Исай
27 Уыцы бон Йегъовӕ+ йӕ ӕгъатыр, стыр ӕмӕ фидар хъамайӕ+ бафхӕрдзӕн левиафаны*+, тагъд-тагъд чи фӕцӕйбыры, уыцы калмы+, о, левиафаны, чи фӕхилы, уыцы калмы, ӕмӕ амардзӕн денджызы цӕрӕг стыр цӕрӕгойы+.
2 Уыцы бон ын-иу зарут+ афтӕ: «Сӕрсӕргӕнаг сӕн чи дӕтты, уыцы сӕнӕфсирдон+! 3 Йегъовӕ дзуры: „Ӕз ӕй хъахъхъӕнын+. Ӕз ыл ӕппынӕдзух кӕндзынӕн дон+. Ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ хъахъхъӕндзынӕн, хӕстӕг дӕр ӕм куыд ничи бацӕуа+. 4 Мӕ маст ӕм нал судзы+. Исчи мын мӕ разы сындзытӕ+ ӕмӕ хӕмпӕлтӕ куы ӕркала, уӕд сӕ мӕ къӕхты бын ныккӕндзынӕн ӕмӕ сыл арт бандзардзынӕн. Ӕмӕ йемӕ тохы бацӕудзынӕн+. 5 Фӕлтау мӕ фидар мӕсыгмӕ ӕрбацӕуӕд ӕмӕ мемӕ бафидауӕд. О, мемӕ бафидауӕд“»+.
6 Чи ’рцӕуы, уыцы бонты Иаков уидаг ауадздзӕн, Израил+ дидинӕг ракалдзӕн ӕмӕ таутӕ суадздзӕн. Ӕмӕ зӕххы цъар дыргъӕй байдзаг кӕндзысты+.
7 Мыййаг ӕй ӕрцӕвын хъӕуы? Науӕд, йӕ адӕмӕй чи фӕмард, уыдонау ӕй амарын хъӕуы?+ 8 Куы йӕ ’рвита, уӕд йемӕ тох кӕндзӕн хъӕр кӕнгӕйӕ. Скӕсӕйнаг дымгӕ куы радыма, уыцы бон ӕй йӕ тыхджын улӕфтӕй фӕсурдзӕн+. 9 Афтӕмӕй Иаков йӕ фыдракӕндӕй ссыгъдӕг уыдзӕн+,– ӕмӕ уый уыдзӕн, Хуыцау ӕй йӕ тӕригъӕдӕй куы фервӕзын кӕна+, уӕд,– нывондхӕссӕны дуртӕ иууылдӕр чъырдурау куы ныммур кӕна, уӕд, ӕмӕ кувӕн цӕджындзтӕ+ ӕмӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ фӕстӕмӕ ӕвӕрд нал ӕрцӕудзысты+. 10 Фидаргонд горӕт уыдзӕн ӕдзӕрӕг, сӕрвӕттӕ дзӕгъӕл баззайдзысты ӕмӕ уыдзысты ӕдзӕрӕг быдыры хуызӕн+. Уым род хиздзӕн ӕмӕ-иу уым ӕрхуысдзӕн. Ӕмӕ горӕты бӕлӕстӕн сӕ къалиутӕ хӕрдзӕн+. 11 Йӕ таутӕ куы бахус уой, уӕд сылгоймӕгтӕ ӕрбацӕудзысты, ӕрсӕтдзысты сӕ ӕмӕ сӕ басудздзысты+. Ацы адӕм ӕппындӕр ницы ӕмбарынц+. Ӕмӕ сӕм се Сфӕлдисӕг дӕр уый тыххӕй фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нӕ равдисдзӕн, се Скӕнӕг сын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн+.
12 Уыцы бон Йегъовӕ Стыр гуылфгӕнгӕ цӕугӕдонӕй*+ суанг Египеты цӕугӕдоны дӕлвӕзы онг+ дыргътӕ ныццӕгъддзӕн+, ӕмӕ сымах, Израилы фырттӕ, иугай ӕрӕмбырд кӕндзысты+. 13 Ӕмӕ уыцы бон сыкъа хъӕрӕй ныууасдзӕн+, ӕмӕ, Ассирийы зӕххыл сӕфты къахыл лӕуд чи уыд+, стӕй Египеты зӕххыл чи ныххӕлиу+, уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ Йегъовӕйӕн сыгъдӕг хохыл, Иерусалимы+, бакувдзысты+.