Къордӕй хъусын кӕнын хорз цӕмӕй у
1 Уацамынды иунӕгӕй арӕх вӕййыс? Махӕй бирӕтӕ афтӕ нӕ фӕкӕнынц. Фылдӕр циндзинад фӕхӕссы, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ искӕимӕ куы фӕхъусын кӕнӕм кӕнӕ ма исчи махмӕ хӕстӕг участокы куы фӕхъусын кӕны, уӕд. Иу хъусынгӕнӕг загъта: «Адӕймаг куы фӕзоны, хӕстӕг ма кӕмдӕр чидӕр кӕй хъусын кӕны, уӕд ын ӕрмӕст уый дӕр ӕххуыс вӕййы». Уацамынд зӕрдӕрухс хъусынгӕнджыты къордимӕ куы райдайай, уӕд дын уый ӕрхӕсдзӕн фылдӕр ӕхцондзинад.
2 Къордӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ног нӕу. Лукайы 10-ӕм сӕры дзырдӕуы, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ иумӕ лӕггадгӕнгӕйӕ цы циндзинад банкъардтой, уый тыххӕй. Бафиппаинаг у, Йесо цалынмӕ йӕ ӕвдай ахуыргӕнинаджы хъусын кӕнынмӕ нӕ арвыста, уӕдмӕ уал сын амындтӕ кӕй радта, уый. Уыцы дӕнцӕгӕй бӕрӕг у, фылдӕр хатт хорз цӕмӕ вӕййы уацамынды размӕ фембӕлын, уый (Лук. 10:1—16).
3 Иу «ӕфсымӕрады» кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ не ’ппӕты дӕр фӕнды кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын (1 Пет. 2:17, НФ). Хыгъдтӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй бирӕ ӕмбырдты сабат ӕмӕ хуыцаубоны уацамындон фембӕлдтӕ кӕй вӕййы, уый хъусынгӕнджыты зӕрдӕмӕ цӕуы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, уый руаджы ӕмбырды уӕнгтӕ кӕрӕдзи хуыздӕр базыдтой. Хуыцаубоны райсомӕй фембӕлдтӕ кӕмӕн вӕййы, уыцы хъусынгӕнджытӕ сӕ сихор ӕрбахӕссынц семӕ, бахӕрынц ӕмӕ цалынмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм нӕ ацӕуынц, уӕдмӕ ацӕуынц хъусын кӕнынмӕ. Махӕн тынг ӕхсызгон у ахӕм хорз хабӕрттӕ хъусын. Уыцы хабӕрттӕ нӕ алкӕй дӕр разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр пайда кӕнӕм, къордӕй хъусын кӕнынӕн не ’мбырдты цы мадзӕлттӕ цӕуы арӕзт, уыдонӕй.
4 Уацамынды размӕ куы ӕмбӕлӕм ӕмӕ къордимӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн ног хъусынгӕнджытимӕ дӕр ӕмӕ фӕлтӕрдджындӕр хъусынгӕнджытимӕ дӕр хъусын кӕнын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджытӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ куы хъусын кӕной, уӕд семӕ хуыздӕр базонгӕ уыдзысты. Уый нӕ алкӕмӕн дӕр дӕтты хорз фадат, цӕмӕй кӕрӕдзийы фидар кӕнӕм.
5 Цӕмӕй къорд ӕрӕмбырд уа, уый тыххӕй бирӕ рӕстӕг нӕ хъӕуы. Къордтӕ, гӕнӕн ис, 10—15 минутмӕ ӕрӕмбырд уой ӕмӕ уацамындмӕ ацӕуой. Ӕфсымӕртӕн зын куы уа къордтӕ бацӕттӕ кӕнын, уӕд сын службӕйон цӕстдарӕг хъуамӕ баххуыс кӕна, цӕмӕй уацамындӕн фылдӕр рӕстӕг уа.
6 Къордӕй хъусын кӕнӕн ма ис кусгӕ бонты дӕр. Хотӕй бирӕтӕ кӕнынц афтӕ. Кусгӕ бонты ма фӕхъусын кӕнынц пионертӕн дӕр сӕ фылдӕр. Пионертимӕ куы лӕггад кӕнай, уӕд уыдон дӕу бафидар кӕндзысты, ды та — уыдоны. Ӕрыгӕттӕ, ныр, сӕрды каникулты рӕстӕджы, цӕуылнӕ ис гӕнӕн, ӕмӕ улӕфты рӕстӕгӕй рахицӕн кӕнат ӕмӕ кусгӕ бонты къордимӕ хъусын кӕнат?
7 Иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, кусгӕ бонты арӕхӕй-арӕхдӕр адӕмы хӕдзӕртты нӕ баййафынц. Дарддӕр дӕр, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ, алцыдӕр лӕмбынӕг фыссут, цӕмӕй, хӕдзары чи нӕ уыд, уыдонмӕ уӕхӕдӕг кӕнӕ ӕндӕр исчи изӕрыгон, йе та сабат-хуыцаубоны бацӕуат. Цалынмӕ сӕрд нӕ фӕци, уӕдмӕ хорз нӕ уаид бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй изӕрыгӕтты къордӕй хъусын кӕнат? Ӕвӕццӕгӕн, хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕнӕ службӕйон ӕххуысгӕнджытӕй искӕмӕн йӕ бон суыдзӕн, ӕмбырдӕн цы изӕр уа хуыздӕр, уӕд семӕ фембӕлын. Адӕмы хӕдзӕртты арӕхдӕр изӕры кӕй ис баййафӕн, уымӕ гӕсгӕ службӕйон цӕстдарджытӕ хъуамӕ уыцы фадатыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕной ӕмӕ куыд хуыздӕр у, афтӕ бакӕной.
8 Цалынмӕ ма рӕстӕг ис, уӕдмӕ нӕ фӕнды хорз уацхъуыд, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнын. Фадат кӕм уа, уым иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕн сӕ бон у иунӕгӕй дӕр хъусын кӕнын. Бирӕ рӕтты та хорз нӕ уаид хӕдзарӕй-хӕдзармӕ иунӕгӕй хъусын кӕнын. Лӕг ӕмӕ ус иумӕ куы хъусын кӕной, уӕд адӕмимӕ хуыздӕр аныхас кӕндзысты. Стӕй кӕд къорды ис сывӕллӕттӕ, уӕд хорз уаид, цӕмӕй алы сывӕллон дӕр хистӕртӕй искӕимӕ хъусын кӕна. Алцыдӕр хъуамӕ аразӕм ӕмбаргӕйӕ ӕмӕ нӕ хъуамӕ фӕнда, ӕппӕты хуыздӕр куыд у, афтӕ аразын.
9 Мах фӕнды уе ’ппӕтӕй дӕр раппӕлын хъусын кӕныны хъуыддаджы уӕ хорз ӕнтыстыты тыххӕй. Уыцы хъуыддаджы хайад чи исы, уыдоны нымӕц фылдӕр кӕны, ӕмӕ уый не ’ппӕтӕн дӕр у ӕхсызгон. Уӕдӕ Иегъовӕ дарддӕр дӕр «ӕрвитӕд кусджытӕ Йӕ хуыммӕ» (Лук. 10:2).