппӕт зӕхх. Аминь ӕмӕ аминь» (Псалом 71:18–20). Цӕй уӕдӕ, мах дӕр афтӕ зӕрдӕбынӕй арфӕ кӕнӕм Иегъовӕйӕн ӕмӕ йын кадджын кӕнӕм йе ’стыр ном.
[Ныв 31 фарсыл]
Зоныс, «паддзахы чызг» кӕй ӕвдисы?