Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2013 азы 25 февралӕй райдайгӕ къуырийы. Къӕлӕтты ма бонӕй фӕстӕмӕ амынд ис, ӕрмӕг цы публикацийӕ ист у, уый дӕр, цӕмӕй дӕ бон уа Скъоламӕ дӕхи бацӕттӕ кӕнын.
1. Йесо афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «хъыг чи кӕны», уыдон амондджын сты? (Матф. 5:4) (7 янв., w09 15/2 6 ф., 6 абз.).
2. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, уӕд загъта: «Ма нӕ баппар фӕлварӕны». Цы нысан кодтой ацы ныхӕстӕ? (Матф. 6:13) (7 янв., w04 1/2 26 ф., 13 абз.).
3. Йесо афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ «ӕппӕт горӕттыл нӕма ӕрзилдзысты, афтӕ ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт»? (Матф. 10:23) (14 янв., bw502, 10 ф., 12 абз.; w88-U 15/8 22 ф., 6 абз.).
4. Йесо хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым цавӕр дыууӕ хъуыддаджы кой кодта? (Матф. 13:31, 32) (21 янв., w08 15/7 17, 18 фф., 3–8 абз.).
5. Цавӕр зондзонӕн радта Йесо ацы ныхӕстӕй: «Куы нӕ фӕиват ӕмӕ гыццыл сывӕллӕтты хуызӕн куы нӕ суат, уӕд уӕларвон паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут»? (Матф. 18:3) (28 янв., w08 15/1 30 ф., 9 абз.).
6. Цы нысан кӕнынц Йесойы ныхӕстӕ, «дӕхӕдӕг ӕй куы загътай», зӕгъгӕ? (Матф. 26:63, 64) (11 фев., bp111, 18 ф.).
7. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, Йесойӕн «сабатыл дӕр цӕуы йӕ бар»? (Мар. 2:28) (18 фев., w08 15/2 28 ф., 7 абз.).
8. Йесо йӕ мад ӕмӕ йе ’фсымӕрты тыххӕй афтӕ цӕмӕн загъта, ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Мар. 3:31–35) (18 фев., w08 15/2 29 ф., 6 абз.).
9. Марчы 8:22–25 гӕсгӕ Йесо куырм лӕгӕн йӕ цӕстырухс сындӕггай цӕмӕн раздӕхта, ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (25 фев., w00 1/3 11 ф., 7 абз.).
10. Марчы 8:32–34 куыд фыст ис, афтӕмӕй Петр Йесойӕн уайдзӕфтӕ куы кодта, уӕд ын Йесо цы загъта, уый нын цӕуыл дзурӕг у? (25 фев., w08 15/2 29 ф., 7 абз.).