Йезекил
8 Ӕхсӕзӕм азы, ӕхсӕзӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ фӕндзӕм бон ӕз бадтӕн мӕ хӕдзары ӕмӕ мӕ разы бадтысты Иудӕйы хистӕр лӕгтӕ+, ӕмӕ мыл Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ йӕ къух ӕруагъта+. 2 Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон цыдӕр, ӕмӕ йӕ хуыз уыд арты хуызӕн+. Йӕ астӕуӕй дӕлӕмӕ уыди арты хуызӕн+, йӕ астӕуӕй уӕлӕмӕ та цӕхӕр калдта, цыма урс сызгъӕрин* ӕрттывта, уыйау+. 3 Уый мӕм къухы хуызӕн цыдӕр ӕрбадардта+, мӕ сӕрыхъуынтыл мын ныххӕцыд, ӕмӕ мӕ Хуыцауы тых*+ ахаста зӕхх ӕмӕ арвы астӕуты ӕмӕ мӕ ӕрбахаста Хуыцауы цӕстылуайӕнты Иерусалиммӕ+, цӕгатырдӕм чи кӕсы, уыцы мидӕггаг кулдуары+ бахизӕны размӕ, Хуыцауы маст кӕй тыххӕй судзы, уыцы гуымиры кӕм ис, уырдӕм+. 4 Ӕмӕ уым уыд Израилы Хуыцауы кад+, дӕлвӕзы кӕй федтон, уыцы кады хуызӕн.
5 Ӕмӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт, дӕ хорзӕхӕй, цӕгатырдӕм-ма акӕс». Ӕз дӕр цӕгатырдӕм акастӕн ӕмӕ федтон, нывондхӕссӕны кулдуары раз цӕгатырдыгӕй, бахизӕны, кӕй уыди, Хуыцауы маст кӕй тыххӕй судзы+, уыцы гуымиры. 6 Ӕмӕ мын уый фӕстӕ загъта: «Адӕймаджы фырт, уыныс, цы ӕвирхъау ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ кӕнынц?+ Уыныс, Израилы адӕм ам цытӕ кӕнынц, уый? Ахӕм митӕ уый тыххӕй кӕнынц, цӕмӕй ӕз мӕ кувӕндонӕй адард уон+. Фӕлӕ ма ды фендзынӕ ноджы фылдӕр ӕвирхъау ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ».
7 Ӕмӕ мӕ ӕрбакодта кӕрты бахизӕны размӕ. Ӕз акастӕн ӕмӕ къулы мидӕг федтон хуынкъ. 8 Ӕмӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт, дӕ хорзӕхӕй, къул-ма бакъах»+. Ӕмӕ ӕз дӕр къул бакъахтон ӕмӕ федтон бахизӕн. 9 Уый фӕстӕ мын загъта: «Мидӕмӕ бахиз ӕмӕ фен, ацы ран цы ӕвзӕр ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ аразынц, уый»+. 10 Ӕз мидӕмӕ бахызтӕн ӕмӕ къултыл алырдыгӕй федтон алыхуызон+ хилджыты, алыхуызон ӕлгъаг цӕрӕгойты+ ӕмӕ Израилы адӕмы алыхуызон фаджыс-хуыцӕутты нывтӕ+. 11 Сӕ разы та лӕууыдысты Израилы адӕмы хистӕр лӕгтӕй ӕвдай лӕджы+, се ’хсӕн уыди Шафаны+ фырт Иазани дӕр, ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр йӕ къухы уыди будсудзӕн, ӕмӕ буды адджын тӕф хӕрдмӕ цыди+. 12 Ӕмӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт, уыныс, Израилы адӕмы хистӕр лӕгтӕ талынджы+, мидӕггаг уӕтты, алкӕмӕн дӕр йӕ гуымиры кӕм ис, уым цытӕ кӕнынц, уый? Уыдон дзурынц: „Йегъовӕ нӕ нӕ уыны+. Йегъовӕ ацы зӕхх ныууагъта“».
13 Уый фӕстӕ мын загъта: «Фӕлӕ ма ды фендзынӕ, уыдон ноджы фылдӕр ӕвирхъау ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц»+. 14 Ӕмӕ мӕ ’рбакодта, Йегъовӕйы хӕдзарӕн цӕгатырдӕм чи кӕсы, уыцы кулдуары бахизӕны размӕ, ӕмӕ дзы федтон сылгоймӕгты, уыдон бадтысты ӕмӕ куыдтой хуыцау Таммузыл.
15 Уый фӕстӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт, уыныс адӕттӕ? Ды нырма фендзынӕ, адонӕй ноджы ӕвирхъаудӕр чи у, ахӕм ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ»+. 16 Ӕмӕ мӕ бакодта Йегъовӕйы хӕдзары мидӕггаг кӕртмӕ+, ӕмӕ Йегъовӕйы кувӕндоны бахизӕны раз, кувӕндоны мӕсыгӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн+, федтон дыууын фондз лӕджы+. Уыдонӕн сӕ чъылдымтӕ здӕхт уыдысты Йегъовӕйы кувӕндоны ’рдӕм+, кӕсгӕ та кодтой скӕсӕнырдӕм, ӕмӕ-иу ныллӕг акуывтой скӕсӕнырдӕм, хурӕн+.
17 Ӕмӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт, уыныс адӕттӕ? Фаг не сты Иудӕйы адӕмӕн, ам цы ӕлгъаг митӕ кӕнынц, уыдон? Хъуамӕ ма зӕхх тыхмийӕ байдзаг кӕной+ ӕмӕ та мӕ ногӕй ӕфхӕрой ӕмӕ мын мӕ фындзы бынмӕ къалиу хӕссой? 18 Уӕдӕ ӕз дӕр архайдзынӕн мӕстӕй судзгӕйӕ+. Нӕ сын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ сыл нӕ бацауӕрддзынӕн+. Сӕ дзыхыдзаг мӕм хъӕр кӕндзысты, фӕлӕ сӕ ӕз нӕ фехъусдзынӕн»+.