21 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
«Ацы дунейы зонд» дӕ ма асайӕд
«Ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты у ӕнӕзонддзинад» (1 КОР. 3:19).
98 ЗАРӔГ Сыгъдӕг Фыстад у Хуыцауӕй
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa
1. Хуыцауы Ныхас нын куыд ӕххуыс кӕны?
ЙЕГЪОВӔ у нӕ Кадджын Зондамонӕг, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны цыфӕнды зындзинӕдты сӕрты дӕр ахизынӕн (Ис. 30:20, 21). Йӕ Ныхас Библийы ис бирӕ хорз уынаффӕтӕ, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй «алцыдӕр хорз зонӕм ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уӕм» (2 Тим. 3:17). Библийы фӕрцы мах свӕййӕм, «ацы дунейы зондмӕ» гӕсгӕ цӕрынмӕ чи разӕнгард кӕны, уыдонӕй зондджындӕр (1 Кор. 3:19; Пс. 119:97–100).
2. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
2 Ацы дуне адӕмы арӕх ахӕм зондыл фӕаразы, цӕмӕй сӕ буары монцты фӕдыл цӕуой. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕхъӕуы тох кӕнын, цӕмӕй ацы дунейы адӕмы зондыл ма ацӕуӕм ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕ ма бафӕзмӕм. Библийы дзӕгъӕлы нӕй афтӕ фыст: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса» (Кол. 2:8). Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Хӕйрӕг адӕмы цы хъуыддӕгты сайы, уыдонӕй дыууӕмӕ. Стӕй ма базондзыстӕм, адӕм уыцы ныхӕстыл ӕууӕндын куыд райдыдтой, уый. Мах фендзыстӕм, уыцы дыууӕ хъуыддагӕй куыд рабӕрӕг, ацы дунейы зонд ӕнӕзонддзинад кӕй у ӕмӕ, Хуыцауы Ныхасы цы зонд ис, уый раз кӕй ницы у.
АДӔМ ӔГЪДАУХӔЛД КУЫД ФЕСТЫ
3, 4. 20 ӕнусы райдианы адӕм хӕрзӕгъдаудзинадмӕ цы цӕстӕй райдыдтой кӕсын?
3 20 ӕнусы райдианы адӕм хӕрзӕгъдаудзинадмӕ райдыдтой бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсын. Уый размӕ бирӕтӕ ахӕм зондыл хӕст уыдысты, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр лӕг ӕмӕ усӕн ис ӕмуат ӕрцӕуыны бар, стӕй адӕмы раз ахӕм хабӕртты кой кӕнын худинагыл нымад уыд. Фӕлӕ хабар афтӕ фӕивта, ӕмӕ адӕммӕ худинаг ницыуал каст.
4 1920-ӕм азты, Фыццаг дунеон хӕст куы фӕци, уый фӕстӕ, адӕм ӕгъдаухӕлд фесты. Иу иртасӕг загъта: «Киноты, спектакльты, зарджыты, чингуыты ӕмӕ рекламӕты – алы ран дӕр ӕвдыстой ӕнӕгъдау, хӕлд хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ кой кодтой». Уыцы азты сарӕх сты ӕнӕгъдау кӕфтытӕ ӕмӕ дарын райдыдтой ӕнӕфсарм дарӕс. Фӕстаг бонты адӕм цавӕр уыдзысты, уый тыххӕй Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ», ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у (2 Тим. 3:4).
Йегъовӕйы адӕм ацы дунейы зондыл нӕ цӕуынц ӕмӕ сӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй хизынц (кӕс 5 абзац)c
5. 1960-ӕм азты адӕм ноджы тынгдӕр ӕгъдаухӕлд куыд фесты?
