Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp21 № 1 5–7 фф.
  • Хуыцау нын нӕ куывдтытӕм фӕхъусы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау нын нӕ куывдтытӕм фӕхъусы?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ХУЫЦАУ НЫН НӔ КУЫВДТЫТӔМ ФӔХЪУСЫ.
  • ХУЫЦАУЫ ФӔНДЫ, ЦӔМӔЙ ЙӔМ КУВАЙ.
  • ХУЫЦАУ ДЫЛ ТЫХСЫ.
  • «МӔ ЗӔРДӔ УАРЗОНДЗИНАДӔЙ БАЙДЗАГ, УЫМӔН ӔМӔ МЫН ЙЕГЪОВӔ ХЪУСЫ МӔ ХЪӔЛӔС»
  • Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй йӕм баввахс уай
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын!
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Разныхас
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
  • Хуыцаумӕ кув, ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕн
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
wp21 № 1 5–7 фф.
Ӕрыгон сылгоймаг йӕ мидбылты худы

«Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8)

Хуыцау нын нӕ куывдтытӕм фӕхъусы?

Искуы дӕм афтӕ каст, ӕмӕ дын Хуыцау дӕ куывдтытӕм нӕ фӕхъусы? Кӕд о, уӕд ӕрмӕст дӕумӕ нӕ кӕсы афтӕ. Бирӕтӕ Хуыцаумӕ фӕкувынц, цӕмӕй сын баххуыс кӕна, фӕлӕ уӕддӕр сӕ зындзинӕдтӕй нӕ фервӕзынц. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын Хуыцау нӕ куывдтытӕм нӕ фӕхъусы? Нӕ! Библи нын ӕмбарын кӕны, Хуыцаумӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы кувӕм, уӕд нын нӕ куывдтытӕм кӕй хъусдзӕн. Ӕркӕсӕм, Библи цы дзуры, уымӕ.

ХУЫЦАУ НЫН НӔ КУЫВДТЫТӔМ ФӔХЪУСЫ.

«Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау, дӕумӕ ӕрцӕудзысты адӕм иууылдӕр» (Псалом 65:2).

Иуӕй-иутӕ уый тыххӕй фӕкувынц, ӕмӕ сын афтӕмӕй фенцондӕр вӕййы, исчи сӕ хъусы, уый сӕ кӕд нӕ фӕуырны, уӕддӕр. Фӕлӕ адӕймаг ӕрмӕст уый тыххӕй хъуамӕ ма кува, цӕмӕй йын фенцондӕр уа ӕмӕ уый фӕрцы йӕ зындзинӕдтӕ сфӕраза. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Йегъовӕa хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ, рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ йӕм чи кувы, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр. [...] Фехъусдзӕн сын сӕ дзыназын» (Псалом 145:18, 19).

Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕм кӕй фӕхъусы, ууыл. Уый сын фӕлмӕнӕй дзуры: «Дзурдзыстут мӕм, ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ мӕм кувдзыстут, ӕмӕ уӕ ӕз фехъусдзынӕн» (Йереми 29:12).

ХУЫЦАУЫ ФӔНДЫ, ЦӔМӔЙ ЙӔМ КУВАЙ.

Гыццыл чызг йӕ хъазӕнтимӕ хъазы, йӕ фыд та йӕ фарсмӕ бады

«Ӕппынӕдзух кувут» (Ромӕгтӕм 12:12).

Библи нын дзуры, цӕмӕй Хуыцаумӕ «ӕппынӕдзух кувӕм» ӕмӕ йӕм «кувӕм... алцӕй тыххӕй дӕр». Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм (Матфейы 26:41; Ефесӕгтӕм 6:18).

Хуыцауы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм? Цӕвиттонӕн райсӕм фыд ӕмӕ сывӕллоны. Фыдӕн ӕхсызгон вӕййы, йӕ сывӕллон дзы ӕххуыс куы ракуры, уӕд. Фыд ӕй, гӕнӕн ис, зона, йӕ сывӕллоны цы хъӕуы ӕмӕ цӕуыл тыхсы, уый. Фӕлӕ сывӕллонӕн йӕхицӕй куы фехъусы, ӕххуыс ӕй кӕй хъӕуы, уӕд ын уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ йыл сывӕллон ӕууӕнды ӕмӕ йемӕ ӕнгом у. Мах дӕр Йегъовӕ Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, уӕд ын афтӕмӕй равдисӕм, кӕй йыл ӕууӕндӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йемӕ ӕнгом уӕм (Ӕмбисӕндтӕ 15:8; Иаковы 4:8).

ХУЫЦАУ ДЫЛ ТЫХСЫ.

Нӕлгоймаг йӕ куыстуаты асинтыл ӕнкъардӕй бады, офисы йын цы дзауматӕ уыд, уыдон къоппы йӕ фарсмӕ, афтӕмӕй

«Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7).

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ уарзы ӕмӕ ныл тыхсы. Уый зоны, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм ӕмӕ цӕуыл фӕмӕт кӕнӕм, уый, ӕмӕ йӕ фӕнды махӕн баххуыс кӕнын.

Паддзах Давид ӕдзухдӕр Йегъовӕ Хуыцаумӕ куывта – ӕххуыс-иу дзы куырдта ӕмӕ-иу ын йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ радзырдта (Псалом 23:1–6). Хуыцау Давидмӕ цы зӕрдӕ дардта? Уарзта йӕ ӕмӕ-иу ын йӕ куывдтытӕм хъуыста (Хъуыддӕгтӕ 13:22). Хуыцау махӕн дӕр нӕ куывдтытӕм фӕхъусы, уымӕн ӕмӕ ныл тыхсы.

«МӔ ЗӔРДӔ УАРЗОНДЗИНАДӔЙ БАЙДЗАГ, УЫМӔН ӔМӔ МЫН ЙЕГЪОВӔ ХЪУСЫ МӔ ХЪӔЛӔС»

Ацы ныхӕстӕ загъта, Библийы чингуытӕй иу, Псаломты чиныг, чи ныффыста, уыдонӕй иу. Уый фидарӕй зыдта, Хуыцау ын йӕ куывдтытӕм кӕй фӕхъусы, ӕмӕ йын уый стыр ӕххуыс уыди. Уый фӕрцы Хуыцауимӕ уыди ӕнгом ӕмӕ-иу ӕм хъарутӕ фӕзынд, цӕмӕй-иу йӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ йӕ мӕстытӕ сфӕрӕзтаид (Псалом 116:1–9).

Хуыцау нын нӕ куывдтытӕм кӕй фӕхъусы, уый нӕ куы уырна, уӕд ӕм дарддӕр дӕр кувдзыстӕм. Ӕркӕсӕм, Испанийы цӕгат хайы чи цӕры, иу ахӕм нӕлгоймаджы хабармӕ. Йӕ ном хуыйны Педро. Йӕ фыртыл 19 азы куы цыди, уӕд аварийы фӕмард. Педро йӕ хъӕбулыл тынг маст кодта, ӕмӕ-иу, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый Хуыцауӕн радзырдта. Уый йӕм ӕдзух куывта, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодтаид ӕмӕ йын баххуыс кодтаид. Ӕмӕ йӕ хабар дарддӕр куыд уыд? Педро загъта: «Йегъовӕ-иу мын мӕ куывдтытӕн дзуапп радта. Не ’мчырыстӕттӕ-иу мӕнӕн дӕр ӕмӕ мӕ бинойнагӕн дӕр нӕ ныфсыл ныфс бафтыдтой ӕмӕ-иу нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты».

Маст чи кӕны, ахӕм нӕлгоймаг къамыл хӕцы, ӕмӕ йӕ йе ’мбӕлттӕй чидӕртӕ фидар кӕнынц

Хуыцау нын нӕ куывдтытӕн арӕх дзуапп ратты не ’мбӕлтты уылты – уыдон нын нӕ ныфсыл ныфс бафтауынц ӕмӕ нӕ фарсмӕ балӕууынц

Кӕд Педройы куывдтытӕ йӕ фырты фӕстӕмӕ цардмӕ нӕ раздӕхтой, уӕддӕр сӕ бинонтӕн стыр ӕххуыс фесты. Йӕ бинойнаг Марийӕ Кармен загъта: «Хуыцаумӕ кӕй куывтон, уый фӕрцы мӕ маст сфӕрӕзтон. Ӕз ӕй зыдтон, Йегъовӕ Хуыцау мӕ кӕй ӕмбары, уымӕн ӕмӕ-иу куы куывтон, уӕд-иу мӕ рыст ӕрсабыр ӕмӕ-иу мӕ зӕрдӕйы уыд фарн».

Уӕдӕ Библийӕ, стӕй бирӕтӕн сӕ цардӕй дӕр бӕрӕг у, Хуыцау адӕмы куывдтытӕм кӕй фӕхъусы. Фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцау алы куывдӕн дзуапп нӕ ратты. Цымӕ цӕуылнӕ?

a Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын