Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2013 азы 28 октябрӕй райдайгӕ къуырийы.
1. «Чырысти куыд хъуыды кӕны», афтӕ цӕй фӕрцы хъуыды кӕндзыстӕм? (1 Кор. 2:16) (2 сент., w08 15/7 27 ф., 7 абз.).
2. Нӕ бон куыд у «хӕтындзинадӕй дард лидзын»? (1 Кор. 6:18) (2 сент., w08 15/7 27 ф., 9 абз.; w04 1/3 10 ф., 9 абз.).
3. Павелы цы зӕгъын фӕндыд, афтӕ куы ныффыста, зӕгъгӕ, «сылгоймӕгтӕ ӕмбырды мацы дзурӕнт» (1 Кор. 14:34) (9 сент., bp126 9 ф., рамкӕ).
4. 2 Коринфӕгтӕм 1:24 стихы Павелы ныхӕстӕ нӕ рӕстӕджы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цӕуыл дзурӕг сты? (16 сент., bw530 27 ф., 2, 3 абз.).
5. 2 Коринфӕгтӕм 10:13 уынаффӕ уацамындмӕ куыд хауы? (23 сент., w08 15/7 28 ф., 12 абз.).
6. Галатӕгтӕм 6:4 фыст Павелы уынаффӕмӕ куы хъусӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн? (30 сент., bw529 13 ф., 18 абз.).
7. Нӕ бон куыд у, «Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрын»? (Еф. 4:3) (7 окт., bw524 28 ф., 7 абз.).
8. Павел цы ныууагъта, уыдӕттӕм цы цӕстӕй каст? (Фил. 3:8) (14 окт., bw520 27 ф., 12 абз.).
9. «Иннӕты хуызӕн фынӕй ма кӕнӕм», зӕгъгӕ, ахсджиаг уынаффӕ цӕмӕн у? (1 Фес. 5:6) (21 окт., bw520 10 ф., 4 абз.).
10. Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уый фӕрцы адӕмы «се ’ппӕты дӕр [куыд] балхӕдта»? (1 Тим. 2:6) (28 окт., bw511 13 ф., 11 абз.).