5 1960-ӕм азты хабар ноджы фыддӕр фӕци. Уӕдмӕ дӕр-иу нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, сӕ къух-иу не ’рфыстой, афтӕмӕй бацардысты, стӕй-иу нӕлгоймӕгтӕ нӕлгоймӕгтимӕ, сылгоймӕгтӕ та сылгоймӕгтимӕ лӕг ӕмӕ усы цард кодтой ӕмӕ-иу лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ ахицӕн сты. Фӕлӕ уыцы азты ахӕм хъуыддӕгтӕ сарӕх сты. Ирхӕфсӕнты ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ ноджы ӕргомдӕр ӕвдисын райдыдтой. Цымӕ, адӕм ӕгъдаухӕлд кӕй фесты, уый цӕмӕ ӕркодта? Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй уый тыххӕй бинонты цард фехӕлы, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй фӕхъомыл кӕнынц, адӕм зӕрдӕсаст фӕвӕййынц, порнографийыл фӕцахуыр вӕййынц ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ӕнӕгъдаудзинад ма уымӕ дӕр ӕркӕны, ӕмӕ бирӕтӕ фӕрынчын вӕййынц хӕцгӕ низтӕй, зӕгъӕм, СПИД-ӕй. Ӕппӕт уыдӕттӕй бӕрӕг у, ацы дунейы зонд ӕнӕзонддзинад кӕй у (2 Пет. 2:19).
6. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ ацы дуне цы цӕстӕй кӕсы, уый Хӕйрӕгӕн ӕхсызгон цӕмӕн у?
6 Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ ацы дуне ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсы, уый Хӕйрӕгӕн у ӕхсызгон. Бинонты цард у Хуыцауы лӕвар, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр лӕг ӕмӕ усӕн ис ӕмуат ӕрцӕуыны бар. Фӕлӕ адӕм уыцы лӕварӕн нӕ аргъ кӕнынц ӕмӕ дзы раст нӕ пайда кӕнынц, ӕмӕ Хӕйрӕджы дӕр раст уый фӕнды (Еф. 2:2). Адӕймагӕн йӕ бон цот уадзын кӕй у, уый дӕр у Хуыцауы лӕвар, фӕлӕ адӕм ӕнӕгъдау цард куы фӕкӕнынц, уӕд афтӕмӕй равдисынц, уыцы лӕвар кӕй ницӕмӕ дарынц. Уымӕй уӕлдай, ахӕм адӕм сӕхи ӕнӕхай кӕнынц ӕнустӕм цӕрыны фадатӕй (1 Кор. 6:9, 10).
НӔЛГОЙМАГ ӔМӔ СЫЛГОЙМАДЖЫ ’ХСӔН ЦЫ ВӔЙЙЫ, УЫЙ ФӔДЫЛ БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ?
7, 8. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый фӕдыл Библи цы дзуры, уый куыд хицӕн кӕны, ацы дуне уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй?
7 Ацы дунейы зондыл чи цӕуы, уыцы адӕм, Библийы хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдоныл худгӕ фӕкӕнынц ӕмӕ фӕдзурынц, зӕгъгӕ, дам, афтӕ цӕрын никӕй бон бауыдзӕн. Чидӕртӕ фӕзӕгъынц: «Кӕд Хуыцау адӕмӕн афтӕ дзуры, цӕмӕй сӕ буары монцты фӕдыл ма цӕуой, уӕд сӕ ахӕм монцтимӕ цӕмӕн сфӕлдыста?» Афтӕ уый тыххӕй фӕдзурынц, ӕмӕ хӕст сты ахӕм рӕдыд хъуыдыйыл, зӕгъгӕ, алчидӕр хъуамӕ араза, цы йӕ фӕнды, уый. Фӕлӕ нӕ Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ буары монцты фӕдыл ма цӕуӕм, стӕй нын дзуры, нӕ бон кӕй у не ’взӕр фӕндтимӕ тох кӕнын (Кол. 3:5). Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ скодта бинонты цард, ӕмӕ лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон у, цӕмӕй-иу ӕмуат ӕрцӕуой (1 Кор. 7:8, 9). Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ сусӕг ахастдзинӕдтӕ хӕссынц циндзинад, ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ чи фӕкӕны, уыдонау фӕсмойнаг нӕ фӕвӕййынц, стӕй масты хай нӕ бавӕййынц.
8 Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый фӕдыл Библи цы дзуры, уый тынг хицӕн кӕны, ацы дуне уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй. Библи ӕмуат ӕрцӕуыны ныхмӕ нӕу, фыст дзы ис, уыцы хъуыддаг ӕхсызгондзинад кӕй хӕссы (Ӕмб. 5:18, 19). Фӕлӕ нӕ фӕдзӕхсгӕ дӕр кӕны: «Алчидӕр уӕ зонӕд йӕ буары рохтыл хӕцын, сыгъдӕг ӕмӕ йын кадджын куыд уа, цӕмӕй, Хуыцауы чи нӕ зоны, уыцы адӕмтау ӕнӕфсисӕй чъизи монцты фӕдыл ма цӕуа» (1 Фес. 4:4, 5).
9. а) 20 ӕнусы райдианы Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд разӕнгард кодта, цӕмӕй, йӕ Ныхасы цы зонд ис, уыцы зондӕй архайдтаиккой? б) 1 Иоанны 2:15, 16 стихты цавӕр зондджын уынаффӕ ис? в) Ромӕгтӕм 1:24–27 стихтӕм гӕсгӕ, нӕхи цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хизӕм?
9 20 ӕнусы райдианы адӕм «се ’фсарм бынтондӕр фесӕфтой», фӕлӕ Йегъовӕйы адӕм сӕ зондыл нӕ ацыдысты ӕмӕ сӕхи сайын нӕ бауагътой (Еф. 4:19). Уыдон Йегъовӕйы уагӕвӕрдтыл фидар хӕцыдысты. 1926 азы 15 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Алчидӕр хъуамӕ архайа, цӕмӕй йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ уой сыгъдӕг, уӕлдайдӕр та, нӕлгоймаг сылгоймагимӕ, сылгоймаг та нӕлгоймагимӕ йӕхи куыд хъуамӕ дара, дзырд ууыл куы цӕуа, уӕд». Ӕмӕ Йегъовӕйы адӕм, Библийы цы зонд ис, уыцы зондӕй архайдтой, сӕ алыварс адӕм цыфӕнды хъуыддӕгтӕ ма арӕзтаиккой, уӕддӕр. (Бакӕс 1 Иоанны 2:15, 16.) Куыд бузныг стӕм Хуыцауӕй, йӕ Ныхас нын кӕй радта, уый тыххӕй! Стӕй ма Йегъовӕйӕ бузныг стӕм, йӕ организацийы уылты нын афоныл кӕй дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ацы дунейы зондыл ма ацӕуӕм ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй нӕхи бахизӕмb. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:24–27.)
АДӔМ ХИУАРЗОН КУЫД СИСТЫ
10, 11. Фӕстаг бонты адӕм цавӕр уыдзысты, уый тыххӕй Библийы рагацау цы уыд загъд?
10 Библийы рагацау загъд уыд, фӕстаг бонты адӕм кӕй уыдзысты «хиуарзон» (2 Тим. 3:1, 2). Уӕдӕ диссаг нӕу, ацы дуне адӕймаджы ахӕм зондыл кӕй аразы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр йӕхи удыл мӕт кӕна. Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй 1970-ӕм азты бирӕ ахӕм чингуытӕ фӕзынд, ӕмӕ-иу дзы уыди уынаффӕтӕ, адӕймаг ӕнтыстджын цӕй фӕрцы уыдзӕн, уый фӕдыл. Уыцы чингуытӕй иуӕй-иутӕ кӕсджыты ахӕм зондыл арӕзтой, зӕгъгӕ, адӕймаг цыфӕнды ма араза, уӕддӕр хъуамӕ йӕхицӕй райгонд уа ӕмӕ йӕхи ивыныл ма архайа. Ахӕм чингуытӕй иуы фыст уыд: «Ды дӕ алкӕмӕй рӕсугъддӕр ӕмӕ хуыздӕр адӕймаг, ӕмӕ дӕхи уарз». Фыст ма дзы уыд, адӕймаг, цы йӕ фӕнды ӕмӕ йӕм раст цы кӕсы, уый кӕй хъуамӕ араза ӕмӕ йӕхи хорзыл кӕй хъуамӕ хъуыды кӕна.
11 Уый дын дӕ зӕрдыл ницы лӕууын кӕны? Хӕйрӕг дӕр Евӕйы ахӕм зондыл арӕзта. Загъта йын, зӕгъгӕ, «суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый» (Райд. 3:5). Абон дӕр бирӕтӕ сӕхицӕй хъал сты, ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ уый бар никӕмӕн ис, суанг Хуыцауӕн дӕр, цӕмӕй сын амона, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Ӕмӕ ахӕм зондыл хӕст кӕй сты, уый уӕлдай тынгдӕр бӕрӕг у, бинонты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕй.
Чырыстӕттӕ фылдӕр сӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл хъуыды кӕнынц, уӕлдайдӕр та сӕ цардӕмбӕлттыл (кӕс 12 абзац)d
12. Ацы дуне бинонты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы?
12 Библи лӕг ӕмӕ усӕн дзуры, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн кад кӕной ӕмӕ, кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтой, уый ӕххӕст кӕной. Разӕнгард сӕ кӕны, цӕмӕй цӕрӕнбонты кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой. Райдианы 2:24 стихы фыст ис: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар». Фӕлӕ, ацы дунейы зондыл чи цӕуы, уыдон уыцы хъуыддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсынц. Фӕдзурынц, зӕгъгӕ, лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр хъуамӕ сӕхи мӕт кӕной. Хицӕн кӕныны тыххӕй дзырд кӕм цӕуы, иу ахӕм чиныджы фыст ис: «Иуӕй-иу бӕстӕты, йӕ цард чи баиу кӕны, уыдон адӕмы раз кӕрӕдзийӕн дзырд раттынц, цӕрӕнбонты иумӕ кӕй уыдзысты. Фӕлӕ ныр бирӕтӕ ӕндӕр дзырд раттынц, зӕгъгӕ, иумӕ уыдзыстӕм, цалынмӕ кӕрӕдзийы уарзӕм, уӕдмӕ». Ахӕм зондахасты тыххӕй бирӕтӕн сӕ бинонты цард фехӕлы ӕмӕ стыр маст бавзарынц. Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы дуне бинонты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый у ӕнӕзонддзинад.
13. Йегъовӕйӕн хъалзӕрдӕ адӕймаг ӕнад цӕмӕн у?
13 Библийы фыст ис: «Йегъовӕйӕн хъалзӕрдӕ адӕймаг ӕнад у» (Ӕмб. 16:5). Цымӕ цӕмӕн? Иу уый, ӕмӕ ахӕм адӕймаг йӕхи афтӕ фӕуарзы, ӕмӕ йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын райдайы, ӕмӕ сӕрбӕрзонддзинад та у Хӕйрӕджы миниуджытӕй иу. Ахъуыды-ма кӕн: Хӕйрӕг афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ Йесо – Хуыцау ӕппӕт дӕр кӕй ӕххуысӕй сфӕлдыста, уый – йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхаудзӕн ӕмӕ йын бакувдзӕн! (Матф. 4:8, 9; Кол. 1:15, 16). Йӕхицӕй хъал чи у, уыдон сӕхи зондджын хонынц, фӕлӕ Хуыцауы цӕсты та сты ӕнӕзонд.
АДӔЙМАГ ЙӔХИ УАРЗА, УЫЙ ТЫХХӔЙ БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ?
14. Ромӕгтӕм 12:3 стих нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм?
14 Библи нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмбарын нын кӕны, адӕймаг йӕхи уарза, уым ӕвзӕрӕй кӕй ницы ис. Йесо загъта: «Уарз иннӕты, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Матф. 19:19). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, адӕймаг йӕхиуыл дӕр кӕй хъуамӕ хъуыды кӕна. Фӕлӕ Библи афтӕ нӕ дзуры, ӕмӕ хъуамӕ дӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нымайай. Уым фыст ис: «Ма ут загъдуарзаг ӕмӕ кадуарзаг, фӕлӕ ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут» (Фил. 2:3; бакӕс Ромӕгтӕм 12:3).
15. Дӕ бон цӕмӕн у зӕгъын, ӕмӕ Библийы уынаффӕтӕ стыр пайда хӕссынц?
15 Ацы дунейы цӕсты зондджыныл нымад чи у, ахӕм адӕмӕй бирӕтӕ Библийы уынаффӕтыл худгӕ фӕкӕнынц. Фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, иннӕты дӕхицӕй уӕлдӕр куы ’вӕрай, уӕд, дам, дын дӕ сӕрыл сбаддзысты. Фӕлӕ цымӕ, Хӕйрӕджы дуне адӕмы ахӕм зондыл кӕй аразы, уый хорзӕй истӕмӕ ӕркӕны? Хиуарзон адӕммӕ кӕсгӕйӕ дӕ бон цы у зӕгъын? Амондджын сты? Сӕ бинонтӕ та? Ӕнувыд ӕмбӕлттӕ сын ис? Хуыцауимӕ ӕнгом сты? Уӕдӕ, цы уыныс, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон цы у зӕгъын? Адӕймагӕн пайда цы хӕссы: ацы дунейы зондыл куы фӕцӕуы, уый ӕви, Хуыцауы Ныхасы цы зонд ис, уыцы зондӕй куы фӕархайы, уый?
16, 17. Йегъовӕйӕ бузныг цӕй тыххӕй стӕм ӕмӕ цӕмӕн?
16 Ацы дунейы цӕсты зондджыныл нымад чи у, ахӕм адӕмы уынаффӕтӕм чи хъусы, уый абарӕн ис, чи фӕдзӕгъӕл, ахӕм бӕлццонимӕ – фӕндаг нӕ зоны, афтӕмӕй ӕндӕр ахӕм бӕлццоны фӕрсы, кӕдӕмдӕр куыд бахӕцца уа, уымӕй. Йесо, йӕ рӕстӕджы зондджынтыл нымад чи уыд, уыдоны тыххӕй загъта: «Уыдон сты куырм разамонджытӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы кӕна, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты» (Матф. 15:14). Ӕцӕгдӕр, ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты у ӕнӕзонддзинад.
Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕхсызгонӕй ӕрымысынц, Йегъовӕйы хъуыддаджы архайгӕйӕ цы рӕстӕджытӕ арвыстой, уыдон (кӕс 17 абзац)e
17 Хуыцауы Ныхас алкӕддӕр «пайда уыд адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн» (2 Тим. 3:16). Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, йӕ организацийы уылты нӕ ацы дунейы зондӕй кӕй хъахъхъӕны, уый тыххӕй! (Еф. 4:14). Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нын цы хӕринаг дӕтты, уый фӕрцы нӕм хъарутӕ фӕзыны, цӕмӕй йын йӕ Ныхасы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕм. Куыд хорз у, Йегъовӕ нӕ, йӕ Ныхасы цы зонд ис, уымӕй кӕй хайджын кӕны ӕмӕ нын ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ кӕй дӕтты!
54 ЗАРӔГ «Мӕнӕ фӕндаг»
a Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм, Йегъовӕ нын ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ кӕй дӕтты, ууыл. Стӕй ма фендзыстӕм, ацы дунейы зондыл чи цӕуы, уыдон стыр зындзинӕдтӕ кӕй бавзарынц, Хуыцауы Ныхасы цы зонд ис, уыцы зондӕй чи архайы, уыдон та амондджын кӕй вӕййынц.
c НЫВ. Нывыл ӕвдыст сты лӕг ӕмӕ усы царды хабӕрттӕй кӕцыдӕртӕ. Лӕг ӕмӕ ус хъусын кӕнынц (1960-ӕм азты кӕрон).
d НЫВ. Хо у рынчын, ӕмӕ йын йӕ лӕг дидинӕг ӕмӕ хӕринаг ӕрбахаста, сӕ чызг дӕр ис сӕ фарсмӕ (1980-ӕм азты).
e НЫВ. Лӕг ӕмӕ ус къамтӕм кӕсынц ӕмӕ, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы амондджын рӕстӕг арвыстой, уый тыххӕй сӕ чызгӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн дзурынц (нӕ рӕстӕджы).