11 СӔР
Хуыцауы фӕндӕй фыст зарджытӕ нын сты удӕнцой ӕмӕ зонды хос
Давид ӕмӕ ма Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ ныффыстой зарджытӕ Хуыцауы кадджын кӕнынӕн. Уыдонӕй Псаломты чиныджы ис 150 зарӕджы
БИБЛИЙЫ ӕппӕты стырдӕр чиныг у Хуыцауы кадӕн фыст зарджыты чиныг Псаломтӕ. Фыст цыдис 1 000 азы бӕрц. Ацы чиныджы ис, фидар уырнындзинады тыххӕй рӕсугъд ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй фыст зарджытӕ. Ӕвдыст дзы сты, адӕймаджы зӕрдӕйы цы алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны, уыдон – цин, маст, фӕсмон ӕмӕ хорздзинадӕн кӕй аргъ кӕны, уый. Бӕрӕг у, псаломтӕ чи фыста, уыцы адӕм Хуыцауыл сӕ ныфс кӕй дардтой ӕмӕ йӕ тынг кӕй уарзтой. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, ацы зарджыты цавӕр ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕм.
Йегъовӕ у Дун-дунейы Хицау ӕмӕ йын хъӕуы табу ӕмӕ кад кӕнын. Псалом 83:18 стихы фыст ис: «Ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн». Цалдӕр псаломы Йегъовӕйы кадджын кӕнынц йе сконд хъуыддӕгты тыххӕй, зӕгъӕм, стъалытӕ, ӕрдз ӕмӕ адӕймаджы буар куыд диссаджы конд сты, уыдӕтты тыххӕй (Псаломтӕ 8, 19, 139, 148). Иннӕ псаломты та фыст ис, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куыд ирвӕзын кодта ӕмӕ сӕ куыд хъахъхъӕдта, уый тыххӕй (Псаломтӕ 18, 97, 138). Цалдӕр псаломы та йӕ кадджын кӕнынц, рӕстдзинады Хуыцау кӕй у, ӕфхӕрд адӕмӕн удӕнцой кӕй хӕссы ӕмӕ фыдгӕнджыты кӕй бафхӕры, уый тыххӕй (Псаломтӕ 11, 68, 146).
Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, чи йӕ уарзы, уыдонӕн. Ӕвӕццӕгӕн, псаломтӕй ӕппӕты зындгонддӕр у 23-ӕм. Паддзах Давид ацы псаломы Йегъовӕйы хоны, йӕ фысты чи хъахъхъӕны ӕмӕ сыл чи тыхсы, ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕ Фыййау. 65 псаломы 2 стих Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕ кӕй у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау». Стыр тӕригъӕдтӕ чи сарӕзта, уыдонӕй бирӕтӕн ныфсы хос сты 39 ӕмӕ 51 псаломтӕ. Ацы дыууӕ псаломы Давид дзырдта, йӕ уӕззау тӕригъӕдтыл куыд тынг фӕсмон кӕны, стӕй йын Йегъовӕ кӕй ныххатыр кӕдзӕн, ууыл кӕй нӕ дызӕрдыг кӕны. 55 псаломы 22 стих нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ нӕ цы тыхсын кӕны, уый йӕ бар кӕнӕм.
Йегъовӕ йӕ Паддзахады фӕрцы ацы дунейӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ ног цард сараздзӕн. Иуӕй-иу псаломтӕ комкоммӕ амонынц, Хуыцау зӕрдӕ цы Паддзахӕй бавӕрдта, уымӕ – Чырыстимӕ. 2-аг псаломы фыст ис, уыцы Паддзах кӕй фесафдзӕн, йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыцы фыдгӕнӕг адӕмы. 72-аг псалом нын дзуры, Чырысти кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕххормагдзинад ӕмӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн, стӕй иннӕты чи ’фхӕры, уыдоны кӕй фесафдзӕн. 46 псаломы 9 стих куыд зӕгъы, афтӕмӕй Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы кӕрон скӕндзӕн хӕстытӕн ӕмӕ зӕххыл иу хӕцӕнгарз дӕр нал ныууадздзӕн. 37-ӕм псаломы фыст ис, фыдгӕнджытӕн сӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн, раст адӕм та зӕххыл ӕнустӕм сабыр ӕмӕ амондджынӕй кӕй цӕрдзысты.