Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 30:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 уӕд Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, уацары уӕ чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзӕн+, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ уӕм равдисдзӕн ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодта, уыдоны ’хсӕнӕй+.

  • Исай 11:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Уый адӕмтӕн сӕвӕрдзӕн амонӕн цӕджындз ӕмӕ, Израилы адӕмӕй алырдӕмты чи ныппырх, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзӕн+. Иудӕйы адӕмӕй чи ныххӕлиу, уыдоны ӕрбамбырд кӕндзӕн зӕххы цыппар кӕронӕй+.

  • Йереми 16:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Фӕлӕ дзурдзысты афтӕ: „Сомы кӕнын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ, Израилы фыртты цӕгатаг зӕххӕй ӕмӕ сӕ цы бӕстӕтыл ныххӕлиу кодта, ӕппӕт уыцы бӕстӕтӕй чи ракодта, уымӕй!“ Ӕз сӕ фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзынӕн сӕ зӕхмӕ, сӕ фыдӕлтӕн сын кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ“+.

  • Йереми 23:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 «Мӕ фыстӕй ма чи баззад, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, цы бӕстӕтыл сӕ ныппырх кодтон+, ӕппӕт уыцы бӕстӕтӕй ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ хизӕнтӕм ӕрбакӕндзынӕн+, ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты ӕмӕ сбирӕ уыдзысты+.

  • Амос 9:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Мӕ адӕм Израилӕй уацары чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ’ркӕндзынӕн+, ӕмӕ ӕдзӕрӕг горӕттӕ ногӕй сараздзысты ӕмӕ дзы ’рцӕрдзысты+, сӕнӕфсирдӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ сӕн нуаздзысты, дыргъдӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты“+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын