Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Тӕрхонгӕнджыты 2:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Ӕмӕ афтӕмӕй сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы, Египеты зӕххӕй сӕ чи ракодта, уыцы Хуыцауы ныууагътой+ ӕмӕ ацыдысты ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл – сӕ алыварс цы адӕмтӕ цард, уыдоны хуыцӕутты фӕдыл+, ӕмӕ сӕ разы сӕ зонгуытыл хаудысты, ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы ӕфхӕрдтой+.

  • 1 Паддзӕхты 9:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Ӕмӕ-иу ын зӕгъдзысты: „Уымӕн ӕмӕ уыдон ныууагътой сӕ Хуыцау Йегъовӕйы, сӕ фыдӕлты сын Египеты зӕххӕй чи ракодта+, уыцы Хуыцауы, ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм аздӕхтысты+ ӕмӕ сӕ разы сӕ зонгуытыл лӕууынц ӕмӕ сын кувынц. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ӕппӕт ацы бӕллӕхты хай дӕр уый тыххӕй бакодта“»+.

  • 2 Паддзӕхты 17:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Ахӕм хабар уый тыххӕй ӕрцыд, ӕмӕ Израилы фырттӕ сӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз, Египеты зӕххӕй сӕ чи ракодта ӕмӕ сӕ Египеты паддзах фараоны къухӕй чи фервӕзын кодта+, уыцы Хуыцауы раз, тӕригъӕд ракодтой+, ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой+.

  • 2 Азфыстыты 7:22
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 22 Ӕмӕ-иу ын зӕгъдзысты: „Уымӕн ӕмӕ уыдон ныууагътой сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы+, Египеты зӕххӕй сӕ чи ракодта, уыцы Хуыцауы+, ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм аздӕхтысты+ ӕмӕ сӕ разы сӕ зонгуытыл лӕууынц ӕмӕ сын кувынц+. Ӕмӕ сӕ ӕппӕт ацы бӕллӕхты хай дӕр уый тыххӕй бакодта“»+.

  • Йереми 19:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Уыдон мӕ ныууагътой+ ӕмӕ ацы бынат афтӕ скодтой, ӕмӕ йӕ базонӕн нал ис+, стӕй ацы бынаты уагътой нывӕндты фӕздӕг ӕндӕр хуыцӕуттӕн+ – сӕхӕдӕг дӕр, сӕ фыдӕлтӕ дӕр ӕмӕ Иудӕйы паддзӕхтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн. Ацы бынат байдзаг кодтой ӕнаххос адӕмы тугӕй+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын