Гыццыл фылдӕр хъусын кӕн
Хъусынгӕнджытӕй чидӕртӕ сӕ уацамынд фӕвӕййынц уыцы иу рӕстӕг, зӕгъӕм, сихорафон. Чи зоны, иуӕй-иутӕ афтӕ фӕкӕнынц сӕ уавӕртӕм гӕсгӕ. Фӕлӕ къордӕй иуӕй-иутӕ кӕнӕ, кӕм цӕрут, уым афтӕ кӕй фӕкӕнынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ-иу ды дӕр хъуамӕ мауал хъусын кӕнай? Дӕ бон у гыццыл фылдӕр хъусын кӕнын, адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты, зӕгъӕм, уынджы? Уӕхимӕ цӕугӕйӕ, дӕ бон у ногӕй иу кӕнӕ дыууӕ адӕймаджы бабӕрӕг кӕнын? Ахъуыды-ма кӕн, куыд хорз уыдзӕн, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмӕй ӕрмӕст иуы дӕр хӕдзары куы баййафай кӕнӕ уынджы ӕрмӕст иу адӕймагӕн дӕр брошюрӕтӕ куы раттай, уӕд! Цалдӕр минуты фылдӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд дӕр нӕ бон уыдзӕн Хуыцауӕн фылдӕр «кады нывонд» хӕссын (Дзут. 13:15).