Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb16 119 ф.–123 ф., 1 абз.
  • Хорз хабар фӕхӕццӕ скӕсӕнмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хорз хабар фӕхӕццӕ скӕсӕнмӕ
  • 2016 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Сӕргӕндтӕ
  • «Мӕн тыххӕй уӕ кӕндзысты хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм, цӕмӕй... фехъусой хорз хабар»
2016 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb16 119 ф.–123 ф., 1 абз.

ИНДОНЕЗИ

Хорз хабар фӕхӕццӕ скӕсӕнмӕ

1953 азы Петер Вандерхагены Индонезимӕ снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй. Йӕ район уыд уыцы бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр – 5 100 километры скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ ӕмӕ 1 800 километры цӕгатӕй хуссармӕ. Уыцы стыр районы йыл бирӕ хатт ӕрцыд, адӕймаджы сӕрыхъуын-иу арц кӕмӕй сбадт, ахӕм хабӕрттӕ.

Петер Вандерхаген

Петер Вандерхаген

1954 азы ӕфсымӕр Вандерхаген араст Индонезийы скӕсӕн хаймӕ. Уым ис бирӕ динтӕ. Зӕгъӕм, сакъадах Балийыл цӕры бирӕ индустӕ; сакъадӕхтӕ Ломбок ӕмӕ Сумбавӕйыл адӕмӕн сӕ фылдӕр сты пысылмӕттӕ; сакъадах Флоресы цӕрджытӕн сӕ фылдӕр сты католиктӕ; сакъадӕхтӕ Сумбӕ, Алор ӕмӕ Тиморыл чи цӕры, уыдон та – протестанттӕ. Ӕфсымӕр Вандерхаген йӕ зӕронд лодкӕйыл Купангмӕ, горӕтмӕ сакъадах Тиморыл, куы ленк кодта, уӕд ма гыццыл рӕстӕг рахицӕн кодта, цӕмӕй, фӕндагыл цы гыццыл сакъадӕхтӕ уыд, уыдоныл дӕр хорз хабар фехъусын кодтаид. «Тиморы хъусын кодтон дыууӕ къуырийы. Кӕд тынг уарыд, уӕддӕр мӕ литературӕ иууылдӕр байуӕрстон, 34 адӕймаджы журналтӕ рафыстой ӕмӕ цалдӕр адӕймагимӕ та райдыдтон Библи ахуыр кӕнын»,– радзырдта ӕфсымӕр Вандерхаген. Фӕстӕдӕр семӕ Библийыл ныхас кодтой сӕрмагонд пионертӕ ӕмӕ стӕй Купангы ӕмбырд скодтой. Уырдыгӕй хорз хабар фӕхӕццӕ хӕстӕгдӕр сакъадӕхтӕм: Роти, Алор, Сумбӕ ӕмӕ Флоресмӕ.

Купангы протестантон сауджынтӕ куы федтой, сӕ аргъуанмӕ цӕуӕг адӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм кӕй хъусынц, уӕд фырмӕстӕй рафыхтысты. Сӕйраг сауджынтӕй иу зесты куыстгӕнӕг Томас Тубулауӕн (ацӕргӕ нӕлгоймаг, иу къух ын нӕ уыд) карзӕй загъта, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи мауал ахуыр кодтаид. Стӕй ма йын загъта, зӕгъгӕ, цы базыдтай, уыдӕтты тыххӕй иннӕтӕн куы дзурай, уӕд кӕйдӕр туг ныккӕлдзӕн. Томас ын фидарӕй загъта: «Чырыстон адӕймаг ахӕм ныхӕстӕ никуы загътаид. Амӕй фӕстӕмӕ мӕ къах уӕ аргъуаны нал уыдзӕн!» Томас сси зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг, йӕ чызг та – сӕрмагонд пионер.

Фӕлӕ уӕддӕр Тиморы сауджынты фидар фӕнд уыд, цӕмӕй уыцы ран Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ кой дӕр мауал уыдаид. 1961 азы сауджынты ардыдӕй Дины хъуыддӕгты департамент ӕмӕ ӕфсӕддон хицауад хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын нал уагътой. Уӕд ӕфсымӕртӕ ӕндӕрхуызон хъусын кӕнын райдыдтой: адӕмимӕ-иу ныхас кодтой базарты ӕмӕ цъайты цур, кӕсагахсджытимӕ денджызы былыл ӕмӕ-иу уӕлмӕрдтӕм ингӕн ӕфснайынмӕ чи ӕрбацыд, ахӕм бинонтимӕ. Иу мӕйы фӕстӕ ӕфсӕддон хицауад фӕфӕлмӕндӕр ӕмӕ радиойӕ фехъусын кодта, сакъадах Тиморы цӕрджытӕй алкӕмӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй йӕхӕдӕг ӕвзара, цавӕр диныл хӕцдзӕн, уый. Фӕлӕ Дины хъуыддӕгты департамент дзырдта, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнӕн уӕддӕр кӕй нӕй. Ӕфсымӕртӕ сӕм бацыдысты, цӕмӕй сын уыцы бардзырд гӕххӕттыл фыстӕй радтаиккой, фӕлӕ сын уыдон сӕ курдиат нӕ сӕххӕст кодтой. Уымӕ гӕсгӕ та ӕфсымӕртӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ сӕрибарӕй хъусын кӕнын райдыдтой.

1962 азы провинци Папуӕмӕ миссионертӕ Пит ӕмӕ Нелл де Ягер, стӕй Ханс ӕмӕ Сюзи ван Вюрэ куы ӕрцыдысты, уӕд сауджынтӕ уыдоны дӕр хъыгдарын райдыдтой. Стыр бартӕ кӕмӕ уыд, ӕртӕ ахӕм сауджыны ныллӕууыдысты, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ ӕндӕр искуыдӕм ацыдаиккой. Сауджынтӕ аргъуанты, газетты ӕмӕ радиойӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй мӕнг ныхӕстӕ кодтой, зӕгъгӕ, дам, хицауады хъыгдарынц. Аргъуанмӕ цӕуӕг адӕмӕй та-иу миссионертимӕ Библи ахуыр кӕнын чи райдыдта, уыдон-иу цӕмӕй сӕ ахуыр ныууагътаиккой, уый тыххӕй-иу сӕ ныхӕстӕй сайдтой, ӕртхъирӕн-иу сӕм кодтой кӕнӕ-иу сын ӕхца лӕвӕрдтой. Уымӕй уӕлдай ма хъӕуты хистӕрты иу ран нал уагътой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъусын кӕнын ма уадзут, зӕгъгӕ.

Фӕлӕ, сауджынтӕ цӕмӕй тарстысты, уый ӕрцыд. Иубон миссионерты иу хистӕр йӕ хъӕумӕ фӕхуыдта, цӕмӕй адӕмимӕ аныхас кодтаиккой. Ханс радзырдта: «Хистӕр хъӕуы цӕрджыты куы ӕрӕмбырд кодта, уӕд сын Питимӕ фӕйнӕ цыбыр раныхасы радзырдтам, цы куыст кӕнӕм, уый тыххӕй. Стӕй та сын нӕ бинойнӕгтӕ равдыстой, дуар куыд бахойӕм, фысымтӕ нӕ мидӕмӕ куыд фӕхонынц, ӕмӕ сын стӕй цыбыртӕй Библийы фыст хорз хабары тыххӕй куыд радзурӕм. Раныхӕстӕ ӕмӕ равдыст адӕмы ӕмӕ хъӕуы хистӕры зӕрдӕмӕ фӕцыдысты ӕмӕ нын хъусын кӕнынӕн бар радтой».

Ахӕм хабӕрттӕ-иу арӕх ӕрцыд. Хъусын кӕныны хъуыддаджы ныхмӕ-иу чи уыди, уыдон-иу фылдӕр хатт уыдысты чырыстон дины разамонджытӕ. Ӕмӕ абон дӕр хабар афтӕ у.

«Мӕн тыххӕй уӕ кӕндзысты хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм, цӕмӕй... фехъусой хорз хабар»

Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта: «Мӕн тыххӕй уӕ кӕндзысты хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм, цӕмӕй уыдон дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмтӕ дӕр фехъусой хорз хабар» (Матф. 10:18). Ацы ныхӕстӕ ӕцӕг кӕй сты, уый Индонезийы ӕфсымӕртӕ сӕхиуыл иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бавзӕрстой.

1960 азы нидерландаг теолог, царди Джакартӕйы, чиныг рауагъта ӕмӕ дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты мӕнг чырыстӕттӕ схуыдта. Уыцы чиныг куы рацыд, уӕд сауджынтӕ Ӕвдисӕнтыл алы мӕнг ныхӕстӕ мысын райдыдтой. Зӕгъӕм, иу горӕты сауджынтӕ Дины хъуыддӕгты департаментмӕ ныффыстой, зӕгъгӕ, дам, «аргъуанмӕ цӕуӕг адӕмӕн сӕ сӕры зонд зыгъуыммӕ кӕнынц». Хицӕуттӕ ӕфсымӕртӕм фӕдзырдтой ӕмӕ сӕ дзуапп ӕрдомдтой, сауджынтӕ сӕ цы ныхӕстӕ фӕкодтой, уый тыххӕй. Уӕд сын уыдон дӕр, хабар ӕцӕг куыд у, уый радзырдтой ӕмӕ семӕ хорз хабары тыххӕй бӕстон аныхас кодтой. Дины хъуыддӕгты департаменты хицӕуттӕй иу йе ’мкусӕгӕн загъта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты иу ран ныууадзут. Уадз ӕмӕ протестантты сӕ фынӕйӕ райхъал кӕной».

Машинӕйӕ исынц чингуытӕ «Ӕнӕхай кӕмӕй фесты, уыцы дзӕнӕтӕй, ногӕй чи ралӕудзӕн, уыцы дзӕнӕтмӕ». 1963 аз

Машинӕйӕ исынц чингуытӕ «Ӕнӕхай кӕмӕй фесты, уыцы дзӕнӕтӕй, ногӕй чи ралӕудзӕн, уыцы дзӕнӕтмӕ». 1963 аз

1964 азы протестантон дины разамонджытӕ парламентмӕ Дины ӕмӕ ӕхсӕнадон хъуыддӕгтӕн дзуапдӕттӕг комитетмӕ бахатыдысты, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъусын кӕнын мауал уагътаиккой. Филиал та уыцы Комитетӕй ракуырдта, цӕмӕй сын сӕхи сӕрыл дзурынӕн бар радтаиккой. Тагор Хутасоит радзырдта: «Комитеты раз фӕдзырдтам сахаты бӕрц, бӕстон сын бамбарын кодтам, адӕмимӕ Библийы куыд фӕахуыр кӕнӕм. Политиктӕй иу, протестант, нӕ ныхмӕ дзырдта, зӕгъгӕ, дам, Папуӕйы алыхуызон динтыл хӕст адӕмы кӕрӕдзийыл ардаут. Комитеты пысылмон диныл хӕст чи уыд, уыдонӕй нӕм сӕ фылдӕр хорз цӕстӕй кастысты. Загътой нын: „Конституцимӕ гӕсгӕ, чи цавӕр диныл хӕцы, уый алкӕмӕн дӕр йӕхи бар у. Уымӕ гӕсгӕ уын хъусын кӕныны бар ис“. Папуӕйы стыр бынат чи ахста, иу ахӕм хицау нын фембӕлды фӕстӕ загъта: „Ног хицауад... алы адӕймагӕн дӕр бар дӕтты, цӕмӕй, кӕцы диныл ӕй фӕнды, ууыл хӕца, ӕмӕ уый хауы ног динтӕм дӕр“».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын