Иаковы
1 Иаков+, Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы цагъар+, фыссы, алы рӕттӕм чи фӕлыгъд+, уыцы дыууадӕс мыггагмӕ+.
Арфӕйаг ут!
2 Ме ’фсымӕртӕ, алыхуызон фӕлварӕнты куы бахаут, уӕд-иу цин кӕнут+, 3 уымӕн ӕмӕ йӕ уӕхӕдӕг зонут, уӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы ’рцӕуы, уӕд дзы кӕй равзӕры фидардзинад+. 4 Фӕлӕ уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ, цӕмӕй алцӕмӕй дӕр уат ӕххӕст+ ӕмӕ ӕнӕфау, ӕппындӕр уӕм хъӕндзинад куыд нӕ уа+.
5 Уӕдӕ уӕ кӕд искӕмӕ зонд фаг нӕй+, уӕд курӕд Хуыцауӕй+,– уымӕн ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй+,– ӕмӕ йын ӕнӕратгӕ нӕ фӕуыдзӕн+. 6 Ӕрмӕст дзы курӕд+ уырнӕгзӕрдӕйӕ, ӕппындӕр дызӕрдыг ма кӕнӕд+, уымӕн ӕмӕ дызӕрдыггӕнӕг у, дымгӕ+ кӕй сисы ӕмӕ кӕй фӕйлауы, ахӕм денджызы уылӕны хуызӕн. 7 Ахӕм адӕймаг Йегъовӕмӕ мацӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕд+. 8 Уый у ӕнӕныфсхаст+, алы хъуыддаджы дӕр хӕцы дыууӕрдӕм+.
9 Мӕгуыр ӕфсымӕр цин кӕнӕд, кӕй сбӕрзонд, ууыл+, 10 хъӕздыг+ та – кӕй ӕрныллӕг, ууыл, уымӕн ӕмӕ хъӕздыг адӕймаг быдырон дидинӕгау нал уыдзӕн+. 11 Хур ссӕуы ӕмӕ йӕ араугӕ тӕвдӕй зайӕгой басудзы, йӕ дидинӕг ӕрызгъӕлы ӕмӕ йӕ рӕсугъддзинад ӕрбайсӕфы. Гъе афтӕ фесӕфдзӕн хъӕздыг адӕймаг дӕр йӕ царды кӕйттӕ кӕнгӕйӕ+.
12 Амондджын у, фӕлварӕны фидар чи лӕууы, уыцы адӕймаг+, уымӕн ӕмӕ дзы Хуыцау райгонд куы уа, уӕд райсдзӕн, Йегъовӕ, чи йӕ уарзы, уыдонӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг*+ – цард+.13 Фӕлварӕны бахаугӕйӕ+ афтӕ мачи зӕгъӕд: «Хуыцау мӕ фӕлвары». Хуыцауы фыддзинадӕй бафӕлварӕн нӕй, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр фыддзинадӕй никӕй фӕлвары. 14 Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый+. 15 Уыцы фӕнд та уидаг куы ауадзы*, уӕд ӕркӕны тӕригъӕдмӕ*+, ӕмӕ тӕригъӕд та, иугӕр ӕрцыд, уӕд ӕркӕны мӕлӕтмӕ+.
16 Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ма рӕдийут+. 17 Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар+ дӕр у уӕлейӕ+, уымӕн ӕмӕ цӕуы, уӕларвон рухсгӕнӕнтӕ+ чи скодта ӕмӕ, аууон куыд ивы, афтӕ чи нӕ ивы+, уыцы Фыдӕй. 18 Кӕй йӕ бафӕндыд+, уымӕ гӕсгӕ нын радта цард рӕстдзинады* дзырды фӕрцы+, цӕмӕй, кӕй сфӕлдыста, уыдоны ’хсӕн ӕвзӕрстытӕй фыццӕгтӕ*+ уӕм.
19 Зонут уый, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурын+ ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ та тагъд ма кӕна+, 20 уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн мӕстыйӕ йӕ бон нӕу, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразын+. 21 Уымӕ гӕсгӕ ныууадзут, ӕлгъагӕй уӕм цыдӕриддӕр ис, уый, стӕй уыцы ӕнӕхъӕугӕ миниуӕг – ӕвзӕрдзинад+, ӕмӕ, сымах* фервӕзын кӕнынхъом чи у+, уыцы дзырд сӕрныллӕгӕй уӕ зӕрдӕты тауын бауадзут+.
22 Фӕлӕ уыцы дзырд ӕххӕст дӕр кӕнут+, ма ут, ӕрмӕстдӕр ӕй хъусгӕ чи кӕны ӕмӕ йӕхи алы мӕнг хъуыдытӕй чи сайы, ахӕмтӕ+. 23 Дзырд чи хъусы, фӕлӕ йӕ чи не ’ххӕст кӕны+, уый у, кӕсӕнмӕ йӕхимӕ чи кӕсы, ахӕм адӕймаджы хуызӕн: 24 йӕхимӕ бакаст, стӕй иуварс ацыд ӕмӕ дзы уайтагъд ӕрбайрох, цыхуызӕн у, уый. 25 Сӕрибардӕттӕг ӕнаипп закъон лӕмбынӕг чи иртасы*+ ӕмӕ йыл фидар чи хӕцы, уый та, цы фехъусы, уый нӕ ферох кӕны, фӕлӕ йӕ ӕххӕст кӕны+. Ӕмӕ афтӕ кӕй кӕны, уый фӕрцы уыдзӕн амондджын+.
26 Кӕд исчи йӕхи Хуыцауӕн кувӕг адӕймагыл нымайы+, йе ’взаджы рохтыл та нӕ хӕцы+, уӕд йӕхи* сайы+, ӕмӕ ахӕмӕн йӕ дин ницы у+. 27 Нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыды цӕсты сыгъдӕг+, ӕнӕфау+ дин у ахӕм: сидзӕртӕ+ ӕмӕ идӕдзтӕн+ сӕ тыхсты рӕстӕг+ сӕ фарсмӕ балӕуу ӕмӕ ацы дунейӕ+ дӕхи фӕчъизи кӕнын ма бауадз+.