Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bm 12 сӕр, 15 ф.
  • Хуыцау дӕтты зонд, цӕмӕй амондджын уӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау дӕтты зонд, цӕмӕй амондджын уӕм
  • Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6. «Дӕхи зондӕй ныфсджын ма у»
    Библийы стихтӕн сӕ хъуыды
  • Соломоны стыр зонд
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Ӕмбисӕндты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Ӕмбисӕндтӕ 16:3. «Дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕн»
    Библийы стихтӕн сӕ хъуыды
Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
bm 12 сӕр, 15 ф.
Раджы заманты адӕм хор ӕфснайынц

12 СӔР

Хуыцау дӕтты зонд, цӕмӕй амондджын уӕм

Ӕмбисӕндты чиныджы уынаффӕтӕ адӕймагӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй амондджын уа. Чиныгӕн йӕ фылдӕр хай ныффыста Соломон

ЦЫМӔ Йегъовӕ цы разамынд дӕтты, уый ӕппӕты хуыздӕр у? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм, цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдонмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд. Цымӕ адӕймагӕн исты пайда сты? Адӕймаг уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕра, уӕд амондджындӕр уыдзӕн? Зондджын паддзах Соломон ныффыста тынг бирӕ ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ, зӕгъӕн ис, царды алы хъуыддагмӕ дӕр хауынц. Ӕркӕсӕм дзы иуӕй-иутӕм.

Нӕ ныфс Хуыцауыл дарӕм. Адӕймаг Йегъовӕйыл йӕ ныфс куы дара, уӕд ын Йегъовӕ хорз ӕмбалы хуызӕн уыдзӕн. Соломон ныффыста: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Адӕймаг Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ кӕй дары, уый бӕрӕг вӕййы, разамынд дзы кӕй фӕагуры ӕмӕ йӕ коммӕ кӕй фӕкӕсы, уымӕй. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй уыдзыстӕм амондджын. Уӕд нӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕндзӕн ӕмӕ йын фадат уыдзӕн Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕн дзуапп раттынӕн (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

Зондӕй архайӕм. Хуыцау нӕлгоймӕгтӕн, сылгоймӕгтӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдон абон куыд хъӕуынц, афтӕ никуы. Хуыцау алы лӕджы дӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй «цин кӕна йӕ усыл, йе ’взонджы бонты йӕ цард кӕимӕ баиу кодта, ууыл». Уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ хъуамӕ йӕ цардӕмбалыл йӕ зӕрдӕ макуы сива (Ӕмбисӕндтӕ 5:18–20). Ӕмбисӕндты чиныджы рӕсугъд ӕвзагӕй фыст ис, йӕ лӕг ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ кӕмӕн аргъ кӕнынц, ахӕм сӕрӕн сылгоймаджы тыххӕй (Ӕмбисӕндтӕ 31 сӕр). Сывӕллӕттӕн дӕр дзы ис уынаффӕ, цӕмӕй сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой (Ӕмбисӕндтӕ 6:20). Ацы чиныг ма нын ӕмбарын кӕны, иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын кӕй хъӕуы, уымӕн ӕмӕ адӕймаг йӕхи иннӕтӕй дард куы фӕласы, уӕд свӕййы хиуарзон (Ӕмбисӕндтӕ 18:1). Фӕлӕ ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ хъуамӕ уӕм ӕмбаргӕ, уымӕн ӕмӕ ныл не ’мбӕлттӕ кӕнӕ хорзырдӕм фӕзынынц, кӕнӕ та – ӕвзӕрырдӕм (Ӕмбисӕндтӕ 13:20; 17:17).

Хӕрзӕгъдау цард кӕнӕм. Ӕмбисӕндты чиныджы ис хорз уынаффӕ, цӕмӕй фыднозт ма кӕнӕм, ныфсы хос нын цы фӕуыдзӕн, ууыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ кусын уарзӕм (Ӕмбисӕндтӕ 6:6; 14:30; 20:1). Фӕдзӕхсы нӕ, нӕхи зондӕй ныфсджын куы уӕм ӕмӕ Хуыцауы зондыл та нӕ ныфс куы нӕ дарӕм, уӕд нӕ уый кӕй ӕркӕндзӕн бӕллӕхмӕ (Ӕмбисӕндтӕ 14:12). Ацы чиныг нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм, уымӕн ӕмӕ «царды суадӕттӕ» зӕрдӕйы гуырынц (Ӕмбисӕндтӕ 4:23).

Тынг бирӕ адӕм цӕрынц ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ цард фӕхуыздӕр. Уый тыххӕй сӕ фӕнды Йегъовӕ Хуыцауы коммӕ кӕсын.

Ӕмбисӕндты чиныг.

  • Ӕмбисӕндты чиныгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

  • Нӕ ныфс Хуыцауыл кӕй хъуамӕ дарӕм, зондӕй кӕй хъуамӕ архайӕм ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард кӕй хъуамӕ кӕнӕм, уый тыххӕй Ӕмбисӕндты чиныджы цавӕр уынаффӕтӕ ис?

ЕККЛЕСИАСТ

Адӕймаг цӕмӕн цӕры ӕмӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзӕн? Паддзах Соломонӕн ӕппӕт фадӕттӕ дӕр уыд, цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп ссардтаид. Уый уыди ӕмбисонды хъӕздыг ӕмӕ зондджын адӕймаг ӕмӕ йӕм уыд стыр бартӕ. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди базонын, ӕппӕт уыдӕттӕй амонд цы хӕссы. Йӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр агуырдта, уый йын уыд: ракуырдта бирӕ рӕсугъд сылгоймӕгтӕ ӕмӕ йӕхи ирхӕфста алыхуызон ирхӕфсӕнтӕй, сарӕзта диссаджы кувӕндон ӕмӕ галуантӕ, стӕй бакаст бирӕ чингуытӕ. Фӕстагмӕ цавӕр хъуыдымӕ ӕрцыд? «Ӕппӕт дӕр у дзӕгъӕлы!» Фӕлӕ бамбӕрста иу ахсджиаг хъуыддаг: «Уӕдӕ ӕппынфӕстаг цы ис зӕгъӕн? Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс» (Екклесиаст 12:8, 13).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын