ЦЫППӔРӔМ ЧИНЫГ
(Псаломтӕ 90–106)
Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг Моисейы куывд+.
90 О Йегъовӕ, ды махӕн дӕ нӕ фидар мӕсыг+
Фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.
2 Хӕхтӕ куы нӕма райгуырдысты+,
Ӕмӕ зӕхх+ ӕмӕ дунейӕн+ стыр фыдӕбоны фӕстӕ рухс куы нӕма фенын кодтай, уӕд дӕр
Ӕмӕ ӕнусӕй-ӕнусмӕ дӕр ды дӕ Хуыцау+.
3 Ды сыджытӕй конд адӕймаджы фӕстӕмӕ сыджытмӕ здахыс+
Ӕмӕ фӕзӕгъыс: «Фӕстӕмӕ аздӕхут, адӕймаджы фырттӕ»+.
4 Иу мин азы дӕ цӕсты сты зноны боны хуызӕн, куы аивгъуыйы, уӕд+,
Ӕмӕ ӕхсӕвы хъахъхъӕнӕн афоны хуызӕн+.
5 Ӕвиппайды сӕ ӕрбайсафыс+, фынау фӕцыдӕр вӕййынц+.
Уыдон сты, райсомӕй цъӕх чи адары, ахӕм кӕрдӕджы хуызӕн+.
6 Райсомӕй дидинӕг ракалы ӕмӕ цъӕх адары+,
Изӕрӕй та бампылы ӕмӕ бахус вӕййы+.
7 Дӕ маст нӕм судзы ӕмӕ сӕфӕм+,
Дӕ фыдӕхӕй нӕ сӕр нӕ кой сси+.
8 Нӕ рӕдыдтытӕ нын сӕвӕрдтай дӕ тӕккӕ раз+,
Нӕ сусӕг хъуыддӕгтӕ – дӕ рухс цӕсгомы раз+.
9 Нӕ царды бонтӕ дӕ судзгӕ мастӕй къаддӕр кӕнынц+,
Нӕ азтӕ ивгъуыйынц комулӕфтау+.
10 Нӕ царды бонтӕ сты ӕвдай азы+.
Ӕмӕ кӕд, уӕлдай фидар чи у, уымӕн ӕстай азы сты+,
Уӕддӕр иууылдӕр сты маст ӕмӕ фыдӕбон+.
Атӕхынц тынг тагъд, ӕмӕ аивгъуыйӕм+.
11 Чи дын зоны дӕ мастӕн йӕ тых+,
Чи дын зоны дӕ судзгӕ маст, цӕмӕй дӕ тӕрса, куыд аккаг дӕ, афтӕ?+
12 Сахуыр нӕ кӕн нӕ царды бонтӕн аргъ кӕнын+,
Цӕмӕй суӕм зӕрдӕйӕ зондджын+.
13 Раздӕх, о Йегъовӕ!+ Кӕдмӕ уыдзӕн афтӕ?+
Фӕтӕригъӕд кӕн дӕ лӕггадгӕнджытӕн+.
14 Райсомӕй нӕ бафсад де ’нувыд уарзтӕй+,
Цӕмӕй фырцинӕй зарӕм ӕмӕ цин кӕнӕм цӕрӕнбонты+.
15 Циндзинад нын дӕтт, маст нын цас рӕстӕг ӕвзарын кодтай, уыйбӕрц+,
Дудгӕбӕттӕ цал азы уыдтам, уыйбӕрц+.
16 Дӕ хъуыддӕгтӕ дын фенӕнт дӕ лӕггадгӕнджытӕ+,
Ӕмӕ дӕ кад – сӕ фырттӕ+.
17 Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы хорзӕх уӕд махыл+.
Ӕмӕ нын нӕ къухты фыдӕбонӕн ахъаз кӕн+.
О, ахъаз кӕн нӕ къухты фыдӕбонӕн+.