Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w18 июль 32 ф.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ӕмбырды фарн ӕмӕ сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнӕм
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
w18 июль 32 ф.

Кӕсджыты фарстатӕ

Лӕг ӕмӕ ус чи не сты, дыууӕ ахӕм чырыстоны, ахсджиаг ӕфсон сын куы нӕ уа, афтӕмӕй ӕхсӕв иу хӕдзары иумӕ куы арвитой, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ тӕригъӕд сарӕзтой ӕмӕ уый барадон комитеты ӕвзаринаг хъуыддаг у?

Дыууӕ машинӕйы ӕхсӕвы хӕдзары раз лӕууынц

О, уый афтӕ у. Кӕд сын ахсджиаг ӕфсон нӕ уыд, афтӕмӕй ӕхсӕв иу хӕдзары иумӕ арвыстой, уӕд уый, ӕнӕгъдау хъуыддаг кӕй бакодтой, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ хъуамӕ барадон комитет равзара (1 Кор. 6:18).

Хистӕр нӕлгоймӕгты совет алы ахӕм хабармӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕсы, цӕмӕй-иу сбӕрӕг кӕна, хъуыддаг барадон комитеты ӕвзаринаг у ӕви нӕ. Зӕгъӕм, хъуамӕ ахъуыды кӕной ахӕм фарстатыл: уыцы дыууӕ чырыстоны ӕмбӕлгӕ кӕнынц? Кӕрӕдзиимӕ сӕхи куыд дарынц, уый фӕдыл ма сын уымӕй размӕ уынаффӕ раттын бахъуыд? Афтӕ куыд рауад, ӕмӕ ӕхсӕвы иу хӕдзары баззадысты? Уыцы хъуыддаг рагацау спълан кодтой? Ӕндӕрхуызон бакӕныны фадат сын уыд? Ӕви сыл исты ӕнӕнхъӕлӕджы хабар ӕрцыд кӕнӕ сын цӕмӕйдӕр тӕссаг уыд, ӕмӕ сын ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыди? (Еккл. 9:11). Ӕхсӕв сӕ чи кӕм фынӕй кодта? Дыууӕ иухуызон уавӕры кӕй нӕ вӕййы, уымӕ гӕсгӕ ма хистӕр нӕлгоймӕгты, чи зоны, ӕндӕр фарстатӕм дӕр хъӕуа ӕркӕсын.

Хистӕр нӕлгоймӕгты совет хабӕрттӕ иууылдӕр куы сбӕрӕг кӕна, уӕд аскъуыддзаг кӕндзӕн, уыцы дыууӕ адӕймаджы хабар барадон комитеты ӕвзарын хъӕуы ӕви нӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын