42 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Коммӕгӕс дӕ?
«Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд... у... коммӕгӕс» (ИАК. 3:17).
101 ЗАРӔГ Иумӕ лӕггад кӕнӕм
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa
1. Иннӕты коммӕ кӕсын нын зын цӕмӕн вӕййы?
ӔНЦОН дын вӕййы алы хатт коммӕгӕсдзинад ӕвдисын? Паддзах Давидӕн уый алкӕд ӕнцон нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ куывта: «Мӕ зӕрдӕйы [мын] ссудз зынг, цӕмӕй мӕ фӕнда дӕ коммӕ кӕсын» (Пс. 51:12). Давид Йегъовӕйы уарзта, фӕлӕ-иу ын уӕддӕр хатт зын уыд йӕ коммӕ кӕсын. Ӕмӕ махӕн дӕр уый хатт зын вӕййы. Цымӕ цӕмӕн? Фыццаг уый, ӕмӕ нӕ туджы рахастам ӕнӕххӕстдзинад, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй арӕх нӕ фӕфӕнды иннӕты коммӕ кӕсын. Дыккаг: Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй Йегъовӕйы ныхмӕ рацӕуӕм, уый йӕ ныхмӕ куыд рацыд, афтӕ (2 Кор. 11:3). Ӕртыккаг: нӕ алыварс адӕм сты ӕгоммӕгӕс, ӕмӕ ныл сӕ зондахаст бандавы (Еф. 2:2). Уӕдӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй тох кӕнӕм не ’нӕххӕстдзинады, Хӕйрӕджы ӕмӕ ацы дунейы ныхмӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ, цавӕрдӕр бартӕ кӕмӕн радта, уыдоны коммӕ кӕсӕм.
2. «Коммӕгӕс» уай, уый цы нысан кӕны? (Иаковы 3:17).
2 Бакӕс Иаковы 3:17. Хуыцау Иаковӕн ныффыссын кодта, зондджын адӕймаг кӕй вӕййы «коммӕгӕс». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ цӕттӕ уӕм, Йегъовӕ цавӕрдӕр бартӕ кӕмӕн радта, уыдоны коммӕ кӕсынмӕ, ӕмӕ нӕ уый хъуамӕ фӕндгӕ дӕр кӕна. Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ нын йӕ закъӕттӕ чи халын кӕны, уыдонмӕ дӕр хъуамӕ хъусӕм (Хъуыд. 4:18–20).
3. Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй цӕуылнӕ кӕсы, бартӕ кӕмӕн радта, уыдоны коммӕ кӕсӕм ӕви нӕ, уымӕ?
3 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы коммӕ кӕсын ӕнцондӕр у, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у ӕххӕст, ӕмӕ алкӕддӕр фӕдӕтты раст разамынд (Пс. 19:7). Адӕмӕй та уый зӕгъӕн нӕй. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ уӕларвон Фыд ныййарджытӕн, хицӕуттӕн ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр цавӕрдӕр бартӕ радта (Ӕмб. 6:20; 1 Фес. 5:12; 1 Пет. 2:13, 14). Ӕмӕ сӕ коммӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд фӕкӕсӕм Йегъовӕйы коммӕ. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон куыд у, бартӕ кӕмӕн радта, уыдоны коммӕ кӕсын, цы нын фӕдзурынц, уыимӕ разы куы нӕ вӕййӕм кӕнӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ архайын куы нӕ фӕфӕнды, уӕд дӕр.
ДӔ НЫЙЙАРДЖЫТЫ КОММӔ КӔС
4. Сывӕллӕттӕй бирӕтӕ сӕ ныййарджыты коммӕ цӕуылнӕ кӕсынц?
4 Абон сывӕллӕттӕй ӕмӕ ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ «сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсынц» (2 Тим. 3:1, 2). Цымӕ афтӕ цӕмӕн у? Иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕй цы фӕдомынц, уый сӕхӕдӕг нӕ фӕаразынц. Ӕмӕ сывӕллӕттӕ уый фӕуынынц. Иуӕй-иутӕм та афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ бон нӕу хорз уынаффӕ раттын, уымӕн ӕмӕ, дам, цард тынг аивта, нӕ ныййарджытӕ та абоны цардӕн ницы ӕмбарынц. Кӕмӕдӕрты та сӕ ныййарджыты домӕнтӕ ӕгӕр карз фӕкӕсынц. Дӕумӕ дӕр искуы ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны? Абон ӕрыгӕттӕй бирӕтӕн зын у Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ хъусын: «Уӕ ныййарджытӕм хъусут, Хуыцауы фӕндон куыд у, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕ цӕсты раст у» (Еф. 6:1). Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ ныййарджыты коммӕ кӕсай?
5. Йесо йӕ ныййарджыты коммӕ кӕй каст, уымӕй нын фӕзминаг куыд у? (Лукайы 2:46–52).
5 Ныййарджыты коммӕ кӕсын куыд хъӕуы, уымӕй дын фӕзминаг у Йесо (1 Пет. 2:21–24). Йӕхӕдӕг уыд ӕххӕст адӕймаг, йӕ ныййарджытӕ та – ӕнӕххӕст. Фӕлӕ сӕ Йесо алкӕддӕр нымадта, куы-иу фӕрӕдыдысты ӕмӕ-иу ӕй куы нӕ бамбӕрстой, суанг уӕд дӕр (Рац. 20:12). Ӕркӕсӕм, 12 азы йыл куы цыд, уӕд цы хабар ӕрцыд, уымӕ. (Бакӕс Лукайы 2:46–52.) Йесо йӕ ныййарджытимӕ ацыд Иерусалиммӕ. Фӕлӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ куы цыдысты, уӕд Марийӕ ӕмӕ Иосиф нӕ бамбӕрстой, семӕ кӕй нӕй. Уыдон хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕм кастаиккой ӕмӕ бафиппайдтаиккой, чидӕр сӕ кӕй фесӕфт, уый. Ӕппынфӕстаг ӕй куы ссардтой, уӕд ын Марийӕ бауайдзӕф кодта, уый, дам, нын цы ми бакодтай. Йесойӕн йӕ бон уыд зӕгъын, ӕз ницы аххосджын дӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕн дзуапп радта уӕзданӕй. Кӕд Иосиф ӕмӕ Марийӕ, цы сын загъта, «уый нӕ бамбӕрстой», уӕддӕр сын дарддӕр дӕр «уыд коммӕгӕс».
6, 7. Сывӕллӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой?
6 Сывӕллӕттӕ, ӕрыгӕттӕ, уӕ ныййарджытӕ куы фӕрӕдийынц кӕнӕ уӕ куы нӕ фембарынц, уӕд сымахӕн дӕр зын вӕййы сӕ коммӕ кӕсын? Кӕд о, уӕд уын цы баххуыс кӕндзӕн? Фыццаг: хъуыды кӕнут Йегъовӕйы ӕнкъарӕнтыл. Библийы фыст ис, уӕ ныййарджыты коммӕ кӕй кӕсут, уый кӕй «цӕуы нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ» (Кол. 3:20). Йегъовӕ зоны, хатт уӕ кӕй нӕ фембарынц кӕнӕ, цы уагӕвӕрдтӕ ӕрфидар кӕнынц, уыдон алы хатт раст кӕй нӕ вӕййынц. Фӕлӕ-иу уӕддӕр сӕ коммӕ куы кӕсат, уӕд Йегъовӕ цин кӕндзӕн.
7 Дыккаг: хъуыды кӕнут уӕ ныййарджыты ӕнкъарӕнтыл. Сӕ коммӕ куы кӕсат, уӕд цин кӕндзысты ӕмӕ уыл тынгдӕр ӕууӕнддзысты (Ӕмб. 23:22–25). Стӕй кӕрӕдзиимӕ ӕнгомдӕр суыдзыстут. Бельгийӕ иу ӕфсымӕр, Александр, загъта: «Мӕ ныййарджытӕм арӕхдӕр хъусын куы райдыдтон, уӕд кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарын райдыдтам ӕмӕ систӕм амондджындӕр»b. Ӕртыккаг: ныртӕккӕ куы сахуыр уат уӕ ныййарджыты коммӕ кӕсын, уӕд уын уый фидӕны стыр пайда фӕуыдзӕн. Бразилийӕ иу ӕфсымӕр, Паулу, загъта: «Мӕ ныййарджыты коммӕ кӕй кастӕн, уый фӕрцы сахуыр дӕн Йегъовӕйы ӕмӕ, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны коммӕ кӕсын». Хуыцауы Ныхасӕй базонӕн ис, ахсджиаг цӕмӕн у ныййарджыты коммӕ кӕсын. Фыст дзы ис: «Цӕмӕй дын уа хорз ӕмӕ зӕххыл бирӕ фӕцӕрай» (Еф. 6:2, 3).
8. Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ сӕ ныййарджытӕм цӕмӕн фӕхъусынц?
8 Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ бамбӕрстой, сӕ ныййарджыты коммӕ кӕй кӕсынц, уый сын алкӕддӕр пайда кӕй ӕрхӕссы. Бразилийӕ иу хо, Луизӕ, фыццаг не ’мбӕрста, йӕ ныййарджытӕ йын телефон цӕуылнӕ ӕлхӕнынц, уый. Хъуыды-иу кодта: «Ме ’мгӕрттӕй сӕ фылдӕрмӕ телефонтӕ ис, мӕнмӕ та нӕй». Фӕлӕ уый фӕстӕ бамбӕрста, афтӕмӕй йӕ хъахъхъӕнгӕ кӕй кодтой. Ныр ӕй ӕмбары, йӕ ныййарджытӕ йын цыдӕр куы нӕ фӕуадзынц, уӕд ын уымӕй йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ кӕй нӕ фӕбӕттынц, фӕлӕ йын хуыздӕр цы уыдзӕн, ууыл кӕй фӕхъуыды кӕнынц. Элизабет цӕры Америкӕйы Иугонд Штатты. Уымӕн дӕр хатт зын вӕййы йӕ ныййарджыты коммӕ кӕсын. Уый зӕгъы: «Мӕ ныййарджытӕ мын цыдӕр цӕмӕн нӕ уадзынц, уый куы нӕ фембарын, уӕд ахъуыды кӕнын, куы-иу сӕм байхъуыстон, уӕд-иу мӕ уый куыд бахъахъхъӕдта, ууыл». Сомихӕй иу хо, Моникӕ, зӕгъы, зӕгъгӕ, мӕхи куыд фӕнды, афтӕ куы нӕ бакӕнын, фӕлӕ мӕ ныййарджытӕм куы байхъусын, уӕд хъуыддӕгтӕ бирӕ хуыздӕр рауайынц.
«ХИЦӔУТТЫ» КОММӔ КӔС
9. Бирӕтӕ хицауады закъӕттӕм цы цӕстӕй кӕсынц?
9 Библийы фыст ис, «хицӕутты» коммӕ кӕсын кӕй хъӕуы. Уый амоны зӕххон хицауӕдтӕм. Бирӕтӕ ӕмбарынц, хицауад кӕй хъӕуы ӕмӕ, цы закъӕттӕ рауадзы, уыдонмӕ хъусын кӕй хъӕуы (Ром. 13:1). Фӕлӕ цавӕрдӕр закъон сӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ фӕцӕуы кӕнӕ сӕм афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ раст нӕу, уӕд ӕй нӕ феххӕст кӕнынц. Райсӕм хъалонтӕ фидыны хъуыддаг. Иу европӕйаг бӕстӕйы бирӕтӕ загътой, зӕгъгӕ, цы хъалонтӕ дын фидын кӕнынц, уыдон дӕм ӕгӕр стыр куы кӕсой, уӕд дӕ бон у, ӕмӕ сӕ ма фидай. Уӕдӕ диссаг нӕу, уыцы бӕстӕйы адӕм, хицауадӕн цы хъалонтӕ хъуамӕ фидой, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр 65 проценты бӕрц кӕй фидынц.
Иосиф ӕмӕ Марийӕ коммӕгӕс кӕй уыдысты, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (кӕс 10–12 абзацтӕ)c
10. Цавӕрдӕр закъӕттӕ нӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ цӕуой, уӕддӕр сӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм?
10 Библийӕ базонӕн ис, зӕххон хицауӕдтӕ адӕмӕн бирӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарын кӕнынц, Хӕйрӕджы къухы кӕй сты ӕмӕ тагъд сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты (Пс. 110:5, 6; Еккл. 8:9; Лук. 4:5, 6). Фӕлӕ ма дзы фыст ис: «Хицӕутты ныхмӕ чи цӕуы, уый цӕуы Хуыцауы ӕвӕрд ӕгъдауы ныхмӕ». Йегъовӕ рӕстӕгмӕ бауагъта, цӕмӕй хицӕутты къухы цавӕрдӕр бартӕ уа. Сӕ фӕрцы бӕстӕйы цавӕрдӕр фӕтк ӕмӕ ӕгъдау уӕддӕр вӕййы. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ коммӕ кӕсӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ «алкӕмӕн дӕр дӕттӕм, цы йын ӕмбӕлы, уый». Уымӕ хауы хъалонтӕ фидын, хицӕуттӕн кад кӕнын ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсын (Ром. 13:1–7). Чи зоны, кӕцыдӕр закъон нӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, раст нӕм нӕ кӕсы кӕнӕ хъӕудзӕн бирӕ ’хца бахардз кӕнын, цӕмӕй алцыдӕр закъонмӕ гӕсгӕ саразӕм. Фӕлӕ нын Йегъовӕ куыд фӕдзӕхсы, афтӕ мах уӕддӕр хицӕутты коммӕ кӕсдзыстӕм, кӕд, цы нын дзурынц, уый йӕ закъӕтты ныхмӕ нӕу, уӕд (Хъуыд. 5:29). Мах фӕнды йӕ коммӕ кӕсын.
11, 12. Кӕд Иосиф ӕмӕ Марийӕйӕн паддзахы бардзырдмӕ байхъусын зын уыди, уӕддӕр куыд бакодтой ӕмӕ сӕ хабар куыд рауад? (Лукайы 2:1–6). (Кӕс нывтӕм дӕр.)
11 Иосиф ӕмӕ Марийӕ хицӕуттӕм хъуыстой, уый-иу сын ӕнцон куы нӕ уыд, уӕд дӕр. Ӕмӕ нын уымӕй сты фӕзминаг. (Бакӕс Лукайы 2:1–6.) Марийӕ фарӕстӕм мӕй йӕхи бар куы нӕ уыд, уӕд сӕ Иосифимӕ хъуыди ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын. Ромы паддзах Август бардзырд радта, цӕмӕй, йӕ паддзахады дӕлбар чи цард, уыдон иууылдӕр сӕ райгуырӕн горӕттӕм ацыдаиккой ӕмӕ сӕхи ныффыстаиккой. Иосиф ӕмӕ Марийӕйы хъуыди Вифлееммӕ ацӕуын. Уый тыххӕй та хъуамӕ 150 километры бӕрц цыдаиккой хӕххон фӕндӕгтыл. Уыцы балц ӕнцон кӕцӕй уыдаид, уӕлдайдӕр Марийӕйӕн. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кодтой: цымӕ Марийӕ ӕмӕ сывӕллонӕн ӕдас уыдзӕн? Йӕ арыны афон фӕндагыл куы райдайа, уӕд куыд кӕндзысты? Марийӕ йӕ зӕрдӕйы бын кӕй хаста, уыцы сывӕллон фидӕны хъуамӕ суыдаид Мессийӕ. Уыдӕтты тыххӕй цымӕ афтӕ ахъуыды кодтой, зӕгъгӕ, паддзахы бардзырдмӕ куы нӕ байхъусӕм, уӕддӕр ницы кӕны?
12 Кӕд Иосиф ӕмӕ Марийӕ цӕуылдӕрты мӕт кодтой, уӕддӕр бардзырдмӕ байхъуыстой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ раарфӕ кодта. Вифлееммӕ дзӕбӕхӕй ныххӕццӕ сты, Марийӕйӕн райгуырд ӕнӕниз сывӕллон ӕмӕ, коммӕгӕс кӕй разынд, уый фӕрцы ма сӕххӕст Библийы пехуымпарад дӕр (Мих. 5:2).
13. Коммӕгӕс куы уӕм, уӕд уый хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн цы пайда ӕрхӕсдзӕн?
13 Хицӕутты коммӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр ӕрхӕссы пайда ӕмӕ иннӕтӕн дӕр. Зӕгъӕм, закъӕттӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд ӕфхӕрд нӕ баййафдзыстӕм (Ром. 13:4). Уымӕй уӕлдай ма нӕ алчидӕр хицӕутты коммӕ куы кӕса, уӕд ӕй фендзысты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ коммӕгӕс адӕм кӕй сты. Зӕгъӕм, бирӕ азты размӕ Нигерийы ӕмбырды рӕстӕг Паддзахады залмӕ салдӕттӕ бацыдысты. Уыдон агуырдтой, хъалонтӕ фидын кӕй нӕ фӕндыд, уыцы змӕнтджыты. Фӕлӕ офицер куы базыдта, уый Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлд кӕй уыд, уӕд салдӕттӕн загъта, цӕмӕй уырдыгӕй ацыдаиккой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, дам, алкӕддӕр фӕфидынц хъалонтӕ. Закъӕттӕ куы ’ххӕст кӕнай, уӕд Хуыцауы адӕмӕн скӕндзынӕ хорз ном. Ӕмӕ фидӕны уыцы хорз ном, гӕнӕн ис, дӕ хоты ӕмӕ де ’фсымӕрты бахъахъхъӕна (Матф. 5:16).
14. Иу хойӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй хицӕутты нымайын райдыдтаид ӕмӕ «коммӕгӕс» суыдаид?
14 Фӕлӕ нӕ уӕддӕр хатт, чи зоны, нӕ фӕфӕнды хицӕуттӕм хъусын. Иугонд Штаттӕй иу хо, Джоаннӕ, загъта: «Уый мын тынг зын уыди, уымӕн ӕмӕ мӕ бинонтӕй чидӕртӕ сӕ аххосӕй бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой». Фӕлӕ Джоаннӕ бацархайдта, цӕмӕй йӕ зондахаст фӕивтаид. Цы йын баххуыс кодта? Фыццаг: социалон сетьты нал касти, хицауады ныхмӕ дзы цы фыстой, уыдӕттӕ (Ӕмб. 20:3). Дыккаг: Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй, зӕххон хицауӕдтӕ цард хуыздӕрырдӕм кӕй фӕивдзысты, уымӕ ма ’нхъӕлмӕ кастаид, фӕлӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтаид (Пс. 9:9, 10). Ӕртыккаг: нӕ публикациты касти статьятӕ, политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй дард кӕй хъуамӕ лӕууӕм, уый тыххӕй (Иоан. 17:16). Джоаннӕ зӕгъы, ныр хицӕутты кӕй нымайы. Уый фӕрцы йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр ӕмӕ йын фенцондӕр.
ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИЙЫ РАЗАМЫНДМӔ ХЪУС
15. Хатт нын зын цӕмӕн вӕййы Йегъовӕйы организацийы разамындмӕ хъусын?
15 Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй, ӕмбырды нын разамынд чи дӕтты, уыдонмӕ «хъусӕм ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсӕм» (Дзут. 13:17). Нӕ Разамонӕг Йесо у ӕххӕст. Фӕлӕ нын разамынд кӕй уылты дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕ та сты ӕнӕххӕст. Ӕмӕ нын, чи зоны, зын вӕййы сӕ коммӕ кӕсын, уӕлдайдӕр нӕ сӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайын куы нӕ фӕфӕнды, уӕд. Иухатт апостол Петрӕн дӕр зын уыд разамындмӕ байхъусын. Зӕд ын загъта, цӕмӕй, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сыгъдӕг чи нӕ уыд, уыцы цӕрӕгойты дзидзайӕ бахордтаид. Фӕлӕ Петр нӕ бакуымдта, ӕмӕ иу хатт дӕр нӕ, фӕлӕ ӕртӕ хатты! (Хъуыд. 10:9–16). Цымӕ афтӕ цӕмӕн бакодта? Уымӕн ӕмӕ уыцы ног разамынд не ’мбӕрста. Уыцы разамынд тынг хицӕн кодта, цӕрӕнбонты цӕуыл уыд ахуыр, уымӕй. Кӕд Петрӕн зын уыд ӕххӕст зӕдмӕ байхъусын, уӕд диссаг нӕу, хатт нын зын кӕй вӕййы ӕнӕххӕст адӕмы разамындмӕ хъусын.
16. Кӕд Павелмӕ, цы разамынд ын радтой, уый раст нӕ фӕкастаид, уӕддӕр куыд бакодта? (Хъуыддӕгтӕ 21:23, 24, 26).
16 Апостол Павел цӕттӕ уыд разамындмӕ байхъусынмӕ. Чи зоны йӕм уыцы разамынд раст дӕр нӕ каст. Дзуттаг чырыстӕттӕ Павелы тыххӕй фехъуыстой ахӕм ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, дам, иннӕтӕн амоны, «цӕмӕй Моисейы закъоныл сӕ къух сисой» ӕмӕ, дам, Закъон ницӕмӕ дары (Хъуыд. 21:21). Иерусалимы чи уыд, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йын загътой, цӕмӕй цыппар нӕлгоймаджы кувӕндонмӕ акодтаид ӕмӕ Закъонмӕ гӕсгӕ семӕ йӕхи ссыгъдӕг кодтаид, ӕмӕ афтӕмӕй равдыстаид, Закъон кӕй ӕххӕст кӕны. Павел зыдта, чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нал хъӕуы. Стӕй ӕвзӕрӕй дӕр ницы сарӕзта. Фӕлӕ уӕддӕр, куыд ын загътой, афтӕ бакодта. «Дыккаг бон... уыцы лӕгты йемӕ ракодта ӕмӕ Закъонмӕ гӕсгӕ семӕ йӕхи ссыгъдӕг кодта». (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 21:23, 24, 26.) Павел разамындмӕ кӕй байхъуыста, уый фӕрцы ӕмбырды иудзинад бахъахъхъӕдта (Ром. 14:19, 21).
17. Стефанийы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
17 Хо Стефани разы нӕ уыд, филиал цы уынаффӕ рахаста, уыимӕ. Йӕ сӕрыхицауимӕ лӕггад кодтой ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг къорды. Ӕмӕ уый сӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Фӕлӕ стӕй филиал уынаффӕ рахаста, уыцы къорд кӕй нал уыдзӕн. Ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ, сӕ мадӕлон ӕвзагыл цы ’мбырд уыд, уырдӕм снысан кодтой. Стефани загъта: «Тынг зын мын уыди. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ не ’взагыл дзурӕг ӕмбырды ӕххуыс нӕ хъӕуы». Фӕлӕ уӕддӕр уыцы разамындмӕ байхъуыста. Стефани ма загъта: «Фӕстӕдӕр ӕй бамбӕрстон, уый раст уынаффӕ кӕй уыд. Нӕ ног ӕмбырды кӕмӕндӕрты систӕм ныййарджыты хуызӕн. Сӕ бинонтӕй Йегъовӕйӕн ничи лӕггад кӕны. Ныртӕккӕ Библи ахуыр кӕнын, ногӕй та ӕмбырдтӕм цӕуын чи райдыдта, ахӕм хоимӕ. Стӕй мын ныр Библи иртасынӕн дӕр фылдӕр рӕстӕг ис». Йӕ ныхӕстӕм ма бафтыдта: «Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын сыгъдӕг цӕсгомимӕ, уымӕн ӕмӕ, мӕ бон цы уыд, уый сарӕзтон, цӕмӕй коммӕгӕс уон».
18. Коммӕгӕс куы уӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?
18 Нӕ бон у, ӕмӕ коммӕ кӕсын сахуыр уӕм. Йесо «коммӕ кӕсыныл», хорз уавӕрты кӕй уыд, уый фӕрцы нӕ сахуыр, фӕлӕ, «цытӕ бавзӕрста», уый фӕрцы (Дзут. 5:8). Ӕмӕ мах дӕр арӕх коммӕ кӕсын сахуыр вӕййӕм, зын уавӕрты куы вӕййӕм, уӕд. Зӕгъӕм, коронавирусы пандемийӕ куы райдыдта, уӕд нын загътой, иуцасдӕр Паддзахады залты кӕй не ’мбырд кӕндзыстӕм ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй нӕ хъусын кӕндзыстӕм. Ӕнцон дын уыд уыцы разамындмӕ байхъусын? Чи зоны, нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр коммӕгӕсдзинад кӕй равдыстай, уый фӕрцы дӕхи бахъахъхъӕдтай, ӕмбырды уыд иудзинад ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодтай. Афтӕмӕй иууылдӕр нӕхи бацӕттӕ кодтам, фидӕны цы хабӕрттӕ уыдзӕн, уыдонмӕ. Ӕмӕ, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, цы амындтӕ нын дӕтдзысты, уыдонмӕ хъусын. Уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн нӕ цард! (Иов 36:11).
19. Цӕмӕн дӕ фӕнды, цӕмӕй коммӕгӕс уай?
19 Куыд федтам, афтӕмӕй коммӕгӕсдзинад бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы. Фӕлӕ мах Йегъовӕйы коммӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй кӕсӕм, ӕмӕ йӕ уарзӕм ӕмӕ нӕ фӕнды йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын (1 Иоан. 5:3). Нӕ бон никуы бауыдзӕн Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинӕдтӕ бафидын (Пс. 116:12). Фӕлӕ нӕ бон у йӕ коммӕ ӕмӕ, бартӕ кӕмӕн радта, уыдоны коммӕ кӕсын. Коммӕгӕсдзинад зондыл дзурӕг у. Ӕмӕ зондджын адӕймаг та Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕрухс кӕны (Ӕмб. 27:11).
89 ЗАРӔГ Байхъус, ӕмӕ арфӕгонд уай
a Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нын хатт зын вӕййы иннӕты коммӕ кӕсын, кӕд сын уый бар вӕййы, ӕмӕ нын разамынд дӕттой, уӕд дӕр. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, йӕ ныййарджыты, хицӕутты ӕмӕ, ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕрты коммӕ чи кӕсы, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй вӕййынц хайджын.
b Кӕд дын зын у, дӕ ныййарджытӕ дӕ цы домынц, уый аразын ӕмӕ нӕ зоныс, семӕ уый тыххӕй куыд аныхас кӕнай, уӕд дӕ бон у сайты jw.org бакӕсын статья «Мӕ ныййарджытӕ мӕ цы домынц, уыдӕтты тыххӕй семӕ куыд аныхас кӕнон?».
c НЫВТӔ. Иосиф ӕмӕ Марийӕ Ромы паддзахы бардзырдмӕ байхъуыстой ӕмӕ сӕхи ныффыссынмӕ Вифлееммӕ ацыдысты. Чырыстӕттӕ дӕр хицӕутты коммӕ кӕсынц: фӕндагыл цӕуыны уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынц, хъалонтӕ фидынц ӕмӕ фӕархайынц, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны фӕдыл цы амындтӕ раттынц, уыдонмӕ гӕсгӕ.